24 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йегъовӕйы хуызӕн хатыргӕнаг ничи у
«О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ, чи дӕм сиды, уыдоны се ’ппӕты дӕр рӕдауӕй тавыс де ’нувыд уарзтӕй» (ПС. 86:5).
42 ЗАРӔГ Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы куывд
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Екклесиаст 7:20 стихмӕ гӕсгӕ, паддзах Соломон цавӕр хъуыды загъта?
ПАДДЗАХ Соломон ныффыста: «Зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы ӕмӕ чи нӕ рӕдийы» (Еккл. 7:20). Уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕдджын, ӕмӕ рӕдийӕм (1 Иоан. 1:8). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй-иу нын Хуыцау дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр ныххатыр кӕной.
2. Не ’мбал нын куы ныххатыр кӕны, уӕд цы фенкъарӕм?
2 Ӕвӕццӕгӕн, искуы афтӕ уыд, ӕмӕ де ’мбалы фӕхъыг кодтай. Фӕлӕ дӕу фӕндыд, цӕмӕй бафидыдтаиккат, ӕмӕ дзы зӕрдиагӕй хатыр ракуырдтай. Ӕмӕ дын де ’мбал куы ныххатыр кодта, уӕд, хӕрзаг, тынг цин кодтай.
3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Махӕй алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ уа нӕ хуыздӕр Хӕлар. Фӕлӕ хатгай, цы фӕзӕгъӕм кӕнӕ цы саразӕм, уымӕй йӕ фӕхъыг кӕнӕм. Фӕлӕ нын уӕддӕр Йегъовӕ ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы. Уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна? Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ куыд ныххатыр кӕны, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, адӕм кӕрӕдзийӕн куыд ныххатыр кӕнынц, уымӕй? Цы хъӕуы, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ ныххатыр кӕна?
ЙЕГЪОВӔ ЦӔТТӔ ВӔЙЙЫ НЫХХАТЫР КӔНЫНМӔ
4. Йегъовӕ нын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййы, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?
4 Хуыцауы Ныхасӕй базонӕн ис, Йегъовӕ цӕттӕ кӕй вӕййы ныххатыр кӕнынмӕ. Йегъовӕ Моисейӕн Синайы хохыл раргом кодта, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис, уый. Зӕды уылты йын загъта: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр» (Рац. 34:6, 7). Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау. Ӕмӕ, йӕ рӕдыдтытыл зӕрдӕйӕ чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн алкӕддӕр ныххатыр кӕны (Неем. 9:17; Пс. 86:15).
5. Псалом 103:13, 14 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ адӕмы хорз кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ сӕм цы зӕрдӕ дары?
5 Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ мах тыххӕй алцыдӕр зоны. Ахъуыды-ма кӕн, зӕххыл цы адӕм цӕры, уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр алцыдӕр зоны! (Пс. 139:15–17). Йегъовӕ зоны, цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ ӕвзӕр миниуджытӕ нӕ ныййарджытӕй нӕ туджы кӕй рахастам. Суанг ма зоны, нӕ царды цыдӕриддӕр ӕрцыд, куыд цардыстӕм, уый. Ӕмӕ ӕмбары, уыдӕттӕ дӕр нӕ удыхъӕдыл кӕй фӕзындысты ӕмӕ, цавӕр адӕймӕгтӕ систӕм, ахӕмтӕ цӕмӕн систӕм, уый. Йегъовӕ адӕмы афтӕ хорз кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ нӕм у фӕлмӕнзӕрдӕ (Пс. 78:39; бакӕс Псалом 103:13, 14).
6. Йегъовӕ куыд равдыста, кӕй йӕ фӕнды нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын?
6 Йегъовӕ хъуыддагӕй равдыста, тынг ӕй кӕй фӕнды махӕн нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын. Уый зоны, фыццаг адӕймаг Адамы тыххӕй кӕй систӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ (Ром. 5:12). Махӕн нӕ бон нӕ уыдаид нӕдӕр нӕхи, нӕдӕр ӕндӕр искӕй уыцы цагъарадӕй фервӕзын кӕнын (Пс. 49:7–9). Фӕлӕ нын нӕ уарзӕгой Хуыцау фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ цыдӕр сарӕзта, цӕмӕй нӕ ссӕрибар кодтаид. Иоанны 3:16 стихы фыст ис, Йегъовӕ йӕ иунӕг Фырты зӕхмӕ кӕй рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид (Матф. 20:28; Ром. 5:19). Зӕгъӕн ис, Йесо амард адӕмы бӕсты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна (Дзут. 2:9). Йегъовӕйы уарзон Фырт амард ӕгады мардӕй, хъизӕмар кӕнгӕйӕ ӕмӕ тухӕнтӕ кӕнгӕйӕ. Уымӕ кӕсгӕйӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕ куыннӕ скъуыдтӕ кодтаид. Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, Йегъовӕйы куы нӕ фӕндыдаид махӕн нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын, уӕд бауагътаид, цӕмӕй йӕ Фырт ахӕм мардӕй амӕла?
7. Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййы, уымӕн Библийӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.
7 Библийы ис, Йегъовӕ-иу кӕмӕн ныххатыр кодта, бирӕ ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ (Еф. 4:32). Дӕ зӕрдыл дзы ничи ӕрбалӕууыд? Чи зоны, ахъуыды кодтай паддзах Манассийыл. Уый ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, Йегъовӕйы ныхмӕ ахӕм стыр тӕригъӕдтӕ ракодта, ӕмӕ хъуын арц слӕууы. Куывта мӕнг хуыцӕуттӕн ӕмӕ адӕмы дӕр ууыл ӕфтыдта. Йӕ сывӕллӕтты мӕнг хуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхаста. Суанг ма Хуыцауы сыгъдӕг кувӕндоны сӕвӕрдта мӕнг хуыцауы гуымиры. Манассийы тыххӕй Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта» (2 Аз. 33:2–7). Фӕлӕ стӕй Манасси зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта. Суанг ма йын йӕ паддзахы бартӕ дӕр фӕстӕмӕ радта (2 Аз. 33:12, 13). Кӕмӕндӕр та, чи зоны, йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд паддзах Давид. Уый дӕр Йегъовӕйы ныхмӕ стыр тӕригъӕдтӕ ракодта. Зӕгъӕм, кӕйдӕр усимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ лӕджы амарын кодта. Фӕлӕ Давид Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдтыл куы басаст ӕмӕ зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кодта, уӕд ын Йегъовӕ ныххатыр кодта (2 Сам. 12:9, 10, 13, 14). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды махӕн нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын. Ӕмӕ, куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй, махӕн куыд хатыр кӕны, уый хицӕн кӕны, адӕм кӕрӕдзийӕн куыд хатыр кӕнынц, уымӕй.
ЙЕГЪОВӔ КУЫД НЫХХАТЫР КӔНЫ?
8. Йегъовӕ цавӕр тӕрхонгӕнӕг у ӕмӕ уый куыд баст у, хатыргӕнаг кӕй у, уыимӕ?
8 Йегъовӕ у «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» (Райд. 18:25). Хорз тӕрхонгӕнӕг закъон хорз фӕзоны. Ӕмӕ Йегъовӕ у раст ахӕм Тӕрхонгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ у нӕ Закъонӕвӕрӕг дӕр (Ис. 33:22). Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Хорз тӕрхонгӕнӕг ма, цалынмӕ тӕрхон рахӕссы, уӕдмӕ, цы хъуыддаг ӕвзары, уый тыххӕй алцыдӕр базоны ӕмӕ алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсы. Ӕмӕ, Йегъовӕ алцыдӕр хорз кӕй фӕзоны, уымӕ гӕсгӕ уый хуызӕн тӕрхонгӕнӕг нӕй.
9. Йегъовӕ куы фескъуыддзаг кӕны, адӕймагӕн ныххатыр кӕна ӕви нӕ, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕны?
9 Зӕххон тӕрхонгӕнджытӕй уӕлдай, Йегъовӕ цыфӕнды хъуыддаг ма ӕвзара,– уый тыххӕй алкӕддӕр алцыдӕр фӕзоны (Райд. 18:20, 21; Пс. 90:8). Ӕнӕуи тӕрхонгӕнӕг тӕрхон фӕхӕссы, цы фехъусы ӕмӕ цы фӕуыны, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ та бирӕ фылдӕр зоны. Йегъовӕ фӕзоны, нӕ туджы нӕ ныййарджытӕй цавӕр миниуджытӕ рахастам, куыд хъомыл кодтам, цавӕр адӕмы ’хсӕн цӕрӕм. Фӕуыны ма, ныфссаст кӕй стӕм кӕнӕ нӕхимӕ кӕй ныхъхъуыстам, уый дӕр. Ӕмӕ хорз ӕмбары, ӕппӕт уыдӕттӕ ныл кӕй ӕндавынц, уый. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ уыны, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Цыдӕр цӕмӕн сарӕзтам, уый Йегъовӕ хорз фембары, ӕмбӕхст дзы ницы у (Дзут. 4:13). Уӕдӕ иугӕр Йегъовӕ искӕмӕн ныххатыр кодта, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ алцыдӕр зоны ӕмӕ алцӕуыл дӕр ахъуыды кодта.
10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ тӕрхон кӕнгӕйӕ алкӕддӕр раст уынаффӕтӕ рахӕссы? (Дыккаг закъон 32:4).
10 Йегъовӕ тӕрхон кӕнгӕйӕ алкӕддӕр рахӕссы раст уынаффӕтӕ. Уый хъулон никӕй кӕны. Искӕмӕн куы ныххатыр кӕны, уӕд ын уый тыххӕй нӕ ныххатыр кӕны, ӕмӕ рӕсугъд у, хъӕздыг у, кадджын бынат ахсы кӕнӕ йӕм цавӕрдӕр курдиӕттӕ ис (1 Сам. 16:7; Иак. 2:1–4). Никӕй бон у Йегъовӕйы стӕрсын кӕнын, цӕмӕй цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕсса, кӕнӕ йӕ гӕртамӕй балхӕнын (2 Аз. 19:7). Уынаффӕ мӕстыйӕ никуы рахӕссы. Стӕй, йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кодта, ахӕм адӕймаджы тыххӕй афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, цӕй, тӕригъӕд у, ӕмӕ йын ныххатыр кӕнон, зӕгъгӕ (Рац. 34:7). Уӕдӕ Йегъовӕ алцыдӕр хорз кӕй фӕзоны, уымӕ гӕсгӕ у ӕппӕты хуыздӕр Тӕрхонгӕнӕг. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:4.)
11. Йегъовӕ куыд ныххатыр кӕны, уый куыд хицӕн кӕны, адӕм кӕрӕдзийӕн куыд хатыр кӕнынц, уымӕй?
11 Дзуттаг Фыстытӕ чи фыста, уыдон ӕмбӕрстой, Хуыцау куыд ныххатыр кӕны, уый кӕй хицӕн кӕны, адӕм кӕрӕдзийӕн куыд хатыр кӕнынц, уымӕй. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, иуӕй-иу рӕтты цы дзуттаг дзырдӕй спайда кодтой, уый ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ фӕамоны – уый куыд ныххатыр кӕны, уымӕ. Уыцы дзырд никуы фӕамоны, иу адӕймаг иннӕмӕн куыд ныххатыр кӕны, уымӕ, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы хуызӕн хатыр кӕнын. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй, чи ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕ кӕронмӕ ныххатыр кӕна. Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд ныл уый куыд фӕзыны?
12, 13. а) Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд цы банкъарӕм? б) Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд уый цас ахӕссы?
12 Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта, уый куы бамбарӕм, уӕд нӕ «ног хъарутӕ» бацӕуы. Зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр вӕййынц, стӕй та нын Йегъовӕйы раз вӕййы сыгъдӕг цӕсгом. Нӕ зӕрдӕ афтӕ ӕрсабыр вӕййы, «Йегъовӕ [нын] йӕхӕдӕг» куы ныххатыр кӕны, ӕрмӕстдӕр уӕд (Хъуыд. 3:19). Куы нын ныххатыр кӕны, уӕд алцыдӕр банывыл кӕны, раст цыма тӕригъӕд никуы сарӕзтам, афтӕ. Ӕмӕ та свӕййы не ’ввахс Хӕлар.
13 Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕны, уӕд ын ӕй уый фӕстӕ йӕ цӕстмӕ нал фӕдары ӕмӕ йӕ уыцы тӕригъӕды тыххӕй ногӕй нал бафхӕры (Ис. 43:25; Йер. 31:34). «Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у», афтӕ нӕ адард кӕны нӕ тӕригъӕдтӕ (Пс. 103:12) *. Йегъовӕ куыд хатыргӕнаг у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы. Мах дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм! (Пс. 130:4). Фӕлӕ цымӕ цы хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕ адӕймагӕн ныххатыр кӕна?
ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔ АДӔЙМАГӔН НЫХХАТЫР КӔНА?
14. Ацы статьяйы фыццаг хайӕ цы базыдтам, Йегъовӕ адӕймагӕн цӕмӕн ныххатыр кӕны, уый тыххӕй?
14 Куыд базыдтам, афтӕмӕй, Йегъовӕ куы фескъуыддзаг кӕны, адӕймагӕн ныххатыр кӕна ӕви нӕ, уӕд афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, ай стыр тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ йын нӕ ныххатыр кӕндзынӕн, ай та гыццыл тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ йын ныххатыр кӕндзынӕн. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, нӕ Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ нӕ Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ алцыдӕр фӕзоны. Ӕмӕ уынаффӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ рахӕссы. Йегъовӕ куы фескъуыддзаг кӕны, адӕймагӕн ныххатыр кӕна ӕви нӕ, уӕд цӕмӕ фӕкӕсы?
15. Лукайы 12:47, 48 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ куы фескъуыддзаг кӕны, адӕймагӕн ныххатыр кӕна ӕви нӕ, уӕд цӕмӕ фӕкӕсы?
15 Фыццаг: Йегъовӕ фӕкӕсы, адӕймаг, ӕвзӕр цыдӕр кӕй аразы, уый ӕмбӕрста ӕви нӕ, уымӕ. Йесо дӕр уый кой кодта Лукайы 12:47, 48 стихты. (Бакӕс сӕ.) Кӕд адӕймаг зыдта, цы саразынвӕнд кӕны, уымӕй Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыны, ӕмӕ уӕддӕр афтӕ бакодта, уӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзта. Ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм адӕймагӕн, гӕнӕн ис, ма ныххатыр кӕна (Мар. 3:29; Иоан. 9:41). Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт вӕййы афтӕ, ӕмӕ фӕзонӕм, цы аразӕм, уый раст кӕй нӕу. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ахӕм рӕдыд никуы ныххатыр кӕндзӕн? Уый афтӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ ма Йегъовӕ фӕкӕсы ӕндӕр цӕмӕдӕр.
16. Цы нысан кӕны «ӕрфӕсмон кӕнын» ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?
16 Дыккаг: Йегъовӕ фӕкӕсы, адӕймаг зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ, уымӕ. Цы нысан кӕны «ӕрфӕсмон кӕнын»? Уый амоны, адӕймаг йӕ зондахаст куы аива, цӕмӕдӕр ӕндӕр цӕстӕй куы ракӕса кӕнӕ, цы саразинаг уыд, уый саразын куы нал фӕнд кӕна. Адӕймаг цӕуылдӕр куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл тынг ӕрхуды, цы ’взӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй кӕнӕ, цы хъуыд саразын, уый кӕй нӕ сарӕзта, уый тыххӕй. Ахӕм адӕймаг, цытӕ сарӕзта, ӕрмӕст уыдӕтты тыххӕй нӕ фӕмаст кӕны. Уый ма фӕмаст кӕны, Йегъовӕйӕ кӕй адард ӕмӕ йӕ уый тӕригъӕдмӕ кӕй ӕркодта, уый тыххӕй дӕр. Манасси ӕмӕ Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ ракодтой, фӕлӕ сын Йегъовӕ ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодтой (1 Пад. 14:8). Уӕдӕ Йегъовӕ хъуамӕ уына, фӕсмон кӕй кӕнӕм, уый. Ӕмӕ-иу нын уӕд ныххатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ, нӕ тӕригъӕдтыл фӕсмон кӕнӕм, уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма ноджыдӕр цыдӕр саразӕм *.
17. Адӕймаг цы хъуамӕ сараза, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ цӕрын райдайа? Уый йын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ раздӕры цардмӕ ма раздӕха? (Исай 55:7).
17 Ӕртыккаг: Йегъовӕ фӕкӕсы, нӕ цард аивтам ӕви нӕ, уымӕ, ома не ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътам ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ цӕрын райдыдтам ӕви нӕ. (Бакӕс Исайы 55:7.) Адӕймаг хъуамӕ йӕ зондахаст аива ӕмӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайа (Ром. 12:2; Еф. 4:23). Хъуамӕ йӕхицӕн фидарӕй зӕгъа, куыд цардтӕн, афтӕ никуыуал цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ (Кол. 3:7–10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕйраджыдӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы ис гӕнӕн, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕна. Ӕмӕ куы фена, зӕрдиагӕй кӕй архайӕм нӕ цард аивыныл, уӕд нын уыцы нывонды фӕрцы ныххатыр кӕндзӕн (1 Иоан. 1:7).
ФИДАРӔЙ ДӔ УЫРНӔД, ЙЕГЪОВӔ ДЫН КӔЙ НЫХХАТЫР КӔНДЗӔН
18. Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй цы базыдтам?
18 Ацы статьяйы сӕйраг хъуыдытӕм цыбыртӕй ӕркӕсӕм. Дун-дунейы Йегъовӕйы хуызӕн хатыргӕнаг ничи у. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы ныххатыр кӕнынмӕ. Дыккаг: мах тыххӕй цы нӕ зоны, ахӕм нӕй. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уымӕй хуыздӕр ничи фӕзоны, ӕцӕгдӕр ӕрфӕсмон кодтам ӕви нӕ. Ӕртыккаг: Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд нӕ бон вӕййы нӕ цард ногӕй райдайын, раст цыма тӕригъӕд уӕвгӕ дӕр никуы сарӕзтам. Уый фӕрцы та нын йӕ разы вӕййы сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, райгонд нӕ кӕй у.
19. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ нырма рӕдидзыстӕм, уӕддӕр-иу уый тыххӕй нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта?
19 Цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕдмӕ рӕдидзыстӕм. Фӕлӕ нын ныфсы хос фӕуыдзысты, чиныджы «Понимание Писания» цы ныхӕстӕ ис, уыдон: «Йегъовӕ зоны йӕ лӕггадгӕнджыты лӕмӕгъдзинӕдтӕ, ӕмӕ сӕм у фӕлмӕнзӕрдӕ. Ӕмӕ, ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй-иу куы фӕрӕдийой, уӕд сӕ нӕ хъӕуы ӕдзух сӕхи хӕрын (Пс. 103:8–14; 130:3). Кӕд ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрой, уӕд сын уый хъуамӕ циндзинад хӕсса (Фил. 4:4–6; 1 Иоан. 3:19–22)» (статья «Раскаяние», 7 абзац). Ахӕм ныхӕстӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон куыннӕ сты!
20. Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
20 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ рӕдыдтытыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы уыцы хъуыддаджы фӕзмын? Мах куыд ныххатыр кӕнӕм, уый цӕмӕй у, Йегъовӕ куыд ныххатыр кӕны, уый хуызӕн, фӕлӕ уӕддӕр цӕмӕй хицӕн кӕны? Уый зонын ахсджиаг цӕмӕн у? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйы.
45 ЗАРӔГ Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ
^ Йегъовӕ йӕ Ныхасы дзуры, йӕ рӕдыдтытыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййы. Фӕлӕ нӕм, чи зоны, иуӕй-иу хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уый аккаг не стӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, нӕ рӕдыдтытыл-иу зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд-иу нын Хуыцау кӕй ныххатыр кӕндзӕн.
^ Кӕс чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 26 сӕр, 9 абзац.
^ АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. «Ӕрфӕсмон кӕнын» нысан кӕны, адӕймаг йӕ зондахаст кӕй аивы ӕмӕ йӕ раздӕры царды, йе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ сарӕзта, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл кӕй ӕрхуды. Адӕймаг зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уый хъуыддагӕй равдисы – йӕ цард аивы.