Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

2 Самуилы 21:7–9 стихты фыст ис, зӕгъгӕ, Давидӕн йӕ цӕст нӕ бауарзта Мемфивосфейы гаваойнӕгты къухмӕ раттын. Уый фӕстӕ та дзы фыст ис, Мемфивосфейы сын сӕ къухмӕ кӕй радта. Уый куыд ӕмбаргӕ у?

Ахӕм фарста фӕзынд, ацы скъуыддзаг тагъд-тагъд чи бакаст, уыдонӕй кӕмӕдӕрты. Фӕлӕ ам ис дыууӕ Мемфивосфейы кой. Аныхас кӕнӕм, ацы скъуыддзагӕй цы ис базонӕн, ууыл.

Израилы паддзах Саулӕн уыди авд фырты ӕмӕ дыууӕ чызджы. Йӕ хистӕр фырт уыд Ионафан. Фӕстӕдӕр Саулӕн йӕ номылус Рицпӕ ныййардта дыууӕ лӕппуйы, ӕмӕ дзы иуы схуыдтой Мемфивосфей. Фӕлӕ Ионафанӕн дӕр йӕ фырт Мемфивосфей хуынд. Уӕдӕ Саулӕн йӕ фырттӕй иу хуынди Мемфивосфей, ӕмӕ йӕ фырты фырт дӕр хуынди Мемфивосфей.

Иуафон Саул, израилӕгты ’хсӕн цы гаваойнӕгтӕ цард, уыдонӕй йе сӕфт федта ӕмӕ сӕ сафынвӕнд скодта. Ӕмӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, бирӕты амардта. Уый стыр тӕригъӕд уыди, уымӕн ӕмӕ Йесо Навины заман Израилы адӕмы хистӕртӕ гаваойнӕгтимӕ скодтой бадзырд, удӕгасӕй сӕ кӕй ныууадздзысты (Йес. Н. 9:3–27).

Уыцы бадзырд йӕ тыхы уыд паддзах Саулы рӕстӕджы дӕр. Фӕлӕ уый уӕддӕр гаваойнӕгты ныццӕгъдынмӕ хъавыд. Ӕмӕ афтӕмӕй «Саул ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаг... тугныккалды» фӕаххосджын сты (2 Сам. 21:1). Уый фӕстӕ паддзах сси Давид. Гаваойнӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонимӕ Давид аныхас кодта, Саул цы фыдхъуыддаг сарӕзта, уый тыххӕй. Ӕмӕ сӕ бафарста, зӕгъгӕ, цы саразон, цӕмӕй ныл уыцы тӕригъӕд мауал уа ӕмӕ та Йегъовӕ Израилы зӕххӕн арфӕ кӕна. Уыдон дзы ӕхца нӕ ракуырдтой, фӕлӕ йын загътой, цӕмӕй сын раттаид, фесафынмӕ сӕ чи хъавыд, уымӕн йӕ фырттӕй авды. Ӕмӕ Давид дӕр афтӕ бакодта (Ным. 35:30, 31; 2 Сам. 21:2–6).

Уӕдмӕ Саул ӕмӕ Ионафан ӕгас нал уыдысты, хӕсты фӕмардысты. Фӕлӕ Ионафаны фырт Мемфивосфей ӕгас уыди. Гыццыл куы уыд, уӕд йӕ хъомылгӕнӕджы хъӕбысӕй ӕрхауд ӕмӕ фӕкъуылых. Ӕмӕ, йӕ фыдыфыд цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонмӕ ницы бар дардта. Уымӕй уӕлдай, Ионафан нырма ӕгас куы уыд, уӕд Давид йемӕ скодта хӕлардзинады бадзырд. Ӕмӕ уыцы бадзырд хауди Ионафаны байзӕддӕгтӕм дӕр, уыимӕ йӕ фырт Мемфивосфеймӕ (1 Сам. 18:1; 20:42). Ӕмӕ, 2 Самуилы 21:7 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Давидӕн «йӕ цӕст нӕ бауарзта Саулы фырт Ионафанӕн йӕ фырт Мемфивосфейы раттын, Давид ӕмӕ Саулы фырт Ионафан Йегъовӕйы раз кӕй расомы кодтой, уый тыххӕй».

Фӕлӕ уӕддӕр Давид гаваойнӕгты къухмӕ радта Саулы фырттӕй дыууӕйы – иу дзы хуынди Мемфивосфей – ӕмӕ йӕ чызг Мелхолӕйы фондз фырты (2 Сам. 21:8, 9). Уый фӕрцы Израилы зӕхх тугныккалды аххосджын нал уыд.

Ацы хабарӕй цы ис базонӕн? Хуыцауы закъоны фыст уыд: «Сывӕллоны... йӕ фыды тыххӕй нӕй марӕн» (Дык. з. 24:16). Саулы дыууӕ фырты ӕмӕ йӕ чызджы фондз фырты ӕнаххос куы уыдаиккой, уӕд Йегъовӕ нӕ бауагътаид, цӕмӕй сӕ амардтаиккой. Уыцы закъоны ма фыст уыд: «Алчидӕр хъуамӕ амӕла йӕхи тӕригъӕды тыххӕй». Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы авд адӕймаджы къухтӕ дӕр уыдысты гаваойнӕгты тугӕй ахуырст. Ӕмӕ бафыстой сӕхи тӕригъӕды тыххӕй.

Ацы хабарӕй бӕрӕг у: кӕд адӕймаг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уӕд йӕ бон нӕу йӕхи рӕстытӕ кӕнын, зӕгъгӕ, кӕйдӕр бардзырдтӕ ӕххӕст кодтон. Библийы ис ахӕм ӕмбисонд: «Дӕ къахӕн-иу фӕндаг слӕгъз кӕн ӕмӕ дӕ фӕндӕгтыл фидар къахдзӕфтӕй размӕ цу. Мадӕр рахизырдӕм ахиз, мадӕр – галиуырдӕм. Ӕвзӕрдзинадӕй дӕ къах дӕрдты хӕсс» (Ӕмб. 4:24–27; Еф. 5:15).