Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

50 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты»

«Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты»

«Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (ЛУК. 23:43).

145 ЗАРӔГ Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ, йӕ фарсмӕ ауыгъд чи уыд, уыцы фыдгӕнӕгӕн цы загъта? (Лукайы 23:39–43).

 ЙЕСО ӕмӕ, йӕ фарсмӕ цы дыууӕ фыдгӕнӕджы уыд ауыгъд, уыдон удхар кодтой. Ӕмбӕрстой йӕ, бирӕ сын кӕй нал баззад (Лук. 23:32, 33). Дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр Йесойӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой. Уымӕй бӕрӕг у, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй нӕ уыдысты (Матф. 27:44; Мар. 15:32). Фӕлӕ дзы стӕй сӕ иу Йесомӕ ӕндӕр цӕстӕй ракаст. Уый загъта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Йесо йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты». (Бакӕс Лукайы 23:39–43.) Гӕнӕн ис, уыцы фыдгӕнӕг уый размӕ «уӕларвон паддзахады» тыххӕй фехъуыста, фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинаг не сси. Ӕмӕ Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ уыцы нӕлгоймаг уӕларвон паддзахадмӕ бацӕудзӕн (Матф. 4:17). Йесо кодта, фидӕны зӕххыл цы дзӕнӕт уыдзӕн, уый кой. Нӕ бон афтӕ цӕмӕн у зӕгъын?

Цы ис зӕгъӕн, Йесоимӕ чи ныхас кодта, уыцы фыдгӕнӕг чи уыд ӕмӕ цы зыдта, уый тыххӕй? (кӕс 2, 3 абзацтӕ)

2. Кӕцӕй йӕ зонӕм, чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕг дзуттаг кӕй уыдаид?

2 Чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕг, ӕвӕццӕгӕн, уыди дзуттаг. Уый иннӕ фыдгӕнӕгӕн загъта: «Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсыс, ӕви? Дӕхицӕн дӕр дын ахӕм тӕрхон куы рахастой» (Лук. 23:40). Дзуттӕгтӕ куывтой иу Хуыцауӕн, иннӕ адӕмтӕ та ӕууӕндыдысты бирӕ хуыцӕуттыл (Рац. 20:2, 3; 1 Кор. 8:5, 6). Ӕмӕ уыцы фыдгӕнджытӕ ӕндӕр адӕмтӕй куы уыдаиккой, уӕд иу иннӕйы афтӕ бафарстаид: «Хуыцӕуттӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсыс, ӕви?» Уымӕй уӕлдай ма Йесо ӕрвыст уыд иннӕ адӕмтӕм нӕ, фӕлӕ «Израилы адӕммӕ – сӕфт фыстӕй уӕлдай» чи нӕ уыд, уыдонмӕ (Матф. 15:24). Хуыцау израилӕгтӕн раргом кодта, мӕрдты кӕй ӕгас кӕндзӕн. Ӕмӕ, чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕг уый зыдтаид. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ уырныдта, Йегъовӕ Йесойы кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Паддзах суа. Уыцы нӕлгоймаджы ма, ӕвӕццӕгӕн, ныфс уыди, Хуыцау ын йӕхи дӕр кӕй райгас кӕндзӕн.

3. Йесо дзӕнӕты кой куы скодта, уӕд, чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕг цӕуыл ахъуыды кодтаид? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн (Райдиан 2:15).

3 Чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕг кӕд дзуттаг уыд, уӕд зыдтаид Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй дӕр ӕмӕ сӕ Йегъовӕ кӕм ӕрцӕрын кодта, уыцы дзӕнӕты тыххӕй дӕр. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, Йесо цы дзӕнӕты кой скодта, уый кӕй уыдзӕн рӕсугъд цӕхӕрадон зӕххыл. (Бакӕс Райдиан 2:15.)

4. Йесо, чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕгӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон кӕсгӕйӕ нӕ цы фӕфӕнды базонын?

4 Йесойы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ нӕ фӕфӕнды базонын, дзӕнӕты цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Цыдӕртӕ базонӕн ис, паддзах Соломоны рӕстӕг Израилы адӕм куыд цардысты, уымӕй. Йесо та у Соломонӕй дӕр уӕлдӕр. Ӕмӕ йӕ зонӕм, Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон зӕххыл диссаджы цард кӕй скӕндзысты (Матф. 12:42). Ӕмӕ «ӕндӕр фысты» хъӕуы зонын, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 10:16).

ДЗӔНӔТЫ ЦАРД ЦЫХУЫЗӔН УЫДЗӔН?

5. Дзӕнӕтыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ цӕстытыл цы ауайы?

5 Дзӕнӕты цард цыхуызӕн уыдзӕн, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ цӕстытыл цы ауайы? Чи зоны, дӕ цӕстытыл ауайы Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн рӕсугъд парк (Райд. 2:7–9). Чи зоны та дӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы Михейы пехуымпарад, зӕгъгӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр «баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын» (Мих. 4:3, 4). Кӕнӕ та, чи зоны, ӕрхъуыды кӕныс, хӕринаг парахатӕй кӕй уыдзӕн, уый кой кӕм ис, уыцы стихтӕ (Пс. 72:16; Ис. 65:21, 22). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕ цӕстытыл ауайы, бӕлӕсты бын рӕсугъд бынаты дзаджджын фынджы уӕлхъус куыд бадыс, уый. Фынгыл ис алыхуызон хӕрзад хӕринӕгтӕ. Дӕ фындзыл уайы дидинджыты адджын тӕф. Дӕ бинонтӕ ӕмӕ де ’мбӕлттӕ, чи райгас, уыдонимӕ иумӕ сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитынц, ӕмӕ сын сӕ худын хъусыс. Уыдӕттӕ фын не сты. Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, зӕххыл ахӕм цард кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ ма нын дзӕнӕты уыдзӕн, зӕрдӕ кӕмӕй райдзӕн, ахӕм куыст дӕр.

Мах кӕндзыстӕм тынг ахсджиаг куыст: чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕмы ахуыр кӕндзыстӕм (кӕс 6 абзац)

6. Ӕркӕс нывмӕ. Дзӕнӕты цы араздзыстӕм?

6 Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй нын нӕ фыдӕбон циндзинад хӕсса (Еккл. 2:24). Ӕмӕ нын уӕлдайдӕр тынг бирӕ куыст уыдзӕн Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕг. Стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн ӕмӕ цы милуангай адӕм райгас уыдзӕн, уыдоны хъӕудзӕн дзаумӕттӕ, хӕринаг ӕмӕ хӕдзӕрттӕ. Уый тыххӕй нӕ хъӕудзӕн бирӕ кусын. Ӕмӕ уыцы куыстӕй нӕ зӕрдӕ райдзӕн. Адам ӕмӕ Евӕйы хъуыди Едемы цӕхӕрадонмӕ зилын. Афтӕ мах дӕр хъӕудзӕн зӕххӕй дзӕнӕт аразын. Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъӕудзӕн, чи райгас уа, уыцы милуангай адӕмы ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыдон Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕнды тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕ зыдтой. Стӕй ма нӕ хъӕудзӕн, Йесойӕ бирӕ раздӕр чи цард, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй фылдӕр базоной. Ахъуыды-ма кӕн, уыдӕттӕ нын цы циндзинад хӕсдзысты!

7. Фидарӕй нӕ цы уырны ӕмӕ цӕмӕн?

7 Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, дзӕнӕты цард кӕй уыдзӕн фӕрнӕйдзаг, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуа, уый нын кӕй уыдзӕн ӕмӕ алцыдӕр кӕй уыдзӕн уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Уый нӕ цӕмӕн уырны? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ равдыста, Чырыстийы Паддзахады дӕлбар цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Фенӕм-ма, паддзах Соломоны рӕстӕг Израилы адӕм куыд цардысты, уый.

СОЛОМОНЫ ХИЦАУДЗИНАД ӔМӔ ФИДӔНЫ ДЗӔНӔТ

8. Псалом 37:10, 11, 29 стихты ныхӕстӕ раджы заман куыд сӕххӕст сты? (Кӕс ацы номыры «Кӕсджыты фарстатӕ».)

8 Паддзах Давид ныффыста, фидӕны зондджын ӕмӕ иузӕрдион паддзахы дӕлбар цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый тыххӕй. (Бакӕс Псалом 37:10, 11, 29.) Адӕмимӕ, фидӕны зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд сын арӕх бакӕсӕм Псалом 37:11 стих. Ӕмӕ йӕ дзӕгъӕлы нӕ бакӕсӕм. Йесо ацы ныхӕстӕ ӕрхаста йӕ зындгонд раныхасы ӕмӕ бамбарын кодта, фидӕны кӕй сӕххӕст уыдзысты (Матф. 5:5). Фӕлӕ ма Давиды ныхӕстӕй базонӕн уыд, паддзах Соломоны рӕстӕг цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый дӕр. Йӕ рӕстӕджы Хуыцауы адӕм, «ӕхсыр ӕмӕ мыд» кӕм калд, уыцы зӕххыл цӕргӕйӕ хайджын уыдысты бирӕ фарнӕй ӕмӕ сын алцыдӕр уыд парахатӕй. Уый размӕ сын Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, кӕд дарддӕр дӕр мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрат, уӕд уын «уыцы зӕххыл ратдзынӕн сабырдзинад, ӕмӕ-иу куы схуыссат, уӕд никӕмӕй тӕрсдзыстут» (Лев. 20:24; 26:3, 6). Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты Соломоны хицаудзинады рӕстӕг (1 Аз. 22:9; 29:26–28). Ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, фыдгӕнджытӕ кӕй «нал уыдзӕн» (Пс. 37:10). Уӕдӕ Псалом 37:10, 11, 29 стихты ныхӕстӕ сӕххӕст сты раджы заман дӕр ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст уой фидӕны дӕр.

9. Савӕйы ус-паддзах Соломоны хицаудзинады тыххӕй цы загъта?

9 Паддзах Соломоны тыххӕй ӕмӕ, Израилы адӕм куыд цӕрынц, уый тыххӕй фехъуыста Савӕйы ус-паддзах. Уый дард бӕстӕйӕ Иерусалиммӕ ӕрцыд, цӕмӕй, цы фехъуыста, уый йӕхи цӕстӕй федтаид (1 Пад. 10:1). Уый фӕстӕ Соломонӕн загъта: «Се ’мбис дӕр [мын]... нӕ радзырдтой. […] Куыд амондджын сты дӕ адӕм! Куыд амондджын сты дӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕдзух дӕ разы чи лӕууы ӕмӕ дын дӕ зондмӕ чи хъусы!» (1 Пад. 10:6–8). Фӕлӕ, Соломоны рӕстӕг Израилы адӕм куыд цардысты, уымӕй Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр иу гыццыл равдыста, йӕ Фырты хицаудзинады рӕстӕг адӕмӕн хорзӕй цы сараздзӕн, уый.

10. Йесо Соломонӕй уӕлдӕр цӕмӕй у?

10 Йесо алцӕмӕй дӕр у Соломонӕй уӕлдӕр. Соломон уыд ӕнӕххӕст ӕмӕ стыр рӕдыдтытӕ сарӕзта. Уый тыххӕй Хуыцауы адӕм бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Йесо та у ӕххӕст Хицау ӕмӕ никуы фӕрӕдийы (Лук. 1:32; Дзут. 4:14, 15). Кӕд ын Хӕйрӕг бирӕ цыдӕртӕ бавзарын кодта, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Чырысти равдыста, тӕригъӕд кӕй никуы сараздзӕн кӕнӕ, йӕ дӕлбар чи уа, уыцы иузӕрдион адӕмӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, ахӕмӕй кӕй ницы сараздзӕн. Тӕхудиаг не стӕм, ахӕм Паддзах кӕмӕн ис!

11. Йесойӕн чи ӕххуыс кӕндзӕн?

11 Йесоимӕ иумӕ паддзӕхтӕ уыдзысты 144 мины (Рарг. 14:1–3). Уыдон Йесоимӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты ӕмӕ, Йегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзысты. Зӕххыл цӕргӕйӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты. Уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмы хорз ӕмбардзысты. Фӕлӕ цымӕ уыцы 144 мины бӕлвырдӕй цы араздзысты?

СӔРСТЫТӔ ЦЫ АРАЗДЗЫСТЫ?

12. Йегъовӕ 144 минӕн цы бахӕс кӕндзӕн?

12 Йесойыл ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоныл Соломонӕй стырдӕр хӕс уыдзӕн. Соломоны дӕлбар уыд цалдӕр мин адӕймаджы ӕрмӕстдӕр иу бӕстӕйы. Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонӕн та сӕ дӕлбар уыдзӕн миллиардгай адӕм ӕгас зӕххыл дӕр. Йегъовӕ 144 мины цӕй стыр кады аккаг скодта!

13. Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон цавӕр ахсджиаг куыст кӕндзысты?

13 Йесойау 144 мины дӕр уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 5:10). Моисейы закъон йӕ тыхы куы уыд, уӕд сауджынтӕ адӕмӕн сӕйраджыдӕр ӕххуыс кодтой, цӕмӕй уыдаиккой ӕнӕниз ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахс. Фӕлӕ закъон «фидӕны хорздзинӕдтӕн... сӕ аууон» уыд (Дзут. 10:1). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уой ӕнӕниз ӕмӕ алкӕддӕр уой Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Ныр ӕй нӕма зонӕм, уыцы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтдзысты. Йегъовӕ уый куыдфӕнды ма сараза, мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар адӕмӕн лӕвӕрд кӕй цӕудзӕн хъӕугӕ разамынд (Рарг. 21:3, 4).

«ӔНДӔР ФЫСТӔ» ЦЫ ХЪУАМӔ АРАЗОЙ, ЦӔМӔЙ ДЗӔНӔТЫ ЦӔРОЙ?

14. «Ӕндӕр фыстӕ» ӕмӕ «гыццыл дзуг» кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты?

14 Йесо, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны схуыдта «гыццыл дзуг» (Лук. 12:32). Дзырдта ма дыккаг къорды тыххӕй дӕр, схуыдта йӕ «ӕндӕр фыстӕ». Уыцы дыууӕ къорды сты иу дзуг (Иоан. 10:16). Уыдон ныр дӕр ӕмгуыст кӕнынц, ӕмӕ, зӕххыл дзӕнӕт куы уа, уӕд дӕр ӕмгуыст кӕндзысты. Уӕдмӕ, «гыццыл дзугмӕ» чи хауы, уыдон иууылдӕр уыдзысты уӕлӕрвты. «Ӕндӕр фыстӕн» та уыдзӕн ныфс, зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Фӕлӕ «ӕндӕр фысты» абон дӕр хъӕуы цыдӕр аразын, цӕмӕй дзӕнӕты цӕрой.

Ныртӕккӕ дӕр нӕ бон у равдисын, нӕхи дзӕнӕты цӕрынмӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый (кӕс 15 абзац) b

15. а) «Ӕндӕр фыстӕ» Чырыстийы ӕфсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕнынц? б) Ӕркӕс нывмӕ. Дӕ бон куыд у, аптекӕйы чи ис, уыцы ӕфсымӕры бафӕзмын?

15 Чи ’рфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕгӕн нӕ уыд фадат, цӕмӕй хъуыддагӕй равдыстаид, Чырысти цы сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй уыд, уый. Фӕлӕ абон махӕн, «ӕндӕр фыстӕн», ис бирӕ фадӕттӕ, цӕмӕй равдисӕм, Йесойы кӕй уарзӕм. Зӕгъӕм, уый равдисӕм, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ын кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй. Йесо загъта, тӕрхон куы кӕна, уӕд уымӕ гӕсгӕ кӕй скъуыддзаг кӕндзӕн, «фыстӕ» чи сты ӕмӕ «сӕгътӕ» чи сты, уый (Матф. 25:31–40). Нӕ бон у Чырыстийы ӕфсымӕртӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнын хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн (Матф. 28:18–20). Цӕмӕй уыцы хъуыддӕгты ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы ахуыр кӕнӕм, уыцы кусӕнгӕрзтӕй хорз пайда кӕнын. Иу дзы у чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Кӕд нырма Библи никӕимӕ ахуыр кӕныс, уӕд дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн зӕгъай Библи ахуыр кӕныны тыххӕй.

16. Ныртӕккӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрынмӕ?

16 Мах нӕ хъӕуы, дзӕнӕты куы цӕрӕм, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕй суӕм, Йегъовӕ йӕ цавӕр адӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, ахӕм адӕймӕгтӕ. Ныртӕккӕ дӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, ма сайӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зонӕм. Стӕй ма хъуамӕ Йегъовӕйыл, нӕ цардӕмбалыл ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл иузӕрдион уӕм. Ацы фыддунейы цӕргӕйӕ цас тынгдӕр архайӕм Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн дзӕнӕты дӕр уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын. Нӕ удыхъӕды, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ куы фидар кӕнӕм ӕмӕ нӕ ног дунейы чи бахъӕудзӕн, ахӕм куыстытыл куы ахуыр кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, нӕхи дзӕнӕты цӕрынмӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм. Уый тыххӕй дӕ бон у бакӕсын ацы номыры статьяйы «Цӕттӕ дӕ „зӕхх бынӕн райсынмӕ“?».

17. Нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй нӕхи цӕуылнӕ хъуамӕ хӕрӕм?

17 Ноджыдӕр ма хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй нӕхи ма хӕрӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды «зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразын», зӕгъгӕ нын сӕ уӕддӕр Хуыцау Чырыстийы нывонды фӕрцы ныххатыр кӕндзӕн (Дзут. 10:26–31). Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: кӕд нӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодтам, Йегъовӕйӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракуырдтам ӕмӕ уыцы ’взӕр хъуыддаг ныууагътам, уӕд нын бынтондӕр ныххатыр кодта (Ис. 55:7; Хъуыд. 3:19). Хъуыды йӕ кӕнӕм, Йесо фарисейтӕн цы загъта: «Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты» (Матф. 9:13). Йесойы нывондӕн ахӕм тых ис, цӕмӕй нын не ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр бамбӕрза.

ДӔ БОН У ӔНУСТӔМ ДЗӔНӔТЫ ЦӔРЫН

18. Йесойы фарсмӕ ауыгъд чи уыд, уыцы фыдгӕнӕджы цӕмӕй бафӕрсис?

18 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: ды дӕ дзӕнӕты ӕмӕ ныхас кӕныс, Йесойы фарсмӕ ауыгъд чи уыд, уыцы фыдгӕнӕгимӕ. Уӕ кӕрӕдзийӕн дзурут, Хуыцауӕй Йесойы нывонды тыххӕй куыд бузныг стут. Чи зоны йӕ бафӕрсдзынӕ: «Йесойы зӕххон царды фӕстаг сахӕтты цы ’рцыд? Афтӕ дын куы загъта, уыдзынӕ мемӕ дзӕнӕты, зӕгъгӕ, уӕд цы банкъардтай?» Уый та дӕ, чи зоны, бафӕрса: «Хӕйрӕджы дунейы фӕстаг бонты куыд цардыстут?» Цӕй стыр кад нын уыдзӕн ахӕм адӕмимӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын! (Еф. 4:22–24).

Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕг ӕфсымӕр цингӕнгӕйӕ ахуыр кӕны, цы аразынмӕ бӕллыд, ууыл (кӕс 19 абзац)

19. Дзӕнӕты куы цӕрӕм, уӕд ӕнкъард цӕуылнӕ кӕндзыстӕм? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

19 Дзӕнӕты ӕнкъард никуы кӕндзыстӕм! Ӕмбӕлдзыстӕм алыхуызон адӕмыл, стӕй нын алкӕддӕр уыдзӕн, нӕ зӕрдӕ кӕмӕй райдзӕн, ахӕм куыст. Ӕппӕты хуыздӕр та уый уыдзӕн, ӕмӕ бонӕй-бонмӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ-иу ӕй хуыздӕр базондзыстӕм. Афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй, ногӕй цы базонӕм, уый ма уа. Ӕмӕ нӕ бон цас цыдӕртӕ уыдзӕн базонын, цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй. Мах алы бон дӕр цин кӕндзыстӕм йӕ лӕвӕрттыл. Цас фылдӕр цӕрӕм, уыйас Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзыстӕм. Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ куыд бузныг стӕм, зӕрдӕ нын кӕй бавӕрдтой, ӕнустӕм дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм, уый тыххӕй!

22 ЗАРӔГ Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!

a Дзӕнӕты цард цыхуызӕн уыдзӕн, ууыл арӕх фӕхъуыды кӕныс? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ ныфсыл ныфс бафты. Йегъовӕ нын фидӕны цы сараздзӕн, ууыл цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас нӕ зӕрдиагдӕрӕй фӕнддзӕн иннӕтӕн дӕр ног дунейы тыххӕй дзурын. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм, Йесо цы дзӕнӕты кой кодта, уый ӕцӕгдӕр кӕй уыдзӕн, ууыл.

b НЫВ. Ног дунейы, чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕмы ахуыр кӕнын чи фӕнд кӕны, уыцы ӕфсымӕр ныр дӕр иннӕтӕн рӕстдзинад амоны.