СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?
Библийыл рӕстӕг нӕ фӕтых
ТӔССАГ ЫН ЦӔМӔЙ УЫД. Библи чи фыста ӕмӕ дзы къопитӕ чи кодта, уыдон сӕйраджыдӕр пайда кодтой папирусӕй ӕмӕ пергаментӕй * (2 Тимофеймӕ 4:13). Уыдӕттыл ӕй кӕй фыстой, уый тыххӕй Библийӕн тӕссаг цӕмӕй уыд?
Папирус ӕнцонтӕй аскъуыны, йӕ хуыз ссӕуы ӕмӕ ныффӕлмӕн вӕййы. Египтологтӕ Ричард Паркинсон ӕмӕ Стивен Куирки зӕгъынц: «Сыф бамбийы, ӕмӕ ма дзы ӕрмӕст ӕндӕхтӕ ӕмӕ рыг баззайы. Тыхтон схъуына вӕййы кӕнӕ уымӕлы бамбийы, йе та йӕ мыстытӕ ӕмӕ сасчытӕ бахӕрынц. Тыхтон ныгӕд куы вӕййы, уӕд та йын уӕлдай тӕссаг вӕййы урс мӕлдзыджытӕй». Кӕй ссардтой, уыцы папирустӕй иуӕй-иутӕ ӕгӕр рухс ран кӕнӕ уымӕл ран ӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ ноджы тагъддӕр фесӕфтысты.
Пергамент папирусӕй фидардӕр у, фӕлӕ уый дӕр нывзӕр вӕййы, арӕхстгай йӕм куы нӕ февналынц, йе та ӕгӕр тӕвд кӕнӕ уазал, науӕд ӕгӕр уымӕл кӕнӕ ӕгӕр рухс ран ӕвӕрд куы вӕййы, уӕд *. Пергаментӕн тӕссаг у сасчытӕй дӕр. Рагон къухфыстытӕй бирӕтӕ нӕ рӕстӕгмӕ уый тыххӕй не ’рхӕццӕ сты. Библи куы бамбыдаид, уӕд йемӕ фесӕфтаид, цы хабар дзы ис фыст, уый дӕр.
БИБЛИ КУЫД АИРВӔЗТ. Дзуттӕгты закъонмӕ гӕсгӕ-иу алы паддзах дӕр «хъуамӕ йӕхицӕн рафыстаид ацы закъон», ома Библийы фыццаг фондз чиныджы (Дыккаг закъон 17:18). Уымӕй уӕлдай, къопитӕ чи кодта, уыдон уыйбӕрц къухфыстытӕ скодтой, ӕмӕ н. э. фыццаг ӕнусмӕ Фыстад уыд ӕрмӕст Израилы синагогӕты нӕ, фӕлӕ ма суанг дард Македонийы дӕр! (Лукайы 4:16, 17; Хъуыддӕгтӕ 17:11). Тынг рагон къухфыстытӕй иуӕй-иутӕ нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ сты?
«Фыстад цы тыхтӕттыл фыст уыди, уыдон-иу дзуттӕгтӕ дурынты нывӕрдтой, цӕмӕй-иу ма бамбыдаиккой»,– зӕгъы Ног Фӕдзӕхст иртасӕг Филипп Камфорт. Чырыстӕттӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Библийы рагон къухфыстытӕй иуӕй-иутӕ ссардтой ӕлыг дурынты, талынг уӕтты ӕмӕ лӕгӕтты, стӕй, климӕт хус кӕм у, ахӕм бынӕтты.
УЫЙ ХОРЗӔЙ ЦЫ ’РХАСТА. Библийы къухфыстытӕй нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ мингай скъуыддзӕгтӕ, иутыл дзы цӕуы 2 000 азӕй фылдӕр. Иунӕг рагон текстӕн дӕр уыйбӕрц зӕронд къухфыстытӕ нӕй.