Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

49 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нӕ бон у ӕнустӕм цӕрын!

Нӕ бон у ӕнустӕм цӕрын!

«Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый... у ӕнусон цард» (РОМ. 6:23).

147 ЗАРӔГ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд – ӕнусон цард

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Йегъовӕ нын ӕнусон цардӕй зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, ууыл хъуыды кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы?

 ЙЕГЪОВӔ зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон кӕй схайджын уыдзысты «ӕнусон цардӕй» (Ром. 6:23). Ӕмӕ йын йӕ лӕварыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Ахъуыды-ма кӕн: нӕ уӕларвон Фыд нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ нын лӕвар кӕны ӕнусон цард, цӕмӕй дзы макуы фӕхицӕн уӕм!

2. Ӕнустӕм цӕрыны ныфс нын кӕй ис, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?

2 Хуыцау нын ӕнусон цардӕй зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, уый нын ӕххуыс кӕны фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн. Не знӕгтӕ нӕм куы ’ртхъирӕн кӕной, зӕгъгӕ уӕ амардзыстӕм, суанг уӕд дӕр Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ нӕ сивдзыстӕм. Цымӕ цӕуылнӕ? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ йӕ зонӕм: Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕ райгас кӕндзӕн ӕмӕ нын ныфс уыдзӕн, кӕй никуыуал амӕлдзыстӕм (Иоан. 5:28, 29; 1 Кор. 15:55–58; Дзут. 2:15). Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрӕм? Ныртӕккӕ цалдӕр бӕлвырдгӕнӕнмӕ ӕркӕсдзыстӕм.

ЙЕГЪОВӔ ЦӔРЫ ӔНУСТӔМ

3. Фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис, Йегъовӕйы бон кӕй у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм? (Псалом 102:12, 24, 27).

3 Мах зонӕм, Йегъовӕйы бон кӕй у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уымӕн ӕмӕ цард уый дӕтты. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цӕры ӕнустӕм (Пс. 36:9). Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй уыд ӕмӕ алкӕддӕр кӕй уыдзӕн. Ӕркӕсӕм цалдӕр стихмӕ. Псаломы 90:2 стихы фыст ис, Йегъовӕ кӕй у Хуыцау «ӕнусӕй-ӕнусмӕ». 102-ӕм псаломы дӕр ахӕм хъуыды ис. (Бакӕс Псалом 102:12, 24, 27.) Ӕмӕ пехуымпар Аввакум дӕр нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй ныффыста: «О Йегъовӕ, ды рагӕй фӕстӕмӕ нӕ дӕ? О мӕ Хуыцау, мӕ Сыгъдӕг Хуыцау, ды мӕлгӕ нӕ кӕныс» (Ав. 1:12).

4. Кӕд нын зын у бамбарын, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй уыд, уӕд нӕ уый мӕты хъуамӕ ӕфтауа? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

4 Мыййаг дын зын у бамбарын, Йегъовӕ «ӕнусон Хуыцау» кӕй у, уый? (Ис. 40:28). Уым диссагӕй ницы ис. Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы, зӕгъгӕ. Зӕгъӕм, Елиуй дӕр загъта: «Хуыцау куыд бӕрзонд у, ууыл зонд не ’ххӕссы. Йӕ азтӕн нымӕц нӕй» (Иов 36:26). Фӕлӕ мах цыдӕр кӕй не ’мбарӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Зӕгъӕм, чи зоны, кӕронмӕ не ’мбарӕм, рухс цы у, уый. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ рухс нӕй? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Раст афтӕ, чи зоны, кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм, уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр уыд. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Хуыцау алкӕддӕр уыди ӕмӕ алкӕддӕр уыдзӕн. Ӕмбарӕм ӕй ӕви нӕ, уӕддӕр уый афтӕ у (Ром. 11:33–36). Йегъовӕ уыди, цалынмӕ Дун-дуне, уыимӕ, рухс кӕмӕй цӕуы, уыцы Хур ӕмӕ стъалытӕ, нӕ фӕзындысты, уӕдмӕ. Йегъовӕ нын дзуры, «зӕхх [кӕй] скодта йӕ тыхӕй». Хуыцау уыд, цалынмӕ «арв айтыгъта», уӕдмӕ дӕр (Йер. 51:15; Хъуыд. 17:24). Ноджыдӕр ма цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис, нӕ бон ӕнустӕм цӕрын кӕй у, уымӕн?

ЙЕГЪОВӔ НӔ СФӔЛДЫСТА ӔНУСТӔМ ЦӔРЫНӔН

5. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн цавӕр ныфс уыд?

5 Йегъовӕ зӕххыл цыдӕриддӕр цӕрӕг удтӕ сфӕлдыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕмы сфӕлдыста афтӕ, цӕмӕй макуы амӕлой. Фӕлӕ Адамы бафӕдзӕхста: «Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райд. 2:17). Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕмӕ куы байхъуыстаиккой, уӕд никуы амардаиккой. Ӕвӕццӕгӕн сын ӕппынфӕстаг Йегъовӕ бар радтаид «царды бӕласы дыргътӕй» хӕрынӕн. Ӕмӕ сын уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ цӕрдзысты ӕнустӕм (Райд. 3:22) b.

6, 7. а) Ноджыдӕр ма цӕмӕй у бӕрӕг, Хуыцау адӕмы афтӕ кӕй не сфӕлдыста, цӕмӕй мӕлой? б) Ӕркӕс нывтӕм. Дӕу та цы фӕндид аразын?

6 Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ ссардтой бӕлвырдгӕнӕнтӕ, адӕймаджы сӕрымагъзы цӕрӕнбонтӕм цы информаци ӕрӕмбырд вӕййы, уымӕй дзы бирӕ фылдӕр информаци кӕй цӕуы. Ӕмӕ уый тынг цымыдисаг у. 2010 азы иу журналы фыст уыд, зӕгъгӕ, бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, адӕймаджы сӕрымагъзы цӕуы 2,5 милуаны гигабайты информаци. Уыйбӕрц информаци адӕймаджы сӕрымагъзы бацӕуид, 3 милуан сахаты, кӕнӕ 300 азы дӕргъы, телепередачӕтӕм куы кӕсид, уӕд (Scientific American Mind). Ӕмӕ дзы, чи зоны, уымӕй бирӕ фылдӕр цӕуы. Фӕлӕ уыцы нымӕцтӕ цы ӕвдисынц? Йегъовӕ нын нӕ магъз афтӕ скодта, ӕмӕ дзы цӕуы, 70–80 азмӕ кӕй базонӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр информаци (Пс. 90:10).

7 Йегъовӕ ма нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ тынг фӕнды цӕрын. Библийы адӕмы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ сын «сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард» (Еккл. 3:11). Ӕмӕ мӕлӕт знагыл уый тыххӕй дӕр нымайӕм (1 Кор. 15:26). Уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййӕм, уӕд нӕ къухтӕ нӕ ауадзӕм ӕмӕ мӕлӕтмӕ нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм. Фӕлӕ дохтырмӕ ацӕуӕм ӕмӕ нӕхи фӕдзӕбӕх кӕнӕм. Нӕ бон цы вӕййы, уый фӕаразӕм, цӕмӕй ма амӕлӕм. Ӕмӕ нӕ хиуӕттӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй исчи куы амӕлы,– ӕрыгон уа ӕви ацӕргӕ,– уӕд нын куыд зын вӕййы. Ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы рыст иуцасдӕр не ’рсабыр вӕййы (Иоан. 11:32, 33). Нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы куы нӕ фӕндыдаид, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уӕд нӕ афтӕ не сфӕлдыстаид, цӕмӕй нӕ ӕнустӕм цӕрын фӕнда. Ӕмӕ нын ахӕм диссаджы сӕрымагъз дӕр нӕ радтаид. Фӕлӕ ма ис ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр, нӕ бон ӕнустӕм цӕрын кӕй у, уымӕн. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ раджы заман цы сарӕзта ӕмӕ абон дӕр цы аразы, уымӕ. Ӕмӕ фендзыстӕм, йӕ фӕнд кӕй нӕ фӕивта.

Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнусон цард. Ӕмӕ нын ӕхсызгон вӕййы, фидӕны цы араздзыстӕм, уыдӕттӕ нӕ цӕстытыл уайын кӕнын (кӕс 7 абзац) c

ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНД НӔ ФӔИВТА

8. Исай 55:11 стихмӕ гӕсгӕ, цы ис зӕгъӕн, Йегъовӕмӕ цы фӕнд ис, уый тыххӕй?

8 Кӕд Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд сарӕзтой ӕмӕ уый аххосӕй сӕ сывӕллӕттӕ мӕлынц, уӕддӕр Йегъовӕ йӕ фӕнд нӕ аивта. (Бакӕс Исайы 55:11.) Уый ныр дӕр фӕнды, цӕмӕй, иузӕрдион ыл чи у, уыдон ӕнустӕм цӕрой. Уый цӕмӕй у бӕрӕг? Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цы загъта ӕмӕ цы сарӕзта, уымӕй.

9. Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? (Данел 12:2, 13).

9 Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ сын ӕнустӕм цӕрыны фадат кӕй ратдзӕн (Хъуыд. 24:15; Тит. 1:1, 2). Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Иовы уырныдта, Йегъовӕйы тынг кӕй фӕнды мӕрдты райгас кӕнын (Иов 14:14, 15). Пехуымпар Данел дӕр зыдта, Йегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ сын лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн фадат ӕнустӕм цӕрынӕн (Пс. 37:29; бакӕс Данелы 12:2, 13). Йесойы рӕстӕг чи цард, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр зыдтой, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты «ӕнусон цардӕй» кӕй схайджын кӕндзӕн (Лук. 10:25; 18:18). Йесо уыцы зӕрдӕвӕрды тыххӕй арӕх дзырдта. Ӕмӕ йын стӕй Хуыцау йӕхи дӕр райгас кодта (Матф. 19:29; 22:31, 32; Лук. 18:30; Иоан. 11:25).

Илийа гыццыл лӕппуйы кӕй райгас кодта, уый дын цӕуыл дзурӕг у? (кӕс 10 абзац)

10. Ӕркӕс нывмӕ. Раджы заман чидӕртӕ кӕй райгас сты, уый цӕуыл дзурӕг у?

10 Йегъовӕ у царддӕттӕг Хуыцау, ӕмӕ йӕм ис ахӕм тых, цӕмӕй, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха. Уый пехуымпар Илийайӕн ахӕм тых радта, цӕмӕй сарептӕйаг идӕдз сылгоймаджы лӕппуйы райгас кодтаид (1 Пад. 17:21–23). Фӕстӕдӕр та пехуымпар Елисей Хуыцауы хъаруйы фӕрцы райгас кодта сунемаг сылгоймаджы лӕппуйы (2 Пад. 4:18–20, 34–37). Библийы фыст ис, ноджыдӕр ма чидӕртӕ кӕй райгас сты. Уыцы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕмӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд равдыста, йӕ Фыд ын мӕрдты ӕгас кӕныны тых кӕй радта (Иоан. 11:23–25, 43, 44). Ныр Йесо ис уӕлӕрвты, ӕмӕ йын «лӕвӕрд... сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр». Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у сӕххӕст кӕнын ацы зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон» райгас уыдзысты ӕмӕ сын уыдзӕн ныфс, кӕй никуыуал амӕлдзысты (Матф. 28:18; Иоан. 5:25–29).

11. Чырыстийы нывонды фӕрцы нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс куыд фӕзынд?

11 Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй йӕ уарзон Фырт хъизӕмайраг мардӕй амардаид? Йесо уый афтӕ бамбарын кодта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой. Ӕмӕ нын уый фӕрцы фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Матф. 20:28). Чырыстийы нывонд куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауы фӕнд сӕххӕст уа, уый апостол Павел бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц. Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Кор. 15:21, 22).

12. Йегъовӕмӕ мах тыххӕй цы фӕнд ис, уый йӕ Паддзахады фӕрцы куыд сӕххӕст уыдзӕн?

12 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, зӕгъгӕ, кувут, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уа зӕххыл дӕр (Матф. 6:9, 10). Адӕм зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уый дӕр йӕ фӕнд у. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы фӕнд сӕххӕст уа, уый тыххӕй йӕ Фырты сӕвӕрдта йӕ Паддзахады Паддзахӕй. Хуыцау зӕххӕй ӕмбырд кӕны 144 000 адӕймаджы, цӕмӕй йын йӕ фӕндон Чырыстиимӕ иумӕ сӕххӕст кӕной (Рарг. 5:9, 10).

13. Йегъовӕ абон цы аразы ӕмӕ дӕу дӕр цы хъӕуы аразын?

13 Абон Йегъовӕ ӕмбырд кӕны «тынг бирӕ адӕмы» ӕмӕ сӕ ахуыр кӕны йӕ Паддзахады дӕлбар цӕрын (Рарг. 7:9, 10; Иак. 2:8). Ацы дунейы цӕуы хӕстытӕ ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц, ӕмӕ уый тыххӕй сты дихтӕ. Фӕлӕ, «тынг бирӕ адӕмы» ’хсӕн чи ис, уыдон архайынц, цӕмӕй се сӕфт макӕмӕй уыной, кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц, уӕддӕр. Ныр дӕр ахӕсгӕ хуызы сӕ хъаматӕй сарӕзтой гутӕттӕ (Мих. 4:3). Уыдон, дуне адӕм кӕм фӕцагъды вӕййы, уыцы хӕстыты нӕ хӕцынц. Фӕлӕ адӕмӕн дзурынц ӕцӕг Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц «ӕцӕг цард» ссарынӕн (1 Тим. 6:19). Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй сты, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ цӕуой кӕнӕ та сӕ бахъӕуа сӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнын, ӕмӕ ӕхцайӕ фӕтыхсой. Фӕлӕ сын Йегъовӕ баххуыс кӕны, цӕмӕй сын уа, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:25, 30–33; Лук. 18:29, 30). Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕцӕгдӕр архайы ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы фӕнд ӕххӕст кӕндзӕн.

ӔНХЪӔЛМӔ НӔМ КӔСЫ ДИССАДЖЫ ФИДӔН!

14, 15. Йегъовӕ ӕнустӕм мӕлӕтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн?

14 Ныр Йесо уӕлӕрвты у Хуыцауы Паддзахады Паддзах ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн (2 Кор. 1:20). 1914 азӕй Йесо йе знӕгтыл уӕлахиз кӕны (Пс. 110:1, 2). Йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонимӕ иумӕ тагъд йе знӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ фыдгӕнджыты фесафдзысты (Рарг. 6:2).

15 Миназон хицаудзинады рӕстӕг Йесо мӕрдты райгас кӕндзӕн. Стӕй, Хуыцауы коммӕ чи кӕсдзӕн, уыцы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕххӕст суой. Фӕстаг фӕлварӕны фӕстӕ, Йегъовӕ рӕстгӕнджытыл кӕй банымайа, уыдон «зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:10, 11, 29). Ӕмӕ «сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт»! (1 Кор. 15:26).

16. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕнда?

16 Куыд федтам, афтӕмӕй, ӕнустӕм цӕрыны ныфс нын кӕй ис, уый тыххӕй фыст ис Хуыцауы Ныхасы. Уыцы ныфс нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы уӕззау фӕстаг бонты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Фӕлӕ нӕ иузӕрдионӕй баззайын ӕрмӕст уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй макуы амӕлӕм? Нӕ, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ барухс кӕндзыстӕм. Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл иузӕрдионӕй баззайын нӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕнды, ӕмӕ сӕ тынг уарзӕм (2 Кор. 5:14, 15). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ фӕзмӕм, стӕй иннӕтӕн дӕр нӕ ныфсы тыххӕй дзурӕм (Ром. 10:13–15). Иннӕтыл дӕр куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ рӕдау куы уӕм, уӕд Йегъовӕйы фӕнддзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм нӕ Хӕлар уа (Дзут. 13:16).

17. Махӕй алкӕмӕй дӕр цы кӕнгӕ у? (Матфейы 7:13, 14).

17 Мах дӕр, ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдоны ’хсӕн уыдзыстӕм? Йегъовӕ нын ахӕм фадат радта. Дарддӕр та нӕхицӕй кӕнгӕ у, цардмӕ цы фӕндаг кӕны, ууыл баззайдзыстӕм ӕви нӕ. (Бакӕс Матфейы 7:13, 14.) Ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн? Иннӕ статьяйӕ ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм.

141 ЗАРӔГ Цард у зынаргъ лӕвар

a Ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, ӕнустӕм куы цӕрӕм, уыцы рӕстӕгмӕ? Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ ничиуал мӕлдзӕн ӕмӕ мӕлӕтӕй ничиуал тӕрсдзӕн. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл.

c НЫВ. Ацӕргӕ ӕфсымӕр йӕ цӕстытыл уайын кӕны, ӕнустӕм куы цӕра, уӕд йӕ бон цы уыдзӕн аразын, уыдӕттӕ.