36 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йегъовӕйы адӕм цӕрынц рӕстӕй
«Йегъовӕ уарзы рӕстгӕнджыты» (ПС. 146:8).
9 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ Паддзах!
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Иосиф цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлд ӕмӕ куыд бакодта?
ИАКОВЫ фырт Иосиф сӕмбӕлд стыр фӕлварӕныл. Йӕ хицау Потифары ус ын загъта: «Мемӕ схуысс». Фӕлӕ Иосиф нӕ бакуымдта афтӕ бакӕнын. Чи зоны, абон исчи ахъуыды кӕна: «Иосифӕн йӕ бон куыд баци афтӕ фидар фӕлӕууын?» Потифар хӕдзары нӕ уыд. Уымӕй уӕлдай, Иосиф уыд цагъар, ӕмӕ уыцы сылгоймагӕн «нӕ» кӕй загъта, уый тыххӕй йын, гӕнӕн ис, йӕ цард сӕнад кодтаид. Фӕлӕ йӕ кӕд уыцы сылгоймаг ӕнцад нал уагъта, уӕддӕр ын иу хатт дӕр не сразы. Иосиф ын загъта: «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» (Райд. 39:7–12).
2. Иосиф кӕцӕй зыдта, искӕй усимӕ ӕмуат ӕрцӕуын Хуыцауы раз тӕригъӕд кӕй у?
2 Иосиф кӕцӕй зыдта, искӕй усимӕ ӕмуат куы ’рцыдаид, уӕд уый Хуыцау фыддзинадыл кӕй банымадтаид? Моисейы закъоны уыд бӕлвырд фӕдзӕхст, «ма хӕт», зӕгъгӕ (Рац. 20:14). Фӕлӕ уыцы закъон израилӕгтӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕрмӕстдӕр 200 азы фӕстӕ. Фӕлӕ Иосиф Йегъовӕйы хорз зыдта ӕмӕ ӕмбӕрста, ахӕм ӕнӕгъдау хъуыддаг йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн. Зӕгъӕм, Иосиф зыдта, Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ лӕгӕн иу ус кӕй хъуамӕ уа, усӕн та – иу лӕг. Стӕй куыннӕ фехъуыстаид, Йегъовӕ йын дыууӕ хатты йӕ фыдыфыды мад Саррӕйы сӕры кад куыд бахъахъхъӕдта, уый. Уый фӕстӕ та афтӕ бахъахъхъӕдта Исахъы ус Ревеккӕйы дӕр (Райд. 2:24; 12:14–20; 20:2–7; 26:6–11). Иосиф уыдӕттыл хъуыды кодта ӕмӕ бамбӕрста, Хуыцауы цӕсты раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Йӕ Хуыцауы тынг уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕндыд афтӕ цӕрын, цӕмӕй йӕ Йегъовӕ рӕстгӕнӕгыл нымадтаид.
3. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
3 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр архайы рӕстӕй цӕрыныл. Фӕлӕ иууылдӕр стӕм ӕнӕххӕст. Ӕмӕ хъуамӕ нӕхи ацы дунейы зондахастӕй хъахъхъӕнӕм (Ис. 5:20; Ром. 12:2). Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, рӕстгӕнӕг уай, уый цы нысан кӕны ӕмӕ, рӕстӕй кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы нӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд аивта, ууыл. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ноджы тынгдӕр фӕнда, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразын.
РӔСТГӔНӔГ УАЙ, УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ?
4. Рӕстгӕнӕг уай, уый бирӕтӕ куыд ӕмбарынц?
4 Йесойы рӕстӕджы дины разамонджытӕ сӕхи рӕстгӕнджытыл нымадтой. Фӕлӕ сын Йесо карзӕй бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон, Хуыцауы цӕсты раст цы уыд, уый нӕ арӕзтой, фӕлӕ, сӕхимӕ раст цы каст, уый (Еккл. 7:16; Лук. 16:15). Нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕтӕ ахӕмтӕ сты. Уыдон фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕвзӕрӕй ницы аразын. Фӕлӕ уый сӕхи барӕнтӕм гӕсгӕ фӕбарынц. Арӕх ахӕм адӕм вӕййынц сӕрбӕрзонд, иннӕтӕм фаутӕ фӕхӕссынц ӕмӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕр фӕхонынц. Фӕлӕ ахӕм миниуджытӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ ӕппындӕр нӕ цӕуынц. Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый чи аразы, уыцы адӕймаг йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр никуы ӕвӕрдзӕн.
5. Библийы «рӕстдзинад»-ӕй цы дзырдтӕ ӕрцыдысты тӕлмац, уыдон цӕмӕ амонынц? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.
5 Рӕстгӕнӕг Йегъовӕйы цӕсты рӕсугъд у. Библийы ис Хуыцауы рӕстдзинады кой, стӕй иузӕрдион адӕмы рӕстдзинады кой дӕр. Ӕмӕ уыцы рӕтты «рӕстдзинад»-ӕй цы дзырдтӕ ӕрцыдысты тӕлмац, уыдон амонынц, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Зӕгъӕм, Йегъовӕ уӕйгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ «уӕзбарӕн... ма сайа» (Дык. з. 25:15). Ам цы дзуттаг дзырд ӕмбӕлы, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр – «раст», «рӕстзӕрдӕ». Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнджытӕ уӕм, уӕд хъуамӕ куыстимӕ баст хъуыддӕгты макуы сайӕм. Рӕстзӕрдӕ адӕймагӕн ма зын вӕййы, куы фӕуыны, исчи ӕнаххосӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафы, уый. Рӕстгӕнӕг «алцӕмӕй дӕр» рухс кӕны Йегъовӕйы зӕрдӕ. Ӕмӕ уынаффӕ хӕсгӕйӕ фӕхъуыды кӕны, йӕ уынаффӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ (Кол. 1:10).
6. Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый Йегъовӕйӕ хуыздӕр кӕй ничи зоны? (Исай 55:8, 9).
6 Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый Йегъовӕ скъуыддзаг кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библийы хуыйны «рӕстдзинады цӕрӕнбынат» (Йер. 50:7). Не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн ис бар, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Йегъовӕ у алцӕмӕй ӕххӕст, ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый махӕй хуыздӕр зоны. Мах та ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, алы хатт ма ’мбарӕм, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны, уый (Ӕмб. 14:12; бакӕс Исайы 55:8, 9). Фӕлӕ нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у афтӕ цӕрын, цӕмӕй йӕ цӕсты рӕстгӕнджытӕ уӕм (Райд. 1:27). Ӕмӕ нын уый ӕхсызгон дӕр у. Нӕ Фыды тынг уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм (Еф. 5:1).
7. Адӕмы амындтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цӕмӕн хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
7 Йегъовӕ нын куыд амоны, афтӕ кӕй цӕрӕм, уый нын царды тынг ӕххуыс кӕны. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттонтӕ. Гъер алы банк дӕр йӕхӕдӕг куы скъуыддзаг кӕнид, валютӕйы аргъ цас уыдзӕн, уый кӕнӕ, хӕдзӕрттӕ чи аразы, уыцы компанитӕй алкӕцы дӕр агъуыстытӕ, йӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ куы аразид, уӕд цы рауаид? Бӕстӕ сӕмтъеры уаид. Науӕд дохтыртӕ куы ницӕмӕ дариккой, рынчынты дзӕбӕх кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл цы амындтӕ ис, уыдон, уӕд бирӕ рынчынтӕ амӕликкой. Уӕдӕ нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй нын уа цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уыдон хъахъхъӕнгӕ кӕнынц. Ӕмӕ нын Хуыцау куыд амоны, афтӕ кӕй цӕрӕм, уый дӕр нӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты хъахъхъӕны.
8. Рӕстӕй чи цӕры, уыдонмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
8 Йегъовӕ арфӕ кӕны, куыд амоны, афтӕ чи цӕры, уыдонӕн. Уый зӕрдӕ бавӕрдта: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:29). Ахъуыды-ма кӕн, куыд хорз уыдзӕн, иууылдӕр Йегъовӕмӕ куы хъусой, уӕд! Зӕххыл адӕм иууылдӕр цӕрдзысты фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй ӕмӕ уыдзысты амондджын. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй афтӕ цӕрай. Уӕдӕ нӕ куыннӕ хъуамӕ фӕнда рӕстӕй цӕрын! Фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ афтӕ цӕрын ноджы тынгдӕр фӕнда? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.
ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НӔ АЛКӔДДӔР ФӔНДА РӔСТӔЙ ЦӔРЫН?
9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фӕнда, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразын?
9 Фыццаг: хъуамӕ уарзӕм, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый чи скъуыддзаг кӕны, уыцы Хуыцауы. Йегъовӕйы цас тынгдӕр уарзӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй йӕ цӕсты рӕстгӕнджытӕ уӕм. Адам ӕмӕ Евӕ дӕр ӕй куы уарзтаиккой, уӕд йӕ закъоны сӕрты нӕ ахызтаиккой (Райд. 3:1–6; 16–19).
10. Авраам цы арӕзта, цӕмӕй-иу хуыздӕр бамбӕрстаид, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый?
10 Цӕмӕй ныл Адам ӕмӕ Евӕйы рӕдыд ма ’рцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм, йӕ миниуджытӕн ын аргъ кӕнӕм ӕмӕ-иу бамбарӕм, куыд хъуыды кӕны, уый. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарздзыстӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм Авраамыл. Уый Йегъовӕйы тынг уарзта. Йегъовӕ цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахаста, уый-иу куы не ’мбӕрста, уӕддӕр-иу йӕ ныхмӕ нӕ цыд. Ахӕм уавӕрты-иу архайдта, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базыдтаид. Зӕгъӕм, Йегъовӕ куы сфӕнд кодта Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафын, уӕд Авраам стыхст, ау, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» рӕстгӕнджыты фыдгӕнджытимӕ фесафдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйы уымӕй цалдӕр хатты сӕрныллӕгӕй бафарста. Йегъовӕ йын сабырӕй дзуапп лӕвӕрдта. Ӕппынфӕстаг Авраам бамбӕрста, Йегъовӕ алы адӕймаджы зӕрдӕмӕ дӕр кӕй кӕсы ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы фыдгӕнджытимӕ кӕй никуы фесафдзӕн (Райд. 18:20–32).
11. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Авраам Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый? Куыд равдыста, Йегъовӕ алкӕддӕр раст кӕй фӕархайы, уый йӕ фидарӕй кӕй уырныдта?
11 Авраам Йегъовӕимӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы тыххӕй куы аныхас кодта, уый фӕстӕ йӕ ноджы тынгдӕр бауарзта ӕмӕ йын ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдта. Бирӕ азты фӕстӕ йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд. Хъуыди йӕ равдисын, Йегъовӕ алкӕддӕр раст кӕй архайы, уый йӕ фидарӕй уырны ӕви нӕ. Йегъовӕ йын загъта, цӕмӕй йӕ уарзон фырт Исахъы нывондӕн ӕрхастаид. Фӕлӕ йӕ ацы хатт Авраам ницӕмӕйуал фарста, уымӕн ӕмӕ йӕ хуыздӕр базыдта. Ӕмӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ араст, Йегъовӕ йын цы загъта, уый саразынмӕ, кӕд уый ӕнцон хӕслӕвӕрд нӕ уыд, уӕддӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Авраам хъуыды кодта, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта, уыдӕттыл. Уый зыдта, Йегъовӕ, раст цы нӕу, уый кӕй нӕ сараздзӕн ӕмӕ ӕгъатыр кӕй нӕу. Апостол Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй Авраам хъуыды кодта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн йӕ бон у Исахъы мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын (Дзут. 11:17–19). Рох дзы нӕ уыд Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, Исахъӕй рацӕудзӕн ӕнӕхъӕн адӕмыхатт. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг та Исахъӕн сывӕллӕттӕ нӕма уыди. Авраам Йегъовӕйы тынг уарзта, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл. Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд ӕмӕ йӕм байхъуыста, кӕд ын йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын зын уыд, уӕддӕр (Райд. 22:1–12).
12. Нӕ бон куыд у Авраамы фӕзмын? (Псалом 73:28).
12 Махӕн та нӕ бон куыд у Авраамы фӕзмын? Хъуамӕ-иу Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕм баввахсдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр бауарздзыстӕм. (Бакӕс Псалом 73:28.) Стӕй не ’фсарм ахуыр кӕндзыстӕм, цӕмӕй нӕ бон уа, Хуыцауы цӕсты раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын (Дзут. 5:14). Ӕмӕ уый кӕй ӕмбарӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Исчи-иу нын исты ’взӕр хъуыддаг куы аразын кӕна, уӕд-иу не сразы уыдзыстӕм. Нӕ уӕларвон Фыдӕй нӕ цы адард кӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ цӕмӕй фӕриссын кӕндзыстӕм, ахӕм исты саразын нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн. Рӕстӕй цӕрын нӕ кӕй фӕнды, уый ма нӕ бон куыд у равдисын?
13. Нӕ бон куыд у рӕстдзинадмӕ тырнын? (Ӕмбисӕндтӕ 15:9).
13 Дыккаг: хъуамӕ алы бон дӕр архайӕм рӕстӕй цӕрыныл. Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ буары уӕнгтӕ фидардӕр кӕной, уый тыххӕй йӕ хъӕуы алы бон дӕр упражненитӕ, тренировкӕтӕ кӕнын. Ӕмӕ нӕ цӕмӕй зӕрдиагӕй фӕнда, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразын, уый тыххӕй дӕр хъӕуы алы бон дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайын. Нӕ бон цы нӕу, уый нӕ Йегъовӕ никуы фӕдомы (Пс. 103:14). Уый зӕгъы, «рӕстдзинадмӕ чи тырны, уыцы адӕймаджы» кӕй уарзы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:9.) Нӕ лӕггады цавӕрдӕр нысанмӕ куы фӕтырнӕм, уӕд фӕархайӕм ӕппӕт тыхтӕй, цӕмӕй нӕ къухы бафта. Ӕмӕ, рӕстдзинадмӕ чи тырны, уыцы адӕймаджы дӕр афтӕ хъӕуы архайын. Йегъовӕ дӕр ын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын бонӕй-бонмӕ хуыздӕр уайа рӕстӕй цӕрын (Пс. 84:5, 7).
14. Цы у «рӕстдзинады згъӕрхӕдон» ӕмӕ нӕ уӕлӕ цӕмӕн хъуамӕ уа?
14 Йегъовӕ нын фӕлмӕнӕй дзуры, йӕ фӕдзӕхстытӕ зынӕххӕстгӕнӕн кӕй не сты (1 Иоан. 5:3). Уыдон нӕ хъахъхъӕнгӕ кӕнынц. Ӕмӕ нӕ алы бон дӕр хъӕуы цӕмӕйдӕр хъахъхъӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, апостол Павел цы хӕстон дзауматы кой ракодта, уыдон (Еф. 6:14–18). Ӕфсӕддоны зӕрдӕ дзы кӕцы хъахъхъӕдта? «Рӕстдзинады згъӕрхӕдон». Уый та амоны, Йегъовӕ растыл цы нымайы ӕмӕ цы нӕ нымайы, уымӕ, йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм. Згъӕрхӕдон-иу ӕфсӕддонӕн йӕ зӕрдӕ куыд хъахъхъӕдта, афтӕ нын Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр ахӕсгӕ хуызы нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнынц. Уӕдӕ-иу дӕ уӕлӕ дӕ хӕстон дзауматӕ куы кӕнай, уӕд-иу дӕ «рӕстдзинады згъӕрхӕдон» ма ферох уӕд (Ӕмб. 4:23).
15. Дӕ бон куыд у дӕ уӕлӕ «рӕстдзинады згъӕрхӕдон» скӕнын?
15 Дӕ бон куыд у «рӕстдзинады згъӕрхӕдон» дӕ уӕлӕ скӕнын? Алы бон дӕр уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Иннӕтимӕ цӕуыл ныхас кӕндзынӕ, цавӕр музыкӕмӕ хъусдзынӕ, цавӕр ирхӕфсӕн равзардзынӕ кӕнӕ цавӕр чингуытӕ кӕсдзынӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ-иу фыццаг ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕфсаддзынӕн? Ацы кино кӕнӕ ацы чиныг Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн? Йегъовӕ ’взӕрыл кӕй нымайы, уыцы хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, ӕнӕгъдаудзинад, тыхми, зыд кӕнын кӕнӕ хиуарзондзинад дзы афтӕ ӕвдыст не сты, цыма уым ӕвзӕрӕй ницы ис?» (Фил. 4:8). Уынаффӕ-иу Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы рахӕссай, уӕд дын афтӕмӕй «рӕстдзинады згъӕрхӕдон» дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕндзӕн.
16, 17. Исай 48:18 стихӕй куыд зыны, нӕ бон кӕй у Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕнустӕм дӕр цӕрын?
16 Мыййаг, искуы фӕхъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, цымӕ мӕ бон бауыдзӕн Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ бонӕй-бонмӕ, азӕй-азмӕ цӕрын? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Исайы 48:18 стихы Йегъовӕ цы цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста, ууыл. (Бакӕс ӕй.) Йегъовӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры, дӕ рӕстдзинад кӕй уыдзӕн «денджызы уылӕнты хуызӕн». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма лӕууыс денджызы был ӕмӕ кӕсыс, уылӕнтӕ кӕрӕдзи фӕдыл былмӕ куыд згъорынц, уымӕ. Уыцы минут мӕт кӕндзынӕ, зӕгъгӕ, уӕдта ма ацы уылӕнтӕ иу бон нал фӕзындысты? Афтӕ нӕ хъуыды кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зоныс, уылӕнтӕ былмӕ кӕй згъорынц мингай азты дӕргъы ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн.
17 Дӕ рӕстдзинад дӕр уыдзӕн ахӕм уылӕнты хуызӕн. Уынаффӕ куы хӕссай, уӕд-иу фыццаг ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл ӕмӕ-иу стӕй афтӕ бакӕн. Уынаффӕ рахӕссын дын цыфӕнды зын куы уа, уӕддӕр-иу ма фӕтыхс, дӕ уарзӕгой Фыд уыдзӕн дӕ фарсмӕ. Уый дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алы бон дӕр дӕ бон уа рӕстӕй цӕрын (Ис. 40:29–31).
18. Иннӕтӕн цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрхон кӕнӕм?
18 Ӕртыккаг: хъуамӕ-иу тӕрхон Йегъовӕйы бар бакӕнӕм. Мах ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты рӕстгӕнджытӕ уӕм. Фӕлӕ-иу хъуамӕ иннӕтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ма суӕм. Ӕмӕ нӕм хъуамӕ афтӕ ма кӕса, цыма мах никуы рӕдийӕм. Хорз нӕ уыдзӕн, нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр куы ’вӕрӕм. Махӕн уый бар нӕй, цӕмӕй скъуыддзаг кӕнӕм, иннӕтӕ, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразынц ӕви нӕ. Йегъовӕ у «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг», ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ рох ма уа (Райд. 18:25). Тӕрхоны бар махӕн нӕ радта. Йесо Чырысти дӕр загъта: «Макӕмӕн тӕрхон кӕнут, ӕмӕ сымахӕн дӕр ничи тӕрхон кӕндзӕн» (Матф. 7:1, фип.) b.
19. Иосиф тӕрхон Йегъовӕйы бар кӕй бакодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?
19 Ногӕй та ахъуыды кӕнӕм рӕстзӕрдӕ Иосифы хабарыл. Ӕвзӕрдзинад ын чи арӕзта, уыдонӕй дӕр йӕ маст нӕ иста. Йе ’фсымӕртӕ йӕ фыццаг марынвӕнд скодтой, уый фӕстӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой ӕмӕ сӕ фыды асайдтой, Иосиф, дам, мард у. Бирӕ азты фӕстӕ Иосиф йӕ бинонтимӕ куы баиу, уӕд уыди стыр хицау ӕмӕ йӕ бон уыд йе ’фсымӕртӕй йӕ маст райсын ӕмӕ сын карз тӕрхон рахӕссын. Кӕд Иосифы ӕфсымӕртӕ сӕ митыл ӕрфӕсмон кодтой, уӕддӕр тарстысты, Иосиф сӕ йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй. Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Исты ӕз Хуыцау дӕн?» (Райд. 37:18–20, 27, 28, 31–35; 50:15–21). Иосиф равдыста сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ тӕрхон бакодта Йегъовӕйы бар.
20, 21. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, цӕмӕй нӕхимӕ се ’ппӕтӕй растдӕр ма кӕсӕм?
20 Мах дӕр Иосифау тӕрхон бакӕнӕм Йегъовӕйы бар. Зӕгъӕм, афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цыдӕр цӕмӕн саразынц, уый алы хатт дӕр фӕзонӕм. Нӕ бон нӕу, сӕ зӕрдӕты цы ис, уый уынын. Ӕрмӕстдӕр «Йегъовӕ кӕсы, зӕрдӕйы цы ис, уымӕ» (Ӕмб. 16:2). Уый хъулон никӕй кӕны ӕмӕ нӕ кӕсы, адӕймаг цавӕр адӕмыхаттӕй у, куыд схъомыл, цавӕр ахуырад ӕм ис, уымӕ. Уый алкӕй дӕр уарзы, ӕмӕ махӕн дӕр дзуры, «уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут», зӕгъгӕ (2 Кор. 6:13). Мах нӕ чырыстон бинонтӕй алкӕй дӕр уарзӕм ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сын тӕрхонгӕнджытӕ уӕм.
21 Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ тӕрхон ма кӕнӕм иннӕ адӕмӕн дӕр (1 Тим. 2:3, 4). Мыййаг, нӕ бинонтӕй кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй искуы искӕмӕй афтӕ загътам, зӕгъгӕ, ай Хуыцауы фӕндагыл никуы ’рлӕудзӕн? Уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ нӕхимӕ ӕгӕр раст кӕсӕм ӕмӕ нын бар цӕмӕн нӕй, уый аразӕм. Йегъовӕ нырма «ӕппӕт адӕмӕн дӕр» дӕтты ӕрфӕсмон кӕныны фадат (Хъуыд. 17:30). Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: йӕхимӕ се ’ппӕтӕй растдӕр чи кӕсы, уыцы адӕймаг Йегъовӕйы цӕсты рӕстгӕнӕг никуы уыдзӕн.
22. Цӕмӕн дӕ фӕнды рӕстӕй цӕрын?
22 Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын, ӕмӕ махмӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр бафӕнддзӕн афтӕ цӕрын. Уый фӕрцы та кӕрӕдзимӕ дӕр ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр афтӕ цӕрӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты рӕстгӕнджытӕ уӕм! (Матф. 5:6). Рӕстӕй цӕрыныл зӕрдиагӕй кӕй архайыс, уый Йегъовӕ уыны ӕмӕ ууыл фӕцин кӕны. Ацы дуне фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны, фӕлӕ-иу уый тыххӕй дӕ ныфс ма асӕттӕд. Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: «Йегъовӕ уарзы рӕстгӕнджыты» (Пс. 146:8).
139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!
a Ацы дунейы зын у ссарын рӕстзӕрдӕ, рӕстуд адӕмы. Фӕлӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕмтӕ дӕр бирӕ сты. Уыдон рӕстӕй цӕрыныл уымӕн архайынц, ӕмӕ уарзынц Йегъовӕйы. Йегъовӕ та у рӕстзӕрдӕ Хуыцау. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, рӕстгӕнӕг уай, уый цы нысан кӕны ӕмӕ, рӕстӕй кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы нӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд аивта, ууыл. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ноджы тынгдӕр фӕнда, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразын.
b Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы чырыстоны хъуыддаг равзарын ӕмӕ бамбарын, ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ (1 Кор. 5:11; 6:5; Иак. 5:14, 15). Фӕлӕ уыдон сӕрныллӕгдзинад равдисынц ӕмӕ сӕ зӕрдыл фӕдарынц, сӕ бон кӕй нӕу, адӕмы зӕрдӕты цы ис, уый уынын ӕмӕ Йегъовӕйы номӕй кӕй тӕрхон кӕнынц. (Абар 2 Азфыстыты 19:6.) Уыдон Йегъовӕйау фӕтӕрхон кӕнынц рӕстӕй. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйау вӕййынц фӕлмӕнзӕрдӕ, стӕй ӕгӕр фӕлмӕн кӕнӕ ӕгӕр тызмӕг дӕр нӕ вӕййынц.