Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Зондджын уынаффӕтӕ нӕ цардӕн

Зондджын уынаффӕтӕ нӕ цардӕн

«Зонд дӕтты Йегъовӕ» (ӔМБ. 2:6).

89 ЗАРӔГ Байхъус, ӕмӕ арфӕгонд уай

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Махӕй алкӕй дӕр Хуыцауӕй зонд курын цӕмӕн хъӕуы? (Ӕмбисӕндтӕ 4:7).

 АХСДЖИАГ уынаффӕ рахӕссын дӕ куы фӕхъӕуы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйӕ зонд фӕкурыс. Ӕмӕ уый раст у (Иак. 1:5). Паддзах Соломон загъта: «Зонд у ӕппӕты сӕйрагдӕр». (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:7.) Адӕймаг бирӕ чингуытӕ бакӕса ӕмӕ бирӕ зона, уый кой нӕ кодта. Уый кодта, Хуыцау Йегъовӕйӕ чи цӕуы, уыцы зонды кой (Ӕмб. 2:6). Фӕлӕ нын цымӕ Хуыцауы уынаффӕтӕ абон баххуыс кӕндзысты, зындзинӕдтыл куы ’мбӕлӕм, уӕд? Бӕгуыдӕр. Ӕмӕ ууыл дзырд цӕудзӕн ацы статьяйы.

2. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕцӕг зондджын суӕм?

2 Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, йе стыр зондӕй хъуыстгонд чи у, дыууӕ ахӕм адӕймаджы уынаффӕтӕм. Сӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ сын куы архайӕм, уӕд суыдзыстӕм ӕцӕг зондджын. Фыццаг уал аныхас кӕндзыстӕм Соломоныл. Библийы фыст ис: «Хуыцау Соломонӕн лӕвӕрдта стыр зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад» (1 Пад. 4:29). Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм Йесо Чырыстийыл. Адӕмӕй уый хуызӕн зондджын никуы ничи уыд (Матф. 12:42). Пехуымпар Исай Йесойы тыххӕй загъта: «Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых – схайджын уыдзӕн зонд ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй» (Ис. 11:2).

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Соломон ӕмӕ Йесо Хуыцауы зондӕй хайджын кӕй уыдысты, уый фӕрцы сӕ бон уыди ахсджиаг хъуыддӕгты фӕдыл хорз уынаффӕтӕ раттын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ӕхцатӕм, куыстмӕ ӕмӕ нӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, ууыл.

ӔХЦАТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСӔМ?

4. Соломоны цард Йесойы цардӕй цӕмӕй хицӕн кодта?

4 Соломон уыди ӕмбисонды хъӕздыг. Уый царди рӕсугъд ӕмӕ стыр галуаны (1 Пад. 10:7, 14, 15). Йесо та хъӕздыг нӕ уыд, йӕхицӕн хӕдзар дӕр нӕ уыд (Матф. 8:20). Фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕхцатӕм ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кастысты, уымӕн ӕмӕ иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр зонд лӕвӕрдта Йегъовӕ.

5. Соломон ӕхцатӕм ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй каст?

5 Соломон загъта, ӕхца адӕймаджы кӕй хъахъхъӕны (Еккл. 7:12). Ӕхцайӕ нӕ бон вӕййы балхӕнын, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ ӕмӕ ма, чи зоны, нӕ зӕрдӕ цы фӕзӕгъы ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцӕуы, уыдӕттӕй дӕр цыдӕртӕ. Фӕлӕ кӕд Соломон тынг хъӕздыг уыд, уӕддӕр ӕмбӕрста, царды цыдӕртӕ ӕхцайӕ ахсджиагдӕр кӕй сты. Зӕгъӕм, ныффыста: «Хорз ном хуыздӕр у стыр хъӕздыгдзинӕдтӕй» (Ӕмб. 22:1). Уымӕй уӕлдай ма загъта, ӕхцауарзаг адӕм арӕхдӕр, цы сӕм ис, уымӕй райгонд кӕй нӕ вӕййынц (Еккл. 5:10, 12). Стӕй ма бафӕдзӕхста, цӕмӕй нын ӕхцатӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр ма суой, уымӕн ӕмӕ ӕхца, гӕнӕн ис, абон уа, райсом та мауал уа (Ӕмб. 23:4, 5).

Ӕхцатӕм ӕмӕ дзауматӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый нӕ, мыййаг, нӕ хъыгдары Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын? (кӕс 6, 7 абзацтӕ) *

6. Йесо ӕхцатӕм ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй каст? (Матфейы 6:31–33).

6 Йесо дӕр ӕхцатӕм ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй каст. Уарзта-иу фынгыл абадын ӕмӕ исты ануазын дӕр (Лук. 19:2, 6, 7). Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй фыццаг уыд, дон сӕн кӕй фестын кодта, уый. Ӕмӕ уый уыд ӕппӕты хуыздӕр сӕн (Иоан. 2:10, 11). Стӕй йыл йӕ мӕлӕты бон уыд зынаргъ уӕлӕдарӕс (Иоан. 19:23, 24). Фӕлӕ йын уӕддӕр ӕхцатӕ ӕмӕ дзаумӕттӕ царды сӕйраг нӕ уыдысты. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа... Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). Йесо бамбарын кодта, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куы агурӕм, уӕд нын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын уа, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. (Бакӕс Матфейы 6:31–33.)

7. Иу ӕфсымӕр ӕхцатӕм раст цӕстӕй кӕй каст, уый йын царды куыд баххуыс кодта?

7 Йегъовӕ ӕхцайы фӕдыл цы уынаффӕтӕ радта, уыдон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕн тынг баххуыс кодтой. Иу ӕнӕус ӕфсымӕр, Дэниел, загъта: «Ӕрыгонӕй аскъуыддзаг кодтон, царды мын ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын». Хуымӕтӕг цард кӕй кодта, уый фӕрцы йӕ бон баци Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ цыдӕртӕ саразын ӕмӕ ма Вефилы дӕр балӕггад кӕнын. Дэниел ма загъта: «Ӕнӕ гӕдыныхасӕй зӕгъын: ахӕм цард кӕй равзӕрстон, ууыл никуы фӕфӕсмон кодтон. Ӕз дӕр афонмӕ бирӕ ӕхца бакуыстаин, уый мын сӕйраг куы уыдаид, уӕд. Фӕлӕ мын уӕд ахӕм диссаджы ӕмбӕлттӕ фӕзындаид? Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ куыд амондджын дӕн, афтӕ амондджын уыдаин? Ӕхцатӕй ракӕл-ракӕл куы кӕнай, уӕддӕр цы сты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдты раз?» Уӕдӕ йӕ уынӕм, хуыздӕр кӕй у, цӕмӕй нын сӕйраг уой Хуыцауы хъуыддӕгтӕ, ӕхцатӕ нӕ, фӕлӕ.

КУЫСТМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСӔМ?

8. Цӕмӕй бӕрӕг у, Соломон куыстмӕ раст цӕстӕй кӕй каст, уый? (Екклесиаст 5:18, 19).

8 Адӕймагӕн йӕ фыдӕбон циндзинад кӕй хӕссы, уый Соломон схуыдта «Хуыцауы лӕвар». (Бакӕс Екклесиаст 5:18, 19.) Уый ныффыста: «Цыфӕнды фыдӕбонӕй дӕр ис пайда» (Ӕмб. 14:23). Ӕмӕ уыдон афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Соломон йӕхӕдӕг дӕр уыд куыстуарзаг. Ӕмӕ цынӕтӕ сарӕзта! Сарӕзта хӕдзӕрттӕ, скодта сӕнӕфсирдӕттӕ, дыргъдӕттӕ ӕмӕ доны цадтӕ. Стӕй ма сарӕзта горӕттӕ дӕр (1 Пад. 9:19; Еккл. 2:4–6). Соломон бирӕ фыдӕбон кодта, ӕмӕ йын уый циндзинад дӕр куыннӕ хаста. Фӕлӕ зыдта, уый фаг кӕй нӕу, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уа. Соломон ма бирӕ арӕзта Хуыцауы хъуыддаджы дӕр. Зӕгъӕм, 7 азы Йегъовӕйӕн арӕзта диссаджы кувӕндон! (1 Пад. 6:38; 9:1). Соломонӕн бирӕ цыдӕртӕ бантыст. Фӕлӕ уый бамбӕрста, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕнӕуи хъуыддӕгтӕй бирӕ ахсджиагдӕр кӕй сты. Ӕмӕ ныффыста: «Уӕдӕ ӕппынфӕстаг цы ис зӕгъӕн? Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн» (Еккл. 12:13).

9. Йесойӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй йын йӕ куыст сӕйраг ма суыдаид?

9 Йесо дӕр уыди куыстуарзаг. Ӕрыгонӕй райдыдта хъӕддӕсныйы куыст кӕнын (Мар. 6:3). Ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныййарджытӕ аргъ кодтой, се стыр бинонты фӕдарынӕн сын кӕй ӕххуыс кодта, уымӕн. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, ӕххӕст адӕймаг цы сарӕзтаид, уый куыд диссаджы конд уыдаид! Ӕвӕццӕгӕн, бирӕты фӕндыд, цӕмӕй сын Йесо исты дзауматӕ сарӕзтаид. Йӕ куыст йӕхи зӕрдӕмӕ дӕр куыннӕ цыдаид. Фӕлӕ йын кӕд куыст бирӕ уыд, уӕддӕр-иу Хуыцауы хъуыддӕгтӕн алкӕддӕр рӕстӕг рахицӕн кодта (Иоан. 7:15). Фӕстӕдӕр йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзта хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Сӕфгӕ чи кӕны, уыцы хӕринагыл ма уӕд уӕ фыдӕбон, фӕлӕ, сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл» (Иоан. 6:27). Йӕ зындгонд раныхасы та загъта: «Уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты» (Матф. 6:20).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ куыстмӕ дӕр ӕмӕ нӕ лӕггадмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсӕм? (кӕс 10, 11 абзацтӕ) *

10. Иуӕй-иутӕ ӕгӕр бирӕ кусын цӕмӕн райдайынц?

10 Йегъовӕйы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Библи чырыстӕттӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй фыдӕбон кӕной (Еф. 4:28). Чырыстӕттӕ кӕм кусынц, уым сӕ хицӕуттӕ фӕуынынц, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ куыстуарзаг кӕй сты. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракӕнынц. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, фылдӕр-иу акусдзынӕн, цӕмӕй мӕ хицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ноджы хуыздӕр цӕстӕй кӕса. Фӕлӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу нын нӕ бинонтӕн ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн фаг рӕстӕг нал баззайдзӕн. Кӕд афтӕ рауад, уӕд та нӕ хъӕуы цыдӕр фӕивын, цӕмӕй нын ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕн рӕстӕг фӕзына.

11. Иу ӕфсымӕрӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсын кӕй хъӕуы?

11 Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Уильям, раздӕр кӕмӕ куыста, уыцы ӕфсымӕрӕй сахуыр куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Уыцы ӕфсымӕр у хистӕр нӕлгоймаг, ӕмӕ дзы Уильям афтӕ загъта: «Куыстӕн цы бынат хъуамӕ уа, уый хорз зоны. Йӕ куыст хорз аразы, ӕмӕ йӕ йӕ клиенттӕ дӕр уый тыххӕй бирӕ уарзынц. Фӕлӕ боны кӕрон, алцыдӕр куы саразы, уӕд, йӕ куыстыл нал фӕхъуыды кӕны – сӕйрагдӕр ын вӕййынц йӕ бинонтӕ ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ. Раст зӕгъгӕйӕ, ӕз уымӕй амондджындӕр адӕймаг нӕ зонын!» *

НӔХИМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСӔМ?

12. Соломон йӕхимӕ раст цӕстӕй кӕй каст, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг, фӕлӕ фӕстӕдӕр цы ’рцыд?

12 Соломон Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыд, уӕд йӕхимӕ раст цӕстӕй каст. Ӕрыгонӕй паддзах куы сси, уӕд Йегъовӕйӕ разамынд ракуырдта, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕ бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы ӕххуыс кӕй хъӕуы (1 Пад. 3:7–9). Стӕй ма райдианты ӕмбӕрста, адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд уа, уӕд ӕй уый хорзӕй кӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн. Соломон ныффыста: «Адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт, ӕмӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрхауы» (Ӕмб. 16:18). Хъыгагӕн, фӕстӕдӕр ацы уынаффӕ йӕхицӕй ферох. Паддзах куы сси, уымӕй цасдӕр куы рацыд, уӕд ссӕрбӕрзонд, ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ дӕр ницӕмӕуал дардта. Хуыцау дзуттӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй иу уыд ахӕм: «[Паддзах] хъуамӕ йӕхицӕн бирӕ устытӕ... ма скӕна, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ мӕнӕй ма аздӕха» (Дык. з. 17:17). Соломон ацы закъоны сӕрты ахызт, ӕмӕ йӕхицӕн скодта 700 усы ӕмӕ 300 номылусы. Бирӕтӕ дзы куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн! (1 Пад. 11:1–3). Чи зоны, Соломон афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕй у. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ кӕй адард, уый тыххӕй ӕппынфӕстаг бирӕ бӕллӕхтӕ бавзӕрста (1 Пад. 11:9–13).

13. Йесо сӕрныллӕг кӕй уыд, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

13 Йесо алкӕддӕр йӕхимӕ раст цӕстӕй каст ӕмӕ уыд сӕрныллӕг. Цалынмӕ зӕхмӕ ’рцыд, уӕдмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Хуыцау «цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй: уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр» (Кол. 1:16). Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кодта, уӕлӕрвты йӕ Фыдимӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ (Матф. 3:16; Иоан. 17:5). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын нӕ райдыдта. Йесо йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр никуы ӕвӕрдта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕхмӕ «уый тыххӕй [кӕй] не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Стӕй ма загъта, йӕхи фӕндӕй йӕ бон кӕй ницы у саразын (Иоан. 5:19). Йесо уыд тынг сӕрныллӕг, ӕмӕ нын у фӕзминаг.

14. Йесойы ныхӕстӕй цы ис базонӕн, нӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй?

14 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй сӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсой. Иухатт ма сын афтӕ дӕр загъта: «Сымахӕн... уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты» (Матф. 10:30). Ацы ныхӕстӕ нӕ ныфс уадзынц, уӕлдайдӕр та кӕд нӕхимӕ ницӕйаг кӕсӕм, уӕд. Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ нӕ уӕларвон Фыд хорз зоны ӕмӕ йын тынг зынаргъ стӕм. Кӕд нӕ Йегъовӕ уый аккагыл нымайы, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕнустӕм ног дунейы цӕрӕм, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ рӕдигӕ кӕны.

Нӕхиуыл ӕгӕр куы суӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм ӕнӕхай? (кӕс 15 абзац) *

15. а) Нӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы уыди фыст? б) Ӕркӕс, 24 фарсыл цы нывтӕ ис, уыдонмӕ. Нӕхиуыл ӕгӕр куы суӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм ӕнӕхай?

15 Иу-15 азы размӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахӕм хъуыдытӕ уыд: «Хъуамӕ-иу нӕхицӕй ӕгӕр ма ныббуц уӕм ӕмӕ ма схъал уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхи ницӕйагыл дӕр ма нымайӕм. Хъуамӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ ӕмбарӕм, хорз миниуджытӕ дӕр нӕм кӕй ис ӕмӕ ӕвзӕр миниуджытӕ дӕр. Иу чырыстон сылгоймаг афтӕ загъта: „Зӕды къалиу дӕр нӕ дӕн, фӕлӕ афтӕ дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, ӕмӕ се ’ппӕтӕй ӕвзӕрдӕр дӕн. Алкӕмӕ дӕр хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цыдӕр ис. Ӕмӕ мӕнӕн дӕр мӕ хабар афтӕ у“». Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм.

16. Йегъовӕ нын хорз разамынд ӕмӕ зондджын уынаффӕтӕ цӕмӕн дӕтты?

16 Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы дӕтты хорз разамынд ӕмӕ зондджын уынаффӕтӕ. Уый нӕ тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм (Ис. 48:17, 18). Царды дын Йегъовӕ фыццаг бынаты уа, уымӕй хуыздӕр ницы ис! Уӕд адӕймаг вӕййы ӕцӕг амондджын. Ӕхцайыл, куыстыл ӕмӕ йӕхиуыл ӕгӕр чи свӕййы, уыдон та бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц. Цӕй уӕдӕ нӕ цардӕй бӕрӕг уӕд, ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын кӕй стӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм! (Ӕмб. 23:15).

94 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Хуыцауы Ныхасы тыххӕй

^ Йегъовӕ Соломоны ӕмӕ Йесойы стыр зондӕй схайджын кодта. Соломон ӕмӕ Йесо дзырдтой, ӕхцатӕм, куыстмӕ ӕмӕ нӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ ацы статьяйы сӕ уынаффӕтыл аныхас кӕндзыстӕм. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты хабӕрттӕм ӕмӕ базондзыстӕм, Библийы уынаффӕтӕ сын царды куыд баххуыс кодтой, уый.

^ Кӕс статья «Дӕ куыстӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзынӕ?» 2015 азы 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

^ НЫВ. Дыууӕ ӕрыгон ӕфсымӕры, Джон ӕмӕ Том, сты иу ӕмбырдӕй. Джон ӕдзух йӕ машинӕйы куыст кӕны. Том та йӕ машинӕйыл хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фӕласы уацамындмӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕм.

^ НЫВ. Джонӕн йӕ хицау куы фӕзӕгъы, цӕмӕй фӕскуыст бакуса, уӕд сразы вӕййы, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ йын балхӕнын. Ӕмӕ та фӕскуыст кусы. Том у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Уый та уыцы изӕр хистӕр нӕлгоймагимӕ бӕрӕг кӕны иу хойы. Уый размӕ Том йӕ хицауӕн бамбарын кодта, кӕцыдӕр бонты-иу изӕрыгӕтты йӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн фӕскуыст бакусын, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг рахицӕн кодта Хуыцауы хъуыддӕгтӕн.

^ НЫВ. Джон йӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй уыны. Томӕн та сӕйраг сты Хуыцауы хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ Конгрессты зал цалцӕг кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы йын фӕзынд бирӕ ног ӕмбӕлттӕ.