Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, дарддӕр дӕр апостол Павелы фӕзмут

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, дарддӕр дӕр апостол Павелы фӕзмут

«Мӕн фӕзмут» (1 КОР. 11:1).

99 ЗАРӔГ Хуыцауы адӕм сты милуантӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Павелы цӕвиттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

 АПОСТОЛ Павел йе ’фсымӕрты ӕмӕ йӕ хоты тынг уарзта. Уыдоны тыххӕй бирӕ фыдӕбон кодта, йӕхиуыл нӕ ауӕрста (Хъуыд. 20:31). Ӕмӕ йӕ уыдон дӕр тынг уарзтой. Зӕгъӕм, Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы базыдтой, кӕй йӕ нал фендзысты, уӕд фӕкуыдтой (Хъуыд. 20:37). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзынц ӕмӕ сын сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр вӕййы, уымӕй баххуыс кӕнынц (Фил. 2:16, 17). Фӕлӕ сын хатт сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Цы сын баххуыс кӕндзӕн?

2 Баххуыс сын кӕндзӕн Павелы цӕвиттон (1 Кор. 11:1). Уый дӕр ӕнӕххӕст уыд, ӕмӕ-иу ын хатт ӕнцон нӕ уыд, раст цы у, уый аразын (Ром. 7:18–20). Стӕй ӕмбӕлд алыхуызон зындзинӕдтыл. Фӕлӕ-иу йӕ къухтӕ не ’руагъта ӕмӕ-иу йӕ циндзинад не ’рмынӕг. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелы куы фӕзмой, уӕд-иу, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты ахиздзысты ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзысты.

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдонӕй цыппарыл. Алы хатт сын ӕнцон нӕ вӕййы: 1) хорз хабар хъусын кӕнын дӕр ӕмӕ иннӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын дӕр; 2) рӕстӕг ссарын, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кӕной; 3) сӕхи хъӕндзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсын ӕмӕ 4) иннӕты рӕдыдтытӕн ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕн быхсын. Аныхас кӕндзыстӕм, Павелӕн-иу ахӕм уавӕрты цы баххуыс кодта ӕмӕ йӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон бафӕзмын куыд у, ууыл.

ХОРЗ ХАБАР ХЪУСЫН КӔНЫН ДӔР ӔМӔ ИННӔ ХӔСТӔ ӔХХӔСТ КӔНЫН ДӔР

4. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы хъусын кӕнынӕн фаг рӕстӕг ссарын?

4 Уый зын цӕмӕн вӕййы? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ уымӕй ӕмбырды иннӕтӕн дӕр уой фӕзминаг. Фӕлӕ сыл уымӕй уӕлдай вӕййы ӕндӕр хӕстӕ дӕр. Зӕгъӕм, радгай сӕ фӕхъӕуы, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлд ӕмӕ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ уадзын. Вӕййы сын ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ дӕр ӕмӕ раныхӕстӕ. Уымӕй уӕлдай ма кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн фӕамонынц, сӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕной, уый. Стӕй сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнынц хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнынӕн (1 Пет. 5:2). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ феххуыс кӕнынц нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн. Фӕлӕ иннӕ хъусынгӕнджытау уыдон дӕр фыццаджыдӕр сты хорз хабар хъусынгӕнджытӕ (Матф. 28:19, 20).

5. Цӕмӕн ис Павелы ӕнтыстджын хъусынгӕнӕг схонӕн?

5 Павелы цӕвиттон. Филиппӕгтӕм 1:10 стихы нӕ Павел фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кӕнӕм, «ахсджиагдӕр цы у, уый». Йӕхӕдӕг дӕр афтӕ кӕй кодта, уый фӕрцы уыд ӕнтыстджын. Уый бирӕ азтӕ лӕггад кодта, ӕмӕ йӕ лӕггад алкӕддӕр нымадта, ахсджиагдӕр чи уыд, уыцы хъуыддӕгтӕй сӕ иуыл. Павел хорз хабар хъусын кодта «адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр» (Хъуыд. 20:20). Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, «боны дӕргъы мӕнӕ уыйбӕрц хъусын кӕндзынӕн» кӕнӕ «ӕрмӕст уыцы ӕмӕ уыцы бон хъусын кӕндзынӕн, ӕндӕр нӕ». Уый-иу алы фадатӕй дӕр спайда кодта. Иухатт Афинты йе ’мбӕлттӕм куы ӕнхъӕлмӕ каст, уӕд дӕр ӕнцад нӕ бадти. Уыцы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй хорз хабар фехъусын кодтаид дзырддзӕугӕ ӕмӕ номдзыд адӕмӕй кӕмӕндӕрты. Ӕмӕ сӕ чидӕртӕ систы чырыстӕттӕ (Хъуыд. 17:16, 17, 34). Суанг ахст куы уыд, уӕд дӕр хъусӕй нӕ лӕууыд (Фил. 1:13, 14; Хъуыд. 28:16–24).

6. Павел ӕфсымӕртӕн цы амыдта?

6 Павел йӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд уыд, афтӕ пайда кодта. Арӕх-иу йемӕ иннӕты дӕр акодта хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, йӕ фыццаг уацамындон балцы йемӕ акодта Марчы, йӕ дыккаг уацамындон балцы та – Тимофейы (Хъуыд. 12:25; 16:1–4). Ӕвӕццӕгӕн сын Павел амыдта, куыд ис ног ӕмбырд саразӕн, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхас арӕхстджынӕй амонӕн (1 Кор. 4:17).

Павелау алкӕддӕр цӕттӕ у хорз хабар хъусын кӕнынмӕ (кӕс 7 абзац) *

7. Ефесӕгтӕм 6:14, 15 стихты Павел цы бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у архайын?

7 Уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕуыл дзурӕг у? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕнынц. Фӕлӕ ма Павелау хъуамӕ алкӕддӕр уой цӕттӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:14, 15.) Зӕгъӕм, сӕ бон у дуканийы кӕнӕ куысты искӕимӕ аныхас кӕнын. Йе та нӕ организацийы агъуыстытӕй искӕцы арӕзт куы цӕуа, уӕд сӕ бон у сыхӕгтимӕ кӕнӕ, арӕзтадӕн ӕрмӕг чи ’рбаласы, уыдонимӕ аныхас кӕнын. Павелау ма сӕ бон у, уацамынды кӕимӕ вӕййынц, уыдоны цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын, уыимӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты дӕр.

8. Иуӕй-иу хатт хистӕр нӕлгоймаджы куыд фӕхъӕуы бакӕнын?

8 Хистӕр нӕлгоймаг-иу хъуамӕ уацамындӕн алкӕддӕр рӕстӕг ссара, йе ’мбырды кӕнӕ йыл йӕ районы цы хӕстӕ ис, уыдоныл ын бирӕ рӕстӕг куы цӕуа, уӕддӕр. Цавӕрдӕр хъуыддаг бахӕс кӕнынмӕ йын куы хъавой, уӕд-иу хъуамӕ Хуыцаумӕ скува ӕмӕ ахъуыды кӕна, аххӕсдзӕн ыл ӕви нӕ. Ӕмӕ куы бамбара, уыцы хӕслӕвӕрды тыххӕй-иу ын ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕн рӕстӕг кӕй нӕ баззайдзӕн, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, куы не сразы уа. Ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕм та хауынц алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадзын, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр ахуыр кӕнын, цӕмӕй уыцы хъуыддаг бауарзой. Чи зоны дын зын уа зӕгъын, ацы хъуыддаг мӕ бон саразын нӕ бауыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ зон: Йегъовӕ дӕ ӕмбары. Уый уыны, кӕй дӕ фӕнды, цӕмӕй дын алцӕмӕн дӕр фаг рӕстӕг уа.

ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТЫ ФИДАР КӔНЫНӔН РӔСТӔГ ССАРЫН

9. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй сын зын цы вӕййы?

9 Уый зын цӕмӕн вӕййы? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Ацы фӕстаг бонты нӕ алкӕй дӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй-иу исчи нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууа, нӕ ныфсыл нын ныфс бафтауа. Хатт та кӕмӕндӕр фӕхъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй рӕдыд къахдзӕф ма сараза (1 Фес. 5:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон нӕу, ӕмӕ нӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕной. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ «фысты» хъахъхъӕной ӕмӕ сӕ фидар кӕной. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у уымӕн рӕстӕг ссарын, кӕд ӕмӕ сын ӕнӕуи дӕр бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, уӕд?

Иннӕтӕй-иу раппӕл ӕмӕ-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтау (кӕс 10, 12 абзацтӕ) *

10. 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7 стихмӕ гӕсгӕ, Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм цы зӕрдӕ дардта?

10 Павелы цӕвиттон. Павел-иу алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй цӕйдӕр тыххӕй раппӕлыдаид ӕмӕ-иу сӕ бафидар кодтаид. Уый сӕ уарзта фӕлмӕн уарзтӕй. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты хъуамӕ афтӕ уарзой. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7.) Павел-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дзургӕ дӕр кодта, кӕй сӕ уарзы, стӕй сӕ Йегъовӕ дӕр тынг кӕй уарзы (2 Кор. 2:4; Еф. 2:4, 5). Уый сӕ нымадта йе ’мбӕлттыл ӕмӕ-иу семӕ рӕстӕг ӕрвыста. Стӕй-иу сын ӕргом дзырдта, йӕхӕдӕг дӕр цӕмӕйдӕр кӕй тарсти, цӕуылдӕрты кӕй мӕт кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй (2 Кор. 7:5; 1 Тим. 1:15). Уыдӕттӕ сын уый тыххӕй нӕ дзырдта, цӕмӕй-иу сын се ’ргом йӕхимӕ раздӕхтаид. Уый фӕндыди афтӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын.

11. Павел-иу иннӕтӕн уынаффӕ цӕмӕн радта?

11 Павелы-иу бахъуыд иннӕтӕн уынаффӕ раттын дӕр. Фӕлӕ-иу сын уынаффӕ уый тыххӕй нӕ радта, ӕмӕ сӕм мӕсты уыди. Уый сӕ уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыди, тӕссаг сын цӕмӕй уыд, уыдӕттӕй сӕ бахизын. Уынаффӕ-иу сын афтӕ радта, цӕмӕй-иу бамбӕрстаиккой, цы сӕ кӕнын хъӕуы, уый. Ӕмӕ йӕ фӕндыди, цӕмӕй-иу ын йӕ ныхӕстӕм байхъуыстаиккой. Зӕгъӕм, коринфӕгтӕм фыстӕг куы ныффыста, уӕд сын карз уайдзӕф бакодта. Уый фӕстӕ сӕм Титы арвыста, цӕмӕй базыдтаид, йӕ уынаффӕмӕ йын байхъуыстой ӕви нӕ. Ӕмӕ куыд цин кодта, йӕ ныхӕстӕ йын сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый куы базыдта, уӕд! (2 Кор. 7:6, 7).

12. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнын?

12 Уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕуыл дзурӕг у? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр Павелау сӕ бон у сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ рӕстӕг ӕрвитын. Зӕгъӕм, сӕ бон у ӕмбырдмӕ раздӕр ӕрбацӕуын, цӕмӕй-иу семӕ аныхӕстӕ кӕной. Цӕмӕй хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтауай, уымӕн арӕх бирӕ рӕстӕг нӕ фӕхъӕуы, фаг вӕййы цалдӕр минуты дӕр (Ром. 1:12; Еф. 5:16). Павелы чи фӕзмы, ахӕм хистӕр нӕлгоймаг ма хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты Библийы фӕрцы бафидар кӕны ӕмӕ сын фӕзӕгъы, Хуыцау сӕ куыд тынг уарзы, уый. Стӕй сын фӕзӕгъы, йӕхӕдӕг дӕр сӕ бирӕ кӕй уарзы. Арӕх сӕм бадзуры кӕнӕ сӕ абӕрӕг кӕны ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй сӕ цӕйдӕр тыххӕй раппӕла. Искӕмӕн уынаффӕ куы ратты, уӕд йӕ уынаффӕйӕн йӕ бындур вӕййы Хуыцауы Ныхас. Ӕмӕ кӕд адӕймагӕн йӕ рӕдыды тыххӕй ӕргом фӕзӕгъы, уӕддӕр йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕны, цӕмӕй йын йӕ уынаффӕмӕ байхъуса (Гал. 6:1).

СӔХИ ХЪӔНДЗИНӔДТӔМ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСЫН

13. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иуӕй-иу хатт сӕ хъӕндзинӕдтӕм цы цӕстӕй фӕкӕсынц?

13 Уый зын цӕмӕн вӕййы? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ уыдон дӕр рӕдийынц (Ром. 3:23). Ӕмӕ сын хатт зын вӕййы сӕ хъӕндзинӕдтӕм ӕмӕ рӕдыдтытӕм раст цӕстӕй кӕсын. Иуӕй-иутӕ сӕ хъӕндзинӕдтӕм ныккомкоммӕ вӕййынц, ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Чидӕртӕ та, гӕнӕн ис, сӕ хъӕндзинӕдтӕ мацӕмӕ дарой ӕмӕ сӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ сӕ фӕивын ницы хъӕуы.

14. Филиппӕгтӕм 4:13 стихмӕ гӕсгӕ, Павелӕн сӕрныллӕгдзинад куыд баххуыс кодта йӕ хъӕндзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсынӕн?

14 Павелы цӕвиттон. Павел уыд сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕхи бон кӕй нӕу йӕ хъӕндзинӕдтимӕ тох кӕнын. Хъуыди йӕ Хуыцауы ӕххуыс. Цалынмӕ йӕхӕдӕг чырыстон сси, уӕдмӕ чырыстӕтты тынг ӕфхӕрдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрста, кӕй рӕдыди, ӕмӕ аивта (1 Тим. 1:12–16). Йегъовӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй суыдаид уарзӕгой, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ сӕрныллӕг хистӕр нӕлгоймаг. Павел зыдта, хъӕндзинӕдтӕ йӕм кӕй ис, фӕлӕ ӕдзух уыдоныл нӕ хъуыды кодта. Уый уырныдта, Йегъовӕ йын йӕ рӕдыдтытӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Ром. 7:21–25). Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ хъӕндзинӕдтӕй бынтондӕр фервӕздзӕн ӕмӕ ӕппындӕр нал рӕдидзӕн. Фӕлӕ архайдта, цӕмӕй йӕм чырыстон миниуджытӕ фӕзындаид, ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕйы фӕрцы йӕ бон кӕй уыдзӕн ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын (1 Кор. 9:27; бакӕс Филиппӕгтӕм 4:13).

Дӕ хъӕндзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕс ӕмӕ дӕ удыхъӕд ивыныл архай (кӕс 14, 15 абзацтӕ) *

15. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъӕндзинӕдтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

15 Уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕуыл дзурӕг у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕй снысан кӕнынц, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕххӕст нӕ вӕййынц. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу сӕ рӕдыдтытӕ феной ӕмӕ сӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕной (Еф. 4:23, 24). Хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ Библи лӕмбынӕг иртаса, цӕмӕй-иу фена, фӕивын ӕй цы хъӕуы, уый. Ӕмӕ куы архайа, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ива, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уа амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын (Иак. 1:25).

ИННӔТЫ РӔДЫДТЫТӔН ӔМӔ ХЪӔНДЗИНӔДТӔН БЫХСЫН

16. Хистӕр нӕлгоймаг-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты рӕдыдтытӕм куы ныккомкоммӕ уа, уӕд уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн?

16 Уый зын цӕмӕн вӕййы? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ бирӕ рӕстӕг кӕй фервитынц, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ ӕмӕ сӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр фӕуынынц. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг искӕй рӕдыдтытӕм куы ныккомкоммӕ уа, уӕд ӕм, гӕнӕн ис, мӕсты кӕнын дӕр райдайа кӕнӕ йӕхиуыл ма фӕхӕца, ӕмӕ йын тызмӕгӕй исты зӕгъа йе та йын ӕдзух уайдзӕфтӕ кӕна. Павел дӕр чырыстӕтты фӕдзӕхста, Хӕйрӕджы кӕй фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн афтӕ уой (2 Кор. 2:10, 11).

17. Павел хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй каст?

17 Павелы цӕвиттон. Павел уыдта, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм хорзӕй цы уыд, уый. Рӕдигӕ дӕр-иу куыннӕ фӕкодтой. Хатт-иу ын сӕ митӕй йӕ зӕрдӕ дӕр фӕриссын кодтой. Фӕлӕ Павел ӕмбӕрста, адӕймаг кӕй фӕрӕдыд, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ ӕвзӕр адӕймаг у. Уый уарзта йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджытыл хъуыды кодта. Кӕд-иу сын алы хатт ӕнцон нӕ уыди, раст куыд у, афтӕ бакӕнын, уӕддӕр Павел нӕ дызӕрдыг кодта, уый сӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй фӕндыд. Ӕрмӕст сын баххуыс кӕнын хъуыд.

18. Павел Еводи ӕмӕ Синтихийӕн куыд баххуыс кодта, уымӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын? (Филиппӕгтӕм 4:1–3).

18 Ӕркӕсӕм-ма, Павел Филиппты ӕмбырдӕй дыууӕ хойӕн куыд баххуыс кодта, уымӕ. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:1–3.) Еводи ӕмӕ Синтихи цӕйдӕр тыххӕй кӕрӕдзимӕ зулцӕстӕй кӕсын райдыдтой. Фӕлӕ сын Павел уайдзӕфтӕ нӕ кодта. Уый ракодта сӕ хорз миниуджыты кой. Уыцы хотӕ Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Йегъовӕ дӕр сӕ уарзта. Павел зыдта, хорз хотӕ кӕй сты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй бафидыдтаиккой. Иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый кӕй уыдта, уый фӕрцы йӕхи циндзинад дӕр не ’рмынӕг, стӕй уыцы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уый фӕстӕ дӕр уыдысты йӕ хорз ӕмбӕлттӕ.

Иннӕтӕн-иу уайдзӕфтӕ кӕнынмӕ ма фӕу (кӕс 19 абзац) *

19. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм раст цӕстӕй кӕсой? б) Нывы Паддзахады зал чи ’фснайы, уыцы хистӕр нӕлгоймагӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

19 Уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕуыл дзурӕг у? Архайут, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ хорз миниуджытӕ уынат. Алчидӕр дзы ӕнӕххӕст у, фӕлӕ дзы алкӕмӕ дӕр ис, уарзӕн сӕ кӕй тыххӕй ис, ахӕм миниуджытӕ (Фил. 2:3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгты иуӕй-иу хатт бахъӕуы искӕмӕн уынаффӕ раттын. Фӕлӕ-иу уыдон дӕр Павелау хъуамӕ адӕймагӕн йӕ рӕдыдмӕ ма ныккомкоммӕ уой. Хъуамӕ-иу сӕ зӕрдыл дарой, Йегъовӕйы кӕй уарзы, иузӕрдионӕй йын кӕй лӕггад кӕны ӕмӕ нырма йӕ бон бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй бауыдзӕн саразын, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хорз миниуджытӕ куы уыной, уӕд ӕмбырд алкӕмӕн дӕр уыдзӕн хъарм къонайы хуызӕн.

ДАРДДӔР ДӔР ПАВЕЛЫ ФӔЗМУТ

20. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Павелы фӕзмой?

20 Нӕ публикацитӕй Павелы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Зӕгъӕм, уӕ бон у ӕркӕсын чиныгмӕ «Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй», 12 сӕрмӕ, 17–20 абзацтӕм. Уыцы ӕрмӕг куы кӕсат, уӕд-иу ахъуыды кӕнут: «Павелы цӕвиттон мын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ мӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа?»

21. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕной?

21 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уӕ зӕрдыл дарут: Йегъовӕ уӕ нӕ домы, цӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ уат. Уый фӕнды, цӕмӕй йыл иузӕрдион уат (1 Кор. 4:2). Йегъовӕ тынг аргъ кодта Павелӕн йӕ фыдӕбоны ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй. Ма дызӕрдыг кӕнут, сымахӕн дӕр тынг кӕй аргъ кӕны, цыдӕриддӕр аразут, уый тыххӕй. Йегъовӕ уын никуы ферох кӕндзӕн «уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый – сымах лӕггад кодтат ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕнут сыгъдӕджытӕн» (Дзут. 6:10).

87 ЗАРӔГ Ӕрбацу, ӕмӕ удӕнцой ссарай

^ 5 абз. Мах нӕ уарзӕгой хистӕр нӕлгоймӕгтӕй тынг бузныг стӕм сӕ фыдӕбоны тыххӕй! Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдонӕй цыппарыл. Базондзыстӕм ма, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн апостол Павелы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу уыцы зындзинӕдты сӕрты ахизой. Ацы статья не ’ппӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгты хуыздӕр ӕмбарӕм, ӕххуыс сын кӕнӕм ӕмӕ ӕвдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый.

^ 61 абз. НЫВ. Ӕфсымӕр фӕскуыст йе ’мкусӕгимӕ Библийыл ныхас кӕны.

^ 63 абз. НЫВ. Хистӕр нӕлгоймаг фӕлмӕнӕй ныхас кӕны, арӕх иннӕтӕй чи фӕхибар вӕййы, уыцы ӕфсымӕримӕ.

^ 65 абз. НЫВ. Иу ӕфсымӕр иннӕмӕн уынаффӕ дӕтты, цӕмӕй, кӕмӕ фӕхъыг, уымӕн ныххатыр кӕна.

^ 67 абз. НЫВ. Ӕфсымӕр Паддзахады зал ӕфснайын райдыдта, фӕлӕ йӕ телефоныл фӕци. Фӕлӕ йын хистӕр нӕлгоймаг уайдзӕфтӕ кӕнын нӕ райдыдта.