Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Раргомады чиныджы Хуыцауы знӕгты уыныс?

Раргомады чиныджы Хуыцауы знӕгты уыныс?

«Паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» (РАРГ. 16:16).

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Раргомады чиныгӕй Хуыцауы адӕмы тыххӕй цы ис базонӕн?

 РАРГОМАДЫ чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцауы уӕларвон Паддзахад йӕ къухмӕ бартӕ кӕй райста ӕмӕ Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцыд, уый (Рарг. 12:1–9). Уӕлӕрвты чи ис, уыдонӕн уый уыд стыр цины хабар. Фӕлӕ махӕн та нӕ цард фӕзындӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг сӕйраджыдӕр йӕ маст калы, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдоныл (Рарг. 12:12, 15, 17).

2. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм?

2 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ ма фӕцудӕм? (Рарг. 13:10). Фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый куы базонӕм, уӕд нӕ ныфс бацӕудзӕн. Зӕгъӕм, Раргомады чиныджы апостол Иоанн ныффыста, тагъд цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу у, Хуыцауы знӕгтӕ сӕфты хай кӕй бауыдзысты, уый. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Раргомады чиныджы уыцы знӕгты тыххӕй цы ис фыст ӕмӕ сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ.

ХУЫЦАУЫ ЗНӔГТӔ ӔВДЫСТ СТЫ «НЫСӔНТТӔЙ»

3. Раргомады цы нысӕнттӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕр сты?

3 Раргомады фыццаг стихӕй базонӕн ис, ацы чиныджы цы хабӕртты кой ис, уыдон «нысӕнттӕй» ӕвдыст кӕй сты, ома сӕ комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы (Рарг. 1:1). Хуыцауы знӕгтӕ дзы ӕвдыст сты сырдты хуызы. Зӕгъӕм, фыццаг дзы уынӕм «денджызӕй иу сырды схизгӕ, дӕс сыкъаимӕ ӕмӕ авд сӕримӕ» (Рарг. 13:1). Уый фӕстӕ та уынӕм «ӕндӕр сырды зӕххы хуылфӕй сцӕйцӕугӕ». Уый дзуры «залиаг калмау» ӕмӕ «арвӕй зӕхмӕ арт дӕр ӕрцӕуын кӕны» (Рарг. 13:11–13). Стӕй та уынӕм ӕндӕр сырды – «сырх-сырхид сырды» – ӕмӕ йыл хӕтаг сылгоймаг бады. Ацы ӕртӕ сырды амонынц Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Паддзахады рагон знӕгтӕм. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй базонӕм, чи сты, уый (Рарг. 17:1, 3).

ЦЫППАР СТЫР СЫРДЫ

Рацыдысты «денджызӕй» (Дан. 7:1–8, 15–17). Уыдон сты, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, уыцы дунеон паддзахӕдтӕ Данелы заманӕй фӕстӕмӕ (кӕс 4, 7 абзацтӕ)

4, 5. Данелы 7:15–17 стихты цы фыст ис, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, Раргомады цы нысӕнттӕ ис, уыдон бамбарынӕн?

4 Уыцы сырдтӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймаг чи сты, уый куыд ис базонӕн? Библи нын ӕй йӕхӕдӕг ӕмбарын кӕны. Раргомады цы нысӕнттӕ ис, уыдон ӕмбарын кӕнынц Библийы иннӕ чингуытӕ. Зӕгъӕм, пехуымпар Данел фыны федта, денджызӕй кӕй рацыд «цыппар ӕнахуыр стыр сырды» (Дан. 7:1–3). Ӕмӕ уый фӕстӕ ныффыста, уыцы стыр сырдтӕ кӕй амонынц цыппар «паддзахмӕ», ома цыппар паддзахадмӕ, кӕнӕ хицауадмӕ. (Бакӕс Данелы 7:15–17.) Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Раргомады чиныджы цы сырдты кой ис, уыдон дӕр кӕй амонынц паддзахӕдтӕм, кӕнӕ хицауӕдтӕм.

5 Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, Раргомады чиныджы цы нысӕнттӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕм ӕмӕ сӕ Библи йӕхӕдӕг куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ. Фыццаг базондзыстӕм, сырдтӕ кӕмӕ амонынц, уый. Уый фӕстӕ аныхас кӕндзыстӕм, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Ӕмӕ фӕстагмӕ базондзыстӕм, уыцы хабӕрттӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты, уый.

ХУЫЦАУЫ ЗНӔГТӔ РАРГОМ СТЫ

АВД СӔРЫ КӔМӔН ИС, УЫЦЫ СЫРД

Схызт «денджызӕй», ис ын авд сӕры, дӕс сыкъайы ӕмӕ дӕс кадыхуды (Рарг. 13:1–4). Амоны, зӕххыл цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ уыд ӕмӕ ис, уыдонмӕ. Йӕ авд сӕры амонынц, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, уыцы 7 дунеон паддзахадмӕ (кӕс 6–8 абзацтӕ)

6. Раргомады 13:1–4 стихты цы авдсӕрон сырды кой ис, уый кӕмӕ амоны?

6 Авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд чи у? (Бакӕс Раргомад 13:1–4.) Ацы сырд у фыранчы хуызӕн, фӕлӕ йӕ дзӕмбытӕ сты арсы дзӕмбыты хуызӕн, йӕ дзых та – домбайы дзыхы хуызӕн, стӕй йын ис дӕс сыкъайы. Ацы сырд цӕмӕйдӕр у, Данелы 7-ӕм сӕры цы цыппар сырды кой ис, уыдоны хуызӕн. Фӕлӕ Раргомады чиныджы цыппар хицӕн сырды кой нӕй. Ис дзы иу сырды кой, ӕмӕ йӕм уыцы цыппар сырдӕй алкӕцыйӕ дӕр цыдӕр ис. Ацы сырд иу цавӕрдӕр хицауадмӕ кӕнӕ дунеон паддзахадмӕ нӕ амоны. Уымӕн йӕ бар цӕуы «алы мыггагыл, алы адӕмыхаттыл, алы ӕвзагыл ӕмӕ алы адӕмыл дӕр». Уӕдӕ, иу кӕцыдӕр бӕстӕйы хицауадӕн цы бартӕ ис, уымӕй йын фылдӕр бартӕ ис (Рарг. 13:7). Уымӕ гӕсгӕ ацы сырд амоны, зӕххыл цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ уыд ӕмӕ ис, уыдонмӕ (Еккл. 8:9) *.

7. Сырдӕн йӕ авд сӕры кӕмӕ амонынц?

7 Авд сӕрӕй алкӕцы дӕр кӕмӕ амоны? Раргомады 13-ӕм сӕры ма ис сырдӕн йӕ нывы кой дӕр, ӕмӕ йӕ кой ис 17-ӕм сӕры дӕр. Ӕмӕ сырдӕн йӕ сӕртӕй алкӕцы дӕр кӕмӕ амоны, уый нӕ бон у ацы сӕрӕй базонын. Раргомады 17:10 стихы фыст ис: «Уыдон ма ӕвдисынц авд паддзахы: фондз дзы бабын сты, иу дзы ис ныртӕккӕ, иннӕ та нӕма ӕрцыд, фӕлӕ куы ’рцӕуа, уӕд бирӕ нӕ ахӕсдзӕн». Хӕйрӕг цы хицауӕдты уылты архайдта ӕмӕ архайы, уыдонӕй авд сты «сӕрты» хуызӕн. Уыдон сты, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, уыцы дунеон паддзахӕдтӕ. Апостол Иоанны рӕстӕгмӕ дзы фондз аивгъуыдтой: Египет, Ассири, Вавилон, Мидо-Перси ӕмӕ Греци. Иоанн Раргомады чиныг куы фыста, уӕд дунеон паддзахад уыд Ромы паддзахад – уый уыд ӕхсӕзӕм сӕр. Цымӕ ӕвдӕм сӕр та, ома ӕвдӕм ӕмӕ фӕстаг дунеон паддзахад, чи уыдзӕн?

8. Сырдӕн йе ’вдӕм сӕр чи у?

8 Данелы чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны фӕрцы базонӕн ис, сырдӕн йе ’вдӕм, ома фӕстаг, сӕр чи у, уый. Ахъуыды-ма кӕнӕм, кӕроны рӕстӕджы, ома «Хицау Йесойы боны», дунеон паддзахад кӕцы у (Рарг. 1:10). Уый у Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ иумӕ. Уыдон архайынц, куыд иу дунеон паддзахад, афтӕ, ӕмӕ сты, Раргомады 13:1–4 стихты цы сырды кой ис, уымӕн йе ’вдӕм сӕр.

СЫРД УӔРЫЧЧЫ СЫКЪАТЫ ХУЫЗӔН ДЫУУӔ СЫКЪАИМӔ

Ссыд «зӕххы хуылфӕй» ӕмӕ дзуры «залиаг калмау». «Арвӕй зӕхмӕ арт дӕр ӕрцӕуын кӕны». Уый ма у «мӕнг пехуымпар» дӕр, ӕмӕ ӕвдисы диссӕгтӕ (Рарг. 13:11–15; 16:13; 19:20). Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн ис, уыцы сырд дӕр ӕмӕ мӕнг пехуымпар дӕр амонынц Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕм. Ацы мӕнг пехуымпар сайы зӕххыл цӕрӕг адӕмы ӕмӕ сын дзуры, цӕмӕй, 7 сӕры ӕмӕ 10 сыкъайы кӕмӕн ис, «уыцы сырды ныв скӕной» (кӕс 9 абзац)

9. «Уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы» кӕмӕн ис, уыцы сырд чи у?

9 Раргомады 13-ӕм сӕры ма ӕвдӕм сӕр ӕвдыст у ӕндӕр сырды хуызы дӕр. Ис ын «уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы», фӕлӕ дзургӕ та кӕны «залиаг калмау». Уыцы сырд «ӕвдисы ахӕм стыр диссӕгтӕ, ӕмӕ адӕмы цӕстыты раз арвӕй зӕхмӕ арт дӕр ӕрцӕуын кӕны» (Рарг. 13:11–15). Раргомады 16-ӕм ӕмӕ 19-ӕм сӕрты та хуыйны «мӕнг пехуымпар» (Рарг. 16:13; 19:20). Данелы чиныджы дӕр ис ахӕм цӕйдӕр кой, зӕгъӕм, фыст дзы ис, Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ бӕстӕ кӕй пырх кӕндзысты (Дан. 8:19, 23, 24). Ацы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг. Японийыл дыууӕ атомон бомбӕйы ӕппӕрст кӕй ӕрцыд, уый хӕстӕн кӕрон скодта. Уыцы бомбӕтӕ саразыныл куыстой Великобританийы ӕмӕ Иугонд Штатты ахуыргӕндтӕ. Зӕгъӕн ис, афтӕмӕй Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ «арвӕй зӕхмӕ арт... ӕрцӕуын кодтой».

СЫРХ-СЫРХИД СЫРД

Бады йыл хӕтаг сылгоймаг – Стыр Вавилон. Ацы сырд ма у ӕстӕм паддзах дӕр (Рарг. 17:3–6, 8, 11). Фыццаг уал хӕтаг сылгоймагӕн сырдыл йӕ бар цӕуы. Фӕлӕ йыл уый фӕстӕ уыцы сырд йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ дзы ницыуал ныууадздзӕн. Хӕтаг сылгоймаг амоны мӕнг динтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Сырд та абон амоны Иугонд Нациты Организацимӕ. Уый архайы ӕппӕт зӕххон хицауӕдты номӕй (кӕс 10, 14–17 абзацтӕ)

10. «Сырды ныв» цӕмӕ амоны? (Раргомад 13:14, 15; 17:3, 8, 11).

10 Уый фӕстӕ та уынӕм ӕндӕр сырды. Уый у, авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырды хуызӕн, ӕрмӕст у сырх-сырхид. Уый хуыйны «сырды ныв» ӕмӕ ма «ӕстӕм паддзах» дӕр. (Бакӕс Раргомад 13:14, 15; 17:3, 8, 11.) * Уыцы «паддзах» фӕзынд, стӕй нал уыд, ӕмӕ та уый фӕстӕ ногӕй фӕзынд. Раст афтӕ уыд Иугонд Нациты Организацийы хабар. Уый архайы ӕппӕт зӕххон хицауӕдты номӕй. Фыццаг хуынди Нациты Лигӕ. Уый фӕстӕ, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг, нал уыд. Ӕмӕ та фӕстӕдӕр ногӕй фӕзынд.

11. Сырдтӕ, ома хицауӕдтӕ, цы араздзысты ӕмӕ сӕ цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

11 Уыцы сырдтӕ, ома хицауӕдтӕ, адӕмы ардаудзысты Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныхмӕ. Ахӕсгӕ хуызы «ӕгас дунейы паддзӕхты» ӕрӕмбырд кӕндзысты Армагеддонмӕ – «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ» (Рарг. 16:13, 14, 16). Фӕлӕ мах тӕрсын ницӕмӕй хъӕудзӕн. Нӕ кадджын Хуыцау Йегъовӕ уайтагъд архайын райдайдзӕн ӕмӕ фервӕзын кӕндзӕн, йӕ хицаудзинады фарс чи уа, уыдоны се ’ппӕты дӕр (Йез. 38:21–23).

12. Сырдтӕ цы бауыдзысты?

12 Уыцы сырдтӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Раргомады 19:20 стихы фыст ис: «Ӕмӕ ӕрцахстой сырды ӕмӕ, сырды нысан чи райста ӕмӕ йын йӕ нывӕн чи куывта, уыдоны сайынӕн йӕ разы диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнг пехуымпары дӕр. Сӕ дыууӕ дӕр удӕгасӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты сондонӕй судзгӕ цады». Уыцы хицауӕдтӕ сты Хуыцауы знӕгтӕ. Ӕмӕ нырма сӕ тыхы уыдзысты, афтӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ ӕнустӕм дӕр сӕ кой, сӕ хъӕр нал уыдзӕн!

13. Ацы дунейы хицауӕдтӕ чырыстӕттӕй цы домынц?

13 Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Мах, чырыстӕттӕ, хъуамӕ иузӕрдион уӕм Хуыцауыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл (Иоан. 18:36). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты ма архайӕм ӕмӕ макӕй фарс хӕцӕм. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт уый тынг зын вӕййы. Ацы дунейы хицауӕдты фӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр сӕ фарс уӕм ӕмӕ уый бӕрӕг уа нӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Ӕмӕ сын чи басӕтты, уыдоныл ахӕсгӕ хуызы ӕвӕрд ӕрцӕуы сырды нысан (Рарг. 13:16, 17). Фӕлӕ уыцы нысан кӕуыл ис, уыдоны баййафдзӕн Йегъовӕйы фыдӕх, ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фӕуыдзысты (Рарг. 14:9, 10; 20:4). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй дард лӕууӕм, хицауӕдтӕ цыфӕнды тынг куы архайой, цӕмӕй сӕ фарс уӕм, уӕддӕр!

ХӔТАГ СЫЛГОЙМАДЖЫ ӔГАДЫ МӔЛӔТ

14. Раргомад 17:3–5 стихтӕм гӕсгӕ, Иоанн диссагӕй цы федта?

14 Уый фӕстӕ апостол Иоанн иу цӕуылдӕр тынг бадис кодта. Уый федта, уыцы тасӕфтауӕг сырдтӕй иуыл кӕй бадт, йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у, уыцы хӕтаг сылгоймаг (Рарг. 17:1, 2, 6). Уый хуыйны «Стыр Вавилон» ӕмӕ хӕты «зӕххон паддзӕхтимӕ». (Бакӕс Раргомад 17:3–5.)

15, 16. «Стыр Вавилон» чи у ӕмӕ уый кӕцӕй зонӕм?

15 Чи у «Стыр Вавилон»? Уыцы сылгоймаг нӕу политикӕ кӕнӕ цавӕрдӕр политикон организаци. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Раргомады фыст ис, уый кӕй хӕты ацы дунейы хицӕуттимӕ (Рарг. 18:9). Сырдыл кӕй бады, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ архайы, цӕмӕй сыл йӕ бар цӕуа ӕмӕ йӕ къухы хъазӕнхъултӕй уӕлдай ма уой. Уӕдӕ нӕ амоны Хӕйрӕджы дунейы иннӕ хаймӕ дӕр – коммерцимӕ. Раргомады чиныджы коммерци ӕвдыст у ӕндӕр хуызы – «зӕххон сӕудӕджерты» хуызы (Рарг. 18:11, 15, 16).

16 Библийы ныхас «хӕтаг сылгоймаг» арӕх фӕамоны, йӕхи Хуыцауӕн кувӕг чи хоны, фӕлӕ мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы кӕнӕ ӕндӕр хуызы ацы дунеимӕ чи лымӕн кӕны, уыдонмӕ (1 Аз. 5:25; Иак. 4:4). Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны та Библи хоны «сыгъдӕг» ӕмӕ сӕ бары, йе ’фсарм сыгъдӕгӕй чи хъахъхъӕны, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ (2 Кор. 11:2; Рарг. 14:4). Мӕнг динты ахуырӕдтӕй бирӕтӕ сӕвзӕрдысты рагон Вавилоны ӕмӕ апарахат сты иннӕ рӕтты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Стыр Вавилон амоны, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдонмӕ (Рарг. 17:5, 18; кӕс сайты jw.org статья «Цы у Стыр Вавилон?»).

17. Стыр Вавилон цы бауыдзӕн?

17 Стыр Вавилонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Ацы фарстайӕн дзуапп ис Раргомады 17:16, 17 стихты: «Цы дӕс сыкъайы ӕмӕ сырды федтай, уыдон хӕтаг сылгоймагӕй се сӕфт фендзысты, ницыуал ын ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты, йӕ буар ын бахӕрдзысты ӕмӕ йӕ арты басудздзысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты бавӕрдта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын, ома уыдонӕн сӕ иумӕйаг фӕнд сӕххӕст кӕнын». Йегъовӕ хицауӕдты ахӕм зондыл сараздзӕн, цӕмӕй сырх-сырхид сырды, ома Иугонд Нациты Организаци, мӕнг динты ныхмӕ скӕной ӕмӕ сӕ бынтондӕр фесафа (Рарг. 18:21–24).

18. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Стыр Вавилонимӕ иумӕйагӕй мацы уа?

18 Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр хӕст уӕм, «нӕ Хуыцауы... цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин» чи у, ууыл (Иак. 1:27). Хъуамӕ нын Стыр Вавилонимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацы уа. Нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи фӕчъизи кӕнӕм йӕ мӕнг ахуырӕдтӕй, йӕ бӕрӕгбӕттӕй, йе ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕй. Стӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр адӕмӕн дзурӕм, цӕмӕй дзы рацӕуой, кӕннод йӕ тӕригъӕдтӕ уыдоныл дӕр уыдзысты, ӕмӕ сӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн (Рарг. 18:4).

ТӔРХОН ХУЫЦАУЫ ЦЫФЫДДӔР ЗНАГӔН

СЫРХ-СЫРХИД ЗАЛИАГ КАЛМ

Хӕйрӕг бартӕ дӕтты сырдӕн (Рарг. 12:3, 9, 13; 13:4; 20:2, 10). Хӕйрӕг, Йегъовӕйы цыфыддӕр знаг, 1 000 азы уыдзӕн дӕлдзӕхы. Уый фӕстӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн «судзгӕ сондоны цады» (кӕс 19, 20 абзацтӕ)

19. «Сырх-сырхид залиаг калм» чи у?

19 Раргомады чиныджы ма уынӕм «сырх-сырхид залиаг калмы» дӕр (Рарг. 12:3). Уый схӕцыд Йесоимӕ ӕмӕ йӕ зӕдтимӕ (Рарг. 12:7–9). Тох кӕны Хуыцауы адӕмимӕ ӕмӕ бартӕ дӕтты сырдтӕн, ома зӕххон хицауӕдтӕн (Рарг. 12:17; 13:4). Чи у уыцы залиаг калм? Уый у, «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны... уыцы рагон калм» (Рарг. 12:9; 20:2). Гӕнӕг уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы иннӕ знӕгтӕ дӕр уый ардыдӕй архайынц.

20. Залиаг калм цы бауыдзӕн?

20 Залиаг калммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Раргомады 20:1–3 стихты фыст ис, иу зӕд Хӕйрӕджы дӕлдзӕхмӕ кӕй ныппардзӕн. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Уый афтӕ уыдзӕн, цыма ахӕстоны ис. Уыцы рӕстӕг йӕ бон нӕ уыдзӕн адӕмты сайын, «цалынмӕ мин азы нӕ рацӕуа, уӕдмӕ». Ӕппынфӕстаг Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты «судзгӕ сондоны цады», ома ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты (Рарг. 20:10). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: нал дӕр Хӕйрӕг ис, нал дӕр йӕ дӕлимонтӕ. Уый диссаджы цард куыннӕ уыдзӕн!

21. Раргомады чиныджы цы фыст ис, уый нын цины хос цӕмӕн у?

21 Раргомады чиныджы цы нысӕнттӕ ис, уыдон кӕй бамбӕрстам, уый фӕрцы тынг бафидар стӕм. Йегъовӕйы знӕгтӕ чи сты, ӕрмӕст уый нӕ базыдтам, фӕлӕ ма сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр. Ӕцӕгдӕр, амондджын сты, «ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы... стӕй сӕм чи хъусы», уыдон! (Рарг. 1:3). Фӕлӕ Хуыцауы знӕгтӕй иу дӕр куы нал уа, уӕд адӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

23 ЗАРӔГ Йегъовӕйы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста

^ Раргомады чиныджы Хуыцауы знӕгтӕ ӕвдыст сты алыхуызон нысӕнттӕй. Ӕмӕ уыцы нысӕнттӕ кӕмӕ амонынц, уый нӕ бон у базонын Данелы чиныджы фӕрцы. Ацы статьяйы абардзыстӕм, Данелы чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ Раргомады пехуымпарӕдтимӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй базондзыстӕм, Хуыцауы знӕгтӕ чи сты, уый. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.

^ Авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырдӕн «дӕс сыкъайы» кӕй ис, уымӕй дӕр бӕрӕг у, ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕм кӕй амоны. Библийы нымӕц «дӕс» арӕх фӕамоны ӕнӕхъӕн цӕмӕдӕр.

^ Фыццаг сырдӕй уӕлдай, сырх-сырхид сырды, кӕнӕ «сырды нывы», сыкъатыл кадыхудтӕ нӕй (Рарг. 13:1). Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ «равзӕрд авд паддзахӕй», ӕмӕ йын бартӕ дӕр уыдон дӕттынц. (Кӕс сайты jw.org статья «Раргомады 17 сӕры цы сырх-сырхид сырды кой ис, уый кӕмӕ амоны?».)