ЦАРДӔМБӔЛТТӔН
4. Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнут
УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ
Ныххатыр кӕнын нысан кӕны адӕймагӕн йӕ рӕдыд ферох кӕнын ӕмӕ йӕм ма мӕсты кӕнын. Адӕймагӕн ныххатыр кӕнай, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕхи афтӕ дарай, цыма уадиссагӕй ницы сарӕзта кӕнӕ цыма ницы ’рцыд.
БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Колоссӕгтӕм 3:13).
«Адӕймаджы куы уарзай, уӕд ын йӕ хъӕндзинӕдтӕ ницӕмӕ дардзынӕ, фӕлӕ уындзынӕ, хуыздӕрырдӕм ивыныл кӕй архайы, уый» (Эрон).
УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У
Искӕмӕ маст куы хӕссай, уӕд дӕ зӕрдӕйы фарн нӕ уыдзӕн. Уый ма зиан ӕрхӕсдзӕн де ’нӕниздзинадӕн дӕр, стӕй тӕссаг уыдзӕн, дӕ бинонты цард куы фехӕла, уымӕй дӕр.
«Иухатт мӕ мӕ сӕрыхицау тынг фӕхъыг кодта ӕмӕ мӕ стӕй хатыр ракуырдта. Фӕлӕ мӕнӕн зын уыд ныххатыр кӕнын. Ӕппынфӕстаг ын ныххатыр кодтон. Фӕлӕ фӕсмон кӕнын, раздӕр ын кӕй нӕ ныххатыр кодтон, ууыл. Уӕд нӕхи ӕнӕхъуаджы мастӕй бахызтаиккам» (Джулия).
ЦЫ ИС САРАЗӔН
АХЪУЫДЫ КӔН
Дӕ цардӕмбал дӕ ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ахъуыды кӕн:
«Мыййаг, уыцы хъуыддаг мӕ зӕрдӕмӕ ӕгӕр арф нӕ исын?»
«Афтӕ тынг мӕ фӕхъыг кодта, ӕмӕ мӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ хатыр ракура ӕви йын йӕ рӕдыд ферох кӕнӕн ис?»
ДӔ ЦАРДӔМБАЛИМӔ АНЫХАС КӔН
Цӕмӕй кӕрӕдзийӕн ныххатыр кӕнат, уый тыххӕй уӕ цас рӕстӕг фӕхъӕуы?
Уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй-иу кӕрӕдзийӕн уайтагъд ныххатыр кӕнат?
УЫНАФФӔТӔ
Дӕ цардӕмбал дӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд-иу афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ афтӕ барӕй бакодта.
Дӕ цардӕмбал цыдӕр раст куы нӕ бакӕна, уӕд-иу бацархай, афтӕ цӕмӕн бакодта, уый бамбарыныл ӕмӕ-иу ын ныххатыр кӕн. Дӕ зӕрдыл дар: «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иаковы 3:2).
«Дыууӕйӕ дӕр аххосджын куы вӕййӕм, уӕд ныххатыр кӕнын ӕнцон вӕййы. Зындӕр вӕййы, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ ды аххосджын нӕ дӕ, уӕд. Искӕмӕн йӕ рӕдыд ныххатыр кӕныны тыххӕй сӕрныллӕгдзинад хъӕуы» (Кимберли).
БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Бафидау ӕвӕстиатӕй» (Матфейы 5:25, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз).
Искӕмӕ маст куы хӕссай, уӕд дӕ зӕрдӕйы фарн нӕ уыдзӕн. Уый ма зиан ӕрхӕсдзӕн де ’нӕниздзинадӕн дӕр, стӕй тӕссаг уыдзӕн, дӕ бинонты цард куы фехӕла, уымӕй дӕр