34 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕр
«Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа!» (3 ИОАН. 4).
111 ЗАРӔГ Нӕ циндзинад
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Рӕстдзинад куыд базыдтам, уый тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзыны?
ӔВӔЦЦӔГӔН ДӔ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фарстой, рӕстдзинад куыд базыдтай, зӕгъгӕ. Искӕимӕ куы базонгӕ вӕййӕм, уӕд ӕй фыццаг уымӕй дӕр афӕрсӕм. Ӕмӕ нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ куы фӕдзурынц, Йегъовӕйы куыд базыдтой ӕмӕ йӕ куыд бауарзтой, уӕд сӕм цымыдисӕй фӕхъусӕм. Ӕмӕ сын нӕхӕдӕг дӕр радзурӕм, Йегъовӕйы цӕмӕн уарзӕм (Ром. 1:11). Афтӕ куы аныхас кӕнӕм, уӕд рӕстдзинадӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм. Ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды дарддӕр дӕр «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрын», ома афтӕ цӕрын, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа ӕмӕ нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕна (3 Иоан. 4).
2. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, рӕстдзинад цӕмӕн уарзӕм ӕмӕ, уыцы зынаргъ лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, ууыл. Уый фӕрцы Йегъовӕйӕ ноджы тынгдӕр бузныг уыдзыстӕм, рӕстдзинад базонынӕн нын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй (Иоан. 6:44). Стӕй нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн иннӕтӕн дӕр рӕстдзинады тыххӕй дзурын.
РӔСТДЗИНАД ЦӔМӔН УАРЗӔМ?
3. Рӕстдзинад фыццаджыдӕр цӕмӕн уарзӕм?
3 Рӕстдзинад бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй уарзӕм. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ уарзӕм Йегъовӕйы – рӕстдзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы. Йӕ Ныхасӕй, Библийӕ, базыдтам, уый кӕй у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг. Фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ. Базыдтам ма, кӕй у нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд дӕр ӕмӕ ныл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы (1 Пет. 5:7). Йегъовӕ у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рац. 34:6). Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй (Ис. 61:8). Зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕ кӕй ӕвзарӕм, уый йын тынг зын у, ӕмӕ цӕттӕ у ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕнынмӕ (Йер. 29:11). Уый диссаджы цард уыдзӕн! Уӕдӕ Йегъовӕйы куыннӕ хъуамӕ уарзӕм!
4, 5. Цы ныфс нын ис, уый апостол Павел науӕнгуыримӕ цӕмӕн абарста?
4 Ноджыдӕр ма рӕстдзинад цӕмӕн уарзӕм? Рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый нын стыр ӕххуыс у нӕ царды дӕр. Библийы цы рӕстдзинад ис, уымӕ хауы, фидӕнӕй нын цы ныфс ис, уый дӕр. Уыцы ныфс куыд ахсджиаг у, уый апостол Павел хорз бамбарын кодта. Уый ныффыста: «Уыцы ныфс махӕн у науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» (Дзут. 6:19). Науӕнгуыр науыл фӕхӕцы, цӕмӕй иу ран лӕууа ӕмӕ ма ныппырх уа. Ӕмӕ нын Библи цы ныфс дӕтты, уый дӕр ныл зын рӕстӕджыты фидар фӕхӕцы, цӕмӕй ма фӕцудӕм ӕмӕ зындзинӕдты ма аныгъуылӕм.
5 Ацы ран Павел кодта, сӕрст чырыстӕттӕн цы ныфс ис, ома, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты, уый кой. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ хауынц, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕм дӕр (Иоан. 3:16). Уыцы ныфсы тыххӕй куы базыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ цард афтид нал у.
6, 7. Ивон рӕстдзинад кӕй базыдта, уый йын куыд баххуыс кодта?
6 Ӕркӕсӕм хо Ивоны хабармӕ. Гыццыл куы уыд, уӕд рӕстдзинад нӕма зыдта. Ӕмӕ гыццылӕй мӕлӕтӕй тынг тарст. Иухатт бакаст ахӕм ныхӕстӕ: «Иу бон уыдзӕн фӕстаг бон». Ӕмӕ йӕ сӕрӕй нал хызтысты. Ивон радзырдта: «Ӕхсӕв-бонмӕ-иу фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕгъуыссӕг фӕдӕн. Хъуыды-иу кодтон: „Адӕймаг дзӕгъӕлы нӕ райгуыры. Ӕз цӕмӕн райгуырдтӕн?“ Мӕлын мӕ нӕ фӕндыд!»
7 Ивон рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд базонгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Библийӕ цы базыдта, уый фӕрцы йын фӕзынд ныфс, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзӕн, уымӕй. Уый йын куыд баххуыс кодта? Ныр ӕхсӕв ӕгъуыссӕг нал фӕвӕййы, уымӕн ӕмӕ фидӕныл нал мӕт кӕны ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр нал тӕрсы. Ивон рӕстдзинадӕн тынг аргъ кӕны. Ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй фӕдзуры, Хуыцау ын цы ныфс дӕтты, уый тыххӕй (1 Тим. 4:16).
8, 9. а) Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой ракодта, уый цы цӕстӕй ракаст, цы хӕзна ссардта, уымӕ? б) Ды та рӕстдзинад хӕзнайыл нымайыс?
8 Библийы цы рӕстдзинад ис, уымӕ ма хауы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дӕр. Уыцы хабар Йесо абарста ӕмбӕхст хӕзнаимӕ. Матфейы 13:44 стихы кӕсӕм: «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис зӕххы ныгӕд хӕзнаимӕ. Иу лӕг ссардта уыцы хӕзна ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ бамбӕхста. Йӕхӕдӕг цингӕнгӕ ацыд, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ уыцы зӕхх балхӕдта». Уыцы нӕлгоймаг хӕзна агурӕг нӕ цыд, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ ссардта. Фӕлӕ йӕ куы ссардта, уӕд, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый ауӕй кодта, цӕмӕй уыцы хӕзна йӕ къухы бафтыдаид. Цымӕ цӕмӕн бакодта афтӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, уый стыр хӕзна кӕй у – цы ауӕй кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй зынаргъдӕр уыд.
9 Ды дӕр рӕстдзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, ууыл дзырд дӕр нӕй. Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын ахӕм циндзинад хӕссы, ӕмӕ ацы дунейы хорздзинӕдтӕ ницы сты уый раз. Ӕмӕ нын фидӕны Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы цард уыдзӕн, уый та! Йегъовӕ нӕ Хӕлар кӕй у, уый ӕппындӕр ницӕимӕ ис абарӕн! Уый тыххӕй нӕхи цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕнӕм, уӕддӕр уыдӕттӕ ницы сты уыцы хӕзнайы раз. Ӕппӕты стырдӕр циндзинад нын хӕссы, алцӕмӕй дӕр ын йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм, уый (Кол. 1:10).
10, 11. Майклы цӕмӕн бафӕндыд йӕ цард аивын?
10 Махӕй бирӕты бахъуыд нӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уыдаид. Чидӕр кадджын бынат ныууагъта, чидӕр хъӕздыгдзинадмӕ нал тырныдта, чидӕр та йӕ цард бынтондӕр фӕивта. Майкл дӕр афтӕ бакодта. Ӕрыгонӕй цыди каратэмӕ. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Мӕ хъаруйӕ тынг сӕрыстыр уыдтӕн. Иуӕй-иу хатт мӕм-иу афтӕ дӕр каст, ӕмӕ мыл ничи фӕтых уыдзӕн». Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд базыдта, Йегъовӕ фыддзинадӕй ӕмӕ тыхмийӕ йе сӕфт кӕй уыны (Пс. 11:5). Йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы лӕг ӕмӕ ус ын фӕразонӕй ӕххуыс кодтой рӕстдзинад бамбарынӕн. Афтӕ йын никуы загътой, каратэ дӕ ныууадзын хъӕуы, зӕгъгӕ.
11 Майкл Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдта, уӕд ӕй тынг бауарзта. Уӕлдайдӕр ын йӕ зӕрдӕ бацагайдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ Майкл бамбӕрста, йӕ цард ӕй аивын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ йын уый ӕнцон нӕ уыд. Майкл загъта: «Зыдтон ӕй, ӕппӕты зындӕр мын кӕй уыдзӕн каратэ ныууадзын. Фӕлӕ ма уый дӕр зыдтон, ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзынӕн». Майкл бамбӕрста, рӕстдзинад стыр хӕзна кӕй у, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ бафӕндыд йӕ цард аивын (Иак. 1:25).
12, 13. Майли рӕстдзинад кӕй базыдта, уый йын куыд баххуыс кодта?
12 Библи ма рӕстдзинад бары, талынджы чи рухс кӕны, ахӕм цырагъимӕ дӕр. Ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, рӕстдзинад куыд зынаргъ у, уый (Пс. 119:105; Еф. 5:8). Ӕркӕсӕм иу азербайджайнаг хойы хабармӕ. Майли рӕстдзинадӕн тынг аргъ кӕны. Йӕ фыд уыд пысылмон, йӕ мад та – дзуттаг, ӕмӕ уыд иудаизмыл хӕст. Майли радзырдта: «Хуыцау кӕй ис, ууыл никуы дызӕрдыг кодтон, фӕлӕ цыдӕр хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстон. Зӕгъӕм: Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста? Чидӕртӕ цард-цӕрӕнбонты фӕхъизӕмар кӕнынц, ӕмӕ ма уый фӕстӕ ӕнустӕм зындоны арты дӕр хъуамӕ судзой? Кӕд-иу чидӕртӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, алцыдӕр Хуыцауы фӕндӕй цӕуы, уӕд мӕнмӕ ӕвзӕрди фарста: „Цымӕ Хуыцау адӕмӕй хъазӕнхъултау хъазы ӕмӕ йын сӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсын циндзинад хӕссы?“»
13 Майли дарддӕр йӕ фарстатӕн дзуаппытӕ агуырдта. Цасдӕры фӕстӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый зӕгъы: «Библийы цы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдоны фӕрцы цардмӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл баууӕндыдтӕн, ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы ӕрцарди фарн». Майлийау мах дӕр кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы, талынгӕй нӕ чи ракодта ӕмӕ нӕ «йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта», уыцы Хуыцауы (1 Пет. 2:9).
14. Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй рӕстдзинад тынгдӕр бауарзӕм? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Ӕндӕр абарстытӕ».)
14 Мах федтам, рӕстдзинад кӕй ис абарӕн науӕнгуыримӕ, ӕмбӕхст хӕзнаимӕ ӕмӕ цырагъимӕ. Фӕлӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ ӕндӕр абарстытӕ дӕр ӕрхъуыды кӕндзынӕ. Нӕ дӕ фӕндид Библи иртасгӕйӕ фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарын, рӕстдзинад цӕмӕн хъуамӕ уарзай, уымӕн? Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстдзинад тынгдӕр бауарзай. Ӕмӕ уӕд ноджы фылдӕр фадӕттӕ ссардзынӕ уыцы уарзондзинад хъуыддагӕй равдисынӕн.
РӔСТДЗИНАД КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ ЦӔМӔЙ ВӔЙЙЫ БӔРӔГ?
15. Рӕстдзинад кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
15 Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ ӕдзухдӕр куы иртасӕм, уӕд афтӕмӕй равдисдзыстӕм, рӕстдзинад кӕй уарзӕм. Кӕд рӕстдзинад рагӕй зонӕм, уӕддӕр-иу алкӕддӕр ногӕй цыдӕр базондзыстӕм. Ацы журналы фыццаг номыры фыст уыд: «Рӕстдзинад у, царды ӕдзӕрӕг быдыры чи зайы, ахӕм гыццыл дидинӕджы хуызӕн. Гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ мӕнгдзинады хӕмпӕлты бын фӕуыдзӕн. Кӕд уӕ фӕнды рӕстдзинад ссарын, уӕд ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр цырддзаст ут. [...] Кӕд уӕ рӕстдзинад хъӕуы, уӕд ӕм ӕргуыбыр кӕнут ӕмӕ йӕ ӕртонут. Рӕстдзинады „дидинджытӕй“ уӕ иу куы фӕуа, уӕд уын фаг ма уӕд. [...] Ноджыдӕр агурут, ӕмбырд сӕ кӕнут». Библи ахуыр кӕныныл ӕмӕ иртасыныл хъӕуы фыдӕбон кӕнын, фӕлӕ уыцы фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн.
16. Ды та Библи куыд фӕиртасыс? (Ӕмбисӕндтӕ 2:4–6).
16 Кӕсын ӕмӕ иртасын алчи нӕ уарзы. Фӕлӕ нын Йегъовӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕмбарындзинад «агурӕм», ома архайӕм, цӕмӕй рӕстдзинад ноджы хуыздӕр бамбарӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:4–6.) Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Ӕфсымӕр Кори Библи куы фӕкӕсы, уӕд алы стих дӕр хицӕнӕй фӕиртасы. Уый загъта: «Стихтӕм цы фиппаинӕгтӕ вӕййы, уыдон иууылдӕр бакӕсын, ӕркӕсын, цы уӕлӕмхасӕн стихтӕ йӕм вӕййы, уыдонмӕ дӕр, стӕй стихы фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг бацагурын. [...] Афтӕ кӕй фӕкӕнын, уый фӕрцы бирӕ ног цыдӕртӕ базонын». Чи зоны, ды дӕр Библи афтӕ фӕиртасыс, чи зоны, ӕндӕрхуызон. Фӕлӕ кӕд дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕ уымӕн не ’вгъау кӕныс, уӕд афтӕмӕй ӕвдисыс, рӕстдзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый (Пс. 1:1–3).
17. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм? (Иаковы 1:25).
17 Мах зонӕм, фаг кӕй нӕу Библи иртасын. Хъуамӕ ма рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕргӕ дӕр кӕнӕм, ома, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ царды архайӕм. Ӕрмӕстдӕр нын уӕд аивдзӕн рӕстдзинад нӕ цард. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм амондджын. (Бакӕс Иаковы 1:25.) Нӕ бон куыд у базонын, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм ӕви нӕ? Мӕнӕ иу ӕфсымӕры уынаффӕ: «Дӕхимӕ фӕрсырдыгӕй бакӕс. Ахъуыды кӕн, цы дын ӕнтысы ӕмӕ дӕ нырма цӕуыл хъӕуы бакусын». Апостол Павел дӕр загъта: «Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм» (Фил. 3:16).
18. Цӕмӕн нӕ фӕнды рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын?
18 Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уымӕй хуыздӕр ницы ис! Нӕхӕдӕг дӕр стӕм амондджын, стӕй Йегъовӕ ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр махмӕ кӕсгӕйӕ фӕцин кӕнынц (Ӕмб. 27:11; 3 Иоан. 4). Уӕдӕ рӕстдзинад куыннӕ хъуамӕ уарзӕм. Ӕмӕ нӕ алкӕддӕр фӕнды рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын!
144 ЗАРӔГ Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!
a Рӕстдзинады кой куы фӕкӕнӕм, уӕд фӕкӕнӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм ӕмӕ куыд цӕрӕм, уый кой. Уӕлдай нӕу, рӕстдзинад ӕрӕджы базыдтам ӕви йӕ нӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зонӕм. Ногӕй куы ахъуыды кӕнӕм, рӕстдзинад цӕмӕн уарзӕм, ууыл, уӕд нын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын.