23 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнут
«Дӕ хуыцау йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (МАТФ. 22:37).
134 ЗАРӔГ Сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1, 2. Нӕ царды исты куы фӕивы, уӕд Библийы уагӕвӕрдтӕй кӕцыдӕртӕм ӕндӕр цӕстӕй цӕмӕн ракӕсӕм?
ЧЫНДЗӔХСӔВЫ бон усгур ӕмӕ чындз лӕмбынӕг хъусынц раныхасмӕ бинонты царды фӕдыл. Раныхасы цы уагӕвӕрдты кой ис, уыдон фыццаг хатт нӕ хъусынц. Фӕлӕ сӕм ныр ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц, уымӕн ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ комкоммӕ уыдонмӕ хауынц.
2 Чырыстон лӕг ӕмӕ усӕн сывӕллон куы райгуыры, уӕд уыдон дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕй кӕцыдӕртӕм ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынц. Уый размӕ дӕр бирӕ хӕттыты фехъуыстой раныхӕстӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны фӕдыл. Фӕлӕ ныр сӕхи хъӕуы сывӕллон хъомыл кӕнын. Уый у тынг стыр хӕс! Адӕймагӕн йӕ царды исты куы фӕивы, уӕд кӕцыдӕр уагӕвӕрдтӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайы, кӕд ын зонгӕ вӕййынц, уӕддӕр. Ӕмӕ Библи дӕр ӕдзух уый тыххӕй фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл Израилы паддзӕхтау нӕ «царды ӕппӕт бонты дӕр» фӕхъуыды кӕнӕм (Дык. з. 17:19).
3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
3 Ныййарджытӕ, сымахмӕ ӕрхауд стыр кад – уӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад амонын! Сымах фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы тыххӕй базоной. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма сын баххуыс кӕнат, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзой. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цыппар уагӕвӕрдмӕ. Уыдон уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ хъӕбултӕн Хуыцауы бауарзын кӕнат (2 Тим. 3:16). Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм иуӕй-иу ныййарджыты цӕвиттонтӕм ӕмӕ базондзыстӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый сын цы пайда ӕрхаста, уый.
ЦЫППАР УАГӔВӔРДЫ НЫЙЙАРДЖЫТӔН
4. Ныййарджытӕн цавӕр уагӕвӕрд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕной? (Иаковы 1:5).
4 1-аг уагӕвӕрд. Йегъовӕйӕ разамынд курут. Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнат, уый тыххӕй уӕ хъӕуы йе ’ххуыс. Уымӕ гӕсгӕ дзы зонд курут. (Бакӕс Иаковы 1:5.) Йегъовӕйӕ хуыздӕр уын уынаффӕ ничи ратдзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йегъовӕйӕн цас сывӕллӕттӕ ис, уыйбӕрц сывӕллӕттӕ никӕмӕн ис, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ничи зоны, сывӕллӕтты хъомыл кӕнын куыд хъӕуы, уый (Пс. 36:9). Стӕй йӕ уынаффӕтӕ алкӕддӕр вӕййынц раст ӕмӕ нӕ пайдайӕн (Ис. 48:17).
5. а) Йегъовӕйы организаци ныййарджытӕн куыд ӕххуыс кӕны? б) Рагацау бакӕс видеороликмӕ. (Кӕс фиппаинаг.) Абилио ӕмӕ Уллӕ Аморим сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кодтой, уымӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?
5 Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныййарджытӕн амоны, сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕной, уый. Стӕй сын йӕ организацийы уылты бирӕ ӕрмӕг дӕтты (Матф. 24:45). Зӕгъӕм, бирӕ хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис рубрикӕйы «Ӕххуыс бинонтӕн». Цалдӕр азы дӕргъы мыхуыргонд цыди журнал «Райхъал ут!»-ы, ныр та ис нӕ сайты. Нӕ сайты ма ис бирӕ алыхуызон видеороликтӕ ӕмӕ интервьютӕ. Ӕмӕ уыдоны фӕрцы дӕр хуыздӕр бамбардзыстут, сывӕллӕтты Йегъовӕйы уынаффӕтӕм гӕсгӕ хъомыл кӕнын куыд хъӕуы, уый (Ӕмб. 2:4–6) *.
6. Иу ӕфсымӕр ӕмӕ йӕ бинойнаг цы хъуыды кӕнынц, Йегъовӕйы организаци сын цы разамынд дӕтты, уый тыххӕй?
6 Ныййарджытӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг сты, йӕ организацийы уылты сын кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Ӕфсымӕр Джо загъта: «Ис нын ӕртӕ сывӕллоны. Ӕмӕ сӕ рӕстдзинады фӕндагыл сӕвӕрын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Мӕ бинойнагимӕ ӕдзух Йегъовӕмӕ фӕкувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс фӕкурӕм. Арӕх цавӕрдӕр статья кӕнӕ видеоролик йӕ тӕккӕ афоныл рацӕуы – вӕййы дзы, мах чи фӕхъӕуы, ахӕм уынаффӕ. Йегъовӕ нын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд куыд кӕниккам, мӕгъа». Джо ӕмӕ йӕ бинойнаг зӕгъынц, ахӕм статьяты ӕмӕ видеороликты фӕрцы сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕмӕ кӕй баввахсдӕр сты.
7. Ныййарджытӕ цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕной, сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг сты ӕви нӕ, ууыл? (Ромӕгтӕм 2:21).
7 2-аг уагӕвӕрд. Уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг ут. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты алы фезмӕлдмӕ дӕр фӕкӕсынц, ӕмӕ арӕх уыдон дӕр афтӕ фӕкӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу ныййарӕг дӕр ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕрӕдигӕ нӕу (Ром. 3:23). Фӕлӕ уӕддӕр фыд ӕмӕ мад хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уой. (Бакӕс Ромӕгтӕм 2:21.) Иу ӕфсымӕр загъта: «Сывӕллӕттӕ губкӕтӕй уӕлдай не сты. Стӕй, цы сын фӕамонӕм, нӕхӕдӕг афтӕ куы нӕ фӕкӕнӕм, уӕд нын уый нӕ цӕстмӕ бадарынц». Уӕдӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уӕ хъӕбултӕ Йегъовӕйы бауарзой, уӕд ӕй хъуамӕ уӕхӕдӕг дӕр тынг уарзат. Ӕмӕ уый хъуамӕ бӕрӕг уа уӕ цардӕй.
8, 9. Эндрю ӕмӕ Эммӕ цы радзырдтой, уымӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?
8 Ныййарджытӕн алыхуызӕтты у сӕ бон сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой. Иу 17-аздзыд ӕфсымӕр, Эндрю, загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ мын мӕ мад алкӕддӕр дзырдтой, Йегъовӕмӕ кувын куыд ахсджиаг у. Алы изӕр дӕр-иу папӕ мемӕ куывта, кӕд-иу уый размӕ мӕхӕдӕг скуывтон, уӕддӕр. Мӕ ныййарджытӕ мӕнӕн ӕмӕ мӕ хойӕн ӕдзух дзырдтой: „Уӕ бон у Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын, цал хатты уӕ бафӕнда, уал хатты“. Афтӕ нӕ кӕй ахуыр кодтой, уый фӕрцы мын ныр Йегъовӕмӕ кувын тынг ӕнцон вӕййы. Ӕз зонын, Йегъовӕ кӕй у мӕ Фыд ӕмӕ мӕ бирӕ кӕй уарзы». Ныййарджытӕ, рох уӕ ма уӕд: Йегъовӕйы кӕй уарзут, уый уӕ сывӕллӕттӕ дӕр уындзысты, ӕмӕ сын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ бауарзой.
9 Ӕркӕсӕм-ма Эммӕйы хабармӕ дӕр. Сӕ фыд сӕ ныууагъта, ӕмӕ, цы стыр хӕстӕ скодта, уыдон сӕ мады фидинаг фесты. Эммӕ загъта: «Мамӕ-иу арӕх йӕ къухтӕм ӕмхасӕнтӕ кодта, ӕхцайӕ-иу тынг тыхст уыдыстӕм. Фӕлӕ-иу ӕдзух дзырдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд тыхсы ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыдон афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Йӕ цардӕй бӕрӕг уыди, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕны. Куыд нын амыдта, йӕхӕдӕг дӕр афтӕ кодта». Ацы хабарӕй бӕрӕг у, ныййарджытӕн зын уавӕрты дӕр сӕ бон кӕй у, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уой (Гал. 6:9).
10. Израилӕгтӕн-иу цавӕр фадӕттӕ уыд сӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнынӕн? (Дыккаг закъон 6:6, 7).
10 3-аг уагӕвӕрд. Уӕ сывӕллӕттимӕ арӕх ныхас кӕнут. Йегъовӕ рагон израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕттимӕ арӕх ныхас кодтаиккой ӕмӕ сын Хуыцауы тыххӕй дзырдтаиккой. Афтӕмӕй сын Йегъовӕйы бауарзын кодтаиккой. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:6, 7.) Боны дӕргъы-иу ныййарджытӕн бирӕ фадӕттӕ уыд сӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнынӕн. Зӕгъӕм, лӕппу-иу йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ фыдӕн ӕххуыс кодта хуымы куыстытӕ кӕнынӕн. Чызг та-иу мадӕн ӕххуыс кодта хӕдзары куыстытӕ кӕнынӕн, хуыйынӕн, хъуымӕцтӕ уафынӕн. Афтӕмӕй-иу ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ иумӕ бирӕ рӕстӕг ӕрвыстой. Ӕмӕ-иу сӕ бон уыди бирӕ цӕуылдӕрты ныхас кӕнын. Зӕгъӕм, сӕ бон уыд, Йегъовӕ куыд хорз ӕмӕ куыд хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ сын сӕ бинонтӕн куыд ӕххуыс кӕны, ууыл дзурын.
11. Чырыстон ныййарджытӕн кӕд вӕййы хорз фадат сӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнынӕн?
11 Ныр ӕндӕр рӕстӕг у. Бирӕ бӕстӕты ныййарджытӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн арӕх нӕ вӕййы ахӕм фадат, цӕмӕй ӕнӕхъӕн бон иумӕ уой. Фыд ӕмӕ мад куысты вӕййынц, сывӕллӕттӕ та – скъолайы. Ӕмӕ ныййарджыты фӕхъӕуы рӕстӕг ссарын, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕной (Еф. 5:15, 16; Фил. 1:10). Уымӕн хорз фадат у бинонты ахуыр. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Александр, зӕгъы: «Мӕ фыдӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ куы вӕййы, уӕд дӕр алы къуыри дӕр бинонты ахуыр ауадзы. Уый фӕрцы ӕнӕхъӕн бинонтӕй ӕрӕмбырд вӕййӕм. Ахуыры фӕстӕ та ӕнӕуи фӕныхӕстӕ кӕнӕм».
12. Бинонты хистӕр бинонты ахуыры рӕстӕг йӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дара?
12 Бинонты хистӕрӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй бинонты ахуыр сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ цӕуа? Ис нӕм замманай ног чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Ӕмӕ бинонты ахуыры рӕстӕг ис уыцы чиныгыл ныхас кӕнӕн. Чиныг афтӕ конд у, ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕнцон уыдзӕн сӕ хъуыдытӕ дзурын. Фӕлӕ-иу сын бинонты ахуыры рӕстӕг зӕндтӕ ма амонут ӕмӕ-иу сын уайдзӕфтӕ ма кӕнут, кӕннод уын, сӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕнынц, уыдӕттӕ нӕ дзурдзысты. Цы дзурой, уый, гӕнӕн ис, Библимӕ гӕсгӕ раст ма уа. Фӕлӕ-иу сӕм ма рамӕсты ут. Ӕгайтма уын сӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурынц. Ӕмӕ архайут, цӕмӕй дарддӕр дӕр афтӕ кӕной. Сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы зонат, ӕрмӕстдӕр сын афтӕмӕй баххуыс кӕндзыстут, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уой.
13. Ныййарджытӕн ма ноджыдӕр цавӕр фадӕттӕ вӕййы, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕной Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн?
13 Алы фадатӕй дӕр пайда кӕнут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнат Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнынӕн. Уӕ бон у семӕ нӕ уарзӕгой Хуыцауы тыххӕй кӕдфӕнды дӕр дзурын. Нӕ хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын бинонты ахуырмӕ кӕнӕ, семӕ Библи кӕд фӕахуыр кӕнут, уыцы бонмӕ. Хо Лизӕ загъта: «Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ-иу нӕ сывӕллӕттӕн дзырдтам, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Зӕгъӕм, нӕ куыдз цытӕ кӕны, ууыл-иу куы худтысты, уӕд-иу сын загътам, Йегъовӕ дӕр ахудын кӕй уарзы ӕмӕ амондджын Хуыцау кӕй у, ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ кӕй сфӕлдыста, цӕмӕй сын цард циндзинад хӕсса».
14. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной, цӕмӕй сын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына? (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).
14 4-ӕм уагӕвӕрд. Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына. Библийы бӕлвырд ис фыст, хорз ӕмбӕлттӕ нын куы вӕййы, уӕд хорзырдӕм кӕй фӕивӕм, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ нын куы вӕййы, уӕд та – ӕвзӕрырдӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 13:20.) Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн се ’мбӕлтты зонут? Семӕ рӕстӕг фервитут? Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына? (1 Кор. 15:33). Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм чырыстӕтты-иу уӕхимӕ фӕхонут ӕмӕ-иу уӕ рӕстӕг иумӕ арвитут (Пс. 119:63).
15. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына?
15 Тони радзырдта, йӕ бинойнагимӕ сӕ сывӕллӕттӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн куыд ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй: «Нӕхимӕ-иу фӕхуыдтам алы кары хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты. Фӕхуыдтам-иу сӕ бинонты ахуырмӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуи абадынмӕ дӕр. Афтӕмӕй, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ис хуыздӕр базонӕн. Нӕхимӕ-иу суазӕг кодтам районон цӕстдарджыты, миссионерты ӕмӕ ӕндӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты. Уыдон-иу радзырдтой алыхуызон цымыдисаг хабӕрттӕ. Ӕмӕ куыд зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц, уый уынгӕйӕ нӕ сывӕллӕтты дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын». Уынут ӕй, нӕ зынаргъ ныййарджытӕ, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнат хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн?
УӔ НЫФС МА АСӔТТӔД!
16. Уӕ сывӕллоны Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕд уӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарат?
16 Хатт афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ кӕд ныййарджытӕ тынг фӕархайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллоны рӕстдзинады фӕндагыл сӕвӕрой, уӕддӕр сывӕллоны нӕ бафӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд-иу уӕхи ма аххосджын кӕнут. Йегъовӕ алы адӕймагӕн дӕр радта уынаффӕ хӕссыны бар, ома алкӕмӕн дӕр йӕ бон у равзарын, лӕггад ын кӕндзӕн ӕви нӕ. Ӕмӕ ахӕм бар ис уӕ сывӕллонӕн дӕр. Кӕд Йегъовӕйы ныууагъта, уӕддӕр уӕ ныфс ма асӕттӕд. Чи зоны, иу бон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕха. Ӕрхъуыды-ма кӕнут, хӕдзарӕй чи ацыд, уыцы фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас (Лук. 15:11–19, 22–24). Цы лӕппуйы кой дзы ис, уый ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыд. Фӕлӕ фӕстагмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт. Чи зоны, исчи зӕгъдзӕн: «Уый фӕсномыг ныхас у. Фӕлӕ царды дӕр афтӕ вӕййы?» О, вӕййы. Елейӕн дӕр йӕ хабар афтӕ уыд.
17. Елейы хабар дӕ ныфс куыд уадзы?
17 Еле радзырдта: «Мӕ ныййарджытӕ сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ сӕ бон цы уыд, уый кодтой, цӕмӕй мын Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Ныхас, Библи, бауарзын кодтаиккой. Фӕлӕ рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд сӕ коммӕ нал кастӕн». Еле йӕ ныййарджыты сусӕгӕй ӕвзӕр митӕ кӕнын райдыдта. Йӕ ныййарджытӕ уый куы базыдтой, уӕд архайдтой, цӕмӕй йын баххуыс кодтаиккой. Фӕлӕ сӕм нӕ байхъуыста. Уый фӕстӕ хӕдзарӕй ацыд ӕмӕ бынтондӕр йӕ рохтӕ суагъта. Фӕлӕ-иу уӕддӕр иуӕй-иу хатт йе ’мбалимӕ Йегъовӕйы тыххӕй ныхас кодта. Еле загъта: «Йегъовӕйы тыххӕй ме ’мбалимӕ цас фылдӕр дзырдтон, уыйас ыл мӕхӕдӕг дӕр арӕхдӕр хъуыды кодтон. Мӕ ныййарджытӕ мын мӕ зӕрдӕйы цы рӕстдзинады мыггӕгтӕ ныссагътой, уыдон сындӕггай рӕзын райдыдтой». Цасдӕры фӕстӕ Еле Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхт *. Ахъуыды-ма кӕнут, йӕ ныййарджытӕ куыд цин кодтаиккой, йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕ Хуыцауы фӕндагыл кӕй ӕвӕрдтой, ууыл! (2 Тим. 3:14, 15).
18. Йӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзынӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы ныййарджыты тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
18 Ныййарджытӕ, сымахмӕ ӕрхауд стыр кад – хъуамӕ схъомыл кӕнат, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕндзӕн, уыцы ног фӕлтӕр! (Пс. 78:4–6). Уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Стыр бузныг уын, уӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрдут ӕмӕ уӕ хъӕбултӕн кӕй ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой! Дарддӕр дӕр сӕ, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ куы хъомыл кӕнат ӕмӕ сӕ йӕ зондыл куы аразат, уӕд уӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд райгонд уыдзӕн (Еф. 6:4).
135 ЗАРӔГ Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»
^ Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты тынг уарзынц. Уыдон фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй сӕ цотӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ уа ӕмӕ амондджын уой. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕной. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Библийӕ сын цавӕр цыппар уагӕвӕрды баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уыцы нысан сӕ къухы бафта.
^ Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Йегъовӕ нӕ сахуыр кодта сывӕллӕтты хъомыл кӕнын».
^ Кӕс статья «Библи ивы адӕймаджы цард» 2012 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».
^ НЫВ. Фыд йӕ лӕппуимӕ ӕмӕ йӕ лӕппуйы ӕмбалимӕ баскетболӕй хъазы. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ лӕппуйы ӕмбӕлтты хуыздӕр базона.