Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Мардохей ӕцӕгдӕр царди?

ИУ ДЗУТТАГ, Мардохей, зӕгъгӕ, ахсджиаг бынат ахсы Библийы чингуытӕй иуы – Есфиры чиныджы. Мардохей уыди, вавилойнӕгтӕ уацары кӕй акодтой, уыдоны байзӕддӕгтӕй ӕмӕ лӕггад кодта Персы паддзахы галуаны. Уый уыди н. э. размӕ 5 ӕнусы райдианы, «паддзах Ахашверошы рӕстӕджы». (Бирӕ ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ Ахашверош у Ксеркс Фыццаг.) Чидӕр паддзахы марынмӕ хъавыд, ӕмӕ сын Мардохей сӕ фыдвӕнд фехӕлдта. Паддзах уый тыххӕй куы базыдта, уӕд ӕй бафӕндыд Мардохейӕн адӕмы раз скад кӕнын. Фӕстӕдӕр, Мардохейы знаг ӕмӕ иннӕ дзуттӕгты знаг Аманы мӕлӕты фӕстӕ, Ахашверош Мардохейы сӕвӕрдта йӕ кънйӕзты хистӕрӕй. Аман ма ӕгас куы уыд, уӕд сфӕнд кодта, ӕнӕхъӕн Персы паддзахады цы дзуттӕгтӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдын. Ӕмӕ ныр Мардохей хицау куы сси, уӕд йӕ бон баци, дзуттӕгты чи фервӕзын кодта, ахӕм бардзырд раттын (Есф. 1:1; 2:5, 21–23; 8:1, 2; 9:16).

20 ӕнусы райдианты иуӕй-иу историктӕ дзырдтой, Есфиры чиныг, дам, у аргъау ӕмӕ, дам, Мардохей дӕр у ӕрымысгӕ адӕймаг. Фӕлӕ 1941 азы археологтӕ цы ссардтой, уый дӕр, гӕнӕн ис, у бӕлвырдгӕнӕн, Библийы Мардохейы тыххӕй цы фыст ис, уый ӕцӕг кӕй у, уымӕн. Цымӕ цы ссардтой?

Иртасджытӕ ссардтой рагон персайнаг текст, фыст уыд ӕлыгӕй конд къӕйдурыл. Ӕмӕ дзы уыд, Мардукӕ (кӕнӕ Мардохей) чи хуынд, ахӕм адӕймаджы кой. Ахста хицауы бынат, чи зоны, уыд хӕзнадонгӕс горӕт Сузӕйы. Артур Унгнад, скӕсӕн бӕстӕты истори иртасӕг, ныффыста, зӕгъгӕ, нырмӕ Мардохейы кой Библийы йеддӕмӕ ӕндӕр никӕм уыд.

Унгнад цы ныффыста, уый фӕстӕ ахуыргӕндтӕ ратӕлмац кодтой мингай рагон персайнаг тексттӕ. Се ’хсӕн сты, Персеполы кӕй ссардтой, уыцы къӕйдуртӕ (бӕлвырдӕй та сӕ ссардтой хӕзнадоны хӕлддзӕгты ’хсӕн, горӕты къултӕм ӕввахс). Цы текст сыл ис, уый фыст ӕрцыд Ксеркс Фыццаджы рӕстӕг. Фыст у еламаг ӕвзагыл ӕмӕ дзы ис, Есфиры чиныджы чи ис, уыцы нӕмттӕй цалдӕр a.

Ном Мардохей (Мардукӕ) рагон персайнаг тексты

Персеполы къӕйдуртӕй цалдӕрыл тексты ӕмбӕлы ном Мардукӕ. Уый уыди паддзахы писыр Сузӕйы галуаны Ксеркс Фыццаджы рӕстӕг. Иу къӕйдурыл та фыст уыд, Мардукӕ кӕй уыд тӕлмацгӕнӕг. Ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ дӕр Мардохейӕ ис афтӕ зӕгъӕн. Уый уыди паддзах Ахашверошы, кӕнӕ Ксеркс Фыццаджы, фӕсдзӕуин ӕмӕ дзырдта ӕппынкъаддӕр дыууӕ ӕвзагыл. Мардохей-иу бадт паддзахы галуаны кулдуары раз (Сузӕйы) (Есф. 2:19, 21; 3:3). Паддзахы кулдуар уыди стыр агъуыст. Уый уыд паддзахы фӕсдзӕуинты кусӕн бынат.

Ӕлыг къӕйдуртыл текстты цы Мардукӕйы кой ис ӕмӕ Библийы цы Мардохейы кой ис, уыдон бирӕ цӕмӕйдӕрты сты ӕмхуызон. Цардысты уыцы иу рӕстӕджы, уыцы иу ран ӕмӕ ахстой стыр бынӕттӕ уыцы иу галуаны. Уыцы хабӕрттӕ, гӕнӕн ис, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, археологтӕ цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссардтой, уыдон амонынц, Есфиры чиныджы кӕй кой ис, уыцы Мардохеймӕ.

a 1992 азы профессор Эдвин Ямаучи йӕ статьяйы ныффыста 10 адӕймаджы нӕмттӕ. Уыцы нӕмттӕ ӕмбӕлынц, Персеполы кӕй ссардтой, уыцы текстты дӕр ӕмӕ Есфиры чиныджы дӕр.