Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи сӕххӕст уыдзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ

Чи сӕххӕст уыдзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ

Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр (Матфейы 24:14). Данелы чиныгӕй базонӕн ис, уыцы Паддзахад Хуыцауӕй кӕй у. Уыцы чиныджы дыккаг сӕры ис пехуымпарад, рагон Вавилоны заманӕй нӕ рӕстӕгмӕ цавӕр хъомысджын хицӕуттӕ кӕнӕ паддзахӕдтӕ уыди, уый тыххӕй. Уыцы паддзахӕдтыл уый фӕстӕ цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй фыст ис 44 стихы:

«Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм».

Библийы ацы ӕмӕ ма ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ ӕргом кӕнынц, Хуыцауы Паддзахад кӕй баивдзӕн зӕххон хицауӕдтӕ ӕмӕ адӕм йӕ дӕлбар фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзысты. Цымӕ уӕд цард цавӕр уыдзӕн? Цы диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый фӕдыл цалдӕр стихмӕ ӕркӕсӕм.

  • ХӔСТЫТӔ НАЛ УЫДЗӔН

    Псалом 46:9: «[Хуыцау] зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ. Сӕтты ӕрдынтӕ, дыууӕ дихы кӕны ӕрцытӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ судзы».

    Абон хӕцӕнгарз ӕрхъуыды кӕныныл ӕмӕ йӕ саразыныл тынг бирӕ ӕхца хардз цӕуы. Фӕлӕ-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, уыцы ӕхца адӕмы марынӕн нӕ, фӕлӕ сӕ пайдайӕн куы хардз кӕниккой, уӕд цард цыхуызӕн уаид! Ахӕм диссаджы цард уыдзӕн, адӕм Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрой, уӕд.

  • НИЗТӔ НАЛ УЫДЗӔН

    Исай 33:24: «Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“».

    Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цард цыхуызӕн уыдзӕн, адӕм зӕрдӕйы низӕй, ракӕй, тӕфсӕгӕй ӕмӕ ӕндӕр низтӕй куы нал хъӕрзой, уӕд. Нал хъӕудзысты рынчындӕттӕ ӕмӕ хостӕ. Ахӕм диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххыл цӕрӕг адӕммӕ.

  • ӔХХОРМАГДЗИНАД НАЛ УЫДЗӔН

    Псалом 72:16: «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн».

    Зӕххыл хӕринаг алкӕмӕн дӕр парахатӕй уыдзӕн. Ӕххормаг ӕмӕ хӕринагхъуаг ничиуал уыдзӕн.

  • НАЛ УЫДЗӔН РЫСТ, МАСТ ӔМӔ МӔЛӔТ

    Раргомад 21:4: «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта».

    Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕм суыдзысты ӕххӕст ӕмӕ дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзысты. Уымӕй нын зӕрдӕ ӕвӕры нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг, Йегъовӕ Хуыцау.

«ЙӔ БОН САЙЫН КӔМӔН НӔУ, УЫЦЫ ХУЫЦАУ»

Куыд дӕм кӕсы, цы бакастыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст уыдзысты? Кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр тынг бӕллынц, Библийы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис фыст, уыдон сӕхи цӕстӕй фенынмӕ, уӕддӕр бирӕтӕн цӕйдӕрты тыххӕй зын бамбарӕн у, адӕймагӕн йӕ бон ӕнустӕм цӕрын кӕй у, уый. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм никуы ничи цард, ӕмӕ нын уый тыххӕй никӕй бон у радзурын.

Адӕм сты тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ. Бирӕ азты дӕргъы сыл рыст, маст ӕмӕ бӕллӕхтӕ стыр уаргъау уӕз кӕнынц, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ афтӕ хъуамӕ уа. Адӕм ныр куыд цӕрынц, уый абарӕн дӕр нӕй, не Сфӕлдисӕг, Йегъовӕ Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ цардаиккой, уыимӕ.

Цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ се ’ппӕт дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл, уый тыххӕй загъта: «Мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый... цалынмӕ нӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ мӕм фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ сараздзӕн, цы мӕ фӕнды, уый, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг» (Исай 55:11).

Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау», зӕгъгӕ (Титмӕ 1:2). Хуыцау нын зӕрдӕ диссаджы хъуыддӕгтӕй бавӕрдта, ӕмӕ хорз уаид куы ахъуыды кӕниккам: «Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг ӕцӕгдӕр ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕра? Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уыцы цард нӕхи цӕстӕй фенӕм?» Ацы фарстатӕн дзуапп ссардзынӕ иннӕ статьяйы.