Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕттӕ дӕ «зӕхх бынӕн райсынмӕ»?

Цӕттӕ дӕ «зӕхх бынӕн райсынмӕ»?

ЙЕСО загъта: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты» (Матф. 5:5). Мах не ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ацы ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Сӕрст чырыстӕттӕ зӕхх бынӕн райсдзысты, уӕлӕрвты паддзӕхтӕ куы суой ӕмӕ Йесоимӕ зӕххӕн разамынд куы дӕттой, уӕд (Рарг. 5:10; 20:6). Ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр та ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уымӕ. Уыдон уыдзысты ӕххӕст ӕмӕ амондджын, ӕмӕ сын уыдзӕн сабыр, ӕнӕмӕт цард. Фӕлӕ цӕмӕй ахӕм уавӕрты цӕрой, уый тыххӕй сӕ хъӕудзӕн цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын. Аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕйыл: хъӕудзӕн сӕ зӕххӕй дзӕнӕт аразын, чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн, цӕмӕй хъӕуа, уымӕй ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, абон дӕр нӕ бон куыд у равдисын, кӕй нӕ фӕнды ног дунейы уыцы хъуыддӕгтӕ аразын.

ЗӔХХӔЙ ДЗӔНӔТ АРАЗЫНМӔ ЦӔТТӔ ДӔ?

Йегъовӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райд. 1:28). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ ӕппынфӕстаг зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ суыдаид дзӕнӕт. Ӕмӕ, зӕхх бынӕн чи райсдзӕн, уыдоны дӕр хъӕудзӕн ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайын. Фӕлӕ Едемы цӕхӕрадон нал ис, ӕмӕ зӕххӕн йӕ кӕцыдӕр хай дзӕнӕт нӕ уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нын Армагеддоны хӕдфӕстӕ уыдзӕн бирӕ куыст. Хъӕудзӕн нӕ зӕхх ссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ йӕм базилын.

Израилӕгтӕ Вавилонӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд уыдоны дӕр хъуыди ахӕм куыст кӕнын. 70 азы дӕргъы сӕ зӕххыл цӕрӕг нӕ уыд. Фӕлӕ пехуымпар Исай загъта, Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы сӕ бӕстӕйӕ ногӕй кӕй скӕндзысты диссаджы бынат цӕрынӕн. Исайы пехуымпарады фыст ис, зӕгъгӕ йын Йегъовӕ «йӕ ӕдзӕрӕг быдыр... скӕндзӕн Едемы хуызӕн, йӕ хус бынӕттӕ – Йегъовӕйы цӕхӕрадоны хуызӕн» (Ис. 51:3). Ӕмӕ израилӕгтӕн алцыдӕр бантыст. Раст афтӕ, зӕхх бынӕн чи райсдзӕн, уыдон дӕр Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы зӕххӕй дзӕнӕт сараздзысты. Ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр дӕ бон у равдисын, кӕй дӕ фӕнды уыцы хъуыддаджы архайын.

Зӕгъӕм, дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй дӕ хӕдзар ӕмӕ дӕ кӕрт ӕфснайд ӕмӕ сыгъдӕг уой, кӕд дӕ сыхӕгтӕ афтӕ нӕ кӕнынц, уӕддӕр. Дӕ бон ма у Паддзахады зал ӕмӕ Конгрессты зал ӕфснайынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн ӕххуыс кӕнын. Кӕд дӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд ма дӕ бон у курдиат байдзаг кӕнын, цӕмӕй-иу дӕм фӕдзурой, бӕллӕх кӕм ӕрцыд, уым баххуыс кӕнынмӕ. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, цӕттӕ кӕй дӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнынмӕ, куы бахъӕуа, уӕд. Стӕй дӕ бон у ныр ахуыр кӕнын, зӕхх бынӕн куы райсай, уӕд дӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм куыстытыл.

ЧИ РАЙГАС УЫДЗӔН, УЫДОНӔН ӔХХУЫС КӔНЫНМӔ ЦӔТТӔ ДӔ?

Йесо Иаиры чызджы куы райгас кодта, уӕд уайтагъд загъта, цӕмӕй йын исты бахӕрын кодтаиккой (Мар. 5:42, 43). 12-аздзыд чызджы фаг хӕринаг ссарын зын нӕ уыд. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, цас куыст уыдзӕн, Йесо йӕ зӕрдӕвӕрд куы сӕххӕст кӕна, уӕд, зӕгъгӕ, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты»! (Иоан. 5:28, 29). Библийы мӕрдты райгасы тыххӕй бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ фыст нӕй. Фӕлӕ йӕ ӕмбарӕм, чи райгас уыдзӕн, уыдоны кӕй хъӕудзӕн хӕринаг, дзаумӕттӕ ӕмӕ, кӕм цӕрой, уый. Ӕмӕ сын хъӕудзӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сын уыдӕттӕ уа. Дӕ бон у ныртӕккӕ равдисын, уымӕ цӕттӕ кӕй дӕ. Аныхас кӕнӕм цалдӕр фарстайыл.

Дӕ бон куыд у равдисын, зӕхх бынӕн райсынмӕ цӕттӕ кӕй дӕ?

Уе ’мбырды куы фехъусын кӕнынц, районон цӕстдарӕг уӕ кӕй бӕрӕг кӕндзӕн, уӕд ӕй сихор бахӕрынмӕ фӕхоныс? Вефилы чи лӕггад кӕны, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн куы зӕгъой, Вефилы кӕй нал лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йӕ уе ’мбырдмӕ куы снысан кӕной кӕнӕ ӕфсымӕр районон цӕстдарӕгӕй куы нал лӕггад кӕна, уӕд ын дӕ бон нӕ уаид, кӕм цӕрдзӕн, ахӕм бынат ссарынӕн баххуыс кӕнын? Кӕм цӕрыс, уым регионалон кӕнӕ сӕрмагонд конгресс куы уа, уӕд дӕ бон нӕ уаид конгрессы размӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ, кӕм хъӕуа, уым баххуыс кӕнын кӕнӕ, конгресмӕ ӕндӕр рӕттӕй чи ’рцыд, уыдоны размӕ рацӕуын ӕмӕ сын ӕгасцуай зӕгъын?

ЧИ РАЙГАС УЫДЗӔН, УЫДОНЫ АХУЫР КӔНЫНМӔ ЦӔТТӔ ДӔ?

Хъуыддӕгты 24:15 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ миллиардгай адӕм райгас уой. Уыдонӕй бирӕтӕн Йегъовӕйы базоныны фадат нӕ уыд. Фӕлӕ куы райгас уой, уӕд сын уыцы фадат фӕзындзӕн a. Ӕмӕ сӕ ахуыр кӕндзысты Хуыцауы иузӕрдион, фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджытӕ (Ис. 11:9). Хо Шарлоттӕ хъусын кодта Европӕйы, Хуссар Америкӕйы ӕмӕ Африкӕйы. Уый цингӕнгӕйӕ загъта: «Уыцы рӕстӕг ма тагъддӕр куы ’рцӕуид! Тынг мӕ фӕнды, чи райгас уыдзӕн, уыдоны ахуыр кӕнын. Кӕддӕр чи цард, ахӕм адӕймаджы тыххӕй куы фӕкӕсын, уӕд арӕх ахъуыды кӕнын: „Гъеныр ацы адӕймаг Йегъовӕйы куы зыдтаид, уӕд йӕ цард бынтон ӕндӕрхуызон уыдаид“. Тынг мӕ фӕнды, чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн Йегъовӕйы тыххӕй радзурын, стӕй, куы йын лӕггад кӕной, уӕд куыд амондджын уыдзысты, уый тыххӕй».

Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ чи цард, суанг уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дӕр хъӕудзӕн бирӕ цыдӕртӕ базонын. Зӕгъӕм, Данел ныффыста пехуымпарӕдтӕ, фӕлӕ дзы кӕцыдӕртӕ не ’мбӕрста (Дан. 12:8). Ӕмӕ нӕм ахӕм кад куы ’рхауа, цӕмӕй, куыд сӕххӕст сты, уый йын бамбарын кӕнӕм, уӕд куыд цин кӕндзыстӕм! Кӕнӕ дӕ нӕ фӕндид Руф ӕмӕ Ноеминӕн радзурын, сӕ бинонтӕ дӕр Мессийӕйы хӕдзарвӕндагмӕ кӕй бахаудысты? Адӕмы ахуыр кӕндзыстӕм ӕгас зӕххыл дӕр, ӕмӕ нын уыцы куыст хӕсдзӕн стыр циндзинад. Ацы фыддуне нӕ куыд хъыгдары ӕмӕ куыд къуылымпы кӕны, афтӕ нӕ ницыуал хъыгдардзӕн.

Дӕ бон куыд у ныртӕккӕ равдисын, цӕттӕ кӕй дӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдоны ахуыр кӕнынмӕ? Архай, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнай (Матф. 24:14). Чи зоны, азтӕ дыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕ бон нӕу, цас дӕ фӕнды, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Фӕлӕ, цы аразыс, уымӕй бӕрӕг у, цӕттӕ кӕй дӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдоны ахуыр кӕнынмӕ.

Цӕй цы, ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, зӕхх бынӕн кӕд райсдзынӕ, уымӕ? Фӕнды дӕ зӕххӕй дзӕнӕт аразын, чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын? Кӕд о, уӕд абон дӕр араз, зӕхх бынӕн куы райсай, уӕд кӕй араздзынӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕ.

a Кӕс статья «„Бирӕты рӕстдзинадмӕ“ ӕрбакӕндзысты» 2022 азы сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».