Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

48 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд-иу ӕмбаргӕ у

Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд-иу ӕмбаргӕ у

«Ут ӕмбаргӕ» (1 ПЕТ. 4:7).

123 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Фӕлварӕнтыл сӕмбӕлгӕйӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд куыд архайдзыстӕм? (1 Петры 4:7).

 ХАТТ кӕцыдӕр уавӕрты фӕлвӕрд фӕцӕуы, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм ӕви нӕ. Ахӕм уавӕрты-иу нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ, цырддзаст ӕмӕ уырнындзинады фидар. (Бакӕс 1 Петры 4:7.) Ахӕм уавӕрты ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд-иу нӕ рамӕсты уыдзыстӕм, хъуыды кӕндзыстӕм ӕрвонг зондӕй ӕмӕ хабӕрттӕм кӕсдзыстӕм Йегъовӕйы цӕстӕй. Ӕмӕ-иу уӕд нӕ зӕрдӕ нӕ зондыл нӕ фӕтых уыдзӕн.

2. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

2 Айразмӕйы статьяйы аныхас кодтам, ӕмбырды ӕдде кӕуыл сӕмбӕлӕм, ӕртӕ ахӕм фӕлварӕныл. Ацы статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм, ӕмбырды мидӕг кӕуыл сӕмбӕлӕм, ӕртӕ ахӕм фӕлварӕныл. Уыдоны тыххӕй дӕр хатт фӕлвӕрд фӕцӕуы, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм ӕви нӕ. Уыцы уавӕртӕ сты: 1) афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нӕ хо (кӕнӕ ӕфсымӕр) дзӕгъӕлы бафхӕрдта; 2) Йегъовӕ нын зонд куы амона ӕмӕ 3) организацийы исты ивындзинӕдтӕ куы ’рцӕуа ӕмӕ нын уыдонмӕ гӕсгӕ архайын зын куы уа, уӕд. Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдионӕй баззайӕм?

АФТӔ НӔМ КУЫ КӔСА, ӔМӔ НӔ ЧЫРЫСТӔТТӔЙ ЧИДӔР ДЗӔГЪӔЛЫ БАФХӔРДТА

3. Чырыстӕттӕй нын исчи куы смаст кӕна, уӕд ныл уый, гӕнӕн ис, куыд фӕзына?

3 Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ дӕ чырыстӕттӕй чидӕр дзӕгъӕлы бафхӕрдта? Чи зоны, хистӕр нӕлгоймаг дӕр уыд. Ӕвӕццӕгӕн ӕй нӕ фӕндыд дӕу фӕхъыг кӕнын (Ром. 3:23; Иак. 3:2). Фӕлӕ уӕддӕр, цы сарӕзта, уымӕй дын дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта. Чи зоны, фырмӕтӕй ӕгъуыссӕг дӕр фӕдӕ. Гӕнӕн ис, суанг афтӕ дӕр ахъуыды кодтай: «Кӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕнынц афтӕ, уӕд уый Хуыцауы организаци у?» Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕтӕ хъуыды кӕнӕм (2 Кор. 2:11). Фӕлӕ ахӕм хъуыдыты тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ фӕхицӕн уыдзыстӕм. Уӕдӕ нын хо кӕнӕ ’фсымӕр куы смаст кӕна, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ зианхӕссӕг хъуыдытӕй фервӕзӕм?

4. Иосифӕн мӕстытӕ куы бавзарын кодтой, уӕд куыд равдыста, ӕмбаргӕ кӕй уыд, ӕмӕ йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Райдиан 50:19–21).

4 Дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс. Иосиф ӕрыгон куы уыд, уӕд дзы йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ се сӕфт федтой ӕмӕ ма йӕ марынвӕнд дӕр скодтой (Райд. 37:4,18–22). Ӕппынфӕстаг ӕй цагъарӕй ауӕй кодтой. Уый тыххӕй Иосиф стыр мӕстытӕ бавзӕрста. Ӕмӕ ахӕм зын уавӕры уыд 13 азы бӕрц. Чи зоны, Иосифмӕ уӕд афтӕ фӕкаст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ йӕ ныууагъта. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта. Уыцы зын уавӕры-иу мӕстӕй нӕ рафыхт, фӕлӕ уыд хиуылхӕст ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фадат ын куы уыд, цӕмӕй йе ’фсымӕртӕй йӕ маст райстаид, уӕд дӕр афтӕ нӕ бакодта. Фӕлӕ сын ныххатыр кодта ӕмӕ равдыста, кӕй сӕ уарзта, уый (Райд. 45:4, 5). Уый йын цӕй фӕрцы бантыст? Йӕ бон уыд ӕрвонг зондӕй хъуыды кӕнын. Уый йӕ зындзинӕдтыл не сси, фӕлӕ ӕмбӕрста, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг уыд, уый. (Бакӕс Райдиан 50:19–21.) Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Исчи дын маст куы бавзарын кӕна, уӕд-иу Йегъовӕмӕ ма смӕсты у ӕмӕ-иу афтӕ ма хъуыды кӕн, зӕгъгӕ мӕ ныууагъта. Фӕлтау-иу ахъуыды кӕн, куыд дын ӕххуыс кӕны уыцы фӕлварӕн сфӕразынӕн. Уымӕй уӕлдай, чи дын смаст кодта, уымӕн-иу ныххатыр кӕн. Ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ кӕй «ӕмбӕрзы» (1 Пет. 4:8, фип.).

5. Микеасмӕ афтӕ куы каст, ӕмӕ йӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзӕгъӕлы бафхӕрдтой, уӕд куыд бакодта?

5 Хуссар Америкӕйӕ иу хистӕр нӕлгоймаг дӕр, Микеас, зӕгъгӕ, сӕмбӕлд фӕлварӕныл b. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзӕгъӕлы бафхӕрдтой. Уый радзырдта: «Афтӕ зын мын никуы уыд. Фырмӕтӕй фынӕй дӕр нал кодтон. Куыд кӕнон, уый нал зыдтон, ӕмӕ-иу кӕугӕ дӕр фӕкодтон». Фӕлӕ уӕддӕр Микеас йӕхи бынтон нӕ ауагъта ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракастаид. Ӕдзух Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ дзы куырдта йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ хъарутӕ. Стӕй нӕ публикациты агуырдта, чи йын баххуыс кодтаид, ахӕм ӕрмӕг. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хо кӕнӕ дын ӕфсымӕр маст куы бавзарын кӕна, уӕд-иу ма рамӕсты у. Кӕд смӕсты дӕ кӕнӕ кӕд уыцы хабары тыххӕй мӕт кӕныс, уӕд та-иу бацархай, цӕмӕй уыцы ӕнкъарӕнтыл дӕ бар цӕуа. Адӕймаг афтӕ цӕмӕн загъта кӕнӕ цӕмӕн бакодта, уый алы хатт нӕ фӕзонӕм. Уӕдӕ-иу Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ-иу ын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, афтӕ цӕмӕн бакодта, уый бамбарынӕн. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн афтӕ ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, барӕй нӕ уыди, ӕмӕ йын ныххатыр кӕндзынӕ (Ӕмб. 19:11). Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ алцыдӕр зоны ӕмӕ дӕ ӕмбары. Ӕмӕ дын тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай (2 Аз. 16:9; Еккл. 5:8).

ЙЕГЪОВӔ НЫН ЗОНД КУЫ АМОНА

6. Ахсджиаг цӕмӕн у ӕмбарын, Йегъовӕйы зондамынд йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у? (Дзуттӕгтӕм 12:5, 6, 11).

6 Йегъовӕ нын зонд куы фӕамоны кӕнӕ нын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд нын уый хатт тынг зын вӕййы. Фӕлӕ нын зын кӕй у, ууыл хъуамӕ ӕгӕр ма хъуыды кӕнӕм. Кӕннод нӕм афтӕ кӕсын райдайдзӕн, ӕмӕ ахӕмӕй ницы сарӕзтам, цӕй тыххӕй нын бауайдзӕф кӕна, кӕнӕ нын ӕгӕр карз уайдзӕф бакодта. Ӕмӕ уӕд иу ахсджиаг хъуыддаг нӕ бамбардзыстӕм: Йегъовӕ нын зонд амоны ӕмӕ нын уайдзӕф бакӕны, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:5, 6, 11.) Зонд нын кӕй бацамыдтой, ууыл ӕдзух куы маст кӕнӕм, уӕд Хӕйрӕгӕн бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй уымӕй пайда кӕна. Уый фӕнды, цӕмӕй-иу зондамынд мацӕмӕ ӕрдарӕм. Ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр та фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ ӕмбырдӕй адард уӕм. Уӕдӕ дын кӕд зонд бацамыдтой кӕнӕ дын бауайдзӕф кодтой, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕры ӕмбаргӕ уай?

Петр равдыста сӕрныллӕгдзинад – уынаффӕ ӕмӕ зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ айста. Ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы хъуыддаджы йӕ бон уыд фылдӕр аразын (кӕс 7 абзац)

7. а) Ӕркӕс нывмӕ. Петр зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ куы айста, уӕд ын Йегъовӕ йӕ бар цавӕр хӕстӕ бакодта? б) Петры хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

7 Зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ айс ӕмӕ, цы хъӕуы, уый фӕив. Йесо Петрӕн цалдӕр хатты бауайдзӕф кодта иннӕ апостолты раз (Мар. 8:33; Лук. 22:31–34). Ӕмӕ Петр, ӕвӕццӕгӕн, фефсӕрмы уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр Йесойыл уыд иузӕрдион. Уый зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр. Уымӕ гӕсгӕ йын Йегъовӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодта ӕмӕ йын йӕ бар бакодта ӕмбырды стыр хӕстӕ (Иоан. 21:15–17; Хъуыд. 10:24–33; 1 Пет. 1:1). Петры хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зонд нын куы бацамоной, уӕд махмӕ дӕр, гӕнӕн ис, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй худинаг кӕса. Фӕлӕ-иу хъуамӕ ууыл ма хъуыды кӕнӕм. Хъуамӕ-иу зондамынд нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм ӕмӕ-иу, фӕивын цы хъӕуы, уый фӕивӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дӕр фылдӕр лӕггад кӕнын.

8, 9. Бернардойӕн куы загътой, хистӕр нӕлгоймагӕй кӕй нал лӕггад кӕндзӕн, уӕд фыццаг уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Цы йын баххуыс кодта йӕ зондахаст аивынӕн?

8 Мӕнӕ цы хабар ӕрцыд Мозамбикы иу ӕфсымӕрыл, Бернардойыл. Уый уыди хистӕр нӕлгоймаг. Фӕлӕ йын стӕй загътой, хистӕр нӕлгоймагӕй кӕй нал лӕггад кӕндзӕн. Бернардо уымӕ фыццаг цы цӕстӕй ракаст? Афтӕ зӕгъы: «Уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ смӕсты дӕн». Бернардо мӕт кодта, ӕмбырды дзы иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, ууыл. Уый зӕгъы: «Цалдӕр мӕйы мӕ бахъуыд, цӕмӕй уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракастаин ӕмӕ та ногӕй бамбӕрстаин, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый». Цымӕ йын цы баххуыс кодта?

9 Бернардо йӕ зондахаст аивта. Уый загъта: «Хистӕр нӕлгоймагӕй куы лӕггад кодтон, уӕд-иу Дзуттӕгтӕм 12:7 стих иннӕтӕн бакастӕн, цӕмӕй-иу сын баххуыс кодтаин Йегъовӕйы зондамындмӕ раст цӕстӕй ракӕсынӕн. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон: „Ацы стих кӕмӕ хауы? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, уыимӕ мӕнмӕ дӕр“». Бернардойӕн ма ноджыдӕр цы баххуыс кодта, цӕмӕй та Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ногӕй ӕууӕндын райдыдтаид? Райдыдта Библи фылдӕр кӕсын ӕмӕ йыл арфдӕр хъуыды кӕнын. Кӕд мӕт кодта, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл, уӕддӕр семӕ хъусын кӕнынмӕ цыд ӕмӕ-иу ӕмбырдты дзуапп лӕвӕрдта. Цасдӕры фӕстӕ йӕ ногӕй хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой. Кӕд дӕуӕн дӕр Бернардойау цӕйдӕр тыххӕй бауайдзӕф кодтой, ӕмӕ уый тыххӕй хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕфсӕрмы кӕныс, уӕддӕр ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн. Уынаффӕ дӕ зӕрдӕмӕ айс ӕмӕ, цы хъӕуы, уый фӕив (Ӕмб. 8:33; 22:4) c. Уымӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ йын йӕ организацийыл дӕр иузӕрдион кӕй дӕ. Ӕмӕ дын уый тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн.

ОРГАНИЗАЦИЙЫ ИВЫНДЗИНӔДТӔ КУЫ ’РЦӔУА

10. Израилаг нӕлгоймӕгтӕй кӕмӕндӕрты цавӕр ивындзинад суыдаид фӕлварӕн?

10 Организацийы цы ивындзинӕдтӕ ’рцӕуы, уыдоны тыххӕй дӕр хатт нӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд фӕцӕуы. Ӕмӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕ фӕхицӕн уӕм. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ израилӕгтӕн Закъон куы радта, уӕд цы фӕивта, уый. Уый размӕ сауджынты хӕстӕ ӕххӕст кодтой бинонты хистӕртӕ. Уыдон-иу сарӕзтой нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ-иу сыл Йегъовӕйӕн сӕ бинонты тыххӕй нывӕндтӕ ӕрхастой (Райд. 8:20, 21; 12:7; 26:25; 35:1, 6, 7; Иов 1:5). Фӕлӕ израилӕгтӕн Закъон лӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд бинонты хистӕртӕн уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕныны бар нал уыд. Йегъовӕ загъта, сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзысты нӕлгоймӕгтӕ Аароны хӕдзарвӕндагӕй ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр уыдон кӕй хӕсдзысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу кӕд бинонты хистӕр, Аароны байзӕддаг нӕ уыд, афтӕмӕй, йӕхимӕ сауджыны хӕс райста, уӕд ӕй хъуыд амарын (Лев. 17:3–6, 8, 9) d. Чи зоны, Корей, Дафан, Авирон ӕмӕ 250 мыггаджы хистӕры дӕр Моисейы ӕмӕ Аароны ныхмӕ уый тыххӕй рацыдысты (Ным. 16:1–3). Нӕ бон уый бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, Корей ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззадысты. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ иузӕрдиондзинад цавӕрдӕр ивындзинӕдты тыххӕй фӕлвӕрд цӕуы, уӕд дӕ бон цы у саразын?

Каафы байзӕддӕгты бадзырды чырын хӕссын куы нал хъуыд, уӕд дзы чидӕртӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты зарӕггӕнджытӕй, чидӕртӕ – дуаргӕстӕй, чидӕртӕ та – къӕбицты хицӕуттӕй (кӕс 11 абзац)

11. Каафы хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыцы левиттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Нӕ организацийы ивындзинӕдтӕ куы ’рцӕуы, уӕд-иу уыдонмӕ гӕсгӕ архай. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд, Каафы хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыцы левиттыл уыди тынг кадджын хӕс. Адӕм-иу ӕндӕр ранмӕ куы цыдысты, уӕд-иу уыцы левиттӕй чидӕртӕ адӕмы разӕй хастой бадзырды чырын (Ным. 3:29, 31; 10:33; Йес. Н. 3:2–4). Уый стыр кад куыннӕ уыди! Фӕлӕ израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ’рцардысты, уӕд хабар фӕивта. Бадзырды чырын ӕдзух кӕдӕмдӕр хӕссын нал хъуыд. Соломон паддзах куы сси, уӕдмӕ дӕр Каафы фырттӕй чидӕртӕ ӕххӕст кодтой ӕндӕр хӕстӕ. Зӕгъӕм, чидӕртӕ дзы уыдысты зарӕггӕнджытӕ, чидӕртӕ – дуаргӕстӕ, чидӕртӕ та – къӕбицты хицӕуттӕ (1 Аз. 6:31–33; 26:1, 24). Библийы никуы ис фыст, Каафы фырттӕ сӕ лӕггадӕй кӕй хъаст кодтой кӕнӕ кадджындӕр бынӕттӕ кӕй домдтой, раздӕр сыл цы хӕс уыд, уый тыххӕй. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы организацийы цы ивындзинӕдтӕ ’рцӕуы, уыдонмӕ гӕсгӕ-иу зӕрдиагӕй архай, дӕ лӕггады исты куы фӕива, уӕд дӕр. Кӕмфӕнды ӕмӕ кӕмӕйфӕнды ма лӕггад кӕнай, уӕддӕр дын дӕ лӕггад циндзинад хӕссӕд. Йегъовӕ дын, цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕныс, уый тыххӕй нӕ аргъ кӕны. Уый фыццаджыдӕр аргъ кӕны дӕ коммӕгӕсдзинадӕн (1 Сам. 15:22).

12. Вефилы чи лӕггад кодта, иу ахӕм хойы ӕндӕр ранмӕ куы снысан кодтой, уӕд цы ’нкъардта?

12 Ӕркӕсӕм хо Рахимӕйы хабармӕ. 23 азӕй фылдӕр Вефилы куы фӕлӕггад кодта, уӕд ӕй снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй. Рахимӕ загъта: «Уый мын тынг зын уыд. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ ницы пайда ис. Ӕмӕ-иу хъуыды кодтон: „Цымӕ цӕмӕй фӕрӕдыдтӕн?“» Стӕй ма йын ӕмбырды дӕр иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ йӕ мастыл цӕхх кодтой. Ахӕм ныхӕстӕ йын кодтой, зӕгъгӕ, дам, Вефилы дӕ куыст хорз куы кодтаис, уӕд дӕ организаци нӕ рарвыстаид. Ӕмӕ иуцасдӕр Рахимӕ тынг ныфссаст уыд. Алы ӕхсӕв дӕр кӕугӕ кодта. Фӕлӕ, куыд загъта, афтӕмӕй, никуы фӕдызӕрдыг, Йегъовӕйы организаци раст кӕй архайы, стӕй йӕ Йегъовӕ кӕй уарзы, ууыл. Цы йын баххуыс кодта йӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

13. Рахимӕ цы арӕзта, цӕмӕй ныфссӕттӕг хъуыдытӕй фервӕзтаид?

13 Рахимӕйӕн йӕ бон баци ныфссӕттӕг хъуыдытӕй фервӕзын. Куыд? Йӕ уавӕрмӕ чи хауд, нӕ публикациты ахӕм статьятӕ касти. Уӕлдайдӕр ын иу статья тынг баххуыс кодта. (Кӕс 2001 азы 1 февралы «Сторожевая башня», статья «Побеждай уныние!».) Уыцы статьяйы дзырд цӕуы Библийы фысджытӕй иуыл, Маркыл. Йӕ лӕггады цыдӕр куы фӕивта, уӕд уымӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ зын уыд. Рахимӕ загъта: «Марчы хабар мӕ ныфс бауагъта». Уымӕй уӕлдай, Рахимӕ йе ’мбӕлттӕй йӕхи дард нӕ ласта. Стӕй йӕхицӕн нӕ тӕригъӕдтӕ кодта. Уый ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы организацийы уылты архайы йӕ сыгъдӕг тых, стӕй бӕрӕг у, разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕртӕ мӕ тынг кӕй уарзынц. Фӕлӕ ма Рахимӕ бамбӕрста, Хуыцауы организаци сӕйраджыдӕр ууыл кӕй архайы, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг размӕ цӕуа.

14. Владойы ӕмбырды цы фӕивта ӕмӕ йын цы баххуыс кодта разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн?

14 Ӕфсымӕр Владойыл цӕуы 73 азы. Уый цӕры Словенийы ӕмӕ лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй. Се ’мбырд сын ӕндӕр ӕмбырдимӕ куы баиу кодтой ӕмӕ-иу кӕдӕм цыд, уыцы Паддзахады зал куы сӕхгӕдтой, уӕд ын тынг зын уыд. Владо загъта: «Нӕ йӕ ’мбӕрстон, ӕфсымӕртӕ ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахастой. Нӕ рӕсугъд Паддзахады залмӕ кӕй нал цӕудзыстӕм, уый мын хъыг уыди, уымӕн ӕмӕ нӕ зал ӕрӕджы сцалцӕг кодтам. Ӕз мӕхӕдӕг хъӕддӕсны дӕн. Ӕмӕ дзы цы ног мебель сӕвӕрдтам, уымӕй цыдӕртӕ ӕз сарӕзтон. Уымӕй уӕлдай ма, ӕндӕр ӕмбырдимӕ нӕ кӕй баиу кодтой, уый тыххӕй хъуыди бирӕ цыдӕртӕ фӕивын. Ӕмӕ уый дӕр мӕн хуызӕн ацӕргӕ хъусынгӕнджытӕн ӕнцон нӕ уыд». Цымӕ Владойӕн цы баххуыс кодта разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн? Уый загъта: «Йегъовӕйы организаци цы ивындзинӕдтӕ скӕны, уыдонмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд алкӕддӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм. Уыцы ивындзинӕдтӕ нӕ цӕттӕ кӕнынц фидӕнмӕ. Тагъд ноджы стырдӕр ивындзинӕдтӕ ’рцӕудзӕн». Чи зоны, сымахӕн дӕр уе ’мбырд ӕндӕр ӕмбырдимӕ баиу кодтой кӕнӕ дӕ лӕггады цыдӕр фӕивта, ӕмӕ дын уый зын у. Уӕд ӕй зон, Йегъовӕ дӕ кӕй ӕмбары. Ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ куы архайай, стӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ, кӕй уылты архайы, уыцы организацийыл иузӕрдион куы уай, уӕд дӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Пс. 18:25).

АЛЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ДӔР ӔМБАРГӔ У

15. Ӕмбырды мидӕг фӕлварӕнтыл куы ’мбӕлӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм?

15 Ацы дунейы кӕрон хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды мидӕг дӕр ӕмбӕлдзыстӕм фӕлварӕнтыл. Ӕмӕ ахӕм уавӕрты фӕлвӕрд фӕцӕуы, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ чырыстӕттӕй чидӕр дзӕгъӕлы бафхӕрдта, уӕд-иу дӕ зӕрдӕйы маст хӕссын ма райдай. Кӕд дын зонд бацамыдтой кӕнӕ дын цӕйдӕр тыххӕй бауайдзӕф кодтой, ӕмӕ уый тыххӕй хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕфсӕрмы кӕныс, уӕддӕр ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн. Уынаффӕ дӕ зӕрдӕмӕ айс ӕмӕ, цы хъӕуы, уый фӕив. Йегъовӕйы организацийы исты ивындзинӕдтӕ куы ’рцӕуа ӕмӕ уый тыххӕй дӕ лӕггады дӕр исты куы фӕива, уӕд-иу уыцы ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ разамындмӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архай.

16. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ӕууӕндай?

16 Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд дӕр дӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ӕууӕндын. Фӕлӕ дын цӕмӕй уый бантыса, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбаргӕ уай, ома-иу хъуамӕ ма рамӕсты уай кӕнӕ ма ратыхсай, хъуыды кӕнай ӕрвонг зондӕй ӕмӕ хабӕрттӕм кӕсай Йегъовӕйы цӕстӕй. Библийы архайджытӕй дӕ уавӕры хуызӕн уавӕрты чи уыд, уыдоны тыххӕй-иу фылдӕр базон ӕмӕ-иу сын сӕ цӕвиттонтыл ахъуыды кӕн. Йегъовӕмӕ-иу ӕххуысы тыххӕй кув. Ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕхи дард ма лас. Ӕмӕ уӕд, цыфӕнды уавӕры ма уай, уӕддӕр Хӕйрӕджы бон нӕ бауыдзӕн дӕу Йегъовӕйӕ кӕнӕ йӕ организацийӕ фӕхицӕн кӕнын! (Иак. 4:7).

126 ЗАРӔГ Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ӕмӕ фидар

a Дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдион уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый хатт фӕлвӕрд фӕцӕуы, ӕмбырды мидӕг цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдоны тыххӕй. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ уавӕрыл ӕмӕ базондзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

c Фылдӕр уынаффӕтӕ ссарӕн ис статьяйы «Дӕ бон та у раздӕрау фылдӕр лӕггад кӕнын?» 2009 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

d Бинонты хистӕры-иу куы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фосӕй хӕрынӕн аргӕвда, уӕд-иу ӕй Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрбакодтаид кувӕндонмӕ. Ӕрмӕстдӕр-иу кӕд кувӕндонӕй тынг дард цардысты, уӕд ӕй афтӕ кӕнын нӕ хъуыд (Дык. з. 12:21).