Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Раргомады чиныджы дӕхи уыныс?

Раргомады чиныджы дӕхи уыныс?

«Амондджын у, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы, уый» (РАРГ. 1:3).

15 ЗАРӔГ Скад кӕнут Йегъовӕйы фыццаг Фыртӕн!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Цӕмӕн нӕ хъӕуы Раргомады чиныгмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсын?

 ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: кӕмӕдӕр уазӕгуаты дӕ, ӕмӕ дӕм йӕ альбом радта, мӕнӕ уал къамтӕ фен, зӕгъгӕ. Ды альбом фӕлдахыс, ӕмӕ дзы къамты цы адӕм ис, уыдонӕн сӕ фылдӕры нӕ зоныс. Фӕлӕ стӕй иу къамы дӕхи ауыдтай! Ныр уыцы къаммӕ ракӕс-бакӕс кӕныс ӕмӕ хъуыды кӕныс, цымӕ кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыди ист, зӕгъгӕ. Стӕй кӕсыс, ноджыдӕр ма дзы чи ис, уыдонмӕ дӕр.

2 Раргомады чиныг дӕр у ахӕм къамы хуызӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕппынкъаддӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг уый, ӕмӕ ацы чиныг фыст ӕрцыд махӕн. Йӕ тӕккӕ райдианы, фыццаг стихы, ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ» (Рарг. 1:1). Уӕдӕ Раргомады цы ис фыст, уый фыст ӕрцыд адӕмӕн се ’ппӕтӕн нӕ, фӕлӕ махӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн. Ӕмӕ куы бамбарӕм, ацы диссаджы чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон мах дӕр кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ дис ма кӕнӕм. Мах дӕр уыцы «къамы» стӕм!

3, 4. Раргомады чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон кӕд хъуамӕ ӕххӕст кӕной ӕмӕ махӕй алкӕй дӕр цы хъӕуы аразын?

3 Дыккаг хъуыддаг та баст у, уыцы пехуымпарӕдтӕ кӕд хъуамӕ сӕххӕст уой, уыимӕ. Ацӕргӕ апостол Иоанн уыцы рӕстӕджы тыххӕй ныффыста: «Ӕз Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын дӕн ӕмӕ февзӕрдтӕн Хицау Йесойы боны» (Рарг. 1:10). Ацы ныхӕстӕ Иоанн ныффыста н. э. 96 азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ уӕд «Хицау Йесойы бонмӕ» нырма бирӕ хъуыди (Матф. 25:14, 19; Лук. 19:12). Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ, уыцы бон райдыдта 1914 азы, Йесо Чырысти уӕлӕрвты Паддзахӕй ӕвӕрд куы ’рцыди, уӕд. Ӕмӕ уыцы аз Раргомады пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой. Уӕдӕ мах цӕрӕм «Хицау Йесойы боны»!

4 Ахӕм рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы нӕ зӕрдӕмӕ айсын, Раргомады 1:3 стихы цы фӕдзӕхст ис, уый: «Амондджын у, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы, уый, стӕй сӕм чи хъусы ӕмӕ дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕмгъуыды рӕстӕг ӕрхӕстӕг ис». Уӕдӕ хъуамӕ ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй кӕсӕм, хъусӕм сӕм ӕмӕ дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм. Цӕй ӕмӕ уыцы пехуымпар-ныхӕстӕй иуӕй-иутӕм ӕркӕсӕм.

АРХАЙ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔ ДӔ ЛӔГГАДӔЙ РАЙГОНД УА

5. Раргомады чиныгмӕ гӕсгӕ, цӕмӕн-иу хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд у ӕви нӕ?

5 Раргомады чиныг кӕсын куы райдайай, уӕд ӕй уайтагъд фендзынӕ, Йесо ӕмбырдты тыххӕй алцыдӕр кӕй зоны (Рарг. 1:12–16, 20; 2:1). Уый бӕрӕг у, Къаннӕг Азийы авд ӕмбырдмӕ цы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй. Ныффыссын сӕм кодта, цы сӕ хъуыди аразын, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ лӕггадӕй райгонд уыдаид. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ хауынц, Хуыцауӕн абон чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ дӕр. Нӕ Разамонӕг Йесо Чырысти хорз зоны, нӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уый. Йесо алцыдӕр уыны. Уый нӕм йӕ цӕст дары ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны. Йесо зоны, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр райгонд уа. Аныхас кӕнӕм, 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн цавӕр разамынд радта ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон уыцы разамындмӕ гӕсгӕ архайын куыд у, ууыл.

6. а) Раргомад 2:3, 4 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо Ефесы ӕмбырдӕн цӕй тыххӕй бауайдзӕф кодта? б) Махӕн уый цӕуыл дзурӕг у?

6 Бакӕс Раргомад 2:3, 4. Йегъовӕйы куы базыдтам, уӕд ӕй куыд тынг бауарзтам, хъуамӕ йӕ алкӕддӕр афтӕ уарзӕм. Кӕд Ефесы ӕмбырды чырыстӕттӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр уыдысты фидар ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кодтой. Фӕлӕ сын Йесо загъта, Йегъовӕйы раздӕрау кӕй нал уарзтой. Ӕмӕ сӕ хъуыди уыцы уарзондзинады зынг ногӕй сӕ зӕрдӕты ссудзын, науӕд сын Йегъовӕ сӕ лӕггадӕй райгонд нӕ уыдаид. Абон мах дӕр зындзинӕдты фидар кӕй фӕлӕууӕм, уый хорз у. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Йегъовӕ, цы аразӕм, ӕрмӕст уымӕ нӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ цӕмӕн аразӕм, уымӕ дӕр. Уый фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм, тынг ӕй кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй (Ӕмб. 16:2; Мар. 12:29, 30).

7. а) Раргомад 3:1–3 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо Сардисы ӕмбырдӕн цӕмӕн бауайдзӕф кодта? б) Дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

7 Бакӕс Раргомад 3:1–3. Хъуамӕ дарддӕр дӕр уӕм цырддзаст ӕмӕ ма бафынӕй уӕм. Сардисы ӕмбырды чи уыди, уыдон раздӕр Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ арӕзтой, фӕлӕ уый фӕстӕ ӕрлӕмӕгъ сты. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо загъта, цӕмӕй «райхъал» уыдаиккой. Уый махӕн зондзонӕн куыд у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбон нӕ ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10). Фӕлӕ ныр ӕнцад куы сбадӕм ӕмӕ афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕз Хуыцауы хъуыддаджы фаг сарӕзтон, зӕгъгӕ, уӕд уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн. Кӕд нӕ бон нал у, раздӕр цас арӕзтам, уыйбӕрц аразын, уӕддӕр хъуамӕ зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнӕм «Хицауы хъуыддаджы» ӕмӕ суанг кӕронмӕ дӕр уӕм цырддзаст ӕмӕ ма бафынӕй уӕм (1 Кор. 15:58; Матф. 24:13; Мар. 13:33).

8. Йесо лаодикиаг чырыстӕттӕн цы загъта, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? (Раргомад 3:15–17).

8 Бакӕс Раргомад 3:15–17. Хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм зынгзӕрдӕйӕ. Лаодикийы ӕмбырды чи уыд, уыдонӕн та Йесо ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй бауайдзӕф кодта. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ уыдысты «хъӕрмуст». Сӕ лӕггадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты. Ӕмӕ сын уый тыххӕй Йесо загъта, кӕй уыдысты «тӕригъӕддаг» ӕмӕ «мӕгуыр». Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ хъуамӕ сӕ удтӕй арт цагътаиккой (Рарг. 3:19). Йесойы ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты? Кӕд зынгзӕрдӕйӕ нал лӕггад кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нын йӕ организаци хорзӕй цы аразынц, ууыл ӕмӕ сӕ уыдӕтты тыххӕй бузныг уӕм (Рарг. 3:18). Ныртӕккӕ нын хъӕздыг, ӕнӕмӕт цард уа, уымӕ куы бӕллӕм, уӕд нын Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты нал уыдзысты. Ӕмӕ мах та нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ рауайа.

9. Йесо Пергамы ӕмӕ Фиатирӕйы чырыстӕттӕн цы загъта, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

9 Раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстӕм хъуамӕ ма хъусӕм ӕмӕ сыл ма ӕууӕндӕм. Йесо Пергамы чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты бауайдзӕф кодта, къордтыл ӕмӕ сектӕтыл кӕй дихтӕ кодтой, уый тыххӕй (Рарг. 2:14–16). Фиатирӕйы чырыстӕттӕй та кӕмӕйдӕрты раппӕлыд, «Сайтаны сусӕгдзинӕдтӕ» базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй рӕстдзинадыл фидар хӕцыдаиккой (Рарг. 2:24–26). Мӕнг ахуырӕдтыл чи баууӕндыд ӕмӕ чи ӕрлӕмӕгъ, уыцы чырыстӕтты хъуыди ӕрфӕсмон кӕнын. Махӕн дзы нӕ бон зондӕн райсын цы у? Кӕд цавӕрдӕр ахуырад кӕнӕ цавӕрдӕр хъуыды, Йегъовӕ цы дзуры, уый ныхмӕ у, уӕд уыдӕттыл хъуамӕ ма ӕууӕндӕм. Раст дин чи ныууагъта, уыдон сӕхи афтӕ февдисынц, «цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты», фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕ вӕййы (2 Тим. 3:5). Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн, кӕцыдӕр ахуырад мӕнг ахуырад кӕй у, уый бамбарын. Ӕмӕ-иу ыл уӕд нӕ баууӕнддзыстӕм (2 Тим. 3:14–17; Иуд. 3, 4).

10. Йесо ма Пергамы ӕмӕ Фиатирӕйы ӕмбырдтӕн ноджыдӕр цы загъта, уый нын зондзонӕн куыд у?

10 Хӕтындзинадӕн нӕм йӕ кой дӕр хъуамӕ ма уа. Йесо ма Пергамы ӕмӕ Фиатирӕйы чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты ноджыдӕр цӕйдӕр тыххӕй бауайдзӕф кодта. Уыдонӕй чидӕртӕ хӕтыдысты, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты (Рарг. 2:14, 20). Абон махӕн уый зондзонӕн куыд у? Чи зоны, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ныл цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ дӕр ис. Фӕлӕ, зӕгъӕм, кӕд ӕнӕгъдау хъуыддаг сарӕзтам, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕ уымӕн быхсдзӕн (1 Сам. 15:22; 1 Пет. 2:16). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй цӕрӕм йӕ закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ кӕд дуне бонӕй-бонмӕ фыддӕр ӕмӕ хӕлддӕр кӕны, уӕддӕр мах хъуамӕ кӕнӕм хӕрзӕгъдау цард (Еф. 6:11–13).

11. Статьяйы фыццаг хайӕ цы базыдтам? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ  «Нӕхицӕн дзы зондӕн цы райстам?».)

11 Уӕдӕ цы базыдтам? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа. Кӕд нӕ цыдӕр фӕивын хъӕуы, уӕд та хъуамӕ уайтагъд афтӕ бакӕнӕм (Рарг. 2:5, 16; 3:3, 16). Фӕлӕ ма Йесо Къаннӕг Азийы ӕмбырдтӕм ноджыдӕр цӕйдӕр тыххӕй ныффыссын кодта. Цӕй ӕмӕ уымӕ дӕр ӕркӕсӕм.

ХЪУАМӔ ЦӔТТӔ УӔМ, ӔФХӔРД КӔЙ ӔЙЙАФДЗЫСТӔМ, УЫМӔ

Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куыд цӕуы? (кӕс 12–16 абзацтӕ)

12. Йесо Смирнӕйы ӕмӕ Филадельфийы чырыстӕттӕн цы загъта, уый абон махмӕ дӕр куыд хауы? (Раргомад 2:10).

12 Ныр та ӕркӕсӕм, Йесо Смирнӕйы ӕмӕ Филадельфийы ӕмбырдтӕн цы загъта, уымӕ. Уымы чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй ма тарстаиккой, сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уымӕй. Сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ касти хӕрзиуӕг. (Бакӕс Раргомад 2:10; 3:10.) Махӕн уый цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ нӕ рох ма уа, мах дӕр нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм. Ӕмӕ хъуамӕ нӕ фидар фӕнд уа кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайын (Матф. 24:9, 13; 2 Кор. 12:10). Йесойы ныхӕстӕ абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн сты?

13, 14. Раргомады 12-ӕм сӕры цы хабӕртты кой ис, уыдон Хуыцауы адӕмыл куыд фӕзындысты?

13 Раргомады чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцауы адӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты «Хицау Йесойы боны», ома нӕ рӕстӕджы. Раргомады 12-ӕм сӕры фыст ис, Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд уый хӕдфӕстӕ уӕлӕрвты хӕст кӕй райдыдта. Михаил, ома Йесо Чырысти, ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ схӕцыдысты Хуыцауы знӕгтимӕ – Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ йӕ дӕлимонтимӕ (Рарг. 12:7, 8). Ӕппынфӕстаг Хӕйрӕг йӕ дӕлимонтимӕ зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмыл мӕгуыры бон акодта (Рарг. 12:9, 12). Цымӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл та уый куыд фӕзынд?

14 Дарддӕр Раргомады кӕсӕм, Хӕйрӕг куыд архайы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕм ын фӕндаг ӕхгӕд у, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ пырх калы, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоныл. Уыдон сты Хуыцауы Паддзахады минӕвӕрттӕ ӕмӕ сыл ис «Йесойы тыххӕй хъусын кӕныны хӕс» (Рарг. 12:17; 2 Кор. 5:20; Еф. 6:19, 20).

15. Раргомады 11-ӕм сӕры цы «дыууӕ ӕвдисӕны» кой ис, уыдон кӕмӕ амыдтой ӕмӕ сыл цы ’рцыд?

15 Хӕйрӕг Хуыцауы знӕгты скодта, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы сӕрст ӕфсымӕрты ныхмӕ, ӕмӕ сыл сӕхи ныццавтой. Уыцы ӕфсымӕртӕ уыдысты, Раргомады 11-ӕм сӕры цы «дыууӕ ӕвдисӕны» кой ис, уыдон. Ӕмӕ дзы фыст ис, кӕй сӕ амардтой (Рарг. 11:3, 7–11) *. 1918 азы аст бӕрнон ӕфсымӕры ӕрцахстой. Ӕмӕ кӕд ницы аххосджын уыдысты, уӕддӕр сын цалдӕргай азтӕ радтой. Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, уый афтӕ уыд, цыма сӕ «амардтой», ома афтӕ зынди, цыма сӕ хъуыддаг ӕрлӕууыд.

16. 1919 азы ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕр хабар ӕрцыд, фӕлӕ Хӕйрӕг уӕддӕр цы аразы?

16 Раргомады 11-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уымӕй ма базонӕн ис, «дыууӕ ӕвдисӕны» кӕй райгас уыдзысты цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ. Ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст? Ахӕстоны сӕ куы бакодтой, уымӕй афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ ӕрцыди, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдысты, ахӕм хабар. 1919 азы мартъийы уыцы сӕрст ӕфсымӕрты ахӕстонӕй рауагътой. Фӕстӕдӕр та тӕрхондон уынаффӕ рахаста, аххосджын не сты, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕртӕ уайтагъд хъуыддагмӕ бавнӕлдтой – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ уӕддӕр Хӕйрӕг Хуыцауы адӕмы ӕнцад нӕ уагъта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ «йӕ хъӕлӕсӕй цӕугӕдонау... [калы] дон», ома афтӕ бакӕны, цӕмӕй Хуыцауы адӕм иууылдӕр ӕфхӕрд ӕййафой (Рарг. 12:15). Уымӕ гӕсгӕ махӕй алчидӕр хъуамӕ уа фидар ӕмӕ нӕм хъуамӕ уа уырнындзинад (Рарг. 13:10).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ӔППӔТ ХЪАРУТӔЙ АРХАЙ!

17. Кӕд Хӕйрӕг Хуыцауы адӕмы йӕ ныхтӕ ныссагъта, уӕддӕр сӕм ӕххуысмӕ чи фӕзыны?

17 Раргомады 12-ӕм сӕрӕй базонӕн ис, «зӕхх» ӕнӕнхъӕлӕджы Хуыцауы адӕммӕ ӕххуысмӕ кӕй фӕзындзӕн. «Зӕхх», дам, аныхъуырдта, Хӕйрӕг йӕ хъӕлӕсӕй цы «цӕугӕдон» ракалдта, уый (Рарг. 12:16). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд афтӕ, ӕмӕ-иу, Хӕйрӕджы дунейы бартӕ кӕй къухы сты, уыцы адӕмӕй ӕмбаргӕдӕр чи у, уыдон Хуыцауы адӕмӕн баххуыс кодтой. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цал ӕмӕ цал хатты фӕуӕлахиз сты тӕрхондӕтты! Уый фӕрцы сын фӕзыны фылдӕр сӕрибардзинад. Ӕмӕ алы фадатӕй дӕр фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй, Йегъовӕ сын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый аразой (1 Кор. 16:9).

Хуыцауы адӕм цавӕр дыууӕ хабары хъусын кӕнынц? (кӕс 18, 19 абзацтӕ)

18. Ацы фӕстаг бонты нӕ сӕйраг куыст цы у?

18 Йесо загъта, цалынмӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хъусын кӕндзысты «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» (Матф. 24:14). Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нын зӕдтӕ дӕр феххуыс кӕнынц. Уый кӕцӕй зонӕм? Раргомады 14:6 стихы фыст ис, зӕдмӕ кӕй «уыд ӕнусон хорз хабар, цӕмӕй зӕххыл цӕрджытӕн, ома алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн, хъусын кӕна цины хабар».

19. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдоны ма ноджыдӕр цавӕр хабар хъӕуы хъусын кӕнын?

19 Фӕлӕ Хуыцауы адӕм ӕрмӕст хорз хабар нӕ хъусын кӕнынц. Раргомады 8–10 сӕрты куыд фыст ис, афтӕмӕй ма зӕдтӕ хъусын кӕнынц, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрын кӕй нӕ фӕнды, уыдонӕн сӕ сӕр цы бӕллӕхтӕ баййафдзӕн, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъӕуы зӕдтӕн уыцы хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ мах хъусын кӕнӕм, «их» ӕмӕ «артимӕ» абарӕн кӕй ис, ахӕм хабар, ома адӕмӕн ӕргом кӕнӕм, Хуыцау Хӕйрӕджы дунейы алы хӕйттӕн цы тӕрхон рахаста, уый (Рарг. 8:7, 13). Адӕмы хъӕуы базонын, кӕрон хӕстӕг кӕй у, цӕмӕй сӕ цард аивой ӕмӕ «Йегъовӕйы судзгӕ масты бон» аирвӕзой (Соф. 2:2, 3). Фӕлӕ уыцы хабар бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, ӕмӕ йӕ цӕмӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хъӕбатырдзинад. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг кӕй хъусын кӕндзыстӕм, уыцы тӕрхоны хабар та ноджы карздӕр уыдзӕн (Рарг. 16:21).

«АЦЫ ПЕХУЫМПАР-НЫХӔСТӔ» ӔХХӔСТ КӔН

20. Иннӕ дыууӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

20 Раргомады чиныджы цы хабӕртты кой ис, уыдоны Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй архайынц, уымӕ гӕсгӕ махӕй алчидӕр хъуамӕ «ацы пехуымпар-ныхӕстӕм» лӕмбынӕг хъуса (Рарг. 1:3). Фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ иузӕрдионӕй баззайӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр уыцы хабӕртты тыххӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм? Хъӕуы ма нӕ базонын, Раргомады чиныджы Хуыцауы знӕгты тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ, кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Ууыл та аныхас кӕндзыстӕм иннӕ дыууӕ статьяйы.

32 ЗАРӔГ Йегъовӕйы фарс слӕуу!

^ Мах диссаджы рӕстӕджы цӕрӕм! Абон ӕххӕст кӕнынц, Раргомады чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон. Уыцы пехуымпарӕдтӕ махмӕ куыд хауынц? Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ дыууӕ статьяйы нӕ цӕст ахӕсдзыстӕм Раргомады чиныгыл. Дзырд дзы цӕудзӕн, ацы чиныджы цы фыст ис, уый куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд кӕй уыдзӕн.