Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон у зӕххыл ӕнустӕм цӕрын

Дӕ бон у зӕххыл ӕнустӕм цӕрын

ДИССАДЖЫ ФИДӔН! Не Сфӕлдисӕг нын зӕрдӕ бавӕрдта, зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм. Фӕлӕ уый бирӕты нӕ уырны. Уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, алы адӕймаг дӕр хъуамӕ искуы амӕла, уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та адӕймагӕн йӕ бон у ӕнустӕм цӕрын, ӕрмӕст зӕххыл нӕ. Уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг ӕнустӕм цӕрдзӕн, куы амӕла ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ацӕуа, уӕд. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

Дзуапп раттыны размӕ уал базон, Библийы ацы ӕртӕ фарстайӕн цавӕр дзуаппытӕ ис, уый: Адӕймаг цас хъуамӕ цардаид, уый куыд зыны, куыд конд у, уымӕй? Хуыцаумӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй райдианы цавӕр фӕнд уыд? Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

АДӔЙМАГ ДИССАДЖЫ КОНД У

Хуыцау зӕххыл цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй адӕймагӕй диссагдӕр конд ницы у. Цӕмӕн? Библийы фыст ис, Хуыцау ӕрмӕстдӕр адӕймаджы кӕй скодта йӕхимӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕхи хуызӕн (Райдиан 1:26, 27). Уый цӕуыл дзурӕг у? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы схайджын кодта, йӕхимӕ цавӕр миниуджытӕ ис, ахӕм миниуджытӕй, зӕгъӕм, нӕ бон у уарзын ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын.

Уымӕй уӕлдай ма адӕймагӕн йӕ бон у, хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын, стӕй йӕ фӕнды Хуыцауы зонын ӕмӕ йӕм ӕввахс кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ нын ӕхсызгон вӕййы, нӕ алыварс дуне куыд рӕсугъд у, уымӕ кӕсын, раст нын рӕсугъд нывтӕм кӕсын ӕмӕ музыкӕмӕ хъусын куыд ӕхсызгон вӕййы, афтӕ. Стӕй ӕрмӕстдӕр адӕймагӕн у йӕ бон Сфӕлдисӕгмӕ ӕввахс кӕнын. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы тынг хицӕн кӕны, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй.

Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн: Хуыцау афтӕ куы фӕнд кодтаид, цӕмӕй адӕймаг цыбыр рӕстӕг йеддӕмӕ ма цардаид, уӕд ӕй ахӕм диссаджы миниуджытӕй схайджын кодтаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау адӕймаджы уыцы диссаджы миниуджытӕй ӕмӕ курдиӕттӕй уый тыххӕй схайджын кодта, цӕмӕй зӕххыл ӕнустӕм цардаид.

ХУЫЦАУМӔ РАЙДИАНЫ ЦАВӔР ФӔНД УЫД?

Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ ахӕм фӕнд никуы уыд, цӕмӕй адӕм зӕххыл ӕнустӕм цардаиккой. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕм зӕххыл рӕстӕгмӕ цӕрынц ӕмӕ фӕлвӕрд цӕуынц, цӕмӕй рабӕрӕг уа, исчи дзы уый аккаг разындзӕн, цӕмӕй уӕлӕрвтӕм ацӕуа ӕмӕ уым Хуыцауимӕ ӕнустӕм цӕра. Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ куы уыдаид, уӕд, зӕхх фыддзинадӕй кӕй байдзаг, уый Хуыцауы аххос уыдаид. Фӕлӕ Хуыцауы уыцы хъуыддаджы аххосджын кӕнӕн нӕй. Уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Дыккаг закъон 32:4).

Библийӕ бӕлвырд зыны, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый: «Уӕлӕрвтӕ сты Йегъовӕйы, зӕхх та радта адӕймаджы фырттӕн» (Псалом 115:16). Хуыцау зӕхх афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм ӕнустӕм амондджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй цардаиккой ӕмӕ сын цӕрынӕн алцыдӕр радта (Райдиан 2:8, 9).

«Уӕлӕрвтӕ сты Йегъовӕйы, зӕхх та радта адӕймаджы фырттӕн» (Псалом 115:16)

Библийы ма бӕлвырд фыст ис, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый дӕр. Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн загъта: «Зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд... зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл» (Райдиан 1:28). Цӕй кадджын хъуыддаг сын бахӕс кодта! Уыдон хъуамӕ зӕхмӕ зылдаиккой ӕмӕ дзы ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой. Уӕдӕ Адам, Евӕ ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ хъуамӕ ӕнустӕм уӕлӕрвты нӕ, фӕлӕ зӕххыл цардаиккой.

АДӔМ ЦӔМӔН МӔЛЫНЦ?

Уӕдӕ цымӕ адӕм цӕмӕн мӕлынц? Библийӕ базонӕн ис, зӕдтӕй иу, фӕстӕдӕр Сайтан Хӕйрӕг чи сси, уый кӕй архайдта, Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый фехалыныл. Куыд?

Сайтан нӕ рагфыдӕлты, Адам ӕмӕ Евӕйы Йегъовӕйы ныхмӕ скодта. Сайтан сын загъта, Хуыцау, дам, уӕ хорз цыдӕр сусӕг кӕны, ома, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый скъуыддзаг кӕныны бар уын нӕ дӕтты. Уыдон йӕ зондмӕ байхъуыстой ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уый сӕ цӕмӕ ӕркодта? Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ амардысты. Хабар рауад, Хуыцау сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй ӕнӕхай фесты (Райдиан 2:17; 3:1–6; 5:5).

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр фӕзынд. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр» (Ромӕгтӕм 5:12). Адӕм мӕлынц, сӕ рагфыдӕлтӕй сӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт кӕй рахастой, уый тыххӕй. Уый Хуыцауы фӕнд нӕ уыд, стӕй уый сӕ ныхыл фыст дӕр нӕ уыд.

ДӔ БОН У ЗӔХХЫЛ ӔНУСТӔМ ЦӔРЫН

Кӕд Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты, уӕддӕр ӕм зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый нӕ аивта. Хуыцау рӕстаг кӕй у ӕмӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кодтаид. Апостол Павел загъта: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 6:23). Хуыцау «радта йӕ иунӕг Фырты [Йесо Чырыстийы], цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16). Чырысти йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы нын ныфс ис, Адамы аххосӕй ӕнӕхай цӕмӕй фестӕм, уымӕй та ногӕй кӕй схайджын уыдзыстӕм a.

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый тагъд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн. Дӕуӕн дӕр дӕ бон уыдзӕн дзӕнӕты цӕрын, Чырыстийы ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд: «Бахизут нарӕг дуарыл, уымӕн ӕмӕ сӕфтмӕ цы фӕндаг кӕны, уый у фӕтӕн ӕмӕ уӕрӕх, ӕмӕ йыл бирӕтӕ цӕуынц. Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц» (Матфейы 7:13, 14). Уӕдӕ дӕ фидӕн дӕхицӕй кӕнгӕ у. Цы равзардзынӕ?

a Йесойы нывонд дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын чиныгӕй «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 27-ӕм урокӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Лӕварӕй йӕ ис рафыссӕн сайтӕй www.pr418.com.