Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм сты амондджын!

Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм сты амондджын!

«О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау» (РАРГ. 4:11).

31 ЗАРӔГ Хуыцауимӕ цу!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Цы хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа?

 ИСЧИ дӕ куы бафӕрсид, Йегъовӕйӕн кувӕг адӕймаг цы фӕаразы, зӕгъгӕ, уӕд ын цы зӕгъис? Чи зоны йын зӕгъдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмбырдтӕм фӕцӕуы, хорз хабар фӕхъусын кӕны ӕмӕ Хуыцаумӕ фӕкувы.

2 Раст у, уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ лӕггадмӕ хауынц. Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр аразӕм, уый куыд фӕнды, афтӕ. Стӕй йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ нымайӕм. Ӕмӕ мах Йегъовӕйы тынг уарзӕм. Мах зонӕм, уымӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ фау ӕрхӕссӕн ма уа.

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, раджы заманты Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм цы хъуамӕ арӕзтаиккой, цӕмӕй сӕ лӕггадӕй райгонд уыдаид. Аныхас ма кӕндзыстӕм, абон мах та цы хъуамӕ аразӕм, ууыл. Ӕркӕсдзыстӕм аст хъуыддагмӕ. Ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, уыцы хъуыддӕгты дӕ бон фӕхуыздӕр кӕнын цы у, ууыл. Ноджыдӕр ма аныхас кӕндзыстӕм, ӕцӕг Хуыцауӕн кувӕг адӕм амондджын цӕмӕн сты, ууыл дӕр.

РАДЖЫ ЗАМАНТЫ ЙЕГЪОВӔ ЦАВӔР ЛӔГГАДӔЙ УЫД РАЙГОНД?

4. Раджы заманты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ куыд ӕвдыстой, кӕй йӕ уарзтой ӕмӕ йӕ кӕй нымадтой, уый?

4 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Авел, Ной, Авраам ӕмӕ Иов уыдысты Хуыцауӕн коммӕгӕс, уыди сын фидар уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ хастой. Уымӕй ӕвдыстой, кӕй йӕ уарзтой ӕмӕ йӕ кӕй нымадтой, уый. Сӕ лӕггадмӕ цы хауди, уый тыххӕй Библийы бирӕ нӕй фыст. Фӕлӕ бӕрӕг у, сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй Йегъовӕйы кӕй кадджын кодтой. Ӕмӕ сӕ лӕггадӕй райгонд уыди. Уый фӕстӕ Йегъовӕ Авраамы байзӕддӕгтӕн радта Моисейы закъон. Цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ дзы цы амындтӕ уыди, уыдоны фӕрцы израилӕгтӕ зыдтой, Йегъовӕйӕн куыд хъуамӕ кувой, уый.

5. Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр закъон райдыдтой ӕххӕст кӕнын?

5 Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕй нал домдта, цӕмӕй Моисейы закъон ӕххӕст кодтаиккой (Ром. 10:4). Чырыстӕттӕн лӕвӕрд ӕрцыд ног закъон – «Чырыстийы закъон» (Гал. 6:2). Сӕ бон куыд уыди уыцы «закъон» ӕххӕст кӕнын? Нӕ йӕ хъуыди ӕмдзӕвгӕйау ахуыр кӕнын. Стӕй дзы нӕ уыди бирӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ амындтӕ. Чырыстӕттӕ хъуамӕ Йесойы фӕзмыдтаиккой ӕмӕ, цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ архайдтаиккой. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кодтаиккой «Чырыстийы закъон». Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй Чырыстийы фӕзмой. Афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр рухс кӕнынц ӕмӕ удӕнцой дӕр ссарынц (Матф. 11:29).

6. Ацы статья нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

6 Нӕ лӕггадмӕ цы хъуыддӕгтӕ хауы, уыдонӕй алкӕцыйыл дӕр куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы хъуыддаджы мын нырмӕ цы бантыст? Мӕ бон цы у фӕхуыздӕр кӕнын?» Цы дын бантыст, ууыл цин кӕнын куыннӕ хъӕуы. Фӕлӕ ма хорз уыдзӕн Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракурын, цӕмӕй-иу бамбарай, фӕхуыздӕр кӕнын дӕ цы хъӕуы, уый.

НӔ ЛӔГГАДМӔ ЦЫ ХАУЫ?

7. Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕбын куывдтытӕм цы цӕстӕй кӕсы?

7 Йегъовӕмӕ фӕкувӕм. Библи нын нӕ куывдтытӕ бары будимӕ. Раджы заманты-иу буд ӕрцӕттӕ кодтой, цӕмӕй-иу ӕй цатыры (фӕстӕдӕр та кувӕндоны) будсудзӕныл ссыгътаиккой (Пс. 141:2). Буды адджын тӕф-иу Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыд. Ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ дӕр афтӕ ӕхсызгон вӕййынц, бынтон хуымӕтӕг ныхӕстӕ куы фӕдзурӕм, уӕддӕр (Ӕмб. 15:8; Дык. з. 33:10). Куы йын фӕдзурӕм, куыд тынг ӕй уарзӕм ӕмӕ дзы алцӕй тыххӕй дӕр куыд бузныг стӕм, уӕд фӕцин кӕны. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын алцыдӕр дзурӕм: цӕуыл тыхсӕм, цӕмӕ бӕллӕм, цӕмӕ тырнӕм ӕмӕ нӕ цы фӕнды, уыдӕттӕ. Хорз нӕ уаид, скувыны размӕ-иу дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнис, цы йын зӕгъдзынӕ, ууыл? Афтӕ куы кӕнай, уӕд-иу дӕ уӕларвон Фыдӕн ӕрхӕсдзынӕ ӕппӕты хуыздӕр «буд».

8. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы кадджын кӕнын?

8 Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм (Пс. 34:1). Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм, йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд. Уый аразын нӕ фӕфӕнды, бузныг дзы кӕй стӕм, уый тыххӕй. Йегъовӕ нын хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл ахъуыды кӕнынӕн-иу рӕстӕг куы рахицӕн кӕнӕм, уӕд алкӕддӕр зондзыстӕм, цӕй тыххӕй йӕ скадджын кӕнӕм, уый. Хъусын кӕнгӕйӕ нын вӕййы хорз фадат, цӕмӕй Хуыцауӕн «хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм» (Дзут. 13:15). Йегъовӕмӕ скувыны размӕ ахъуыды кӕнын куыд фӕхъӕуы, цы йын зӕгъдзыстӕм, ууыл, афтӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, хъусын кӕнгӕйӕ адӕймагӕн цы зӕгъдзыстӕм, ууыл дӕр. Мах фӕнды, цӕмӕй-иу ӕрхӕссӕм ӕппӕты хуыздӕр «кады нывонд». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз хабар фӕхъусын кӕнӕм зӕрдиагӕй.

9. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, уый сын цы пайда хӕссы? Радзур, ӕмбырдтӕ дӕуӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй.

9 Ӕмбырдтӕм фӕцӕуӕм. Моисейы закъоны фыст уыд: «Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрбацӕуой дӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ, кӕй равзара, уыцы бынатмӕ» (Дык. з. 16:16). Израилӕгтӕ-иу хъуамӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ зӕххытӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ ныууагътаиккой. Фӕлӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ куы цӕуат, уӕд-иу уын уӕ зӕхмӕ хӕстӕг дӕр ничи бацӕудзӕн» (Рац. 34:24). Уыдон Йегъовӕйыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ-иу алы аз дӕр бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнынмӕ ацыдысты. Уый фӕрцы-иу бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты. Зӕгъӕм, Хуыцауы закъон-иу хуыздӕр бамбӕрстой, Йегъовӕйы тыххӕй-иу фылдӕр базыдтой ӕмӕ-иу се ’фсымӕртимӕ рӕстӕг кӕй ӕрвыстой, уый фӕрцы-иу бафидар сты (Дык. з. 16:15). Мах дӕр ӕмбырдтӕм кӕй фӕцӕуӕм, уый нын хӕссы стыр пайда. Стӕй-ма ахъуыды кӕн, Йегъовӕ куыд фӕцин кӕны, нӕхи ӕмбырдтӕм хорз куы бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ цыбыр дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд.

10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ зарджытӕ зарын дӕр нӕ лӕггадмӕ хауы?

10 Йегъовӕйы кадӕн фӕзарӕм (Пс. 28:7). Израилӕгтӕ ахсджиагыл нымадтой Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ зарын. Уый хауд сӕ лӕггадмӕ. Паддзах Давид равзӕрста 288 левиты, цӕмӕй кувӕндоны зарыдаиккой (1 Аз. 25:1, 6–8). Мах дӕр абон Йегъовӕйы кадӕн фӕзарӕм ӕмӕ уымӕй равдисӕм, бирӕ йӕ кӕй уарзӕм. Рӕсугъд зарӕм ӕви нӕ, уый сӕйраг нӕу. Ахъуыды-ма кӕнӕм иу цӕуылдӕр. Не ’ппӕт дӕр ныхасӕй арӕх фӕрӕдийӕм, фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырды ӕмӕ уацамынды хъусӕй нӕ фӕлӕууӕм (Иак. 3:2). Уӕдӕ нӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ нын рӕсугъд хъӕлӕс нӕй, уӕд нын уый къуылымпыйы хос ма уӕд. Хъуамӕ уӕддӕр Йегъовӕйы кадӕн зарӕм.

11. Псалом 48:13 стихмӕ гӕсгӕ, цӕмӕн фӕхъӕуы бинонты ахуырӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын?

11 Библи нӕхӕдӕг дӕр фӕиртасӕм ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы базонынӕн. Израилӕгтӕ-иу сабаты сӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ныууагътой. Уыцы бон сын уыди Хуыцауы хъуыддӕгтӕн (Рац. 31:16, 17). Ныййарджытӕ-иу сӕ сывӕллӕттӕн дзырдтой Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй. Мах дӕр-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас кӕсӕм ӕмӕ йӕ иртасӕм. Уый дӕр хауы нӕ лӕггадмӕ, ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕмӕ ’ввахсдӕр кӕнӕм (Пс. 73:28). Бинонты ахуыры рӕстӕг та ныййарджытӕ ног фӕлтӕрӕн, ома сӕ сывӕллӕттӕн, феххуыс кӕнынц, цӕмӕй нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды хӕлӕрттӕ суой. (Бакӕс Псалом 48:13.)

12. Цатыр чи арӕзта, уыдоны куыстмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй каст, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

12 Хуыцауӕн кӕм кувӕм, ахӕм агъуыстытӕ аразӕм ӕмӕ сӕм зилӕм. Цатыр ӕмӕ йын цы дзауматӕ хъуыд, уыдон чи арӕзта, уыцы адӕймӕгты куыст Йегъовӕ нымадта лӕггадыл, уымӕн ӕмӕ цатыр уыди «сыгъдӕг бынат» (Рац. 36:1, 4). Ӕмӕ абон дӕр Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм агъуыстытӕ кӕй аразӕм, уый дӕр Йегъовӕ нымайы нӕ лӕггадыл. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕртӕ уыцы куыстӕн бирӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнынц, ӕмӕ сын мах сӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз хабар дӕр фӕхъусын кӕнынц. Кӕйдӕрты дзы бафӕнды пионертӕй дӕр лӕггад кӕнын. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у уыцы куыстуарзаг хоты ӕмӕ ’фсымӕрты пионертӕй снысан кӕнын, кӕд сӕ, пионертӕн цы домӕнтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ис снысан кӕнӕн, уӕд. Афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ равдисдзысты, нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц. Кӕд аразджытӕ не стӕм, уӕддӕр не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у Паддзахады залтӕ ӕфснайын ӕмӕ сӕм зилын.

13. Паддзахады хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ кӕй фӕдӕттӕм, уымӕй цы равдисӕм?

13 Паддзахады хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ фӕдӕттӕм. Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйы размӕ афтидкъухӕй хъуамӕ ма ’рбацыдаиккой (Дык. з. 16:16). Алчидӕр-иу ын ӕрбахаста кувинаг, йӕ къух цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Афтӕмӕй-иу равдыстой, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй сты, цыдӕриддӕр сын дӕтты, уыдӕтты тыххӕй. Махӕн та нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕтты тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм? Зӕгъӕм, нӕ бон у ӕмбырды хӕрдзтӕн ӕмӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын, нӕ къух цас амоны, уыйбӕрц. Апостол Павел загъта: «Адӕймаг исты зӕрдиагӕй куы ратта, уӕд ахӕм лӕвар Хуыцауӕн уӕлдай ӕхсызгон у. Ӕмӕ адӕймаг дӕтгӕ та фӕкӕны, цы йӕм нӕй, уый нӕ, фӕлӕ йӕм цы ис, уый» (2 Кор. 8:4, 12). Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, мысайнаг куы раттӕм, уӕд, бирӕ куы нӕ раттӕм, уӕддӕр (Мар. 12:42–44; 2 Кор. 9:7).

14. Ӕмбисӕндтӕ 19:17 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕ?

14 Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм. Йегъовӕ израилӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, мӕгуыртӕн цӕстуарзонӕй куы ’ххуыс кӕной, уӕд сын кӕй арфӕ кӕндзӕн (Дык. з. 15:7, 10). Ӕххуысхъуаг хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн хорзӕй исты куы саразӕм, уӕд Йегъовӕ уый афтӕ фӕнымайы, цыма йӕ уымӕн сарӕзтам. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 19:17.) Зӕгъӕм, Павел ахст куы уыд, уӕд ын Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕ арвыстой хуын. Ӕмӕ Павел уыцы хуынӕй загъта, зӕгъгӕ, уый у, «Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нывонд» (Фил. 4:18). Ахъуыды кӕн, дӕ бон кӕмӕн уаид де ’мбырды баххуыс кӕнын. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ не ’хца куы нӕ февгъау кӕнӕм, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы. Уый дӕр нымайы нӕ лӕггадыл (Иак. 1:27).

ЙЕГЪОВӔЙӔН КӔЙ ЛӔГГАД КӔНӔМ, УЫЙ ФӔРЦЫ СТӔМ АМОНДДЖЫН

15. Нӕ лӕггад уаргъыл цӕуылнӕ нымайӕм?

15 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ. Фӕлӕ нӕ лӕггад уаргъыл нӕ нымайӕм (1 Иоан. 5:3). Мах Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, уарзгӕ йӕ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, сывӕллоны бафӕндыд йӕ фыдӕн исты сныв кӕнын ӕмӕ йын ӕй балӕвар кӕнын. Чи зоны, бирӕ бады, уыцы зӕрдиагӕй цыдӕртӕ ныв кӕны. Ӕмӕ уымӕ нӕ зивӕг кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ фыды уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕна. Мах дӕр Йегъовӕйы бирӕ уарзӕм, ӕмӕ йын ӕхсызгонӕй фӕдӕттӕм нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ.

16. Дзуттӕгтӕм 6:10 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, алчидӕр нӕ цы аразы, уымӕ?

16 Уарзӕгой ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй алкӕй лӕварыл дӕр фӕцин кӕнынц. Уыдон ӕмбарынц, сывӕллӕттӕ алыхуызон кӕй сты, ӕмӕ иуӕн йӕ бон цы у, иннӕмӕн уый йӕ бон кӕй нӕу. Афтӕ нӕ уӕларвон Фыд дӕр зоны, нӕ уавӕртӕ иухуызон кӕй не сты. Чи зоны, дӕ бон у иннӕтӕй фылдӕр аразын. Кӕнӕ та, чи зоны, иннӕтӕ цас аразынц, дӕуӕн дӕ бон уыйбӕрц аразын нӕу дӕ кармӕ гӕсгӕ, де ’нӕниздзинады тыххӕй кӕнӕ дыл бинонты раз цы хӕстӕ ис, уыдоны тыххӕй. Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд (Гал. 6:4). Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн, ды цы аразыс, уый. Кӕд ӕй уарзыс ӕмӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, уӕд дӕ райгонд у. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:10.) Йегъовӕ уыны, цы дӕ фӕндид саразын, суанг уый дӕр. Уый фӕнды, цӕмӕй цин кӕнай, цы аразыс, ууыл.

17. а) Нӕ лӕггадмӕ чи хауы, уыцы хъуыддӕгтӕй дӕм искӕцы зын куы кӕса, уӕд цы ис саразӕн? б) Рамкӕйы  «Амондджындӕр цӕй фӕрцы уыдзынӕ?» цы хъуыддӕгтӕ ис ӕвдыст, уыдон дын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уай?

17 Нӕ лӕггадмӕ чи хауы, уыцы хъуыддӕгтӕй дӕм искӕцы зын куы кӕса, зӕгъӕм, Библи иртасын кӕнӕ хъусын кӕнын, уӕд цы ис саразӕн? Уыцы хъуыддӕгтӕ арӕх куы кӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдайдзысты ӕмӕ дын фылдӕр пайда хӕсдзысты. Зӕгъӕм, цӕмӕй адӕймаг фӕндырӕй цӕгъдын сахуыр уа, уый тыххӕй-иу уымӕн хъуамӕ алы бон дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕна. Фӕндыр йӕ къухмӕ искуы иу хатт куы райса, уӕд тагъд нӕ сахуыр уыдзӕн. Стӕй хорз уаид, ахуырӕн цы рӕстӕг рахицӕн кӕны, уымӕ-иу алы бон дӕр куы бафтауид. Куы уына, бонӕй-бонмӕ йын хуыздӕр кӕй уайы фӕндырӕй цӕгъдын, уӕд ӕй зӕрдиагдӕрӕй фӕнддзӕн ахуыр кӕнын. Афтӕ у сӕ хабар, нӕ лӕггадмӕ чи хауы, уыцы хъуыддӕгтӕн дӕр.

18. Царды нын ӕппӕты сӕйраг цы у ӕмӕ цӕмӕн?

18 Царды нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Цӕргӕ дӕр уый тыххӕй кӕнӕм! Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы стӕм амондджын, зонӕм ӕй, цӕмӕн цӕрӕм ӕмӕ нын ис ныфс, ӕнустӕм дӕр ын кӕй лӕггад кӕндзыстӕм (Ӕмб. 10:22). Мах зонӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зындзинӕдты рӕстӕг кӕй баххуыс кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ зӕрдӕты ис фарн (Ис. 41:9, 10). Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд у «кад ӕмӕ намысы аккаг», уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста! Уый аккаг у, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдон ӕй иууылдӕр кадджын кӕной. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы стӕм амондджын! (Рарг. 4:11).

24 ЗАРӔГ Ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ!

^ 5 абз. Ӕппӕт дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста, ӕмӕ у кады аккаг. Хъуамӕ уымӕн кувӕм ӕмӕ уымӕн лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уый тыххӕй йын хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ цӕрӕм йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм аст хъуыддагыл ӕмӕ базондзыстӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм.