Хуыцау дын дӕ зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсы?
Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕ уыны, куыд хъизӕмар кӕнӕм, уый ӕмӕ ныл нӕ тыхсы.
БАКӔС, БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС
Хуыцау нӕ уыны ӕмӕ ныл тыхсы
«Йегъовӕ федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты [...] ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (Райдиан 6:5, 6).
Хуыцау ӕппӕт зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн
«Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).
Хуыцаумӕ дӕу тыххӕй цы фӕнд ис
«„Ӕз ӕй хорз зонын, сымах тыххӕй мӕ зӕрды цы ис, уый,– зӕгъы Йегъовӕ.– Мӕнӕн мӕ зӕрды ис сымах бӕллӕхы хай бакӕнын нӕ, фӕлӕ фарнӕй схайджын кӕнын, цӕмӕй уын уа фидӕн ӕмӕ ныфс. Дзурдзыстут мӕм, ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ мӕм кувдзыстут, ӕмӕ уӕ ӕз фехъусдзынӕн“» (Йереми 29:11, 12).
«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8).