Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ йӕ адӕммӕ йӕ цӕст дары

Йегъовӕ йӕ адӕммӕ йӕ цӕст дары

«Йегъовӕйы цӕст кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ» (ПС. 33:18).

4 ЗАРӔГ «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Йесо Йегъовӕмӕ цӕмӕн куывта, цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджыты хъахъхъӕдтаид?

 ЙЕСО йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ уӕларвон Фыдмӕ куывта, цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджыты хъахъхъӕдтаид (Иоан. 17:15, 20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ йӕ адӕмы алкӕддӕр хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕм йӕ цӕст дардта. Фӕлӕ Йесо зыдта, йӕ фӕдыл чи цӕуа, уыдоны Хӕйрӕг тынг карзӕй кӕй ӕфхӕрдзӕн. Ӕмӕ ӕмбӕрста, Йегъовӕйы ӕххуыс сӕ кӕй хъӕудзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууой.

2. Псалом 33:18–20 стихтӕм гӕсгӕ, зындзинӕдтӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

2 Хӕйрӕджы дуне ӕцӕг чырыстӕттӕн бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕ ӕвзарын кӕны. Уый тыххӕй хатт нӕ ныфс асӕтты ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад дӕр фӕлвӕрд фӕцӕуы. Ацы статья нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, тӕрсын нӕ кӕй ницӕмӕй хъӕуы. Йегъовӕ нӕм йӕ цӕст дары. Уый уыны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ вӕййы. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ дыууӕ адӕймаджы хабармӕ. Уыдонӕй базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ цӕст куыд дары, «чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ». (Бакӕс Псалом 33:18–20.)

НӔХИМӔ ИУНӔГ КУЫ КӔСӔМ

3. Хатт нӕхимӕ иунӕг цӕмӕн фӕкӕсӕм?

3 Кӕд нын бирӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уӕддӕр хатт нӕхимӕ иунӕг фӕкӕсӕм. Зӕгъӕм, сывӕллӕттӕй ӕмӕ ӕрыгӕттӕй кӕйдӕрты сӕ къласы раз сӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын куы бахъӕуы, уӕд, гӕнӕн ис, тыхсой ӕмӕ сӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ бынтон иунӕг сты. Кӕнӕ сӕхимӕ иунӕг фӕкӕсынц, ног ӕмбырдмӕ куы рахизынц, уӕд. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын чи баххуыс кӕна, уый нӕй. Чи зоны сӕ фӕфӕнды, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый иннӕтӕн радзурын, фӕлӕ фӕтӕрсынц, куы нӕ сӕ бамбарой. Адӕймагмӕ ма афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуы, йӕ мӕт никӕй ис. Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхимӕ иунӕг кӕсӕм. Уый кӕцӕй зонӕм?

4. Илийа афтӕ цӕмӕн загъта, пехуымпартӕй ма ӕрмӕстдӕр ӕз баззадтӕн, зӕгъгӕ?

4 Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Илийайы хабар. Йезавел расомы кодта, кӕй йӕ амардзӕн. Гъемӕ Илийа алыгъд, цӕмӕй бамбӕхстаид. Фӕцыд 40 бонӕй фылдӕр (1 Пад. 19:1–9). Уый иу лӕгӕты бамбӕхст ӕмӕ Йегъовӕмӕ сдзынӕзта, пехуымпартӕй ма ӕрмӕстдӕр ӕз баззадтӕн, зӕгъгӕ (1 Пад. 19:10). Фӕлӕ уый афтӕ нӕ уыд. Йезавел пехуымпарты куы мардта, уӕд дзы Овади 100 пехуымпары аирвӕзын кодта (1 Пад. 18:7, 13). Уӕдӕ Илийа йӕхимӕ иунӕг цӕмӕн каст? Чи зоны, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, Овади кӕй аирвӕзын кодта, уыцы пехуымпарты дӕр амардтой. Кӕнӕ, чи зоны, уымӕн, ӕмӕ кӕд Йегъовӕ Кармилы хохыл равдыста, ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уӕддӕр ын израилӕгтӕй лӕггад кӕнын ничи райдыдта. Йе та йӕм, чи зоны, афтӕ каст, ӕмӕ, цы тӕссаг уавӕры ис, уый ничи зоны кӕнӕ нымады дӕр никӕмӕ у. Илийа цӕуылты хъуыды кодта ӕмӕ цы ’нкъардта, уыдӕтты тыххӕй Библийы алцы нӕй фыст. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ кӕй ӕмбӕрста ӕмӕ кӕй зыдта, куыд ын баххуыс кӕна, уый.

Нӕхимӕ иунӕг куы кӕсӕм, уӕд нын ныфсы хос куыд фӕуыдзӕн, Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта, уый? (кӕс 5, 6 абзацтӕ)

5. Йегъовӕ Илийайӕн куыд бамбарын кодта, иунӕг кӕй нӕ уыд?

5 Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта? Дыууӕ хатты йӕ бафарста, «ам цы кусыс», зӕгъгӕ, цӕмӕй йын Илийа радзырдтаид, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый (1 Пад. 19:9, 13). Ӕмӕ йӕм дыууӕ хатты дӕр лӕмбынӕг байхъуыста. Уый фӕстӕ йын бамбарын кодта, йӕ фарсмӕ кӕй ис, ӕмӕ йын йе стыр тых равдыста. Загъта ма йын, израилӕгтӕй йын бирӕтӕ иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодтой (1 Пад. 19:11, 12, 18). Илийайӕн, хӕрзаг, фенцондӕр, йӕ тыппыртӕ куы суагъта ӕмӕ йын Йегъовӕ дзуапп куы радта, уӕд. Стӕй ма йын Йегъовӕ цалдӕр ахсджиаг хъуыддаджы бахӕс кодта. Загъта йын, цӕмӕй Азаилы сӕвӕрдтаид Сирийы паддзахӕй, Ииуйы – Израилы паддзахӕй, Елисейы та – пехуымпарӕй (1 Пад. 19:15, 16). Уый фӕрцы йын баххуыс кодта, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кодтаид хорз цӕуылдӕрты. Ӕмӕ ма йын радта ӕнувыд ӕмбалы – Елисейы. Ды та дӕхимӕ иунӕг куы кӕсай, уӕд дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын Йегъовӕ баххуыс кӕна?

6. Дӕхимӕ иунӕг куы фӕкӕсыс, уӕд дӕ бон цӕй тыххӕй вӕййы Йегъовӕмӕ кувын? (Псалом 62:8).

6 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу ӕм скувай. Уый уыны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, ӕмӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕддӕриддӕр дӕм кӕй байхъусдзӕн (1 Фес. 5:17). Йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм ӕхсызгонӕй фӕхъусы (Ӕмб. 15:8). Дӕхимӕ иунӕг куы фӕкӕсыс, уӕд дӕ бон цӕй тыххӕй вӕййы Йегъовӕмӕ кувын? Илийайау Йегъовӕйӕн радзур, дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый. (Бакӕс Псалом 62:8.) Радзур ын, цӕуыл тыхсыс, цӕуыл мӕт кӕныс, уыдӕттӕ. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕмӕ дӕхимӕ иунӕг ма кӕсай. Зӕгъӕм, кӕд тӕрсыс, скъолайы дӕ дӕ уырнындзинады тыххӕй дзурын кӕй бахъӕудзӕн, уымӕй, уӕд Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад ракур, цӕмӕй дӕ бон уа ныфсджынӕй дзурын. Дӕ бон дзы у ӕмбаргӕдзинад дӕр ракурын, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндыс, уый сын дӕ бон уа фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй бамбарын кӕнын (Лук. 21:14, 15). Кӕд ныфссаст дӕ, уӕд Йегъовӕйӕн зӕгъ, ӕмӕ дын равдиса, фӕлтӕрд чырыстӕттӕй кӕимӕ уаид аныхас кӕнӕн, ӕмӕ дӕ цӕмӕй уыцы адӕймаг бамбара. Йегъовӕйӕн-иу дӕ хъӕстытӕ куы ракӕнай, дӕ куывдтытӕн дын дзуапп куыд радта, уый-иу куы фенай ӕмӕ-иу иннӕты дӕр куы бауадзай, цӕмӕй дын баххуыс кӕной, уӕд дӕхимӕ афтӕ иунӕг нал кӕсдзынӕ.

Фадӕттӕ фӕагурыс, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнай ӕмӕ иннӕтимӕ хорз хабар хъусын кӕнай? (кӕс 7 абзац)

7. Маурисиойы хабар дын цӕуыл дзурӕг у?

7 Йегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр тынг ахсджиаг хъуыддаг бабар кодта. Ӕмӕ уацамынды дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр цы аразыс, уый уыны ӕмӕ уымӕн тынг аргъ кӕны (Пс. 110:3). Хуыцауы хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайыс, уый дӕр дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхимӕ иунӕг ма кӕсай. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Маурисио, зӕгъгӕ, донаргъуыд куы райста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йе ’ввахсдӕр ӕмбӕлттӕй сӕ иу Йегъовӕйӕ дард кӕнын райдыдта b. Уый Маурисиойыл дӕр тынг фӕзынд. Афтӕ загъта: «Старстӕн, мӕнӕн дӕр мӕ хабар афтӕ куы рауайа, уымӕй. Хъуыды-иу кодтон, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтон, уымӕ гӕсгӕ цӕрын мӕ бон бауыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн баззайдзынӕн, зӕгъгӕ. Мӕхимӕ тынг иунӕг кастӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ ничи бамбардзӕн». Цымӕ йын уыцы уавӕры цы баххуыс кодта? Уый загъта: «Райдыдтон фылдӕр хъусын кӕнын. Уый фӕрцы, цы мӕ тыхсын кодта, уыдӕттыл нал хъуыды кодтон. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ иумӕ кӕй лӕггад кодтон, уый мын циндзинад хаста ӕмӕ мӕхимӕ афтӕ иунӕг нал кастӕн». Нӕ бон иннӕтимӕ фембӕлын ӕмӕ уацамынды ацӕуын куы нӕ уа, уӕддӕр нӕ бон у иумӕ писмотӕ фыссын ӕмӕ телефонӕй хъусын кӕнын. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр бафидар вӕййӕм. Маурисиойӕн ма иу цыдӕр баххуыс кодта. Афтӕ загъта: «Ӕмбырды хъуыддӕгты дӕр зӕрдиагӕй архайдтон. Мӕ хӕслӕвӕрдтӕ-иу хорз бацӕттӕ кодтон. Хӕслӕвӕрдтӕ-иу мын кӕй уыд, уый фӕрцы дӕр бамбӕрстон, Йегъовӕ ӕмӕ мын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй аргъ кӕнынц».

СТЫР ЗЫНДЗИНӔДТӔ КУЫ ’ВЗАРӔМ

8. Стыр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд куыд фӕвӕййӕм?

8 Мах зонӕм, ацы фӕстаг бонты зындзинӕдтӕй хызт кӕй нӕ уыдзыстӕм (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ уӕддӕр цавӕрдӕр хабӕрттӕм цӕттӕ нӕ вӕййӕм. Гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы ӕнӕ куыстӕй баззайӕм, уӕззау низ нӕм ссарой йе та не ’мбӕлттӕй кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй исчи амӕла. Ахӕм рӕстӕг адӕймагӕн йӕ ныфс асӕтты, уӕлдайдӕр ыл иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл кӕнӕ иууылдӕр уыцы иу рӕстӕг куы ’рцӕуынц, уӕд. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ нӕм йӕ цӕст кӕй дары. Йе ’ххуысы фӕрцы цыфӕнды зындзинад дӕр сфӕраздзыстӕм.

9. Иовыл цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, уый тыххӕй радзур.

9 Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовӕн куыд баххуыс кодта, уый. Цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ сӕр цынӕтӕ бавзӕрста! Иу бонмӕ йын йӕ фосӕй иуты адавтой, иннӕты та арт аныхъуырдта. Йӕ лӕггадгӕнджыты йын амардтой. Уымӕй фыддӕр та уый уыд, ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ фӕмард сты (Иов 1:13–19). Уыдӕттӕй йӕхимӕ нӕма ’рцыд, афтӕ удхайраг низӕй фӕрынчын (Иов 2:7). Иов уыйонг сси, ӕмӕ сдзынӕзта: «Цард мын сӕнад, ӕнустӕм цӕрын дӕр мӕ нӕ фӕнды» (Иов 7:16).

Йегъовӕ Иовӕн дзуры, кӕй сфӕлдыста, уыдоныл куыд тыхсы, ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕмбарын кӕны, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ ууыл дӕр кӕй тыхсы (кӕс 10 абзац)

10. Йегъовӕ Иовӕн фӕлварӕнты рӕстӕг куыд баххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

10 Фӕлӕ Йегъовӕ Иовмӕ йӕ цӕст дардта. Ӕмӕ, цӕмӕй хъуыд, уымӕй йын баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаид, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзта. Йегъовӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕй сфӕлдыста, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр кӕй тыхсы ӕмӕ ӕгӕрон зонды хицау кӕй у. Ракодта йын бирӕ диссаджы цӕрӕгойты кой (Иов 38:1, 2; 39:9, 13, 19, 27; 40:15; 41:1, 2). Стӕй йӕ ӕрыгон нӕлгоймаг Елиуйы уылты бафидар кодта ӕмӕ дзы ныфс бауагъта. Елиуй йын загъта, Йегъовӕ алкӕддӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй раарфӕ кӕны, фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууынц, уӕд. Фӕлӕ ма йын Йегъовӕ Елиуйы уылты радта уынаффӕ дӕр. Елиуй Иовӕн фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, Дунерафӕлдисӕг Хуыцауимӕ абаргӕйӕ куыд гыццыл у ӕмӕ йӕхиуыл ӕмӕ йӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр кӕй хъуамӕ ма хъуыды кӕна (Иов 37:14). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Иовӕн радта хӕслӕвӕрд. Хъуамӕ йе ’ртӕ ӕмбалы тыххӕй скуывтаид, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы раз тӕригъӕд ракодтой (Иов 42:8–10). Махӕн та Йегъовӕ зындзинӕдты рӕстӕг куыд баххуыс кӕны?

11. Фӕлварӕнты рӕстӕг нын Библи куыд баххуыс кӕны?

11 Йегъовӕ махимӕ, Иовимӕ куыд дзырдта, афтӕ нӕ фӕдзуры. Фӕлӕ немӕ фӕдзуры йӕ Ныхас Библийы уылты (Ром. 15:4). Йегъовӕ нын диссаджы фидӕнӕй ныфс бавӕрдта ӕмӕ нын афтӕмӕй удӕнцой дӕтты. Ӕркӕсӕм-ма Библийӕ цалдӕр стихмӕ. Уыдон нын фӕлварӕнты ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг уыдзысты ныфсы хос. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ уарзондзинадӕй нӕ кӕй «ницы фӕхицӕн кӕндзӕн», уыимӕ уӕззау фӕлварӕнтӕ дӕр (Ром. 8:38, 39). Зӕгъы нын, хӕстӕг кӕй у, «чи йӕм кувы, уыдонмӕ» се ’ппӕтмӕ дӕр (Пс. 145:18). Ноджыдӕр ма нын дзуры, нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕн дӕр кӕй сфӕраздзыстӕм ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр амондджын кӕй уыдзыстӕм (1 Кор. 10:13; Иак. 1:2, 12). Хуыцауы Ныхасӕй зонӕм, цы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонимӕ абаргӕйӕ нӕ фӕлварӕнтӕ кӕй сты цыбыр ӕмӕ рӕстӕгмӕ (2 Кор. 4:16–18). Йегъовӕ нын ныфс ӕвӕры, ӕнустӕм кӕй фесафдзӕн, зындзинӕдтӕ кӕй аххосӕй ӕвзарӕм, уыдоны – Хӕйрӕджы ӕмӕ, уый хуызӕн чи у, уыцы фыдгӕнӕг адӕмы (Пс. 37:10). Хорз нӕ уаид, куы бахъуыды кӕнис, фидӕны дын фӕлварӕнты рӕстӕг чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ?

12. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Библи пайда хӕсса?

12 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу алы бон дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм Библи кӕсынӕн ӕмӕ, цы бакастыстӕм, ууыл арф хъуыды кӕнынӕн. Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр фӕкӕны ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ баввахсдӕр вӕййӕм. Уый фӕрцы та нӕм фӕзыны хъарутӕ фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн. Разамынд Библийы чи агуры, уыдонӕн ма Йегъовӕ ратты йӕ сыгъдӕг тых дӕр. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы та нӕм фӕзыны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару», ӕмӕ нӕ бон вӕййы цыфӕнды уӕззау фӕлварӕн дӕр сфӕразын (2 Кор. 4:7–10).

13. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уый фӕрцы фӕлварӕнты фидар куыд фӕлӕууӕм?

13 Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» парахатӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг: статьятӕ, видеороликтӕ, кинонывтӕ, зарджытӕ (Матф. 24:45). Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм. Ӕмӕ хъуамӕ уыцы хӕринагӕй ӕдзух нӕхи ӕфсадӕм. Ӕрӕджы Америкӕйы Иугонд Штаттӕй иу хо загъта, уыцы лӕвӕртты тыххӕй Йегъовӕйӕ тынг бузныг кӕй у. Уый загъта: «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын 40 азы. Ӕмӕ мӕ иузӕрдиондзинад бирӕ хӕттыты цыди фӕлвӕрд». Ацы хо уӕззау фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд: йӕ мадыфыды йын иу расыг шофыр скъуырдта ӕмӕ фӕмард, йӕ ныййарджытӕ уӕззау низӕй фӕрынчын сты ӕмӕ амардысты, йӕхӕдӕг та дыууӕ хатты тох кодта ракимӕ. Цы йын баххуыс кодта уыдӕттӕ сфӕразынӕн? Уый загъта: «Йегъовӕ мӕ никуы ныууагъта. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты мын уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг лӕвӕрдта, уый фӕрцы фидар фӕлӕууыдтӕн. Ӕмӕ мӕнӕн дӕр мӕ бон у Иовау зӕгъын: „Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!“» (Иов 27:5).

Нӕ бон куыд у не ’мбырды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын? (кӕс 14 абзац)

14. Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын Йегъовӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты куыд баххуыс кӕны? (1 Фессалоникӕгтӕм 4:9).

14 Йегъовӕ йӕ адӕмы ахуыр кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзой ӕмӕ зын рӕстӕг кӕрӕдзийӕн удӕнцой ӕмӕ ныфсы хос уой (2 Кор. 1:3, 4; бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 4:9). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сты Елиуйы хуызӕн. Зӕрдиагӕй сӕ фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй зындзинӕдты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм (Хъуыд. 14:22). Зӕгъӕм, хо Дианӕйӕн йӕ лӕг тынг куы фӕрынчын, уӕд йе ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ йӕ фарсмӕ балӕууыдысты ӕмӕ йын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уыдаид. Дианӕ радзырдта: «Уый тынг уӕззау рӕстӕг уыд. Фӕлӕ нӕм афтӕ каст, цыма нӕ Йегъовӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын тынг баххуыс кодтой. Телефонӕй-иу нӕм ӕрбадзырдтой, бабӕрӕг-иу нӕ кодтой ӕмӕ-иу нын фӕхъӕбыстӕ кодтой. Машинӕ скъӕрын нӕ зонын, ӕмӕ-иу мӕ ӕмбырдтӕм аластой, стӕй-иу мӕ семӕ уацамындмӕ акодтой, мӕ бон-иу куы уыд, уӕд». Ахӕм ӕнгом, ӕнувыд бинонтӕ нын кӕй ис, уый цӕй стыр арфӕдзинад у!

ЙЕГЪОВӔЙӔ БУЗНЫГ СТӔМ, КӔЙ НЫЛ ТЫХСЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ

15. Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, цыфӕнды фӕлварӕн дӕр кӕй сфӕраздзыстӕм?

15 Не ’ппӕт дӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзыстӕм. Фӕлӕ, ацы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй-иу уыцы рӕстӕг иунӕг нӕ уыдзыстӕм. Йегъовӕ у нӕ уарзӕгой Фыд ӕмӕ нӕм алкӕддӕр йӕ цӕст фӕдары. Уый вӕййы нӕ фарсмӕ ӕмӕ дзы ӕххуыс куы ракурӕм, уӕд нӕ фехъусы ӕмӕ нын зӕрдиагӕй баххуыс кӕны (Ис. 43:2). Йегъовӕ нын дӕтты, фидар фӕлӕууынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, нӕ бон ӕм у кувын, ис нын Библи ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг парахатӕй, стӕй ӕнувыд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Ӕмӕ мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уыдӕтты фӕрцы цыфӕнды фӕлварӕн дӕр кӕй сфӕраздзыстӕм.

16. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы дӕлбазыр уӕм?

16 Мах тынг амондджын стӕм, уымӕн ӕмӕ нын ис, йӕ цӕст нӕм чи дары, ахӕм уӕларвон Фыд! «Уый у нӕ зӕрдӕтӕн сӕ цин» (Пс. 33:21). Нӕ бон куыд у равдисын, кӕй нын ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм? Хъуамӕ пайда кӕнӕм, фидар фӕлӕууынӕн нын цыдӕриддӕр дӕтты, уыдӕттӕй. Ӕмӕ ма ноджыдӕр хъуамӕ цыдӕр аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр йӕ дӕлбазыр уӕм – хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразӕм. Ӕмӕ нӕм уӕд йӕ цӕст дардзӕн ӕнустӕм дӕр! (1 Пет. 3:12).

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

a Не ’ппӕт дӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ӕмӕ нӕ хъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс. Ацы статья нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йегъовӕ йӕ адӕммӕ йӕ цӕст кӕй дары, уый. Уый уыны, алчидӕр нӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы. Ӕмӕ, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй нын баххуыс кӕны, цӕмӕй-иу сӕ сфӕразӕм.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.