Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!

Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!

«Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Чырыстийы къухы» (РАРГ. 11:15).

22 ЗАРӔГ Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Дунейы цытӕ цӕуы, уымӕ кӕсгӕйӕ цы ис зӕгъӕн?

 ДУНЕЙЫ цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ, мыййаг, дӕ ныфс асӕтты ӕмӕ фӕхъуыды кӕныс, искуы ма ацы фыдцардӕн кӕрон уыдзӕн, зӕгъгӕ? Бинонтӕ кӕрӕдзи нал уарзынц, адӕм бонӕй-бонмӕ ӕгъатырдӕр ӕмӕ знӕтдӕр кӕнынц, бирӕты сӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт ис. Бирӕтӕ хицӕуттыл нал ӕууӕндынц. Фӕлӕ нӕ иннӕмӕй та ахӕм хабӕрттӕ ныфс уадзынц. Цӕмӕн? Библийы ис пехуымпарад, «фӕстаг бонты» адӕм цыхуызӕн суыдзысты, уый тыххӕй (2 Тим. 3:1–5). Ӕмӕ йӕ нӕхи цӕстӕй уынӕм, уыцы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц. Бирӕтӕ сразы вӕййынц, ӕцӕгдӕр афтӕ у, зӕгъгӕ. Ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесо Чырысти сси Паддзах Хуыцауы Паддзахады. Фӕлӕ ма Библийы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ис бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ. Ӕмӕ, нӕ рӕстӕджы куыд сӕххӕст сты, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн.

Данелы ӕмӕ Раргомады чингуыты пехуымпарӕдтӕ сты иу пазлы хӕйтты хуызӕн, ӕмӕ сӕ куы баиу кӕнӕм, уӕд дзы рауайдзӕн иу ныв. Уый фӕрцы базонӕн ис, Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, кӕцы рӕстӕджы цӕрӕм, уый (кӕс 2 абзац)

2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ уый фӕрцы цы базондзыстӕм? (Радзур, ӕддаг цъарыл цы ныв ис, ууыл цы ис ӕвдыст.)

2 Ацы статьяйы цы пехуымпарӕдтӕм ӕркӕсдзыстӕм, уыдонӕй базондзыстӕм дзуапп ахӕм фарстатӕн: 1) Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? 2) Чырысти уӕлӕрвты Паддзах кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг? 3) Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕн сӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн? Ацы пехуымпарӕдтӕ сты иу пазлы хӕйтты хуызӕн, ӕмӕ сӕ куы баиу кӕнӕм, уӕд дзы рауайдзӕн иу ныв. Ӕмӕ фендзыстӕм, Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, кӕцы рӕстӕджы цӕрӕм, уый.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ӔВӔРД КӔД ӔРЦЫД?

3. Данелы 7:13, 14 стихты цы пехуымпарад ис, уымӕй нӕ бон цы у базонын Хуыцауы Паддзахады Паддзахы тыххӕй?

3 Данелы 7:13, 14 стихты фыст ис, Йесо Чырысти кӕй хъуамӕ суыдаид Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Ӕмӕ уымӕй хуыздӕр никӕй уыд уыцы бынаты сӕвӕрӕн. Алы адӕмыхӕттытӕй дӕр ын адӕм цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзысты, ӕмӕ йӕ бӕсты уыцы Паддзахады сӕргъы ӕвӕрд ӕндӕр ничи ’рцӕудзӕн. Данелы чиныджы ма ӕндӕр пехуымпарады фыст ис, Йесо Паддзах кӕй хъуамӕ суыдаид, авд рӕстӕджы куы рацыдаид, уӕд. Куыд ис базонӕн, Паддзах кӕд сси, уый?

4. Бамбарын кӕн, Данелы 4:10–17 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куыд ис банымайӕн, Йесо Паддзах кӕцы аз хъуамӕ суыдаид, уый. (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

4 Бакӕс Данелы 4:10–17. «Авд рӕстӕджы» сты 2 520 азы ӕмӕ райдыдтой н. э. размӕ 607 азы. Уыцы аз вавилойнӕгтӕ, Иерусалимы Йегъовӕйы паддзахбадӕныл чи бадт, уыцы паддзӕхтӕй фӕстагӕн йӕ бартӕ байстой. «Авд рӕстӕджы» фесты 1914 азы, Йегъовӕ Йесойы – «бар кӕмӕн ис, уый» – йӕ Паддзахады Паддзахӕй куы сӕвӕрдта, уӕд (Йез. 21:25–27) *.

5. «Авд рӕстӕджы» тыххӕй пехуымпарад кӕй зонӕм, уый нын цы пайда хӕссы?

5 Ацы пехуымпарад кӕй зонӕм, уый нын цы пайда хӕссы? «Авд рӕстӕджы» тыххӕй пехуымпарад кӕй ӕмбарӕм, уый фӕрцы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ йӕ рӕстӕгыл кӕй сӕххӕст кӕны, ууыл. Йегъовӕ йӕ Паддзахад ӕрӕвӕрдта, уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, растдӕр гъеуӕд. Ӕмӕ иннӕ пехуымпарӕдтӕ дӕр иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн, цы рӕстӕг сын сӕмгъуыд кодта, растдӕр уыцы рӕстӕг. Ӕмӕ Йегъовӕйы бон «нӕ байрӕджы кӕндзӕн»! (Ав. 2:3).

ЧЫРЫСТИ ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ ПАДДЗАХ КӔЙ У, УЫЙ КӔЦӔЙ ЗОНӔМ?

6. а) Йесо уӕлӕрвты Паддзах кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг? б) Раргомады 6:2–8 стихты цы пехуымпарад ис, уый дӕр куыд бӕлвырд кӕны, Йесо Паддзах кӕй у, уый?

6 Йесойӕн зӕххыл йӕ лӕггад кӕронмӕ куы ’рцӕйхӕццӕ кодта, уӕд загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цавӕр хабӕрттӕм гӕсгӕ базондзысты, уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси, уый. Йесо ракодта хӕстыты, ӕххормагдзинады ӕмӕ зӕххӕнкъуыстыты кой. Стӕй загъта, «куы иу ран, куы иннӕ ран» кӕй уыдзӕн фыднизтӕ. Ӕмӕ уымӕн иу цӕвиттон у коронавирусы пандемийӕ. Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр Библи хоны, Чырысти уӕлӕрвты Паддзах кӕй у, уымӕн «йӕ нысан» (Матф. 24:3, фип., 7; Лук. 21:7, 10, 11). Йесо куы амард, куы райгас ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уымӕй 60 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд та апостол Иоаннӕн ногӕй бамбарын кодта, ахӕм хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн. (Бакӕс Раргомад 6:2–8.) Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ цӕуынц, Йесо 1914 азы Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ.

7. Йесо Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕххыл уыйбӕрц бӕллӕхтӕ ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы?

7 Йесо Паддзах куы сси, уый фӕстӕ дунейы уавӕр цӕмӕн фӕфыддӕр? Раргомад 6:2 стихӕй базонӕн ис, Паддзах куы сси, уӕд фыццаг цы хъуамӕ сарӕзтаид, уый. Хъуамӕ схӕцыдаид йе знӕгтимӕ. Ӕмӕ чи сты? Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ. Раргомады 12-ӕм сӕры фыст ис, Хӕйрӕг састы бынаты кӕй баззад, ӕмӕ йын Йесо йӕхи дӕр ӕмӕ дӕлимонты дӕр зӕхмӕ кӕй ӕрӕппӕрста. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг мӕстӕй фыцы ӕмӕ адӕмыл йӕ пырх калы. Ӕмӕ зӕххыл уый тыххӕй цӕуы уыйбӕрц бӕллӕхтӕ ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ (Рарг. 12:7–12).

Ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй цӕуы, уый нын ӕхсызгон нӕу. Фӕлӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый фӕрцы фидарӕй зонӕм, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста (кӕс 8 абзац)

8. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый кӕй уынӕм, уый нын цы пайда хӕссы?

8 Ацы пехуымпарӕдтӕ кӕй зонӕм, уый нын цы пайда хӕссы? Дунейы цытӕ цӕуы ӕмӕ адӕм тынг кӕй фӕивтой, уымӕй нӕ бон у базонын, Йесо ныр Паддзах кӕй у. Уӕдӕ, бирӕтӕ хиуарзон кӕй сты ӕмӕ иннӕтӕй се сӕфт кӕй уынынц, уый уынгӕйӕ хъуамӕ ма мӕсты кӕнӕм. Фӕлӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, афтӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, ууыл. Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста! (Пс. 37:1). Ӕмӕ Армагеддон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕндзӕн (Мар. 13:8; 2 Тим. 3:13). Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц, уый нын нӕ уӕларвон Фыд кӕй ӕмбарын кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг нӕ дӕ?

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ ЗНӔГТӔН СӔ КӔРОН КУЫД ӔРЦӔУДЗӔН?

9. Данелы 2:28, 31–35 стихты фӕстаг дунеон паддзахады тыххӕй цы ис фыст ӕмӕ кӕд фӕзынд?

9 Бакӕс Данелы 2:28, 31–35. Ацы пехуымпарад абон ӕххӕст кӕны. Навуходоносоры фын амыдта, «фӕстаг бонты», ома Йесо Паддзах куы суа, уый фӕстӕ, цы уыдзӕн, уымӕ. Йесойы зӕххон знӕгтӕм хауы, Библимӕ гӕсгӕ фӕстаг дунеон паддзахад чи у, уый дӕр. Уыцы дунеон паддзахад гуымирыйӕн йӕ кӕцы хай у? Йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ. Ӕмӕ сты «кӕм ӕфсӕйнагӕй, кӕм ӕлыгӕй». Уыцы дунеон паддзахад фӕзынд Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг, Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ бадзырд куы скодтой ӕмӕ иумӕ архайын куы райдыдтой, уӕд. Навуходоносор цы фын федта, уымӕй ма базонӕн ис, уыцы дунеон паддзахад, йӕ размӕ цы дунеон паддзахӕдтӕ уыд, уыдонӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый. Сты дыууӕ хъуыддаджы.

10. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Данелы пехуымпарады Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ хорз ӕвдыст сты? б) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хъахъхъӕнӕм? (Кӕс рамкӕ  «Дӕхи хъахъхъӕн ӕлыгӕй!».)

10 Фыццаг: йӕ размӕ цы дунеон паддзахӕдтӕ уыд, уыдон ӕвдыст сты сыгъдӕг згъӕртӕй, зӕгъӕм, сызгъӕринӕй кӕнӕ ӕвзистӕй. Ацы дунеон паддзахад та ӕвдыст у ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй, сты иумӕ хӕццӕ. Ӕлыг амоны «адӕймаджы байзӕддӕгтӕм», ома хуымӕтӕг адӕммӕ (Дан. 2:43). Адӕм архайынц ӕвзӕрстыты, сӕ бартыл тох кӕнынц, скӕнынц профсоюзтӕ ӕмӕ рацӕуынц демонстрацитӕм. Уыдӕтты тыххӕй ацы дунеон паддзахад лӕмӕгъдӕр кӕны ӕмӕ йӕ бон нӕ вӕййы, цы сфӕнд кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр саразын.

11. Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ, куыд иу дунеон паддзахад, афтӕ кӕй архайынц, уымӕ гӕсгӕ нӕ тынгдӕр цӕмӕн уырны, кӕроны рӕстӕг кӕй цӕрӕм?

11 Дыккаг: гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ Великобританимӕ ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕм кӕй амонынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ уый у фӕстаг дунеон паддзахад. Йӕ бӕсты ӕндӕр паддзахад дунеон паддзахад нал суыдзӕн. Хуыцауы Паддзахад ӕй фесафдзӕн Армагеддоны ӕмӕ ма уыимӕ иннӕ зӕххон хицауӕдтӕ дӕр иууылдӕр (Рарг. 16:13, 14, 16; 19:19, 20) *.

12. Гуымирыйы тыххӕй пехуымпарад кӕй зонӕм, уый нын цы пайда хӕссы?

12 Ацы пехуымпарад кӕй зонӕм, уый нын цы пайда хӕссы? Данелы пехуымпарадӕй бӕрӕг у, кӕроны рӕстӕг кӕй цӕрӕм. Уыцы пехуымпарад куы ныффыста, уымӕй рацыд 2 500 азӕй фылдӕр. Данел ныффыста, Вавилоны фӕстӕ ма кӕй уыдзӕн цыппар дунеон паддзахады. Уыдон сты, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, уыцы паддзахӕдтӕ. Уымӕй уӕлдай ма Данелы пехуымпарадӕй базонӕн ис, Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ кӕй сты уыцы паддзахӕдтӕй фӕстаг. Уый нӕ стыр ныфс уадзы. Тагъд Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр фесафдзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххӕн дӕр йӕхӕдӕг разамынд дӕтдзӕн! (Дан. 2:44).

13. Раргомады 17:9–12 стихты цы «ӕстӕм паддзахы» ӕмӕ «дӕс паддзахы» кой ис, уыдон кӕмӕ амонынц ӕмӕ ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст?

13 Бакӕс Раргомад 17:9–12. Фыццаг дунеон хӕст стыр зиан кӕй ӕрхаста, уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ ма сӕххӕст ноджыдӕр иу пехуымпарад фӕстаг бонты тыххӕй. Алыхуызон бӕстӕты хицӕутты фӕндыд, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр уыдаид сабырдзинад. Гъемӕ 1920 азы январы скодтой Нациты Лигӕ. 1945 азы октябры та йӕ бӕсты скодтой Иугонд Нациты Организаци. Уыцы организаци хуыйны «ӕстӕм паддзах», фӕлӕ уый йӕхӕдӕг дунеон паддзахад нӕу. Цы бартӕ йын ис, уыдон ын дӕттынц зӕххон хицауӕдтӕ. Библи сӕ хоны «дӕс паддзахы».

14, 15. а) Раргомад 17:3–5 стихтӕй «Стыр Вавилоны» тыххӕй цы ис базонӕн? б) Мӕнг динтыл хӕст адӕмӕн сӕ хабар куыд у?

14 Бакӕс Раргомад 17:3–5. Хуыцау апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны равдыста хӕтаг сылгоймаджы. Йӕ ном у «Стыр Вавилон». Уый амоны, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдонмӕ. Ацы цӕстылуайӕнӕй цы ис базонӕн? Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр мӕнг динтӕ зӕххон хицауӕдтимӕ ӕмгуыст кодтой ӕмӕ сын сӕ къух арӕзтой. Фӕлӕ тагъд Йегъовӕ «дӕс паддзахы», ома зӕххон хицауӕдты, зӕрдӕты бавӕрдзӕн «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын». Ӕмӕ уыдон мӕнг динтыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ сӕ фесафдзысты (Рарг. 17:1, 2, 16, 17).

15 Кӕцӕй йӕ зонӕм, Стыр Вавилонӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм рагон Вавилон. Уыцы горӕт хъахъхъӕдта стыр цӕугӕдон Евфрат. Ӕмӕ Раргомады чиныг дӕр, мӕнг динтыл хӕст чи у, уыцы милуангай адӕмы бары, Стыр Вавилон чи хъахъхъӕны, ахӕм «дӕттимӕ» (Рарг. 17:15). Фӕлӕ ма дзы фыст ис, уыцы «дӕттӕ» кӕй бахус уыдзысты, ома мӕнг динтыл хӕст адӕмӕй бирӕтӕ динтыл сӕ къух сисдзысты (Рарг. 16:12). Ӕмӕ абон ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны. Бирӕтӕ мӕнг динтӕй рацыдысты ӕмӕ ӕххуыс агурын райдыдтой ӕндӕр рӕтты.

16. Иугонд Нациты Организаци кӕд фӕзынд ӕмӕ Стыр Вавилонӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон ӕмбарын ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Ацы пехуымпарӕдтӕ кӕй зонӕм, уый нын цы пайда хӕссы? Иугонд Нациты Организаци кӕй фӕзынд ӕмӕ мӕнг динтыл хӕст адӕмӕй бирӕтӕ сӕ динтӕ кӕй уадзынц, уымӕй дӕр бӕрӕг у, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм. Фӕлӕ кӕд Стыр Вавилонӕн йӕ дӕттӕ хус кӕнынц, уӕддӕр йӕ кӕрон ӕндӕрхуызон ӕрцӕудзӕн. Куыд загътам, афтӕмӕй Йегъовӕ «дӕс паддзахы» – Иугонд Нациты Организацийы фарс чи у, уыцы хицауӕдты – зӕрдӕты бавӕрдзӕн «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын». Уыцы хицауӕдтӕ ӕвиппайды мӕнг динтӕн кӕрон скӕндзысты, ӕмӕ уый ацы дунейӕн уыдзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы (Рарг. 18:8–10) *. Уыцы хабар ӕгас зӕхх дӕр банкъуысын кӕндзӕн. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, цард тынг фӕуӕззаудӕр уа. Фӕлӕ Хуыцауы адӕмӕн уый уыдзӕн цины хабар. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Стыр Вавилон – Йегъовӕйы рагон знаг – ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзӕн. Дыккаджы та уымӕн, ӕмӕ йӕ зондзыстӕм, ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у ӕмӕ дзы кӕй фервӕздзыстӕм (Лук. 21:28).

ФИДӔНМӔ НЫФСДЖЫНӔЙ КӔС

17, 18. а) Нӕ бон куыд у дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнын? б) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

17 Данел загъта, зӕгъгӕ, «раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты». Ӕмӕ уый нӕхи цӕстӕй уынӕм! Нӕ рӕстӕджы тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон ӕмбарӕм (Дан. 12:4, 9, 10). Мах уынӕм, алцыдӕр, фыст куыддӕриддӕр ӕрцыд, афтӕ кӕй ӕххӕст кӕны. Йегъовӕ ӕмӕ нӕ йӕ Ныхас дисы куыннӕ ӕфтауынц! (Ис. 46:10; 55:11). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ Библи лӕмбынӕг иртасӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой. Йегъовӕ бахъахъхъӕндзӕн, йӕ ныфс ыл ӕгасӕй дӕр чи дары, уыдоны ӕмӕ сӕ «ӕгӕрон фарнӕй» схайджын кӕндзӕн! (Ис. 26:3).

18 Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм пехуымпарӕдтӕм, фӕстаг бонты чырыстон ӕмбырд куыд архайы, уый тыххӕй. Ӕмӕ фендзыстӕм, уый дӕр кӕй у бӕлвырдгӕнӕн, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уымӕн. Стӕй фылдӕр базондзыстӕм, нӕ Паддзах Йесо йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн разамынд куыд дӕтты, уый тыххӕй.

61 ЗАРӔГ Размӕ, Ӕвдисӕнтӕ!

^ Мах цӕрӕм диссаджы рӕстӕджы! Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста, Библийы пехуымпарӕдтӕй бирӕты куыд загъд уыд, афтӕ. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм уыцы пехуымпарӕдтӕй цалдӕрмӕ. Уый фӕрцы нӕ уырнындзинад тынгдӕр сфидар уыдзӕн, нӕ ныфс Йегъовӕйыл тынгдӕр дардзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр.

^ Кӕс чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 32 урок, 4 дӕлсӕргонд. Стӕй ма сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста 1914 азы».

^ Данелы пехуымпарады тыххӕй фылдӕр кӕс 2012 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 14–19 фӕрстӕ.

^ Тагъд рӕстӕджы цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдоны тыххӕй фылдӕр кӕс чиныджы «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», 21 сӕр.