Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

46 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы фӕрцы зындзинӕдтӕн цингӕнгӕйӕ фӕразӕм

Йегъовӕйы фӕрцы зындзинӕдтӕн цингӕнгӕйӕ фӕразӕм

«Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна, сыстдзӕн, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса» (ИС. 30:18).

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. а) Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм? б) Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйы тынг кӕй фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын?

 ЙЕГЪОВӔ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зындзинӕдтӕн фӕразӕм ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Куыд нын баххуыс кӕны? Ӕмӕ нӕ цы фӕхъӕуы аразын, цӕмӕй-иу нын йе ’ххуыс ӕцӕгдӕр пайда ӕрхӕсса? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм ахӕм фарстайыл: цымӕ Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын?

2 Апостол Павел йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм цы дзырдӕй спайда кодта, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн ацы фарстайӕн дзуапп базонын. Павел ныффыста: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Дзут. 13:6). Библи ӕмбарынгӕнӕн дзырдуӕтты фыст ис, зӕгъгӕ, ацы стихы дзырд «ӕххуысгӕнӕг» амоны, ӕххуысмӕ чи сиды, уымӕ чи фезгъоры, ахӕм адӕймагмӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Йегъовӕ тагъд кӕны, цӕмӕй, уӕззау уавӕры чи ис, уымӕн баххуыс кӕна. Ацы ныв хорз ӕвдисы, Йегъовӕйы тынг кӕй фӕнды, цӕмӕй не ’ххуысгӕнӕг уа. Ӕмӕ нӕ фарсмӕ куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн зындзинӕдтӕн фӕразын ӕмӕ-иу нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн.

3. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зындзинӕдтӕн цингӕнгӕйӕ фӕразӕм?

3 Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зындзинӕдтӕн цингӕнгӕйӕ фӕразӕм? Уый базоныны тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм Исайы чиныгмӕ. Ацы чиныгмӕ цӕмӕн? Исайы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ хауынц, нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ. Уымӕй уӕлдай ма, Исай Йегъовӕйы кой кӕнгӕйӕ цы дзырдтӕй пайда кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ сты ӕнцонӕмбарӕн. Райсӕм Исай 30-ӕм сӕр. Уым ирд нывтӕй ӕвдисы, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый: 1) нӕ куывдтытӕм нын лӕмбынӕг фӕхъусы ӕмӕ нын дзуапп ратты; 2) дӕтты нын разамынд ӕмӕ 3) абон дӕр нӕ хайджын кӕны арфӕдзинӕдтӕй ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Цӕй ӕмӕ ацы ӕртӕ хъуыддагыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

ЙЕГЪОВӔ НӔМ ФӔХЪУСЫ

4. а) Исайы рӕстӕджы Йегъовӕ дзуттӕгты тыххӕй цы загъта, фӕлӕ ӕппынфӕстаг цавӕр хабар ӕрцӕуын бауагъта? б) Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта? (Исай 30:18, 19).

4 Исайы 30-ӕм сӕры райдианы Йегъовӕ дзуттӕгты схуыдта «хивӕнд фырттӕ» ӕмӕ загъта, «сӕ тӕригъӕдыл тӕригъӕд ӕфтауынц», зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ та загъта: «Адон сты ӕнӕсӕттон адӕм... нӕ сӕ фӕнды Йегъовӕйы закъонмӕ хъусын» (Ис. 30:1, 9). Адӕмы нӕ фӕндыд Йегъовӕмӕ хъусын. Ӕмӕ Исай загъта, уый тыххӕй Йегъовӕ кӕй бауадздзӕн, цӕмӕй бӕллӕхы хай бауой (Ис. 30:5, 17; Йер. 25:8–11). Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад – вавилойнӕгтӕ сӕ уацары акодтой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн Исай загъта ныфсы хабар. Загъта сын, иу бон сын Йегъовӕ кӕй фӕтӕригъӕд кӕндзӕн. (Бакӕс Исайы 30:18, 19.) Ӕмӕ уыцы хабар дӕр ӕрцыд – Йегъовӕ сӕ Вавилоны уацарӕй ссӕрибар кодта. Фӕлӕ уый уайтагъд не ’рцыд. Ацы ныхӕстӕ, «Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна», зӕгъгӕ, уымӕ амыдтой, ӕмӕ хъуамӕ рацыдаид цасдӕр рӕстӕг, цалынмӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фервӕзын кодтаид, уӕдмӕ. Израилӕгтӕ Вавилоны уацары фесты 70 азы, ӕмӕ дзы уый фӕстӕ чидӕртӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты (Ис. 10:21; Йер. 29:10). Уацары куы уыдысты, уӕд сӕхи судзгӕ цӕссыгтӕй ӕхсадтой. Фӕлӕ сӕ бӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд та сӕ рустыл згъордтой цины цӕссыгтӕ.

5. Исай 30:19 стихы ныхӕстӕ нӕ ныфс куыд уадзынц?

5 Абон нын ныфсы хос сты ацы ныхӕстӕ: «Дӕ дзыназын дын куы фехъуса, уӕд дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн» (Ис. 30:19). Исай зӕгъы, Йегъовӕ нын нӕ лӕгъстӕтӕ кӕй фехъусдзӕн ӕмӕ нын уайтагъд дзуапп кӕй ратдзӕн. Йӕ ныхӕстӕм ма бафтыдта: «Дӕ дзыназын дын... куыддӕр... фехъуса, афтӕ дын дзуапп ратдзӕн». Ацы ныхӕстӕ нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ Фыды тынг, тынг фӕнды, ӕххуыс дзы чи куры, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон у зындзинӕдтӕн фӕразын ӕмӕ дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын.

6. Исайы ныхӕстӕй куыд у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй куывдтытӕм дӕр кӕй фӕхъусы, уый?

6 Ацы стих ма нӕ ноджыдӕр ныфс куыд уадзы? Йегъовӕ лӕмбынӕг фӕхъусы махӕй алкӕй куывдтытӕм дӕр. Уый цӕмӕй у бӕрӕг? Исайы 30-ӕм сӕры фыццаг хайы Йегъовӕ дзуры йӕ адӕмимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр. Фӕлӕ 19-ӕм стихы ис номивӕг «ды», цыма иу кӕимӕдӕр дзуры, афтӕ. Исай ныффыста: «ды нал кӕудзынӕ»; «уӕд дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн», «афтӕ дын дзуапп ратдзӕн». Йегъовӕ у уарзӕгой Фыд, ӕмӕ йӕ фырттӕй кӕнӕ йӕ чызджытӕй искӕмӕн йӕ ныфс куы асӕтты, уӕд ын афтӕ нӕ фӕзӕгъы: «Уӕртӕ-ма де ’фсымӕрмӕ (кӕнӕ дӕ хомӕ) бакӕс, куыд фидар у. Ды дӕр ӕй бафӕзм». Уый махӕй алкӕмӕн дӕр тынг аргъ кӕны ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм лӕмбынӕг фӕхъусы (Пс. 116:1; Ис. 57:15).

Исайы ныхӕстӕ, Йегъовӕйы «ма... ныууадзут, ма ’рсабыр ут», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг сты? (кӕс 7 абзац)

7. Исайы ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕй куыд зыны, Йегъовӕмӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй кувын кӕй фӕхъӕуы, уый?

7 Цы нӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нын, гӕнӕн ис, уайтагъд ратта тыхтӕ, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Гӕнӕн ис, нӕ фӕлварӕнӕн кӕрон, мах кӕд ӕнхъӕл стӕм, уӕд ма ’рцӕуа. Ӕмӕ нӕ уӕд бахъӕудзӕн Йегъовӕмӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй кувын, цӕмӕй нын тыхтӕ дӕтта. Йӕхӕдӕг дӕр нын дзуры, цӕмӕй афтӕ кӕнӕм. Уый бӕрӕг у Исайы ныхӕстӕй: «Ма йӕ ныууадзут, ма ’рсабыр ут» (Ис. 62:7). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Хъуамӕ-иу Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ кувӕм, цӕмӕй-иу афтӕ рауайа, ӕмӕ йӕ иу ран нал уадзӕм. Исайы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йесо кувыны тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдон. Фыст сты Лукайы 11:8–10, 13 стихты. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ Йегъовӕмӕ афтӕ кувӕм, ӕмӕ зӕгъӕн уа, нал ӕмӕ йӕ нал уадзӕм, зӕгъгӕ. Стӕй дзы хъуамӕ дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у Йегъовӕйӕ разамынд дӕр курын, цӕмӕй-иу раст уынаффӕтӕ рахӕссӕм.

ЙЕГЪОВӔ НЫН ДӔТТЫ РАЗАМЫНД

8. Раджы заман Исай 30:20, 21 стихтӕ куыд сӕххӕст сты?

8 Бакӕс Исайы 30:20, 21. Вавилоны ӕфсад Иерусалимыл куы ’ртыхст, уӕд уый ахаста афӕдз ӕмӕ ’рдӕг. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕ цы бӕллӕхтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрстой, уыдон уыдысты дзул ӕмӕ донау арӕх. Фӕлӕ 20-ӕм ӕмӕ 21-ӕм стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ дзуттӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, куы ’рфӕсмон кӕной ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзой, уӕд сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Исай Йегъовӕйы схуыдта сӕ «Кадджын Зондамонӕг». Ӕмӕ сын загъта, Йегъовӕ сын кӕй амондзӕн, куыд ын хъуамӕ кувой, уый. Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты, уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕд. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уыд сӕ Кадджын Зондамонӕг – лӕвӕрдта сын разамынд, ӕмӕ сын бантыст раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнын. Абон махӕн дӕр Йегъовӕ у нӕ Кадджын Зондамонӕг, ӕмӕ уый у стыр арфӕдзинад.

9. Абон нын Йегъовӕ разамынд цы дыууӕ хуызы дӕтты, уыдонӕй фыццаг цы у?

9 Исайы ныхӕстӕм гӕсгӕ нӕ цӕстытыл уайы ахӕм ныв: мах стӕм ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ дыууӕ хуызы ахуыр кӕны. Фыццаг уал Исай загъта: «Дӕ цӕстытӕ уындзысты дӕ Кадджын Зондамонӕджы». Ам уынӕм ахӕм ныв: Зондамонӕг, ома Йегъовӕ, лӕууы йӕ ахуыргӕнинӕгты акомкоммӕ. Йегъовӕ нӕ Зондамонӕг, кӕнӕ нӕ Ахуыргӕнӕг, кӕй у, уый нын стыр кад куыннӕ у! Уый нӕ ахуыр кӕны йӕ организацийы уылты. Мах дзы тынг бузныг стӕм, йӕ организаци нын цы бӕлвырд разамынд дӕтты, уый тыххӕй! Разамынд нын дӕтты, зӕгъӕм, ӕмбырдты, конгрессты, стӕй нӕ публикациты ӕмӕ JW Broadcasting®-ы передачӕты уылты. Ӕмӕ нын уыцы разамынд ӕххуыс кӕны зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ дарддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынӕн.

10. Абон нӕ «фӕстӕ» хъӕлӕс куыд хъусӕм?

10 Йегъовӕ ма нӕ ноджыдӕр куыд ахуыр кӕны, уый тыххӕй Исай афтӕ загъта: «Дӕ фӕстӕ хъусдзынӕ хъӕлӕс». Ам та уынӕм ахӕм ныв: Йегъовӕ цӕуы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ фӕстӕ ӕмӕ сын фӕндаг амоны. Уый сӕм йӕ хъус лӕмбынӕг дары. Абон мах Хуыцауы хъӕлӕс хъусӕм нӕ фӕстӕ. Ома куыд? Хуыцауы ныхӕстӕ Библийы фыст ӕрцыдысты раджы, ӕмӕ уыцы замантӕ фӕстейӕ баззадысты. Уӕдӕ Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд уый афтӕ вӕййы, цыма Хуыцауы хъӕлӕс хъусӕм нӕ фӕстӕ (Ис. 51:4).

11. Цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын ӕмӕ цӕмӕн?

11 Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй, Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уый нын ӕцӕгдӕр пайда хӕсса? Исай дыууӕ хъуыдыйы загъта: «мӕнӕ фӕндаг» ӕмӕ «цӕут ацы фӕндагыл» (Ис. 30:21). Фаг нӕу «фӕндаг» зонын. Хъуамӕ ма йыл цӕугӕ дӕр кӕнӕм. Йегъовӕйы Ныхасӕй ӕмӕ йын йӕ Ныхас йӕ организаци куыд ӕмбарын кӕны, уый фӕрцы базонӕм, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Стӕй ма базонӕм, йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ бон архайын куыд у, уый дӕр. Ӕмӕ цӕмӕй зындзинӕдтӕн фӕразӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ фӕхъӕуы, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый базонын дӕр ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын дӕр. Ӕрмӕстдӕр уӕд схайджын уыдзыстӕм Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй.

ЙЕГЪОВӔ НЫН АРФӔ КӔНЫ

12. Исай 30:23–26 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд раарфӕ кодта?

12 Бакӕс Исайы 30:23–26. Вавилоны уацарӕй чи ссӕрибар ӕмӕ Израилы зӕхмӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгтыл ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст? Йегъовӕ сӕ арфӕдзинӕдты бын фӕкодта. Парахатӕй сын лӕвӕрдта хӕринаг ӕмӕ сӕ цӕрынӕн ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уыдӕттӕ. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ сын парахатӕй лӕвӕрдта уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уый фӕрцы йӕм ӕввахсдӕр кодтой ӕмӕ сӕ бон баци раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнын. Хуыцауы адӕм уыцы рӕстӕг цас арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты, уыйбӕрц арфӕдзинӕдтӕй уый размӕ никуы уыдысты хайджын. 26-ӕм стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕйы рухс ныйирд, ома сын ӕххуыс кодта йӕ Ныхас бамбарынӕн (Ис. 60:2). Уыцы арфӕдзинӕдты фӕрцы сӕ хъарутыл хъарутӕ бафтыд. Ӕмӕ йын дарддӕр цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кодтой (Ис. 65:14).

13. Раст дин йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый фӕдыл пехуымпарад нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕны?

13 Раст дин йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый фӕдыл пехуымпарад абон махмӕ дӕр хауы? Бӕгуыдӕр. 1919 азӕй фӕстӕмӕ милуантӕ ссӕрибар сты Стыр Вавилоны, ома мӕнг динты, уацарӕй. Йегъовӕ адӕмы ӕрбакӕны, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уыцы Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй бирӕ хуыздӕр чи у, ахӕм ранмӕ. Зӕгъӕн ис, абон мах цӕрӕм дзӕнӕты (Ис. 51:3; 66:8). Цы у уыцы «дзӕнӕт»?

14. 1919 азӕй фӕстӕмӕ цы «дзӕнӕт» ис, уый цы у ӕмӕ дзы чи цӕры?

14 1919 азӕй фӕстӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ цӕрынц уыцы «дзӕнӕты». Фӕстӕдӕр сӕм ӕрбаиу сты, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм дӕр, ома «ӕндӕр фыстӕ». Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр хайджын сты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй. Парахатӕй сын ис уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уый мӕнг динты ахуырӕдтӕй хъӕстӕ нӕу. Стӕй сын ис, сӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм куыст – хъусын кӕнынц хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Махӕй алкӕмӕн дӕр Йегъовӕ у йӕ Хӕлар. Ӕмӕ нӕ уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ цӕрӕм фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй зындзинӕдтӕн фӕразӕм ӕмӕ-иу нӕ ныфс ма асӕтта. Уыцы «дзӕнӕты» ӕрцӕрӕм, Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын куы райдайӕм ӕмӕ куы фӕархайӕм, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм (Иоан. 10:16; Ис. 25:6; 65:13).

15. Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый кӕм ис?

15 Уыцы «дзӕнӕт» кӕцы ран ис? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цӕрынц ӕгас зӕххыл дӕр алы рӕтты. Уымӕ гӕсгӕ уыцы «дзӕнӕт» дӕр ис ӕгас зӕххыл. Уӕдӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм – кӕд нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, раст диныл хӕст кӕй стӕм, уӕд цӕрӕм уыцы «дзӕнӕты».

Махӕй алкӕй бон дӕр цы у аразын, цӕмӕй нӕ «дзӕнӕт» ноджы тынгдӕр рафидауын кӕнӕм? (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

16. Цы хъӕуы, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ «дзӕнӕты» рӕсугъддзинад уынӕм?

16 Цӕмӕй дарддӕр дӕр уыцы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, ӕгас зӕххыл дӕр нын чырыстон ӕмбырдты цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕн. Уый нын цӕй фӕрцы бантысдзӕн? Немӕ уыцы «дзӕнӕты» чи цӕры, уыдонӕн хъуамӕ фыццаджыдӕр сӕ рӕсугъд миниуджытӕ уынӕм ӕмӕ-иу сын сӕ хъӕндзинӕдтӕм ма ныккомкоммӕ уӕм (Иоан. 17:20, 21). Уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Зӕгъӕм, хъӕдмӕ куы кӕсай, уӕд куыд рӕсугъд вӕййы. Ӕмӕ дзы вӕййы алыхуызон бӕлӕстӕ. Раст афтӕ, абон дӕр ӕмбырдты цы «дзӕнӕт» ис, уым ис алыхуызон адӕм. Библи сӕ бары бӕлӕстимӕ (Ис. 44:4; 61:3). Ӕмӕ-иу хъуамӕ, нӕ фарсмӕ цы «бӕлӕстӕ» ис, уыдоны хъӕндзинӕдтӕм ма ныккомкоммӕ уӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр уынӕм, «хъӕд» ӕнӕхъӕнӕй куыд рӕсугъд у, уый. Ӕгас зӕххыл дӕр чырыстон ӕмбырдты цы «дзӕнӕт» ис, уый тынг рӕсугъд у. Ӕмӕ раст нӕ уыдзӕн, цӕмӕй нӕхи хъӕндзинӕдты кӕнӕ иннӕты хъӕндзинӕдты тыххӕй йӕ рӕсугъддзинад мауал уынӕм.

17. Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕнын?

17 Махӕй алкӕй бон дӕр куыд у, не ’хсӕн цы иудзинад ис, уый хъахъхъӕнын? Хъуамӕ уӕм фарнуарзаг ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм (Матф. 5:9; Ром. 12:18). Ӕмбырды иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл куы фӕархайӕм, уӕд нӕ «дзӕнӕт» ноджы тынгдӕр рафидауын кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, уыцы «дзӕнӕтмӕ» алкӕй дӕр Йегъовӕ кӕй ӕрбакодта (Иоан. 6:44). Йӕ лӕггадгӕнджыты нымайы зынаргъ хӕзнатыл. Ӕмӕ куы фӕуыны, зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, цӕмӕй не ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад уа, уӕд тынг фӕцин кӕны! (Ис. 26:3; Аг. 2:7).

18. Арф цӕуыл хъӕуы хъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

18 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн хорзӕй бирӕ цыдӕртӕ дӕтты. Фӕлӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нын уыдӕттӕ ӕцӕгдӕр пайда хӕссой? Хъуамӕ-иу арф ахъуыды кӕнӕм, Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕй цы базонӕм, ууыл. Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн нӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнын ӕмӕ кӕрӕдзи «ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй» уарзын (Ром. 12:10). Ныр дӕр цы арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нӕм фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд та нӕ рох никуы уыдзӕн, нӕ бон Йегъовӕйӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын кӕй у, уый. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм.

ЗЫНДЗИНӔДТӔН БАСӔТТЫН НӔ БАКОМДЗЫСТӔМ

19. а) Исай 30:18 стихмӕ гӕсгӕ, фидарӕй цы зонӕм? б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм?

19 Йегъовӕ ацы фыддуне куы сафа, уӕд «сыстдзӕн», цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна (Ис. 30:18). Йегъовӕ у, «раст тӕрхон чи кӕны, уыцы Хуыцау». Ӕмӕ йӕ фидарӕй зонӕм, Хӕйрӕджы дуне, цы ’мбӕлы, уымӕй иу бон дӕр фылдӕр кӕй нӕ ныууадздзӕн (Ис. 25:9). Мах Йегъовӕимӕ иумӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы ирвӕзындзинады бонмӕ. Уӕдмӕ та нӕ фӕнды алы бон дӕр Йегъовӕмӕ кувын, йӕ Ныхас ын ахуыр кӕнын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын, стӕй йын йӕ арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнын. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм.

142 ЗАРӔГ Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм

a Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зындзинӕдтӕн фӕразой ӕмӕ-иу сӕ ныфс ма асӕтта. Аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ хъуыддагыл. Уыдоны тыххӕй фылдӕр базонӕн ис Исай 30-ӕм сӕрӕй. Ацы сӕрыл кӕй аныхас кӕндзыстӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, ахсджиаг кӕй у Йегъовӕмӕ кувын, йӕ Ныхас ын ахуыр кӕнын ӕмӕ нӕ ныртӕккӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны ӕмӕ нӕ фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уыдоныл хъуыды кӕнын.