Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

52 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн

«Дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн» (ӔМБ. 3:27).

103 ЗАРӔГ Фыййӕуттӕ – Хуыцауы лӕвӕрттӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Йегъовӕ арӕх йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

 ЗЫДТАЙ йӕ, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у дӕу уылты кӕйдӕр зӕрдиаг куывдтытӕн дзуапп раттын? Уӕлдай нӕу, хистӕр нӕлгоймаг дӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, пионер ӕви хъусынгӕнӕг, ӕрыгон ӕви ацӕргӕ, хо ӕви ӕфсымӕр. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕй йӕм исчи куы фӕдзыназы ӕмӕ дзы ӕххуыс куы фӕкуры, уӕд ын арӕх дзуапп ратты хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уылты. Ӕмӕ йын фӕвӕййынц «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:11). Махӕн тынг ӕхсызгон у, Йегъовӕйӕн ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ахӕм хуызы балӕггад кӕнын нӕ бон кӕй вӕййы, уый! Не ’ххуыс сӕ бахъӕуы, цавӕрдӕр низ куы сысты, исты бӕллӕх куы ’рцӕуы кӕнӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд куы феййафынц, уӕд.

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН, НИЗ КУЫ СЫСТА, УӔД

2. Цавӕрдӕр низ куы сысты, уӕд нын иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын зын цӕмӕн вӕййы?

2 Цавӕрдӕр низ куы сысты, уӕд нын фӕзындӕр вӕййы кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, фӕфӕнды нӕ не ’мбӕлтты абӕрӕг кӕнын, фӕлӕ уый ӕдас нӕ вӕййы. Кӕнӕ нӕ фӕфӕнды, цардамӕлттӕ кӕнын зын кӕмӕн у, уыдоны нӕхимӕ уазӕгуаты фӕхонын ӕмӕ иумӕ къӕбӕр бахӕрын, фӕлӕ уымӕн дӕр гӕнӕн нӕ вӕййы. Науӕд нӕ, чи зоны, фӕфӕнды иннӕтӕм истӕмӕй фӕкӕсын, фӕлӕ, нӕхи бинонтӕй дӕр кӕйдӕр ӕххуыс кӕй фӕхъӕуы, уый тыххӕй нын уый дӕр нӕ рауайы. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр фӕнды нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнын. Уый Йегъовӕйӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы (Ӕмб. 3:27; 19:17). Цӕмӕй сын у нӕ бон баххуыс кӕнын?

3. Дейзийы ӕмбырды цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны нӕ бон цӕмӕй у бафӕзмын? (Йереми 23:4).

3 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у саразын? Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд дӕ фысты хорз базон. (Бакӕс Йеремийы 23:4.) Айразмӕйы статьяйы кӕй кой уыд, уыцы хо, Дейзи, загъта: «Мӕ уацамындон къорды цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдон уый размӕ дӕр немӕ уацамынды цыдысты, стӕй-иу нӕ рӕстӕг дӕр иумӕ ’рвыстам» b. Ӕмӕ уый фӕстӕ, коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта ӕмӕ Дейзийы бинонтӕй чидӕртӕ уыцы низӕй куы амардысты, уӕд уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнцондӕр уыд Дейзийӕн баххуыс кӕнын.

4. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕй фӕрцы бантыст Дейзийӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ уый иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕуыл дзурӕг у?

4 Дейзи загъта: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ не ’мбӕлттӕ дӕр кӕй уыдысты, уый фӕрцы мын ӕнцон уыд, мӕ зӕрдӕйы цы уыд ӕмӕ цӕуыл тыхстӕн, уыдӕттӕ сын радзурын». Уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕуыл дзурӕг у? Уӕ бар чи ис, уыдоныл тыхсут ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнут, цалынмӕ цыдӕр не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр. Ут сын ӕмбӕлттӕ. Кӕд, цавӕрдӕр низ кӕй сыстад, уый тыххӕй уӕ бон нӕу, ӕмӕ сӕ бабӕрӕг кӕнат, уӕд-иу ӕндӕр исты ӕрхъуыды кӕнут. Дейзи ма загъта: «Хатт-иу афтӕ рауад, ӕмӕ-иу мӕм уыцы иу бон фӕдзырдтой цалдӕр хистӕр нӕлгоймаджы кӕнӕ-иу мӕм цыдӕртӕ афыстой. Цы стихтӕ-иу ныффыстой, уыдон-иу мын мӕ зӕрдӕ бацагайдтой, кӕд мын зонгӕ стихтӕ уыдысты, уӕддӕр».

5. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, хотӕм ӕмӕ ’фсымӕртӕм фӕкӕсын цӕмӕй хъӕуы, уый базонын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын?

5 Дӕ хотӕм ӕмӕ де ’фсымӕртӕм фӕкӕсын цӕмӕй хъӕуы, уый дӕ бон куыд у базонын? (Ӕмб. 20:5). Дӕ бон сӕ у аивӕй бафӕрсын, цы хъуаг сты, уымӕй. Чи зоны сӕм фаг нӕй хӕринаг, хостӕ кӕнӕ ӕндӕр исты. Чи зоны, сӕ уавӕр афтӕ у, ӕмӕ, гӕнӕн ис, ӕнӕ куыстӕй баззайой кӕнӕ, хӕдзарӕн цӕмӕй фидой, уый сын мауал уа. Чи зоны сын хъӕуы баххуыс кӕнын хицауады номыл курдиат байдзаг кӕнынӕн, цӕмӕй сын истӕмӕй баххуыс кӕной. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Дейзимӕ ӕхцайӕ фӕкастысты. Фӕлӕ йын уыцы зын рӕстӕджы уӕлдай тынгдӕр баххуыс кодта, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ сӕ уарзтӕй кӕй батавтой ӕмӕ дзы Библийы фӕрцы ныфс кӕй уагътой, уый. Афтӕ зӕгъы: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу мемӕ куывтой. Цы дзырдтой, уый нӕ хъуыды кӕнын, фӕлӕ хорз хъуыды кӕнын, куыд-иу мын фенцон, уый. Цыма мын Йегъовӕ афтӕ дзырдта, иунӕг нӕ дӕ, зӕгъгӕ» (Ис. 41:10, 13).

Фембӕлд чи уадзы, уыцы ’фсымӕрӕн ӕхсызгон у, бирӕтӕ дзуапп кӕй дӕттынц, уый. Дзуапп дӕтты, видеоконференцийы фӕрцы чи ӕрбаиу, уыцы рынчын ӕфсымӕр дӕр (кӕс 6 абзац)

6. Ӕркӕс нывмӕ. Ӕмбырды бирӕтӕн сӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?

6 Иннӕтӕн сӕ бон цы у саразын? Мах ӕй зонӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс кӕй у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ фидар кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр дзуры, цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм (Гал. 6:10). Рынчын чи у, уымӕн гыццыл исты дӕр куы саразӕм, уӕд ын уый стыр ныфсы хос фӕуыдзӕн. Сывӕллонӕн йӕ бон у хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн открыткӕ балӕвар кӕнын кӕнӕ йын исты сныв кӕнын. Ӕрыгон хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн та йӕ бон у, рынчын чи у, уымӕ хӕдзары истӕмӕй фӕкӕсын кӕнӕ дуканимӕ ауайын. Ис ма йын хӕринаг скӕнӕн ӕмӕ йын ӕй йӕ дуармӕ ныууадзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, низ куы ахӕлиу вӕййы, уӕд ӕмбырды алкӕй дӕр фӕхъӕуы ныфс уадзын. Ӕмӕ нӕ бон вӕййы ӕмбырды фӕстӕ гыццыл аззайын ӕмӕ аныхӕстӕ кӕнын, видеоконференцийы фӕрцы уа фембӕлд ӕви ӕнӕуи ӕмбӕлӕм. Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр фӕхъӕуы сӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Низ куы сысты, уӕд сӕ ноджы фылдӕр фӕхъӕуы аразын. Ӕмӕ сӕм иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ныффыссынц, куыд бузныг сӕ сты, уый. Куыд хорз вӕййы, алчидӕр нӕ иннӕты ныфсыл ныфс куы бафтауы ӕмӕ иннӕты куы фӕфидар кӕны, уӕд! (1 Фес. 5:11).

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН, ИСТЫ БӔЛЛӔХ КУЫ ’РЦӔУА, УӔД

7. Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд адӕймаджы цард куыд фӕивы?

7 Ӕрдзон бӕллӕх кӕнӕ ӕндӕр исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд адӕймаджы цард цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕивы. Гӕнӕн ис, уынджы къӕйыл аззайа ӕмӕ ма йӕ бинонтӕй дӕр исчи фӕмард уа. Ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр ахӕм бӕллӕхтӕй хызт не сты. Нӕ бон сын куыд у ахӕм зын рӕстӕджы баххуыс кӕнын?

8. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ бинонты хистӕртӕн сӕ бон цы у саразын, цалынмӕ исты бӕллӕх не ’рцыд, уӕдмӕ?

8 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у саразын? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй рагацау сӕхи бацӕттӕ кӕной, бӕллӕх куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕгмӕ. Бацархайут, цӕмӕй ӕмбырды иууылдӕр зоной, цы сӕ хъӕудзӕн саразын, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной, ӕмӕ сӕ бон куыд уыдзӕн хистӕр нӕлгоймӕгты ссарын. Айразмӕйы статьяйы кӕй кой уыд, уыцы хо, Маргарет, загъта: «Ӕркӕсинаг фарстаты нӕ нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бафӕдзӕхстой, хъӕдтӕ кӕй судздзысты, уымӕй нырма тӕссаг кӕй у. Загътой нын, зӕгъгӕ, хицауад куы зӕгъа, цӕмӕй ӕндӕр ранмӕ алидзӕм, кӕнӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд цӕмӕй уайтагъд алидзӕм». Уыцы амындтӕ афоныл радтой, уымӕн ӕмӕ фондз къуырийы фӕстӕ хъӕдтӕ судзын райдыдтой. Бинонты хистӕртӕ, бинонты ахуыры рӕстӕг уӕ бон у аныхас кӕнын, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд уӕ алчидӕр цы араздзӕн, ууыл. Уӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр цӕттӕ уыдзыстут, ӕмӕ, исты куы ’рцӕуа, уӕд тынг нӕ фӕтыхсдзыстут.

9. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цалынмӕ цавӕрдӕр бӕллӕх не ’рцыд, уӕдмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ?

9 Кӕд уацамындон къорды цӕстдарӕг дӕ, уӕд, цалынмӕ цавӕрдӕр бӕллӕх ӕрцӕуа, уӕдмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Дӕ къорды цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕй алкӕй номыр ӕмӕ алкӕй адрис дӕр базон. Сӕ номхыгъд сын скӕн ӕмӕ-иу ӕм рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕркӕс. Кӕд искӕмӕн йӕ телефоны номыр кӕнӕ йӕ адрис фӕива, уӕд-иу ӕй фӕив. Ӕмӕ, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд дӕ бон уыдзӕн хъусынгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр бадзурын кӕнӕ бацӕуын ӕмӕ базонын, цавӕр ӕххуыс сӕ хъӕуы, уый. Цы базонай, уый-иу уайтагъд хистӕр нӕлгоймӕгты советы координаторӕн зӕгъ, ӕмӕ уый та фӕхабар кӕндзӕн районон цӕстдарӕгӕн. Уыцы ’фсымӕртӕ ӕмгуыст куы фӕкӕнынц, уӕд сӕ бон вӕййы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ баххуыс кӕнын. Маргарет кӕм цард, уым хъӕдтӕ судзын куы райдыдтой, уӕд сӕ районон цӕстдарӕг 36 сахаты йӕ цӕстытӕ цъынд дӕр не ’ркодта. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн телефонӕй амындтӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй, лидзын кӕй бахъуыд, уыцы 450 хо ӕмӕ ’фсымӕрӕн баххуыс кодтаиккой (2 Кор. 11:27). Гъемӕ, кӕм ӕрлӕууа, ахӕм бынат кӕй хъуыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр бынӕттӕ ссардтой.

10. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахсджиагыл цӕмӕн нымайынц хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс уадзын? (Иоанны 21:15).

10 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты Библийы фӕрцы ныфс уадзын ӕмӕ, истӕуыл чи маст кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын (1 Пет. 5:2). Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд-иу фыццаджыдӕр хъуамӕ базоной, хъусынгӕнджытӕй алчидӕр сӕрӕгас у, хӕринаг ӕмӕ дзаума хъуаг нӕу ӕмӕ, кӕм ӕрлӕууа, ахӕм бынат ын ис ӕви нӕ. Фӕлӕ, бирӕ мӕйтӕ куы рацӕуа, уӕддӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, ӕвӕццӕгӕн, хъӕудзӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс уадзын. (Бакӕс Иоанны 21:15.) Ӕфсымӕр Харолд лӕггад кӕны филиалы комитеты ӕмӕ, цавӕрдӕр бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтимӕ ныхас кодта. Уый зӕгъы: «Фӕхъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй сӕхимӕ ӕрцӕуой. Дарддӕр та сӕ царды кӕйттӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ сын чи амард, уыдоны фӕмысынц, цы фесӕфтой, ууыл сӕ зӕрдӕ фӕриссы кӕнӕ, тыххӕй кӕй аирвӕзтысты, уый сыл ӕртӕфсы. Уыцы хъуыдытӕ сын сӕ зӕрдӕйы рыст сног кӕнынц. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ уырнындзинад лӕмӕгъ вӕййы. Фӕлӕ зӕрдӕ йӕ кӕнон кӕны».

11. Цавӕрдӕр бӕллӕхы фӕстӕ бинонты цавӕр ӕххуыс фӕхъӕуы?

11 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, «кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут» (Ром. 12:15). Цавӕрдӕр бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн фӕхъӕуы сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Йегъовӕ ӕмӕ сӕ сӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй уарзынц. Хистӕр нӕлгоймӕгты фӕхъӕуы бинонтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцаумӕ кувой, Библи иртасой ӕмӕ ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуой. Стӕй ма сӕ бон у ныййарджыты разӕнгард кӕнын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ’ргом здахой, иу бӕллӕхы дӕр чи нӕ фесӕфдзӕн, уыцы хӕзнатӕм. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн-иу дзурут, Йегъовӕ алкӕддӕр сӕ Хӕлар кӕй уыдзӕн ӕмӕ сын алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Стӕй сын ӕмбарын кӕнут, ӕгас зӕххыл дӕр сын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдон алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййынц, цӕмӕй сӕм се ’ххуысы къух бадарой (1 Пет. 2:17).

Кӕм цӕрыс, уым исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд дӕ бон уыдзӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын? (кӕс 12 абзац) e

12. Ӕркӕс нывмӕ. Иннӕтӕн сӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд?

12 Иннӕтӕн сӕ бон цы у саразын? Кӕд цавӕрдӕр бӕллӕх сымахмӕ хӕстӕг кӕмдӕр ӕрцыд, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты бафӕрс, дӕ бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын. Чи зоны, дӕ бон у рӕстӕгмӕ суазӕг кӕнын, бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕнӕ та барвӕндон аразджыты. Йе та, чи зоны, дӕ бон у ӕххуысхъуаг хъусынгӕнджытӕм хӕринагӕй кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй фӕкӕсын кӕнӕ сӕм сӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Цавӕрдӕр бӕллӕх дард ран куы ’рцӕуа, уӕддӕр дӕ бон у баххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, дӕ бон у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй кувын (2 Кор. 1:8–11). Дӕ бон ма сын у ӕхцайӕ дӕр баххуыс кӕнын ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕтгӕйӕ (2 Кор. 8:2–5). Кӕд дын фадат ис, бӕллӕх кӕм ӕрцыд, уырдӕм ӕххуыс кӕнынмӕ ацӕуын, уӕд уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъ. Куы дӕ фӕхоной, уӕд дын, уыцы куыст чи кӕны, уыдон цыдӕртӕ бацамондзысты. Ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн, де ’ххуыс фылдӕр кӕм хъӕуа, уым ӕххуыс кӕнын.

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН, ӔФХӔРД КУЫ ӔЙЙАФОЙ, УӔД

13. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, уыцы бӕстӕты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

13 Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, уыцы бӕстӕты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ноджы зындӕр вӕййы. Сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уымӕй уӕлдай ма ӕхцайӕ фӕтыхсынц, фӕрынчын вӕййынц кӕнӕ сыл зиан ӕрцӕуы. Ӕмӕ сӕ фӕхъӕуы ныфс бауадзын. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алы хатт сӕ бон нӕ вӕййы ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнын кӕнӕ семӕ сӕрибарӕй телефонӕй аныхас кӕнын. Айразмӕйы статьяйы цы Андрейы кой кодтам, уый дӕр ахӕм уавӕры уыд. Йӕ уацамындон къордӕй иу хойӕн цардамӕлттӕ кӕнын тынг зын уыд. Стӕй ма аварийы дӕр бахауд. Хъуыди йын цалдӕр операцийы скӕнын, ӕмӕ йӕ бон кусын дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ ӕфсымӕрты нӕдӕр, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕй уыд, уый баурӕдта, нӕдӕр пандемийӕ. Сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй йын ӕххуыс кодтой. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр алцыдӕр уыдта.

14. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у саразын? Андрей Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта. Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕн дзуапп куыд радта? Ссардта йын, баххуыс кӕнынӕн фылдӕр фадӕттӕ кӕмӕн уыд, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты. Иутӕ-иу уыцы хойы дохтыртӕм аластой, иннӕтӕ та йӕм ӕхцайӕ фӕкастысты. Йегъовӕ сӕ ахӕм зондыл сарӕзта, цӕмӕй хойӕн баххуыс кодтаиккой. Уыдон иумӕ хъӕбатырӕй архайдтой, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кодта (Дзут. 13:16). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уӕ бӕстӕйы сӕрибарӕй архайыны бар куы нӕ уа, уӕд-иу иннӕтӕн дӕр зӕгъут, цӕмӕй уын баххуыс кӕной (Йер. 36:5, 6). Сӕйраджыдӕр та уӕ ныфс Йегъовӕйыл дарут. Уый уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ бон уа хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй фӕкӕсын.

15. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у нӕ иудзинад хъахъхъӕнын?

15 Иннӕтӕн сӕ бон цы у саразын? Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты арӕх бахъӕуы гыццыл къордтӕй ӕмбырд кӕнын. Ӕмӕ уӕд уӕлдай ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрой. Тох кӕнут Хӕйрӕгимӕ, уӕ кӕрӕдзиимӕ нӕ, фӕлӕ. Уӕ хотӕ ӕмӕ-иу уе ’фсымӕрты рӕдыдтытӕ мацӕмӕ ӕрдарут, уе ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд-иу тагъддӕр бафидаут (Ӕмб. 19:11; Еф. 4:26). Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнут (Тит. 3:14). Цы хойы кой кодтам, уымӕн иннӕтӕ кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы сӕ уацамындон къорд бинонтау ӕнгом сси (Пс. 133:1).

16. Колоссӕгтӕм 4:3, 18 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ бон куыд у, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын?

16 Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй мингӕйттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, кӕд сын хицауад сӕрибарӕй архайыны бар нӕ дӕтты, уӕд дӕр. Чидӕртӕ дзы сӕ уырнындзинады тыххӕй сты ахст. Ӕмӕ нӕ бон у уыдонӕн сӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ сӕ бинонты тыххӕй дӕр кувын. Кувын ма хъӕуы, сӕ фарсмӕ чи балӕууы, уыцы хъӕбатыр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй дӕр. Кӕд сын тӕссаг вӕййы, кӕй сӕ ӕрцахсдзысты, уымӕй, уӕддӕр сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынц, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй сӕ цух нӕ уадзынц ӕмӕ тӕрхондӕтты сӕ сӕрыл фӕдзурынц. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 4:3, 18.) c Рох дӕ ма уӕд: дӕ куывдтытӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр стыр ӕххуыс сты! (2 Фес. 3:1, 2; 1 Тим. 2:1, 2).

Дӕ бон куыд у дӕ бинонты ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнын, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстут, уымӕ? (кӕс 17 абзац)

17. Ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын?

17 Хъуамӕ цӕттӕ уӕм, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ. Ӕмӕ уӕ бинонтимӕ уӕхи рагацау бацӕттӕ кӕнут (Хъуыд. 14:22). Нӕ хъӕуы хи тӕрсын кӕнын, зӕгъгӕ, уӕдта ма мын фыдмитӕ кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕххуыс кӕн уыцы хъуыддаджы. Истӕуыл куы мӕт кӕнай, уӕд-иу дӕ сагъӕстӕ Хуыцауӕн радзур (Пс. 62:7, 8). Ӕнӕхъӕн бинонтӕй аныхас кӕнут, уӕ бон ыл уӕ ныфс дарын цӕмӕн у, уыдӕттыл d. Куыд дзырдтам, афтӕмӕй сывӕллӕттӕн фӕхъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй цӕттӕ уой, цавӕрдӕр бӕллӕх кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕ. Раст афтӕ сӕ хъӕуы цӕттӕ кӕнын, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ дӕр. Дӕхӕдӕг дӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарай ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты дӕр ууыл куы ахуыр кӕнай, уӕд сын баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй хъӕбатыр уой ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсой.

18. Цавӕр фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

18 Нӕ зӕрдӕйы Хуыцауы фарн куы уа, уӕд ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм (Фил. 4:6, 7). Уый фӕрцы нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕны, кӕд цавӕрдӕр низтӕ сысты, бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы ӕмӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд феййафӕм, уӕддӕр. Баххуыс нын кӕны хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Стӕй махӕй алкӕмӕн дӕр дӕтты фадат, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм. Хуыцау нӕ ныртӕккӕ цы фарнӕй хайджын кӕны, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн стырдӕр фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын, суанг «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг дӕр (Матф. 24:21). Уыцы рӕстӕг нӕ хъӕудзӕн архайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой. Ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хъӕудзӕн уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ нӕ уый фӕстӕ мӕты ницыуал ӕфтаудзӕн. Йегъовӕ нӕ схайджын кӕндзӕн, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр нын йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уымӕй – ӕгӕрон фарнӕй! (Ис. 26:3, 4).

109 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм

a Зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн Йегъовӕ арӕх баххуыс кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уылты. Ӕмӕ йӕ бон у, ӕмӕ сӕ дӕу уылты дӕр ныфс бауадза. Аныхас кӕндзыстӕм, бахъуаджы сахат нӕ бон иннӕтӕн баххуыс кӕнын куыд у, ууыл.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

c Филиалӕн кӕнӕ сӕйраг хайадӕн йӕ бон нӕу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты писмотӕ, ахст чи у, уыдонмӕ фӕхӕццӕ кӕнын.

d Кӕс статья «Нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнӕм, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ» 2019 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

e НЫВ. Иу бинонтӕ цавӕрдӕр бӕллӕхы фӕстӕ рӕстӕгмӕ цӕрынц пъалаткӕйы, ӕмӕ сын иу лӕг ӕмӕ ус хӕринаг ӕрбахастой.