Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

35 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Кӕрӕдзийы фидар кӕнут»

«Кӕрӕдзийы фидар кӕнут»

«Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 ФЕС. 5:11).

90 ЗАРӔГ Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. 1 Фессалоникӕгтӕм 5:11 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм?

 УЕ ’МБЫРД искуы Паддзахады зал арӕзта? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕндзынӕ, фыццаг хатт ног залы куыд ӕрӕмбырд стут, уый. Йегъовӕйӕ бузныг куыннӕ уыдтӕ! Ӕвӕццӕгӕн, фырцинӕй дӕ зӕрдӕ дӕр суынгӕг, ӕмӕ ӕмбырды райдианы дӕ бон зарӕг азарын дӕр не сси. Нӕ рӕсугъд Паддзахады залтӕ Йегъовӕйӕн хӕссынц кад. Фӕлӕ йӕ иу хъуыддагӕй ноджы тынгдӕр кадджын кӕнӕм. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг агъуыстытӕ аразынӕй ахсджиагдӕр у. Нӕ бон у фидар кӕнын, уыцы кувӕн бынӕттӕм чи ’рбацӕуы, уыцы адӕмы. Уый дӕр схонӕн ис арӕзтад. Апостол Павел дӕр 1 Фессалоникӕгтӕм 5:11 стихы, ацы статьяйы сӕйраг стихы, уый кой кодта. (Бакӕс ӕй.) Ам «фидар кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма амоны «аразын» дӕр.

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Павел хорз арӕхсти йе ’мчырыстӕтты фидар кӕнынмӕ. Уый зыдта, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбӕрста. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн куыд ӕххуыс кодта 1) зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн, 2) кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрынӕн ӕмӕ 3) сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, махӕн дӕр нӕ бон куыд у Павелау нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фидар кӕнын (1 Кор. 11:1).

ПАВЕЛ ЙЕ ’МЧЫРЫСТӔТТӔН ӔХХУЫС КОДТА ЗЫНДЗИНӔДТӔ СФӔРАЗЫНӔН

3. Павел цы цӕстӕй каст кусынмӕ ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ?

3 Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты бирӕ уарзта. Уый йӕхӕдӕг дӕр хорз зыдта, зындзинад цы у, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, фӕлварӕнтыл чи ’мбӕлд, уыдонӕн сӕ зын ӕмбӕрста ӕмӕ сын ӕххуыс кодта. Иухатт Павелӕн йе ’хца фесты ӕмӕ йӕ хъуыди куыст ссарын, цӕмӕй йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр уыдаид, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ (Хъуыд. 20:34). Павел уыди цатыртӕ хуыйӕг. Ӕмӕ, Коринфмӕ куы ’рцыд, уӕд фыццаг куыста Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ. Уыдон дӕр уыцы куыст кодтой. Фӕлӕ-иу «алы сабаты» дӕр хъусын кодта дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕн дӕр. Стӕй Силӕ ӕмӕ Тимофей куы ’рцыдысты, уӕд «йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ» (Хъуыд. 18:2–5). Павелӕн алкӕддӕр царды сӕйрагдӕр уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Алы хъуыддаджы дӕр зӕрдиагӕй кӕй архайдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, чи-иу сӕ бафидар кодта, ахӕм уынаффӕтӕ дӕттын. Павел ӕмбӕрста, ӕнцон сын кӕй нӕ уыд, стӕй сӕ сӕ бинонты дарын дӕр кӕй хъуыд. Фӕлӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «ахсджиагдӕр цы у», ома, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕ сын рохуаты кӕй хъуамӕ ма баззадаиккой (Фил. 1:10).

4. Павел ӕмӕ Тимофей хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар фӕлӕууыдаиккой?

4 Фессалоникӕйы ног ӕмбырд куы фӕзынд, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уымы чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой. Знӕт адӕм Павел ӕмӕ Силӕйы куы не ссардтой, уӕд «цалдӕр ӕфсымӕры горӕты хицӕутты раз балӕууын кодтой» ӕмӕ хъӕр систой: «Адон се ’ппӕт дӕр цӕуынц Ромы паддзахы закъӕтты ныхмӕ» (Хъуыд. 17:6, 7). Ӕрӕджы чырыстон чи сси, уыдон, хӕрзаг, тынг фӕтарстысты, горӕты адӕм сӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый куы фехъуыстой, уӕд. Уый тыххӕй, гӕнӕн уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй мауал лӕггад кодтаиккой. Фӕлӕ Павелы нӕ фӕндыд, цӕмӕй афтӕ рауадаид. Кӕд сӕ Силӕимӕ уырдыгӕй ацӕуын бахъуыд, уӕддӕр бацархайдтой, цӕмӕй ног ӕмбырд ӕвӕгӕсӕгӕй ма баззадаид. Павел фессалоникӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Не ’фсымӕр Тимофейы... арвыстам сымахмӕ, цӕмӕй уын уӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид ӕмӕ уын удӕнцой ӕрхастаид, ӕмӕ уын афтӕмӕй уӕ уырнындзинад бафидар кодтаид, уыцы зындзинӕдты уӕ куыд ничи фӕцудыдтаид» (1 Фес. 3:2, 3). Тимофей уыд Листрӕйӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕхиуыл бавзӕрста, ӕфхӕрд цы у, уый. Тимофей уыдта, Павел уымы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты куыд фидар кодта. Стӕй ма федта, Йегъовӕ сын куыд баххуыс кодта, уый дӕр. Ӕмӕ сын йӕ бон уыд ныфс бавӕрын, алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн (Хъуыд. 14:8, 19–22; Дзут. 12:2).

5. Иу хистӕр нӕлгоймаг Брайантӕн куыд баххуыс кодта?

5 Павел ма йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты куыд фидар кодта? Варнавӕимӕ Листрӕйы, Иконийы ӕмӕ Антиохийы чырыстӕтты ногӕй куы бӕрӕг кодтой, уӕд «алы ӕмбырды дӕр сӕвӕрдтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» (Хъуыд. 14:21–23). Уыдон ӕмбырдтӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой. Ӕмӕ абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ кӕнынц. Ӕфсымӕр Брайант радзырдта: «15 азы мыл куы цыд, уӕд нӕ нӕ фыд ныууагъта, мӕ мады та ӕмбырдӕй ацух кодтой. Тынг ныфссаст уыдтӕн ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ никӕй хъӕуын». Брайантӕн цы баххуыс кодта уыцы зын рӕстӕджыты фидар фӕлӕууынӕн? Уый загъта: «Иу хистӕр нӕлгоймаг, Тони, мемӕ арӕх ныхӕстӕ кодта ӕмбырдты дӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕг дӕр. Радзырдта-иу мын, фӕлварӕнтыл чи ’мбӕлд, фӕлӕ-иу уӕддӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ чи лӕггад кодта, ахӕм лӕггадгӕнджыты тыххӕй. Иухатт мын бакаст Псалом 27:10 стих. Стӕй-иу мын арӕх дзырдта Езекийы тыххӕй. Уый Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, кӕд ын йӕ фыд фӕзминаг нӕ уыд, уӕддӕр». Тони йын кӕй ӕххуыс кодта, уый йыл куыд фӕзынд? Брайант загъта: «Тони мын мӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтыдта, уый фӕрцы ӕппынфӕстаг ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтон, ӕмӕ тынг амондджын дӕн». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Брайантау ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдонӕн-иу уӕ «хорз ныхас» ма бавгъау кӕнут! (Ӕмб. 12:25).

6. Павел хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты куыд фидар кодта иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хабӕртты фӕрцы?

6 Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, бирӕ рагон лӕггадгӕнджытӕ зындзинӕдты фидар кӕй фӕлӕууыдысты Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы (Дзут. 12:1). Уый ӕмбӕрста, ахӕм лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕ сӕ ныфс кӕй бауадздзысты ӕмӕ сын кӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ уой «удӕгас Хуыцауы горӕтыл» (Дзут. 12:22). Ӕмӕ мах дӕр сӕ хабӕрттӕ афтӕ бафидар кӕнынц. Йегъовӕ Гедеонӕн, Варакӕн, Давидӕн, Самуилӕн ӕмӕ бирӕ ӕндӕр лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ хъарутыл хъарутӕ бафты (Дзут. 11:32–35). Нӕ рӕстӕджы дӕр уыди ӕмӕ ис бирӕ фӕзминаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Сӕйраг хайадмӕ нӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ арӕх ныффыссынц, кӕйдӕр биографи сӕ куыд бафидар кодта, уый тыххӕй.

ПАВЕЛ ЙЕ ’МЧЫРЫСТӔТТӔН ӔХХУЫС КОДТА КӔРӔДЗИИМӔ ХӔЛАРӔЙ ЦӔРЫНӔН

7. Павел ромаг чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Ромӕгтӕм 14:19–21).

7 Куы архайӕм, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа, уӕд афтӕмӕй дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фидар кӕндзыстӕм. Кӕд цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл иу зондыл хӕст нӕ вӕййӕм, уӕддӕр кӕрӕдзийы ныхмӕ не свӕййӕм. Ӕмӕ кӕцыдӕр уавӕрты, бар нын цӕмӕн вӕййы, уый дӕр нӕ саразӕм (ӕрмӕст-иу хъуамӕ афтӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕ ма фехалӕм). Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Ромы ӕмбырды уыди чырыстӕттӕ дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй дӕр. Моисейы закъон йӕ тыхы куы нал уыд, уӕд нал хъуыд ӕххӕст кӕнын, хӕрӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд, уый фӕдыл закъӕттӕ дӕр (Мар. 7:19). Уӕдӕй фӕстӕмӕ дзуттаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ алцыдӕр хордтой. Иннӕтӕм та афтӕ каст, ӕмӕ уый раст нӕу. Ӕмӕ уый быцӕутӕм расайдта. Уӕд сын Павел бамбарын кодта, куыд ахсджиаг у ӕмбырды фарн хъахъхъӕнын. Загъта сын: «Цӕйнӕфӕлтау де ’фсымӕр фӕрӕдийа, фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ ӕндӕр ахӕм исты дӕр ма араз». (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:19–21.) Павел афтӕмӕй бамбарын кодта, ахӕм быцӕутӕ тӕссаг кӕй сты ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ, чи быцӕу кӕны, уыдонӕн сӕхицӕн дӕр. Павел йӕхӕдӕг дӕр цӕттӕ уыд иннӕты тыххӕй цыдӕр фӕивынмӕ, цӕмӕй сын къуылымпыйы хос мацӕмӕй суыдаид (1 Кор. 9:19–22). Ныр дӕр кӕцыдӕр фарстаты фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ чырыстон йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕны, куыд бакӕна, уый. Ӕмӕ ахӕм фарстаты тыххӕй куы нӕ быцӕу кӕнӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фидар кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ фарн бахъахъхъӕндзыстӕм.

8. Ӕмбырды чидӕртӕ иу ахсджиаг фарстайы фӕдыл куы быцӕу кодтой, уӕд Павел куыд бакодта?

8 Ахсджиаг фарстаты фӕдыл ӕндӕр хъуыды кӕмӕн уыд, ахӕм чырыстӕттимӕ дӕр Павел нӕ быцӕу кодта. Зӕгъӕм, ӕмбырды иуӕй-иутӕ дзырдтой, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыцы чырыстӕтты кӕй хъуыди сунӕт скӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй, ӕмӕ, чырыстон чи нӕ уыд, уыцы дзуттӕгты уайдзӕфтӕй тарстысты (Гал. 6:12). Павел семӕ разы ӕппындӕр нӕ уыд, фӕлӕ йӕхи ныхасыл нӕ ныллӕууыд. Уый равдыста сӕрныллӕгдзинад, ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй уыцы фарста аскъуыддзаг кодтаиккой, Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Хъуыд. 15:1, 2). Афтӕ кӕй бакодта, уый фӕрцы чырыстӕттӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтой ӕмӕ се ’мбырды уыди фарн (Хъуыд. 15:30, 31).

9. Нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын?

9 Ӕмбырды искӕимӕ ахсджиаг фарстайы фӕдыл куы фӕбыцӕу уӕм, уӕд хъуамӕ нӕ фарн бахъахъхъӕнӕм. Хуыздӕр уаид, Йегъовӕ ӕмбырд кӕй бар бакодта, уыдонӕй ӕххуыс ракурын. Арӕх разамынд ссарӕн вӕййы нӕ публикациты кӕнӕ нын нӕ организаци цы амындтӕ ратты, уым. Нӕхи ныхасыл-иу куы нӕ ныллӕууӕм, фӕлӕ-иу уыцы амындтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд не ’мбырды уыдзӕн фарн.

10. Павел ма цы арӕзта, цӕмӕй ӕмбырды фарн уыдаид?

10 Павел-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ӕвзӕр миниуджыты кой нӕ кодта, фӕлӕ сӕ хорзы кой, ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбырд ӕнгомдӕр кодта. Зӕгъӕм, ромӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым кӕронӕй номгай бирӕ чырыстӕтты ранымадта. Ӕмӕ сӕ сӕ фылдӕрӕй бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй раппӕлыд. Мах дӕр не ’мчырыстӕттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ искӕцы хо кӕнӕ ’фсымӕры кой куы кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ ракӕнӕм йӕ хорзы кой. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕрӕдзи тынгдӕр уарздзысты ӕмӕ сӕ хӕлардзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕндзысты.

11. Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕмбырды фарн бахъахъхъӕнӕм?

11 Хатт суанг фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ дӕр цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл иу зондыл хӕст нӕ вӕййынц ӕмӕ фӕбыцӕу вӕййынц. Афтӕ рауад сӕ хабар Павелӕн ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбал Варнавӕйӕн. Иннӕ уацамындон балцы Марчы семӕ акӕной ӕви нӕ, уый фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст нӕ уыдысты. «Гъемӕ афтӕ тынг фӕбыцӕу сты, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты» (Хъуыд. 15:37–39). Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Павел, Варнавӕ ӕмӕ Марк бафидыдтой. Афтӕмӕй равдыстой, ӕмбырды цы фарн ӕмӕ иудзинад ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц. Фӕстӕдӕр Павел йӕ фыстӕджыты ракодта, Варнавӕ ӕмӕ Марк хорзӕй цы арӕзтой, уый кой (1 Кор. 9:6; Кол. 4:10, 11). Мах дӕр-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ истӕй тыххӕй куы фӕбыцӕу уӕм, уӕд-иу хъуамӕ бафидауӕм ӕмӕ-иу сын уый фӕстӕ дӕр сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм. Афтӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад бахъахъхъӕндзыстӕм (Еф. 4:3).

ПАВЕЛ ЙӔ ХОТӔ ӔМӔ ЙЕ ’ФСЫМӔРТЫ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР КОДТА

12. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

12 Нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндой, уӕд сӕ афтӕмӕй дӕр фидар кӕндзыстӕм. Уыдон бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Иуӕй-иутыл сӕ дины тыххӕй фӕхудынц се ’нӕуырнӕг бинонтӕй чидӕртӕ, се ’мкусджытӕ кӕнӕ сӕ къласӕгтӕ. Чидӕр тох кӕны уӕззау низимӕ, кӕмӕндӕр та зын у, чи йӕ фӕхъыг кодта, уымӕн ныххатыр кӕнын. Чидӕртӕ та Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц бирӕ азты дӕргъы ӕмӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ацы дунейы кӕронмӕ. Ахӕм уавӕрты чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд фӕцӕуы. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Цымӕ сын Павел сӕ уырнындзинад куыд фидар кодта?

Апостол Павелау нӕ бон куыд у иннӕты фидар кӕнын? (кӕс 13 абзац) b

13. Павел йе ’мчырыстӕттӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид дзуапп дӕттын, сӕ диныл сын фаутӕ чи ӕвӕрдта, уыдонӕн?

13 Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты уырнындзинад фидар кодта Сыгъдӕг Фыстады фӕрцы. Дзуттӕгтӕ сӕ дин чырыстон динӕй хуыздӕрыл нымадтой. Ӕмӕ-иу сӕ бинонтӕй чырыстон чи сси, уыдоныл-иу фаутӕ ӕвӕрдтой. Чи зоны, уыцы чырыстӕттӕ нӕ зыдтой, сӕ хиуӕттӕн цавӕр дзуапп раттой, уый. Ӕмӕ сын Павелы фыстӕг Дзуттӕгтӕм стыр ӕххуыс фӕуыдаид (Дзут. 1:5, 6; 2:2, 3; 9:24, 25). Сӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыцы адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ сӕ бон уыд, цы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ дзы ис, уыдон ӕрхӕссын. Махӕн дӕр нӕ бон у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сахуыр уой, цӕуыл ӕууӕндынц, уый нӕ публикациты фӕрцы ӕмбарын кӕнын. Хатт ӕрыгӕттыл дӕр скъолайы фӕхудынц, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ууыл кӕй ӕууӕндынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ нӕ бон у уыдонӕн дӕр баххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, нӕ бон у семӕ ӕркӕсын брошюрӕтӕм «Была ли жизнь создана?» ӕмӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа».

Апостол Павелау нӕ бон куыд у иннӕты фидар кӕнын? (кӕс 14 абзац) c

14. Кӕд Павел ӕдзухдӕр хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинад амыдта, уӕддӕр-иу дзы рох цы нӕ уыд?

14 Павел хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дзырдта, цӕмӕй «хорз хъуыддӕгтӕ» арӕзтаиккой ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уарзондзинад ӕвдыстаиккой (Дзут. 10:24). Ӕххуыс сын кодта хъуыддагӕй дӕр. Зӕгъӕм, Иудейӕйы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Павел дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй уымы чырыстӕттӕн фӕхӕццӕ кодтаиккой, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ (Хъуыд. 11:27–30). Кӕд Павел ӕдзухдӕр хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинад амыдта, уӕддӕр, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдоны никуы рох кодта (Гал. 2:10). Йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй сын ӕххуыс кодта, ӕмӕ уый фӕрцы уыдон дӕр зыдтой, Йегъовӕ сыл алкӕддӕр кӕй батыхсдзӕн. Махӕн дӕр нӕ бон у Павелы бафӕзмын. Ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дӕр зиан ӕрхӕссынц, ӕмӕ сын фӕхъӕуы баххуыс кӕнын. Ӕмӕ уымӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд сын афтӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕндзыстӕм. Нӕ бон ма у ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын. Ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй сӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ сӕ кӕй никуы ныууадздзӕн.

Апостол Павелау нӕ бон куыд у иннӕты фидар кӕнын? (кӕс 15, 16 абзацтӕ) d

15, 16. Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

15 Павел-иу йӕ къух нӕ ауыгъта, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдоныл. Уый сӕм уыди фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ семӕ ныхас кодта фӕлмӕнӕй, стӕй сын уайдзӕфтӕ нӕ кодта (Дзут. 6:9; 10:39). Йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм арӕх ӕмбӕлы номивӕг «мах». Уый цӕуыл дзурӕг у? Павел ӕмбӕрста, цы уынаффӕтӕ сын радта, уыдонмӕ гӕсгӕ йӕхи дӕр кӕй хъӕуы архайын (Дзут. 2:1, 3). Мах дӕр нӕ къух нӕ ауигъӕм, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ вӕййы, уыдоныл. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ рох нӕ вӕййынц. Мах зӕрдиагӕй фӕархайӕм, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ уымӕй равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм. Фӕхъӕуы ма сын зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ дӕр зӕгъын. Фӕлӕ бирӕ кӕнгӕ уыдзӕни, куыд сын сӕ зӕгъдзыстӕм, уымӕй. Хъуамӕ-иу семӕ дзурӕм фӕлмӕн, рӕвдауӕн хъӕлӕсӕй.

16 Павел йе ’мчырыстӕттӕн дзырдта, Йегъовӕйӕ сӕ хорз хъуыддӕгтӕ рох кӕй не сты (Дзут. 10:32–34). Махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ кӕнын. Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕры ис бафӕрсӕн, рӕстдзинад куыд базыдта кӕнӕ-иу йӕ царды Йегъовӕйы къух куыд федта, уымӕй. Нӕ бон ма йын у зӕгъын, Йегъовӕйӕ рох кӕй нӕу йӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ йӕ кӕй никуы ныууадздзӕн (Дзут. 6:10; 13:5, 6). Йемӕ уыдӕттыл куы аныхас кӕнӕм, уӕд та, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕйы зынг ссудза ӕмӕ та раздӕрау Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕна.

«КӔРӔДЗИЙЫ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУТ»

17. Дарддӕр дӕр нӕ цӕуыл хъӕуы архайын?

17 Аразӕг цас фылдӕр хӕдзӕрттӕ фӕаразы, уыйас бонӕй-бонмӕ дӕсныдӕр фӕкӕны. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у бацархайын, цӕмӕй нын бонӕй-бонмӕ хуыздӕр уайа иннӕты фидар кӕнын. Зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл чи ’мбӕлы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн нӕ бон у радзурын, рагон лӕггадгӕнджытӕ-иу фӕлварӕнты фидар куыд фӕлӕууыдысты, уый тыххӕй. Хомӕ кӕнӕ ’фсымӕрмӕ хорзӕй цы ис, уый кой-иу иннӕтӕн дӕр куы кӕнӕм, уӕд кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм. Цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уӕм, уӕд-иу хъуамӕ ӕмбырды фарн бахъахъхъӕнӕм. Истӕй тыххӕй-иу куы фӕбыцӕу уӕм, уӕд та-иу хъуамӕ бафидауӕм. Иннӕты уырнындзинад ма фидар кӕндзыстӕм, Библийы цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдоныл-иу семӕ куы ныхас кӕнӕм, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй-иу сӕм куы фӕкӕсӕм ӕмӕ, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн-иу куы баххуыс кӕнӕм, уӕд.

18. Ацы статья дын куыд баххуыс кодта?

18 Нӕ организацийы агъуыстытӕ чи фӕаразы, уыдон вӕййынц амондджын. Ӕмӕ мах дӕр афтӕ амондджын уыдзыстӕм, не ’мбырд куы «аразӕм», ома нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты куы фидар кӕнӕм, уӕд. Ӕнӕуи агъуыстытӕ ӕнустӕм нӕ лӕууынц. Иннӕты куы фидар кӕнӕм, уӕд уый та ӕнустӕм хӕсдзӕн пайда. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм! (1 Фес. 5:11).

100 ЗАРӔГ Уазӕгуарзон ут

a Ацы дунейы цард тынг уӕззау у. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмбӕлынц бирӕ зындзинӕдтыл. Ӕмӕ-иу хъуамӕ сӕ фарсмӕ балӕууӕм ӕмӕ-иу сӕ бафидар кӕнӕм. Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у апостол Павел. Ӕмӕ ацы статьяйы йӕ цӕвиттоныл аныхас кӕндзыстӕм.

b НЫВ. Фыд йӕ чызгӕн ӕвдисы, нӕ публикациты фӕрцы йӕ бон куыд у бамбарын кӕнын, Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕны, уый.

c НЫВ. Лӕг ӕмӕ ус ацыдысты, сӕ бӕстӕйы ӕрдзон бӕллӕх кӕм ӕрцыд, уырдӕм, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕной.

d НЫВ. Хистӕр нӕлгоймаг бабӕрӕг кодта, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыцы ’фсымӕры. Цалдӕр азы размӕ иумӕ ахуыр кодтой Пионерты скъолайы, ӕмӕ йын ныр уыцы къамтӕ ӕвдисы. Къамтӕм кӕсгӕйӕ уыцы ’фсымӕрӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, куыд хорз дзы уыд, уый. Ӕрхъуыды кодта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ куыд амондджын уыд. Ӕмӕ та йӕ ногӕй бафӕндыд уый банкъарын. Ӕппынфӕстаг ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхт.