Разныхас
Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? 12 уынаффӕйы
Мах арӕх фехъусӕм, бинонтӕн сӕ цард цӕй аххосӕй фехӕлы, уый тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы вӕййынц?
1990 азӕй 2015 азмӕ АИШ-ы, 50 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы ӕмӕ йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уыдоны нымӕц фӕфылдӕр дыууӕ хатты, 65 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыдонӕй йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уыдоны нымӕц та – ӕртӕ хатты.
Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕной, уый нал зонынц: эксперттӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, сывӕллӕттӕй ӕдзух ӕппӕлын кӕй хъӕуы, иннӕтӕ та зӕгъынц, семӕ цас тызмӕгдӕр уай, уыйас хуыздӕр, зӕгъгӕ.
Сывӕллӕттӕй бирӕтӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд цардмӕ цӕттӕ нӕ вӕййынц.
Фӕлӕ уӕддӕр:
Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой ӕмӕ цӕрӕнбонты кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой.
Ныййарджытӕн сӕ бон у, ӕмӕ сахуыр уой сӕ сывӕллӕттӕн зонд амонын ӕмӕ сӕ кӕй уарзынц, уый ӕргом ӕвдисын.
Ӕрыгӕттӕн сӕ бон у, царды сӕ чи бахъӕудзӕн, уыцы миниуджытӕ сӕ удыхъӕды фидар кӕнын.
Куыд? Ацы номыры ссардзыстут 12 уынаффӕйы. Уыдон уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ бинонтӕ амондджын уой.