Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Раджы заманты-иу адӕм куыд сбӕрӕг кодтой азы ӕмӕ мӕйы райдиан?

ЗӔРДӔВӔРД зӕххыл чи цард, уыцы дзуттӕгтӕн-иу афӕдз райдыдта хуым кӕнынӕй ӕмӕ тауынӕй. Уыцы куыстытӕ-иу кодтой сентябры дыккаг ӕмбисы ӕмӕ октябры фыццаг ӕмбисы (нӕ къӕлиндармӕ гӕсгӕ).

Иу мӕйы цал боны уыдзӕн, уый-иу сбӕрӕг кодтой Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ-иу дзы рауад кӕнӕ 29 боны, кӕнӕ 30 боны. Афӕдз та нымадтой Хурмӕ гӕсгӕ, ома афӕдзы афонтӕ кӕрӕдзи куыд ивынц, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ, афӕдз Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ куы нымайай, уӕд вӕййы къаддӕр, Хурмӕ гӕсгӕ йӕ куы нымайай, уыимӕ абаргӕйӕ. Ӕмӕ-иу адӕм алыхуызон мадзӕлттӕй пайда кодтой, цӕмӕй афӕдзы дӕргъ Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ дӕр ӕмӕ Хурмӕ гӕсгӕ дӕр ӕмхуызон уыдаид. Уый тыххӕй-иу кӕцыдӕр мӕйтӕм бафтыдтой бонтӕ кӕнӕ та-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ бафтыдтой уӕлӕмхасӕн мӕй, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ азы райдайӕны размӕ. Уый фӕрцы-иу къӕлиндармӕ гӕсгӕ дӕр уыд базонӕн, хуымы куыстытӕ кӕд хъуыди кӕнын, уый.

Моисейы рӕстӕджы Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, авивы мӕй, кӕнӕ нисан сын кӕй уыдзӕн афӕдзы мӕйтӕй фыццаг (Рац. 12:2; 13:4). Нӕ къӕлиндармӕ гӕсгӕ уый у мартъийы дыккаг ӕмбис ӕмӕ апрелы фыццаг ӕмбис. Нисаны-иу сын хъуамӕ уыдаид бӕрӕгбон. Ӕмӕ-иу уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕг хъӕбӕрхоры фыццаг тыллӕгӕй Йегъовӕйӕн кувинаг ӕрхастой (Рац. 23:15, 16).

Историк Эмиль Шюрер йӕ чиныджы «Дзуттаг адӕмы истори Йесо Чырыстийы заман (н. э. размӕ 175 аз – н. э. 135 аз)» ныффыста: «Уӕлӕмхасӕн мӕй бафтауын хъӕуы ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнын афтӕ зын нӕ уыд. Куадзӕн-иу бӕрӕг кодтой нисаны (14 нисаны), мӕй-иу цалхыдзаг куы сси, уӕд. Хъуамӕ-иу алкӕддӕр уыдаид, уалдзӕджы бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕмиӕстӕ куы вӕййынц, уый фӕстӕ. [...] Ӕмӕ-иу афӕдзы кӕрон куы бамбӕрстой, иннӕ аз Куадзӕн цы бонмӕ хауы, уый, уалдзӕджы бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕмиӕстӕ куы вӕййынц, уый размӕ кӕй уыдзӕн, уӕд-иу аскъуыддзаг кодтой, нисаны размӕ кӕй бафтаудзысты иу мӕй [13-ӕм мӕй]».

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр афтӕ базонынц, Хицауы ӕхсӕвӕр кӕд уыдзӕн, уыцы бон. Дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ вӕййы уалдзӕджы, 14 нисаны. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕмбырдтӕн уыцы боны тыххӕй рагацау фехъусын кӕнынц.

Фӕлӕ-иу дзуттӕгтӕ куыд базыдтой, мӕй кӕд фӕуыдзӕн ӕмӕ ног мӕй кӕд райдайдзӕн, уый? Махӕн нӕ бон вӕййы уый къӕлиндарӕй базонын. Фӕлӕ уыдонӕн уый афтӕ ӕнцон нӕ уыд.

Нойы рӕстӕджы алы мӕйы дӕр уыди 30 боны (Райд. 7:11, 24; 8:3, 4). Фӕлӕ фӕстӕдӕр дзуттӕгтӕ мӕйтӕ нымайын куыд райдыдтой, уымӕ гӕсгӕ-иу кӕцыдӕр мӕйы уыд 29 боны, кӕцыдӕры та – 30 боны. Дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ-иу мӕй райдыдта, арвыл-иу ног мӕй куы разынд, уӕд.

Иухатт Давид дӕр ӕмӕ Ионафан дӕр скодтой, ног мӕй кӕй райдайдзӕн, уый кой. Уыдон загътой: «Райсом мӕй сног уыдзӕн» (1 Сам. 20:5, 18). Куыд зыны, афтӕмӕй н. э. размӕ 11 ӕнусмӕ хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу дзуттӕгтӕ мӕйы райдиан рагацау сбӕрӕг кодтой. Цымӕ куыд? Уый тыххӕй базонӕн ис Мишнӕйӕ – дзуттаг ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ таурӕгъты ӕмбырдгондӕй. Уым фыст ис, дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уый фӕстӕ уыцы фарста кӕй скъуыддзаг кодта дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондон. Бӕрӕгбӕтты афон-иу авд мӕйы дӕргъы Сӕйраг тӕрхондоны уӕнгтӕ мӕйӕн йе 30-ӕм бон райсомӕй раджы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу аскъуыддзаг кодтаиккой, иннӕ мӕй кӕд райдайдзӕн, уый. Куыд-иу ӕй аскъуыддзаг кодтой?

Иерусалимы алыварс-иу къуыбыртыл рагацау кӕйдӕрты слӕууын кодтой, цӕмӕй кастаиккой, ӕхсӕвыгон арвыл ног мӕй кӕд фӕзындзӕн, уымӕ. Ӕмӕ-иу ӕй куыддӕр федтой, афтӕ-иу уый тыххӕй Сӕйраг тӕрхондонӕн фӕхабар кодтой. Тӕрхондоны уӕнгтӕ-иу куы загътой, фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ нын ис, мӕй кӕй сног, уымӕн, зӕгъгӕ, уӕд-иу фехъусын кодтой, уыцы бон, ома 30-ӕм бон, кӕй райдыдта ног мӕй. Мигътӕй кӕнӕ-иу мигъӕй ног мӕй куы нӕ разындаид, уӕд та? Уӕд та-иу аскъуыддзаг кодтой, зӕгъгӕ, ацы мӕйы ис 30 боны ӕмӕ райсом райдайдзӕн ног мӕй.

Адӕм-иу Сӕйраг тӕрхондоны уынаффӕйы тыххӕй куыд базыдтой? Мишнӕйы куыд фыст ис, афтӕмӕй-иу Иерусалиммӕ хӕстӕг, Оливӕбӕлӕсты хохыл, ссыгътой арт. Стӕй-иу ӕнӕхъӕн Израилы дӕр къуыбыртыл ссыгътой ӕртытӕ. Фӕстӕдӕр та фидиуджыты райдыдтой ӕрвитын, цӕмӕй-иу уыцы хабар фехъусын кодтаиккой. Афтӕмӕй-иу, Иерусалимы, ӕнӕхъӕн Израилы ӕмӕ иннӕ рӕтты дӕр чи цард, уыцы дзуттӕгтӕ базыдтой, ног мӕй кӕй райдыдта, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыди бӕрӕгбӕттӕ уыцы иу рӕстӕг кӕнын.

Дзуттаг къӕлиндары тыххӕй фылдӕр базонӕн ис таблицӕйӕ.