Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

21 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Раргомады чиныджы дӕ фидӕн уыныс?

Раргомады чиныджы дӕ фидӕн уыныс?

«Аммен! Ӕрцу, Хицау Йесо» (РАРГ. 22:20).

142 ЗАРӔГ Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Адӕмы се ’ппӕты дӕр цавӕр ахсджиаг уынаффӕ хъӕуы рахӕссын?

 АБОН адӕмы хъӕуы тынг ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Хъӕуы сӕ аскъуыддзаг кӕнын, кӕй фарс уыдзысты: Дун-дунейы Хицау Йегъовӕйы фарс ӕви йе знаг Хӕйрӕджы фарс. Афтӕ никӕй бон уыдзӕн зӕгъын, ӕз сӕ иуы фарс дӕр нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ адӕймаг цы уынаффӕ рахӕсдзӕн, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, ӕнустӕм цӕрдзӕн ӕви нӕ (Матф. 25:31–33, 46). «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл ахӕсгӕ хуызы ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ирвӕзындзинады нысан (Рарг. 7:14; Йез. 9:4, 6). Сырды нысан кӕуыл уа, уыдон та сӕфт ӕрцӕудзысты (Рарг. 14:9–11).

2. а) Дзуттӕгтӕм 10:35–39 стихтӕм гӕсгӕ нӕ цы хъӕуы аразын? б) Раргомады чиныг нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

2 Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:35–39. Кӕд Йегъовӕйы фарс слӕууыдтӕ, уӕд раст бакодтай. Ӕмӕ дӕ куыннӕ фӕнды иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй раст уынаффӕ рахӕссой. Уыцы хъуыддаджы дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн Раргомады чиныг. Ацы диссаджы чиныгӕй базонӕн ис, Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ чи цӕуы, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ, йӕ хицаудзинады фарс чи у, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, уый. Раргомады тынг ахсджиаг хабӕрттӕ ис фыст. Ӕмӕ сӕ куы зонӕм ӕмӕ, цӕуыл дзурӕг сты, уый куы ’мбарӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма, цы базонӕм, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой ӕмӕ йыл кӕронмӕ дӕр иузӕрдионӕй баззайой.

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ахӕм фарстатӕм: Хуыцауы хицаудзинады фарс чи у, уыдонмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Ӕмӕ, Раргомады чиныджы цы сырх-сырхид сырды кой ис, уый фарс чи уа, уыдоныл та цы ’рцӕудзӕн?

ИУЗӔРДИОН ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔМ ЦЫ ’НХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

4. Апостол Иоанн уӕлӕрвты Йесоимӕ кӕй федта?

4 Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта 2 къорды. Уыдон сты, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс чи у ӕмӕ ӕнусон цардӕй чи схайджын, уыцы адӕм. Фыццаг къорды ис 144 мины (Рарг. 7:4). Уыдон зӕххӕй ист ӕрцыдысты, цӕмӕй Йесоимӕ уой уӕларвон хицауады, кӕнӕ Паддзахады. Ӕмӕ йемӕ иумӕ зӕххӕн разамынд дӕттынц (Рарг. 5:9, 10; 14:3, 4). Иоанн ма федта, кӕй лӕууыдысты Йесоимӕ уӕларвон Сионыл (Рарг. 14:1).

5. 144 минӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонмӕ тагъд цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

5 Апостолты заманӕй нырмӕ Йегъовӕ мингай чырыстӕтты байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй (Лук. 12:32; Ром. 8:17). Иоанн ныффыста, фӕстаг бонты сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл бирӕ кӕй нал баззайдзӕн. Чи ма дзы баззайа, уыдоныл фӕстаг «мыхуыр» ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн кӕнӕ сӕ мӕлӕты размӕ, кӕнӕ стыр бӕллӕхы размӕ (Рарг. 7:2, 3; Рарг. 12:17) *. Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уымӕй цасдӕры фӕстӕ, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдон ист ӕрцӕудзысты уӕлӕрвтӕм ӕмӕ баиу уыдзысты, 144 минӕй уым чи уа, уыдонимӕ. Ӕмӕ Йесоимӕ иумӕ уыдзысты паддзӕхтӕ Хуыцауы Паддзахады (Матф. 24:31; Рарг. 5:9, 10).

6, 7. а) Иоанн ма цӕстылуайӕны кӕй федта ӕмӕ уыцы адӕм чи сты? б) 144 минӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоны дӕр ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмы» дӕр цӕмӕн хъӕуы зонын, Раргомады 7-ӕм сӕры цӕй кой ис, уый?

6 Уый фӕстӕ та Иоанн федта «тынг бирӕ адӕмы». 144 минӕй уӕлдай, уыдонӕн сӕ нымӕц бӕлвырд нӕу (Рарг. 7:9, 10). Чи сты уыцы адӕм? Иоанн ныффыста: «Уыдон сты, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм. Уыдон сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй» (Рарг. 7:14). Стыр бӕллӕхы фӕстӕ «тынг бирӕ адӕм» цӕрдзысты зӕххыл ӕмӕ сын уыдзӕни диссаджы цард (Пс. 37:9–11, 27–29; Ӕмб. 2:21, 22; Рарг. 7:16, 17).

7 Дӕхи Раргомады 7-ӕм сӕры уыныс? Бацархай, цӕмӕй уыцы «къамы» дӕхи фенай. Цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр! Мах тынг цин кӕндзыстӕм, нӕхицӕн Хицауӕй Йегъовӕйы кӕй равзӕрстам, ууыл! Фӕлӕ ма Раргомады чиныгӕй стыр бӕллӕхы тыххӕй ноджыдӕр цыдӕр ис базонӕн (Матф. 24:21).

ХУЫЦАУЫ НЫХМӔ ЧИ ЦӔУЫ, УЫДОНМӔ ЦЫ ’НХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

8. Стыр бӕллӕх куыд райдайдзӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд кӕндзысты?

8 Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы дунейы хицауӕдтӕ тагъд сӕхи ныццӕвдзысты Стыр Вавилоныл – мӕнг динтыл се ’ппӕтыл дӕр (Рарг. 17:16, 17). Уымӕй райдайдзӕн стыр бӕллӕх. Цымӕ уӕд адӕм Йегъовӕмӕ ныггуылф кӕндзысты? Уый афтӕ нӕ уыдзӕн. Раргомады 6-ӕм сӕры фыст ис, уыцы рӕстӕг, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕндзӕн, уыцы адӕм кӕй агурдзысты ӕххуыс политикӕимӕ ӕмӕ коммерциимӕ баст организацитӕй. Уыдон сӕм кӕсдзысты «хӕхты» хуызӕн фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. Уыцы адӕм Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй не слӕудзысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕ банымайдзӕн йе знӕгтыл (Лук. 11:23; Рарг. 6:15–17).

9. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕндзысты ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн?

9 Уыцы уӕззау рӕстӕджы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ хицӕн кӕндзысты иннӕ адӕмӕй. Ӕнӕхъӕн зӕххыл ӕрмӕстдӕр уыдон кувдзысты иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдоныл нӕ уыдзӕн «сырды» нысан (Рарг. 13:14–17). Йегъовӕйы ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн басӕттын кӕй нӕ бакомдзысты, уый тыххӕй сӕм мӕстӕй рафыцдзысты. Ӕмӕ уӕд ӕгас зӕххыл дӕр ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис рацӕудзӕн Хуыцауы адӕмы ныхмӕ. Библийы уыцы хабары тыххӕй фыст ис, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог рацӕудзӕн Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, зӕгъгӕ (Йез. 38:14–16).

10. Раргомад 19:19–21 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн, йӕ адӕмы ныхмӕ йын куы рацӕуой, уӕд?

10 Уӕд Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн? Уый зӕгъы: «Фырмӕстӕй мӕ фындзыхуынчъытӕй кӕлдзӕн арт» (Йез. 38:18, 21–23). Раргомады 19-ӕм сӕрӕй базонӕн ис, уый фӕстӕ цы ’рцӕудзӕн, уый. Йегъовӕ йӕ Фырты рарвитдзӕн, цӕмӕй йын йӕ адӕмы фервӕзын кӕна ӕмӕ сын се знӕгты ныццӕгъда. Йесоимӕ иумӕ хӕцдзысты «уӕларвон ӕфсӕдтӕ» дӕр – иузӕрдион зӕдтӕ ӕмӕ 144 мины (Рарг. 17:14; 19:11–15). Уыцы хӕст цӕмӕй фӕуыдзӕн? Йегъовӕйы ныхмӕ цыдӕриддӕр адӕм ӕмӕ организацитӕ цӕуы, уыдонӕй иу дӕр нал баззайдзӕн! (Бакӕс Раргомад 19:19–21.)

ХӔСТЫ ФӔСТӔ – ЧЫНДЗӔХСӔВ!

11. Раргомады чиныджы цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй ахсджиагдӕр кӕцы у?

11 Хуыцауы знӕгтӕй иу дӕр куы нал уа, уӕд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ куыд цин кӕндзысты, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн! Стыр Вавилон куы нал уа, уӕд уӕлӕрвты дӕр стыр цин уыдзӕн (Рарг. 19:1–3). Фӕлӕ ма дзы уый фӕстӕ уыдзӕн, ноджы тынгдӕр кӕуыл цин кӕндзысты, ахӕм хабар – «Уӕрыччы чындзӕхсӕв»! Уый у, Раргомады чиныджы цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй ахсджиагдӕр (Рарг. 19:6–9).

12. Раргомад 21:1, 2 стихтӕм гӕсгӕ, Уӕрыччы чындзӕхсӕв кӕд уыдзӕн?

12 Цымӕ Уӕрыччы чындзӕхсӕв кӕд уыдзӕн? 144 мины иууылдӕр уӕлӕрвты ӕрӕмбырд уыдзысты Армагеддоны хӕдразмӕ. Фӕлӕ уӕд чындзӕхсӕвы рӕстӕг нӕма уыдзӕн. (Бакӕс Раргомад 21:1, 2.) Уӕрыччы чындзӕхсӕв уыдзӕни Армагеддоны фӕстӕ, Хуыцауы знӕгтӕ иууылдӕр сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд (Пс. 45:3, 4, 13–17).

13. Уӕрыччы чындзӕхсӕв цӕуыл дзурӕг у, уыцы чындзӕхсӕв кӕмӕн уыдзӕн, уыдонӕн?

13 Уӕрыччы чындзӕхсӕв цӕуыл дзурӕг у, уыцы чындзӕхсӕв кӕмӕн уыдзӕн, уыдонӕн? Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг чындзӕхсӕвы бон сӕ цард куыд баиу кӕнынц, афтӕ Уӕрыччы чындзӕхсӕвы дӕр Паддзах Йесо Чырысти ӕмӕ «йӕ усаг» – 144 мины – ахӕсгӕ хуызы баиу уыдзысты. Уыцы ахсджиаг хабары фӕстӕ Йесо ӕмӕ 144 мины зӕххӕн разамынд дӕттын райдайдзысты ӕмӕ зӕххӕн паддзӕхтӕ уыдзысты 1 000 азы дӕргъы (Рарг. 20:6).

ӔМБИСОНДЫ РӔСУГЪД ГОРӔТ ӔМӔ ДӔ ФИДӔН

Раргомады 21-ӕм сӕры ӕвдыст ис, «уӕларвӕй, Хуыцауӕй, кӕй ӕрцӕйцыд... Ног Иерусалим». Миназон хицаудзинады рӕстӕг уый коммӕгӕс адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн тынг бирӕ арфӕдзинӕдтӕ (кӕс 14–16 абзацтӕ)

14, 15. Раргомады 21-ӕм сӕры 144 мины цӕимӕ цӕуынц барст? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

14 Раргомады 21-ӕм сӕры 144 мины барст цӕуынц ӕмбисонды рӕсугъд горӕтимӕ, хуыйны «Ног Иерусалим» (Рарг. 21:2, 9). Уыцы горӕтӕн йӕ бындуры ис 12 дуры, фыст сыл ис «Уӕрыччы дыууадӕс апостолы дыууадӕс номы». Уый Иоаннмӕ диссаг куыннӕ фӕкастаид. Дуртӕй иуыл фыст уыд йӕ ном. Ӕвӕдза, цы кад ӕм ӕрхауд! (Рарг. 21:10–14; Еф. 2:20).

15 Ацы горӕт иу горӕты хуызӕн дӕр нӕу! Горӕты сӕйраг уынг у сыгъдӕг сызгъӕринӕй. Йӕ 12 кулдуары сты 12 налхъуыты. Йӕ бындур ӕмӕ йӕ къултӕ дӕр сты тынг рӕсугъд арӕзт – аивгонд сты зынаргъ дуртӕй. Горӕт у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон (Рарг. 21:15–21). Фӕлӕ дзы иу цыдӕр нӕй. Иоанн ныффыста: «Кувӕндон та дзы нӕ федтон, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ ӕмӕ Уӕрыкк сты йӕ кувӕндон. Горӕты нӕдӕр хуры рухс хъӕуы, нӕдӕр мӕйы рухс, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы кад рухс кодта, Уӕрыкк та уыд йӕ цырагъ» (Рарг. 21:22, 23). «Ног Иерусалимы» чи уыдзӕн, уыдон уындзысты Йегъовӕйы цӕсгом. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй йӕм баввахс уой, уый тыххӕй сӕ кувӕндон нал хъӕудзӕн (Рарг. 22:3, 4). Уӕдӕ сын уӕлӕрвты уыдзӕн Хистӕр сауджын дӕр – Йесо Чырысти (Дзут. 7:27). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кӕй сты уыцы горӕтӕн йӕ кувӕндон.

«Цӕугӕдон» ӕмӕ «бӕлӕстӕ» цы арфӕдзинӕдтӕм амонынц, уыдонӕй чи схайджын уыдзӕн? (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

16. Хуыцауы Паддзахад мин азы дӕргъы зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд адӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты?

16 Сӕрст чырыстӕттӕ уыцы горӕтыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы! Фӕлӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны дӕр хъӕуы уыцы горӕты тыххӕй зонын. Хуыцауы Паддзахад мин азы дӕргъы зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд «Ног Иерусалим» адӕмӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн. Иоанны цӕстылуайӕны уыцы арфӕдзинӕдтӕм амоны «царды доны цӕугӕдон». Цӕугӕдонӕн йӕ дыууӕ фарс дӕр ис «царды бӕлӕстӕ», ӕмӕ «сӕ сыфтӕр... у адӕмы дзӕбӕх кӕнынӕн» (Рарг. 22:1, 2). Адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн фадат, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой. Хуыцауӕн коммӕгӕс адӕм иууылдӕр гыццылгай суыдзысты ӕххӕст. Нал уыдзӕн низтӕ, адӕмӕн сӕ зӕрдӕ ницӕуылуал рисдзӕн ӕмӕ ницӕуылуал маст кӕндзысты (Рарг. 21:3–5).

17. Раргомад 20:11–13 стихтӕм гӕсгӕ, Миназон хицаудзинады рӕстӕг арфӕдзинӕдтӕй чи схайджын уыдзӕн?

17 Уыцы арфӕдзинӕдтӕй фыццаджыдӕр схайджын уыдзысты, Армагеддоны чи фервӕздзӕн, уыцы тынг бирӕ адӕм, стӕй, ног дунейы чи райгуырдзӕн, уыцы сывӕллӕттӕ. Фӕлӕ ма Раргомады 20-ӕм сӕры фыст ис, чи амард, уыдон дӕр кӕй райгас уыдзысты. (Бакӕс Раргомад 20:11–13.) Райгас уыдзысты «рӕстгӕнджытӕ», ома Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдон, ӕмӕ «фыдгӕнджытӕ», ома Йегъовӕйы базонынӕн фадат кӕмӕн нӕ уыд, уыцы адӕм (Хъуыд. 24:15; Иоан. 5:28, 29). Фӕлӕ мӕрдтӕ иууылдӕр нӕ райгас уыдзысты. Фадат кӕмӕн уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суыдаид, фӕлӕ ӕгоммӕгӕс чи разынд ӕмӕ зонгӕ-зонын кӕй нӕ бафӕндыд уыцы фадатӕй спайда кӕнын, уыдоны Йегъовӕ нӕ райгас кӕндзӕн. Уыдон равдыстой, зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны аккаг кӕй не сты (Матф. 25:46; 2 Фес. 1:9; Рарг. 17:8; 20:15).

ФӔСТАГ ФӔЛВАРӔН

18. 1 000 азы кӕрон адӕмӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн?

18 1 000 азы кӕронмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст. Адӕм сӕ туджы Адамӕй цы тӕригъӕд рахастой, уымӕй фервӕздзысты (Ром. 5:12). Фӕд дӕр дзы нал баззайдзӕн! Ӕмӕ 1 000 азы кӕронмӕ ӕххӕст куы суой, уӕд уый афтӕ уыдзӕн, цыма «райгас сты» (Рарг. 20:5).

19. Хӕйрӕг дӕлдзӕхӕй уагъд цӕмӕн ӕрцӕудзӕн?

19 Мах ӕй зонӕм, Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд Йесо Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззад. Фӕлӕ цымӕ ӕххӕст адӕм иууылдӕр иузӕрдионӕй баззайдзысты, Хӕйрӕг сӕ куы фӕлвара, уӕд? 1 000 азы куы фӕуой, уӕд Хӕйрӕг уагъд ӕрцӕудзӕн дӕлдзӕхӕй, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыдзӕн уыцы фарстайӕн дзуапп раттын (Рарг. 20:7). Уыцы фӕстаг фӕлварӕны иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдонӕн Хуыцау балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард ӕмӕ суыдзысты ӕцӕг сӕрибар (Ром. 8:21). Йӕ ныхмӕ чи рацӕуа, уыдон та Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ йӕ дӕлимонтимӕ ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты (Рарг. 20:8–10).

20. Раргомады чиныджы цы диссаджы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

20 Цӕй диссаджы хабӕртты кой ис Раргомады чиныджы! Ӕхсызгон дын нӕ уыд уыцы «къамы» дӕхи фенын? Нӕ дӕ фӕнды уыцы хабӕрттӕ адӕмӕн дӕр дзурын, цӕмӕй уыдон дӕр нӕ сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой? (Рарг. 22:17). Ацы статьяты фӕрцы базыдтам, фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ нӕ фӕнды апостол Иоаннау зӕгъын: «Аммен! Ӕрцу, Хицау Йесо»! (Рарг. 22:20).

27 ЗАРӔГ Хуыцауы фыртты кад раргом уыдзӕн

^ Ацы статья у, Раргомады чиныг чи ӕмбарын кӕны, уыцы статьятӕй фӕстаг. Базондзыстӕм дзы, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдонмӕ диссаджы фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ хицаудзинады ныхмӕ чи у, уыдон та ӕгады сӕфт кӕй фӕкӕндзысты.

^ Фӕстаг «мыхуыр» амоны, Йегъовӕ сӕ райгонд кӕй у, уымӕ.