Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

51 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Зын рӕстӕджыты дӕр дӕ зӕрдӕйы фарн уӕд

Зын рӕстӕджыты дӕр дӕ зӕрдӕйы фарн уӕд

«Ма тыхсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕты тас ма уӕд» (ИОАН. 14:27).

112 ЗАРӔГ Йегъовӕ – фарны Хуыцау

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. «Хуыцауы фарнӕй» хайджын чи у, уыцы адӕймаг цы фенкъары ӕмӕ нын уыцы фарн куыд ӕххуыс кӕны? (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

 АЦЫ дунейы адӕм «Хуыцауы фарны» тыххӕй ницы зонынц. Хуыцауы фарнӕй схайджын вӕййӕм, Хуыцаумӕ куы баввахс вӕййӕм, уӕд. Уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ вӕййынц сабыр ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7.) Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы чи уарзы, уыдон сты не ’ввахс хӕлӕрттӕ. Ӕмӕ «фарны Хуыцау» дӕр у не ’ввахс Хӕлар (1 Фес. 5:23). Цавӕрдӕр уӕззау уавӕры куы бахауӕм, уӕд фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ нӕхицӕн ӕнцой нал фӕарӕм. Фӕлӕ Хуыцауы хорз куы зонӕм, нӕ зӕрдӕ йыл куы дарӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд-иу нын Хуыцауы фарн нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн.

2. Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕты Хуыцауы фарн уа?

2 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ зын рӕстӕджыты дӕр нӕ зӕрдӕты Хуыцауы фарн уа? Зӕгъӕм, цавӕрдӕр низ куы сыста, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, нӕ бӕстӕйы змӕстытӕ куы уа кӕнӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд? Уыдӕтты тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕты тас бацӕуа. Фӕлӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ма тыхсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕты тас ма уӕд» (Иоан. 14:27). Ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Йесойы уынаффӕмӕ хъусынц. Йегъовӕйы фӕрцы уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр сӕ зӕрдӕты вӕййы фарн.

ЦАВӔРДӔР НИЗ КУЫ СЫСТА, УӔД

3. Цавӕрдӕр низ куы сысты, уӕд афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фарн нал вӕййы?

3 Цавӕрдӕр низ куы сысты ӕмӕ бирӕ рӕтты куы ахӕлиу вӕййы, уӕд адӕмы цард цӕхгӕр фӕивы. Коронавирусы пандемийӕ бирӕтыл куыд бандӕвта? Уымӕй кӕй бафарстой, уыдонӕн сӕ фылдӕр загътой, ӕвзӕр фынӕй кӕнын кӕй райдыдтой. Депресси кӕмӕ ис, фыднозт ӕмӕ наркотиктӕ чи кӕны, йӕхи марынмӕ чи хъавыд ӕмӕ бинонты ’хсӕн ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдоны нымӕц фӕфылдӕр. Кӕд, кӕм цӕрыс, уым цавӕрдӕр низ апарахат, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнай ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы Хуыцауы фарн уа?

4. Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый кӕй зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фарн уа?

4 Йесо загъта, фӕстаг бонты-иу «куы иу ран, куы иннӕ ран» кӕй сыстдзӕн фыднизтӕ (Лук. 21:11). Уый кӕй зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фарн уа? Искуы цавӕрдӕр низ куы апарахат вӕййы, уӕд нӕм уый диссаг нӕ фӕкӕсы. Мах ӕй зонӕм, хабӕрттӕ кӕй цӕуынц, Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъусӕм, кӕроны рӕстӕг чи цӕры, уыдонӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ, «ма-иу тӕрсут», зӕгъгӕ (Матф. 24:6).

Цавӕрдӕр низ куы сыста, уӕд дын Библийы аудиозаписьтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы фарн уа (кӕс 5 абзац)

5. а) Цавӕрдӕр низ куы сысты, уӕд, Филиппӕгтӕм 4:8, 9 стихтӕм гӕсгӕ, цӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм? б) Иу хойӕн Библийы аудиозаписьтӕ куыд баххуыс кодтой ӕмӕ йӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Цавӕрдӕр низ куы сысты, уӕд, чи зоны, тынг фӕмӕт кӕнӕм, дарддӕр куыд уыдзӕн, цы уыдзӕн, зӕгъгӕ. Афтӕ уыд йӕ хабар хо Дейзийӕн дӕр b. Йӕ фыды кӕстӕр ӕфсымӕр, йӕ фыды хистӕр ӕфсымӕры лӕппу ӕмӕ дохтыр амардысты коронавирусӕй. Ӕмӕ тарсти, йӕхӕдӕг дӕр куы фӕрынчын уа ӕмӕ ма йӕ ацӕргӕ мады дӕр куы фӕрынчын кӕна. Стӕй ма гӕнӕн уыд, ӕмӕ пандемийӕйы тыххӕй ӕнӕ куыстӕй дӕр баззадаид. Ӕмӕ мӕт кодта, уӕд цӕмӕй цӕрдзысты ӕмӕ сӕ хӕдзарӕн цӕмӕй фиддзысты, ууыл. Фырмӕтӕй фынӕй дӕр нал кодта. Фӕлӕ та Дейзийӕн ногӕй йӕ зӕрдӕйы фарн ӕрцард. Цӕй фӕрцы? Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтаид ӕмӕ йын баххуыс кодтаид хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕнынӕн. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:8, 9.) Стӕй-иу хъуыста Библийы аудиозаписьтӕм ӕмӕ-иу афтӕмӕй «фехъуыста», Йегъовӕ йын цы зӕгъинаг уыд, уый. Дейзи загъта: «Аудиозаписьты Библи чи кӕсы, уыдоны фӕлмӕн хъӕлӕстӕм хъусгӕйӕ-иу мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Ӕмӕ-иу мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы ӕмӕ мыл кӕй тыхсы» (Пс. 94:19).

6. Библи куы иртасай ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

6 Цавӕрдӕр низ куы сысты, уӕд, гӕнӕн ис, раздӕр цы хъуыддӕгтӕ арӕзтам, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ аразын нӕ бон мауал уа. Фӕлӕ ма бауадз, цӕмӕй дӕ уый Библи иртасын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын хъыгдара. Нӕ публикациты ӕмӕ видеороликты вӕййы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хабӕрттӕ, ӕмӕ дын сӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты. Уыдон дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц (1 Пет. 5:9). Ӕмбырдтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ зонд дзаг кӕнай, Библийы цы зӕрдӕфидаргӕнӕн хъуыдытӕ ис, уыдонӕй. Стӕй ма дын ӕмбырдты уыдзӕн фадат, цӕмӕй-иу иннӕты бафидар кӕнай ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр бафидар уай (Ром. 1:11, 12). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй-иу исчи рынчын куы уыд, истӕмӕй-иу куы тарст кӕнӕ-иу йӕхимӕ иунӕг куы каст, уӕд-иу ын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта, ууыл-иу ахъуыды кӕн. Уый фӕрцы-иу дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн ӕмӕ-иу нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, дӕуӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн.

7. Апостол Иоаннӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

7 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ арӕх ныхас кӕн. Цавӕрдӕр низ куы сыста, уӕд нын, гӕнӕн ис, иннӕтӕм хӕстӕг цӕуӕн ма уа, суанг нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм дӕр. Ӕмӕ нын зын вӕййы, нӕ бон сӕ фенын кӕй нӕ вӕййы, уый. Апостол Иоанны дӕр фӕндыд йе ’мбал Гайы фенын (3 Иоан. 13, 14). Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста, цасдӕр рӕстӕг уымӕн гӕнӕн кӕй нӕ уыд. Гъемӕ, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта – Гаймӕ фыстӕг ныффыста. Кӕд уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ фембӕлай, уӕддӕр сӕм телефонӕй бадзур, видео дӕр-иу бакӕн, йе та сӕм истытӕ афысс. Семӕ арӕх куы ныхас кӕнай, уӕд дӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзынӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ уыдзӕн сабыр. Истӕуыл ӕгӕр куы мӕт кӕнай, уӕд-иу хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕн ӕмӕ-иу сӕ бауадз, цӕмӕй дын баххуыс кӕной (Ис. 32:1, 2).

ЦАВӔРДӔР БӔЛЛӔХ КУЫ ’РЦӔУА, УӔД

8. Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фарн мауал уа?

8 Чи зоны дын искуы донивылд, зӕххӕнкъуыст кӕнӕ зынгсирвӕзт зиан ӕрхаста. Уый фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ рӕстӕг дӕхимӕ не ’рцыдтӕ ӕмӕ цӕуылдӕрты мӕт кодтай. Кӕд ӕрдзон бӕллӕхы рӕстӕг дӕ хиуӕттӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй исчи фӕмард кӕнӕ ӕнӕ ницӕмӕй баззадтӕ, уӕд, чи зоны, ууыл маст кӕныс, дӕ ныфс асаст кӕнӕ та суанг мӕсты дӕр кӕныс. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мулкуарзаг дӕ кӕнӕ дӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. Ды сӕмбӕлдтӕ уӕззау фӕлварӕныл, ӕмӕ афтӕ тынг кӕй маст кӕныс, уый, ӕвӕццӕгӕн, кӕмӕдӕрты диссаг нӕ фӕкӕсдзӕн (Иов 1:11). Фӕлӕ ахӕм уӕззау уавӕрты дӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фарн уа. Цымӕ цӕй фӕрцы?

9. Йесойы ныхӕстӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй бӕллӕхтӕм цӕттӕ уӕм?

9 Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы загъта, уый. Ацы дунейы бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сыл никуы ницы ’рцӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, бонӕй-бонмӕ фылдӕр бӕллӕхтӕ кӕй цӕудзӕн. Ӕмӕ сӕ мах дӕр хызт нӕ вӕййӕм. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цалынмӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ кӕй уыдзӕн «стыр зӕххӕнкъуыстытӕ» ӕмӕ кӕй цӕудзӕн ӕндӕр бӕллӕхтӕ (Лук. 21:11). Стӕй ма загъта, «фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты» (Матф. 24:12). Ӕмӕ уый нӕхи цӕстӕй уынӕм. Алы рӕтты ӕрцӕуы фыдракӕндтӕ ӕмӕ теракттӕ. Йесо афтӕ никуы загъта, ӕмӕ-иу ахӕм бӕллӕхтӕ зиан ӕрхӕсдзысты, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Уыдӕттӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй дӕр бирӕтӕн ӕрхастой зиан кӕнӕ дзы чидӕртӕ фӕмард сты (Ис. 57:1; 2 Кор. 11:25). Йегъовӕ нӕ, гӕнӕн ис, ӕппӕт бӕллӕхтӕй диссаджы хуызы нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ нын ратдзӕн, цы нӕ хъӕуы, уый, цӕмӕй-иу ма тыхсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой.

10. Нӕхи ӕрдзон бӕллӕхмӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕм ныр куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд уый уырнындзинадыл дзурӕг цӕмӕн уыдзӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).

10 Рагацау-иу куы ахъуыды кӕнӕм, бӕллӕхы рӕстӕг нӕхи куыд дардзыстӕм, ууыл, уӕд-иу стӕй тынг нӕ фӕтыхсдзыстӕм. Нӕхи рагацау куы бацӕттӕ кӕнӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ нӕ нӕ уырны, Йегъовӕ ныл кӕй батыхсдзӕн. Уымӕй равдисдзыстӕм, кӕй нӕ уырны, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Хуыцауы Ныхас нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу рагацау ахъуыды кӕнӕм, кӕм цӕрӕм, уым тӕссаг цавӕр бӕллӕхтӕй у, ууыл. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:3.) Хуыцауы организаци нӕ нӕ журналты, ӕмбырдты ӕмӕ хъусинӕгты уылты ӕдзухдӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй бӕллӕхтӕм нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм c. Йегъовӕйыл куы ӕууӕндӕм, уӕд уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайдзыстӕм ныртӕккӕ, цалынмӕ цавӕрдӕр бӕллӕх не ’рцыд, уӕдмӕ.

Дӕхи бӕллӕхмӕ рагацау куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй аирвӕзай (кӕс 11 абзац) d

11. Маргареты хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

11 Ӕркӕсӕм хо Маргареты хабармӕ. Кӕм царди, уым хъӕдтӕ ссыгъдысты. Ӕмӕ хицауад фехъусын кодта, уырдыгӕй алидзын кӕй хъӕуы. Уыцы иу рӕстӕг бирӕтӕ лыгъдысты, ӕмӕ фӕндагыл уыйбӕрц машинӕтӕ уыд, ӕмӕ дзы нӕ размӕ, нӕ фӕстӕмӕ уыд ацӕуӕн. Сау-сауид фӕздӕгӕй ницыуал зынд, ӕмӕ иуцасдӕр Маргаретӕн йӕ бон машинӕйӕ рахизын дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ аирвӕзти, уымӕн ӕмӕ йӕхи рагацау бацӕттӕ кодта. Йӕ сумкӕйы уыди картӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыди ӕндӕр фӕндаг ссарын. Уыцы фӕндагыл ма рагацау дӕр ацыд, цӕмӕй, исты ’рцыд, зӕгъгӕ, уӕд фӕндаг ӕнцонтӕй ссардтаид. Цӕттӕ кӕй разынд, уый фӕрцы удӕгасӕй баззад.

12. Нӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй нын цы амындтӕ раттынц, уыдонмӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы?

12 Хицауад ратты цавӕрдӕр амындтӕ, цӕмӕй адӕмы цард бахъахъхъӕна. Гӕнӕн ис, зӕгъой нын, ӕхсӕвы кӕцыдӕр афон ӕддӕмӕ цӕуӕн кӕй нӕй кӕнӕ нӕ ӕндӕр ранмӕ ацӕуын кӕй хъӕуы. Ахӕм уавӕры иуӕй-иутӕ ракӕ-бакӕ фӕкӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды сӕ исбон, сӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын. Чырыстӕттӕ та хицауады амындтӕм цы цӕстӕй ракӕсынц? Библи нын фӕдзӕхсы: «Нӕ Хицауы хатырӕй коммӕгӕс ут, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр: паддзах уа, куыд уӕлдӕр хицау, афтӕ, ӕви... кӕй арвиты, уыцы хицӕуттӕ уой» (1 Пет. 2:13, 14). Хуыцауы организаци дӕр нын разамынд фӕдӕтты. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нын ӕмбырды фӕзӕгъынц, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн раттӕм, ныр нӕм цы телефоны номыр ис, уый ӕмӕ нӕ адрис. Ды афтӕ бакодтай? Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма нын зӕгъой, хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн кӕй нӕй, ӕндӕр ранмӕ нӕ ацӕуын кӕй хъӕуы, гуманитарон ӕххуыс райсӕн кӕм ис, стӕй баххуыс кӕнын кӕмӕн хъӕуы ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕн куыд ис. Уыцы разамындмӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕд нӕхи цард дӕр ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты цард дӕр тӕссаг уавӕры баппардзыстӕм. Рох нӕ ма уӕд, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕдзухдӕр махыл кӕй тыхсынц (Дзут. 13:17). Маргарет загъта: «Ӕз ӕй зонын, хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ нӕ организацийы разамындмӕ кӕй хъуыстон, уый фӕрцы аирвӕзтӕн».

13. Ӕндӕр ранмӕ алидзын кӕй бахъуыд, уыцы чырыстӕттӕн сӕ зӕрдӕты циндзинад ӕмӕ фарн цӕй фӕрцы ис?

13 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕты бахъуыд ӕндӕр ранмӕ алидзын, цавӕрдӕр бӕллӕх сыл кӕй ӕрцыд, хӕст кӕй райдыдта кӕнӕ сӕ бӕстӕйы змӕстытӕ кӕй уыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыдон, сӕ бон цы у, уый аразынц, цӕмӕй сӕ ног уавӕртыл сахуыр уой ӕмӕ уайтагъд Хуыцауы хъуыддӕгты архайын райдайой. Зӕгъӕм, дарддӕр дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар. Афтӕмӕй бафӕзмынц 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты. Сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уый тыххӕй алырдӕмты ныххӕлиу сты, фӕлӕ уӕддӕр «хъусын кодтой хорз хабар, Хуыцауы ныхас» (Хъуыд. 8:4). Ӕндӕр ранмӕ алидзын кӕй бахъуыд, уыцы чырыстӕттӕ хорз хабар кӕй фӕхъусын кӕнынц, уый сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ уой Хуыцауы Паддзахадыл, сӕ зындзинӕдтыл нӕ, фӕлӕ. Уый фӕрцы сӕ зӕрдӕты вӕййы циндзинад ӕмӕ фарн.

НӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ ӔФХӔРД КУЫ ӔЙЙАФӔМ, УӔД

14. Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ, гӕнӕн ис, афтӕ куыд рауайа, ӕмӕ нӕ зӕрдӕты фарн мауал уа?

14 Нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нын, гӕнӕн ис, фадат мауал уа, нӕ зӕрдӕтӕ сабыр кӕй фӕрцы вӕййынц, уыцы хъуыддӕгтӕ аразынӕн. Мах тынг фӕцин кӕнӕм, иумӕ сӕрибарӕй куы фембырд кӕнӕм, хорз хабар ӕргом куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ куы нӕ фӕтӕрсӕм, уый тыххӕй нӕ кӕй ӕрцахсдзысты, уымӕй. Фӕлӕ нын уыцы хъуыддӕгтӕ сӕрибарӕй аразыны бар куы нал вӕййы, уӕд фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ фӕтӕрсӕм, дарддӕр цы уыдзӕни, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕфхӕрд куы ӕййафой, уӕд уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ фӕрӕдийой (Иоан. 16:1, 2). Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ нӕ зӕрдӕты фарн уа?

15. Ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? (Иоанны 15:20; 16:33).

15 Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты» (2 Тим. 3:12). Ӕфсымӕр Андрейӕн сӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы ’рцыд, уӕд ын ацы хъуыды бамбарын зын уыд. Хъуыды-иу кодта: «Нӕ бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг бирӕ ис. Ӕмӕ не ’ппӕты дӕр ӕрцахсдзысты?» Фӕлӕ йын уыцы хъуыдыйӕ ӕнцондӕр нӕ фӕци. Уый нӕ, фӕлӕ ма тынгдӕр мӕт кодта. Иннӕ ӕфсымӕртӕ та алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакодтой ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, мах никуы ӕрцахсдзысты. Ӕмбӕрстой йӕ, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ сӕ ӕрцахсой. Ӕмӕ диссаг уый у, ӕмӕ Андрейы хуызӕн тынг нӕ мӕт кодтой. Гъемӕ Андрей дӕр загъта, уыцы ӕфсымӕртау алцыдӕр Хуыцауы бар кӕй бакӕндзӕн. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Ӕмӕ ныр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕны, кӕд йӕ бӕстӕйы уавӕр нӕ фӕивта, уӕддӕр. Ӕмӕ махӕн дӕр уый бантысдзӕн. Йесо загъта, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм. Фӕлӕ ма афтӕ дӕр загъта, ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕ бон бауыдзӕн Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. (Бакӕс Иоанны 15:20; 16:33.)

16. Нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нӕ цавӕр амындтӕм гӕсгӕ хъӕудзӕн архайын?

16 Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы уа кӕнӕ нын бынтон сӕрибарӕй архайыны бар куы нӕ уа, уӕд нын, гӕнӕн ис, филиал ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ амындтӕ раттой, куыд архайын нӕ хъӕуы, уый фӕдыл. Уыцы амындтӕ нын уый тыххӕй раттынц, цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕной, дарддӕр дӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг исӕм ӕмӕ, фадӕттӕ цас амонынц, уыйбӕрц хъусын кӕнӕм. Разамындмӕ гӕсгӕ-иу архай, афтӕ цӕмӕн дзурынц, уый кӕронмӕ куы не ’мбарай, уӕд дӕр (Иак. 3:17). Стӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй кӕнӕ ӕмбырды хъуыддӕгты тыххӕй мацы дзур, уый зоныны бар кӕмӕн нӕй, уыдонӕн (Еккл. 3:7).

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕззау рӕстӕджыты дӕр дӕ зӕрдӕйы фарн уа? (кӕс 17 абзац) e

17. Апостолтӕн сӕ фидар фӕнд цы уыд ӕмӕ махӕн дӕр нӕ фидар фӕнд цы у?

17 Хӕйрӕг тох кӕны Хуыцауы адӕмимӕ. Цымӕ цӕмӕн? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ уыдоныл ис «Йесойы тыххӕй хъусын кӕныны хӕс» (Рарг. 12:17). Фӕлӕ ма тӕрс Хӕйрӕгӕй ӕмӕ йӕ дунейӕ. Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд дӕр хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, уӕд фӕцин кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты вӕййы фарн. 1 ӕнусы дзуттаг дины разамонджытӕ апостолтӕн карзӕй куы бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал хъусын кӕной, уӕд уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ загътой, Хуыцаумӕ кӕй хъусдзысты. Уыдон дарддӕр дӕр хъусын кодтой, ӕмӕ сын уый стыр циндзинад хаста (Хъуыд. 5:27–29, 41, 42). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕрибарӕй архайыны бар нын куы нӕ уа, уӕд хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм (Матф. 10:16). Фӕлӕ, нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты уыдзӕн фарн, уымӕн ӕмӕ йӕ зондзыстӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм ӕмӕ, адӕмы цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хабар кӕй хъусын кӕнӕм.

«ФАРНЫ ХУЫЦАУ УЫДЗӔН УЕМӔ»

18. Ӕцӕг фарн нын чи дӕтты?

18 Зон ӕй: суанг тынг уӕззау рӕстӕджыты дӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фарн уа. Ахӕм рӕстӕг хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕй нӕ хъӕуы Хуыцауы фарн, ома, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон кӕй у раттын, уыцы фарн. Цавӕрдӕр низ куы сыста, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа кӕнӕ дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафай, уӕд-иу дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Дӕхи йӕ организацийыл бӕтт ӕмӕ дӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕн. Афтӕ куы кӕнай, уӕд «фарны Хуыцау» уыдзӕн демӕ (Фил. 4:9). Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, не ’мчырыстӕттӕй уӕззау уавӕры чи ис, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ зӕрдӕты Хуыцауы фарн уа.

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

a Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, чи йӕ уарзы, уыдоны фарнӕй кӕй хайджын кӕндзӕн. Хуыцау цы фарн дӕтты, уый цы у ӕмӕ цы хъӕуы, цӕмӕй дзы схайджын уӕм? «Хуыцауы фарн» нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цавӕрдӕр низ куы сыста, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа кӕнӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы ’ййафӕм, уӕд? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

c Кӕс 2017 азы «Пробудитесь!», № 5, статья «Чрезвычайное происшествие. Стратегия выживания».

d НЫВ. Хо йӕхи рагацау бацӕттӕ кодта ӕдас ранмӕ алидзынмӕ.

e НЫВ. Сӕрибарӕй архайыны бар нын кӕм нӕй, уыцы ран чи цӕры, ахӕм ӕфсымӕр кӕмӕндӕр хъусын кӕны, фӕлӕ архайы ӕмбаргӕйӕ.