Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

47 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйӕ дӕ мацы фӕхицӕн кӕнӕд!

Йегъовӕйӕ дӕ мацы фӕхицӕн кӕнӕд!

«Ӕз мӕ зӕрдӕ дӕуыл дарын, о Йегъовӕ» (ПС. 31:14).

122 ЗАРӔГ Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм?

 ЙЕГЪОВӔ нын дзуры, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм (Иак. 4:8). Уый фӕнды, цӕмӕй уа нӕ Хуыцау, нӕ Фыд ӕмӕ нӕ Хӕлар. Нӕ куывдтытӕн нын дзуапп ратты ӕмӕ нын зын рӕстӕджыты баххуыс кӕны. Стӕй нӕ йӕ организацийы уылты ахуыр кӕны ӕмӕ хъахъхъӕны. Фӕлӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм?

2. Адӕймаг Йегъовӕмӕ куыд баввахс вӕййы?

2 Адӕймаг Йегъовӕмӕ баввахс вӕййы, куы йӕм фӕкувы, йӕ Ныхас ын куы фӕкӕсы ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд. Афтӕмӕй йӕ бауарзы ӕмӕ йын аргъ кӕнын райдайы. Бафӕнды йӕ йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уый аккаг у (Рарг. 4:11). Йегъовӕйы хуыздӕр куы базоны, уӕд ын йӕхиуыл дӕр ӕмӕ нын кӕй уылты ӕххуыс кӕны, уыцы организацийыл дӕр тынгдӕр баууӕнды.

3. Хӕйрӕг куыд архайы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ фӕхицӕн кӕна? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ организаци макуы ныууадзӕм? (Псалом 31:13, 14).

3 Фӕлӕ Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ фӕхицӕн кӕна, уӕлдайдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Уый куыд фӕаразы? Фӕархайы, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл мауал ӕууӕндӕм. Ӕмӕ уый фӕаразы гыццылгай. Фӕлӕ нӕ бон у йӕ ныхмӕ фӕлӕууын! Нӕ уырнындзинад фидар куы уа ӕмӕ, Йегъовӕйыл ӕууӕндӕн кӕй ис, ууыл ӕппындӕр куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд ын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ организаци дӕр нӕ ныууадздзыстӕм. (Бакӕс Псалом 31:13, 14.)

4. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

4 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ӕмбырды ӕдде кӕуыл сӕмбӕлӕм, ӕртӕ ахӕм фӕлварӕныл. Чырыстон уыцы фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕла, уӕд ын, гӕнӕн ис, къуылымпыйы хос суой, ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йын йӕ организацийыл мауал ӕууӕнда. Уый куыд рауайы? Ӕмӕ нӕ бон куыд у Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууын?

ЗЫНДЗИНӔДТӔ КУЫ ФЕВЗАРӔМ

5. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл мауал ӕууӕндай?

5 Хатт бахауӕм уӕззау уавӕрты. Зӕгъӕм, нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц кӕнӕ ӕнӕ куыстӕй баззайӕм. Ахӕм уавӕрты уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Йегъовӕйы организацийыл мауал ӕууӕндӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ фӕхицӕн уӕм? Нӕ зындзинӕдтӕ бирӕ рӕстӕг куы ахӕссынц, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, ныфс мацӕмӕйуал уа ӕмӕ нӕхимӕ ныхъхъусӕм. Хӕйрӕг ахӕм уавӕртӕй спайда кӕны ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнын райдайӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Уый фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ организаци нӕ зындзинӕдты аххосджын кӕнын райдайӕм. Ахӕм хабар ӕрцыд израилӕгтӕй кӕуылдӕрты, Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд. Фыццаг сӕ бауырныдта, Йегъовӕ Моисейы ӕмӕ Аароны кӕй равзӕрста, цӕмӕй сӕ уырдыгӕй ракодтаиккой (Рац. 4:29–31). Фӕлӕ сын фӕстӕдӕр фараон сӕ цард куы фӕуӕззаудӕр кодта, уӕд сӕ зындзинӕдты Моисейы ӕмӕ Аароны аххосджын кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ сын дзырдтой: «Сымах тыххӕй нӕм фараон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Сымах сын уӕхӕдӕг радтат сӕ къухмӕ кард, цӕмӕй нӕ фӕцӕгъдой» (Рац. 5:19–21). Уыдон аххосджын кодтой Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Уӕвгӕ, афтӕ куыд хъуамӕ ахъуыды кодтаиккой?! Кӕд ды дӕр бирӕ рӕстӕг цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл дарддӕр дӕр фидарӕй ӕууӕндай?

6. Пехуымпар Аввакум зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлд, уӕд цы сарӕзта ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын? (Аввакум 3:17–19).

6 Йегъовӕйӕн дзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ дзы ӕххуыс кур. Пехуымпар Аввакум сӕмбӕлд бирӕ зындзинӕдтыл. Иуафон, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, ӕмӕ Йегъовӕйы йӕ мӕт нӕй. Уӕд ӕм скуывта ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый йын радзырдта. Уый загъта: «О Йегъовӕ, цас ма дӕм дзыназдзынӕн, цӕмӕй мӕ фехъусай? [...] Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыддзинад ӕмӕ фыдбылыз?» (Ав. 1:2, 3). Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн дзуапп радта (Ав. 2:2, 3). Раджы заманты-иу йӕ адӕмы куыд фервӕзын кодта, Аввакум ууыл куы ахъуыды кодта, уӕд та ногӕй цин кӕнын райдыдта. Ӕмӕ нал дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йыл кӕй тыхсы ӕмӕ йын цыфӕнды зындзинад сфӕразынӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс Аввакумы 3:17–19.) Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлай, уӕд-иу Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ-иу ын радзур, цӕуыл мӕт кӕныс, уый. Стӕй-иу дзы ӕххуыс кур. Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнгдӕр тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай. Ӕмӕ дын куыд баххуыс кодта, уый куы фенай, уӕд дӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уыдзӕн.

7. Ширлийӕн йе ’фсымӕр йӕ ныфс куыд саста ӕмӕ Ширли цы арӕзта, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл ӕууӕндыдаид?

7 Дарддӕр дӕр Библи кӕс, хъусын кӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕм цу. Ӕркӕсӕм, иу хойӕн, Ширлийӕн, уыцы хъуыддӕгтӕ куыд баххуыс кодтой b. Цӕры Папуӕ – Ног Гвинейы. Йӕ бинонтӕ уыдысты мӕгуыр, хатт-иу сын хӕринаг самал кӕнын дӕр зын уыд. Ӕмӕ-иу йе ’фсымӕр йӕ ныхмӕ дзырдта: «Афтӕ куы дзурыс, Хуыцауы сыгъдӕг тых дын ӕххуыс кӕны. Уӕд кӕм ис йе ’ххуыс? Куыд мӕгуыр уыдыстӕм, афтӕ мӕгуыр стӕм. Дӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы хардз кӕныс хъусын кӕныныл». Ширли загъта: «Ӕмӕ ӕз дӕр ахъуыды кодтон: „Цымӕ ӕцӕгдӕр Хуыцауы нӕ мӕт ис?“ Фӕлӕ уайтагъд Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ мӕ цы тыхсын кодта, уыдӕттӕ йын радзырдтон. Стӕй дарддӕр дӕр Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ кастӕн, хъусын кодтон ӕмӕ ӕмбырдтӕм цыдтӕн». Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ бинонтӕн кӕй ӕххуыс кӕны. Сыдӕй нӕ мардысты ӕмӕ уыдысты амондджын. Ширли зӕгъы: «Уыдтон ӕй, Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтты» (1 Тим. 6:6–8). Ды дӕр Библи куы кӕсай, куы хъусын кӕнай ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дӕ Хуыцауӕй нӕ фӕхицӕн кӕндзысты нӕдӕр зындзинӕдтӕ, нӕдӕр дызӕрдыг хъуыдытӕ.

БӔРНОН ӔФСЫМӔРТӔ ӔФХӔРД КУЫ ФЕЙЙАФЫНЦ

8. Йегъовӕйы организацийы цы бӕрнон ӕфсымӕртӕ ис, уыдоныл иуӕй-иу хатт цы ’рцӕуы?

8 Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ телевизоры ӕмӕ интернеты бӕрнон ӕфсымӕртӕй фӕкӕнынц мӕнг ныхӕстӕ (Пс. 31:13). Ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕрцахсынц ӕмӕ сӕ фыдгӕнджытыл банымайынц. 1 ӕнусы дӕр чырыстӕттӕ ахӕм фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты. Зӕгъӕм, апостол Павелы фӕаххосджын кодтой, кӕй нӕ бакодта, ахӕм фыдракӕндты ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодтой. Иннӕ чырыстӕттӕ уымӕ цы цӕстӕй ракастысты?

9. Апостол Павел ахст куы уыд, уӕд чырыстӕттӕй чидӕртӕ куыд бакодтой?

9 Павел Ромы ахст куы уыд, уӕд ӕй чырыстӕттӕй чидӕртӕ ныууагътой ӕмӕ йын нал ӕххуыс кодтой (2 Тим. 1:8, 15). Афтӕ цӕмӕн бакодтой? Чи зоны, ӕфсӕрмы кодтой, Павелы кӕй зонынц, уымӕй, уымӕн ӕмӕ адӕм Павелы фыдгӕнӕгыл нымадтой (2 Тим. 2:8, 9). Кӕнӕ та, чи зоны, тарстысты, уыдоны дӕр кӕй ӕрцахсдзысты, уымӕй. Куыдфӕнды ма уыдаид, Павелӕн уый, хӕрзаг, тынг зын уыд. Уый уыдоны тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста ӕмӕ ма суанг йӕ цард дӕр тӕссаг уавӕры ӕппӕрста (Хъуыд. 20:18–21; 2 Кор. 1:8). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы чырыстӕтты хуызӕн уӕм. Уыдон зын рӕстӕджы Павелы ныууагътой. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, бӕрнон ӕфсымӕртӕ ӕфхӕрд куы феййафынц, уӕд?

10. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ ӕфхӕрд куы феййафынц, уӕд-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

10 Рох дӕ ма уӕд, ӕфхӕрд цӕмӕн ӕмӕ кӕй аххосӕй ӕййафӕм, уый. 2 Тимофеймӕ 3:12 стихы фыст ис: «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты». Уӕдӕ нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, Хӕйрӕг йӕ хъавд бӕрнон ӕфсымӕртӕм кӕй скодта. Йӕ нысан у, цӕмӕй Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивой ӕмӕ мах та тас бацӕуа (1 Пет. 5:8).

Павел ахст куы уыд, уӕд Онисифор равдыста хъӕбатырдзинад ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Абон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ, ахст чи у, уыцы чырыстӕтты фарсмӕ балӕууынц, къамы ӕвдыст куыд у, афтӕ (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

11. Онисифор нын фӕзминаг цӕмӕй у? (2 Тимофеймӕ 1:16–18).

11 Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕн ӕмӕ сыл иузӕрдион у. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 1:16–18.) Онисифор Павелы нӕ ныууагъта. Павел рӕхыстӕй баст кӕй уыд, уымӕй «не ’фсӕрмы кодта». Уый Павелы Ромы зӕрдиагӕй агуырдта. Ӕмӕ йӕ куы ссардта, уӕд ын, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кодта, кӕд афтӕмӕй йӕ цард тӕссаг уавӕры ӕппӕрста, уӕддӕр. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ адӕмӕй ма тӕрсӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнӕм, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн (Ӕмб. 17:17). Уыдоны тынг хъӕуынц нӕ уарзондзинад ӕмӕ не ’ххуыс.

12. Уӕрӕсейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 Фӕзминаг нын сты Уӕрӕсейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр. Уыдон, ахст чи у, уыцы чырыстӕтты фарсмӕ балӕууынц. Искӕмӕн дзы куы фӕтӕрхон кӕнынц, уӕд бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тӕрхондонмӕ ’рбацӕуынц, цӕмӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауой. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Бӕрнон ӕфсымӕртӕн сӕ номыл цъыф куы фӕкалынц, куы сӕ ’рцахсынц кӕнӕ сӕ куы фефхӕрынц, уӕд-иу хъуамӕ ма фӕтӕрсӕм. Хъуамӕ уыдоны тыххӕй кувӕм, сӕ бинонтӕн сын ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ ма сӕм ноджыдӕр, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй фӕкӕсӕм (Хъуыд. 12:5; 2 Кор. 1:10, 11).

КУЫ НЫЛ ФӔХУДЫНЦ

13. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ныл кӕй худынц, уый тыххӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл мауал ӕууӕндӕм?

13 Гӕнӕн ис, ӕмӕ ныл не ’нӕуырнӕг хиуӕттӕ, ӕмкусджытӕ кӕнӕ къласӕгтӕ худой, кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй кӕнӕ, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй (1 Пет. 4:4). Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын дзурой: «Хорз адӕймаг дӕ, фӕлӕ дӕ дин ӕгӕр карз у. Ныр ма афтӕ чи цӕры?» Чидӕртӕ та ныл фаутӕ февӕрынц, ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыдонимӕ нӕхи куыд дарӕм, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, фӕзӕгъынц: «Уӕ уарзондзинад ӕмбисондӕн куы хӕссут. Гъе уый у уӕ уарзондзинад?» Ахӕм ныхӕсты тыххӕй нӕм, гӕнӕн ис, дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзына ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм: «Цымӕ мӕ Йегъовӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домы? Йӕ организацийы домӕнтӕ ӕгӕр карз не сты?» Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд, уӕд дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ ма адард уай?

Иов нӕ баууӕндыд, йӕхи йе ’мбал чи хуыдта, уыцы нӕлгоймӕгты мӕнг ныхӕстыл. Йӕ фидар фӕнд уыд Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын (кӕс 14 абзац)

14. Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй ныл куы фӕхудынц, уӕд-иу уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм? (Псалом 119:50–52).

14 Дӕ фидар фӕнд уӕд, дарддӕр дӕр Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрдзынӕ. Иов царди Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, кӕд ыл иннӕтӕ уый тыххӕй фаутӕ ӕвӕрдтой, уӕддӕр. Йӕхи йе ’мбал чи хуыдта, уыцы нӕлгоймӕгтӕй йын сӕ иу суанг афтӕ дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, дам, Хуыцаумӕ нымады дӕр нӕу, йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый (Иов 4:17, 18; 22:3). Фӕлӕ Иов уыцы мӕнг ныхӕстыл нӕ баууӕндыд. Уый зыдта, Йегъовӕ куыд дзуры, афтӕ цӕрын раст кӕй у. Ӕмӕ йӕ фидар фӕнд уыд дарддӕр дӕр афтӕ цӕрын. Никӕй бауагъта, цӕмӕй йӕ Хуыцауӕй фӕхицӕн кодтаид, ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта (Иов 27:5, 6). Уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Куы ныл фӕхудынц кӕнӕ ныл фаутӕ куы февӕрынц, уӕд дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ раст кӕй сты, ууыл. Нӕхи цардыл дӕр-ма ахъуыды кӕнӕм. Нӕхиуыл ӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бавзӕрстам, Йегъовӕ куыд дзуры, афтӕ цӕрын ӕппӕты хуыздӕр кӕй у ӕмӕ уӕд амондджындӕр кӕй вӕййӕм. Дӕ фидар фӕнд уӕд, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи архайы, уыцы организацийы алкӕддӕр кӕй уыдзынӕ. Ӕмӕ дӕ уӕд ницы фӕхицӕн кӕндзӕн Йегъовӕйӕ, уыйбӕрц дӕр дыл худӕнт! (Бакӕс Псалом 119:50–52.)

15. Брижитыл йӕ хиуӕттӕ фаутӕ цӕмӕн ӕвӕрдтой?

15 Ӕркӕсӕм Индийӕ иу хойы хабармӕ. Брижитыл йӕ бинонтӕ йӕ дины тыххӕй фаутӕ ӕвӕрдтой ӕмӕ йын фидистӕ кодтой. 1997 азы донаргъуыд райста. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ сӕрыхицау ӕнӕ куыстӕй баззад (уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыд). Ӕмӕ сфӕнд кодта Брижитимӕ ӕмӕ сӕ чызджытимӕ йӕ ныййарджытӕм ӕндӕр горӕтмӕ цӕрынмӕ ацӕуын. Фӕлӕ Брижит сӕмбӕлд ноджы стырдӕр зындзинӕдтыл. Йӕ сӕрыхицау кӕй нӕ куыста, уый тыххӕй йӕхи хъуыди алы бон дӕр кусын, цӕмӕй йӕ бинонты фӕдардтаид. Уымӕй уӕлдай ма, ӕппӕты хӕстӕгдӕр сӕм чи уыд, уыцы ӕмбырд уыд 350 километры дарддӕр. Хъыгагӕн, йӕ лӕджы бинонтӕ йӕ дины тыххӕй йӕ ныхмӕ тынг цыдысты. Афтӕ тынг ӕй хъыгдардтой, ӕмӕ сӕ бинонты ногӕй бахъуыд ӕндӕр ранмӕ ацӕуын. Стӕй йӕ лӕг ӕнӕнхъӕлӕджы амард. Фӕстӕдӕр та йӕ чызджытӕй иу ракӕй амард, 12 азы йеддӕмӕ йыл нӕ цыд. Цыма йын уыцы мӕстытӕ фаг нӕ уыдысты, уыйау ма йӕ хиуӕттӕ уыцы хабӕрттӕ уый аххос кодтой. Дзырдтой йын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, дам, куы не суыдаис, уӕд, дам, ныл ӕппӕт уыцы бӕллӕхтӕ не ’рцыдаиккой. Фӕлӕ Брижит уӕддӕр Йегъовӕйыл ӕууӕндыд ӕмӕ йын йӕ организаци нӕ ныууагъта.

16. Брижит Йегъовӕйыл ӕмӕ йын йӕ организацийыл ӕнувыд кӕй уыд, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын?

16 Брижит ӕмбырдӕй дард кӕй цард, уымӕ гӕсгӕ йын районон цӕстдарӕг загъта, цӕмӕй, кӕм царди, уым хъусын кодтаид ӕмӕ ӕмбырдтӕ йӕ хӕдзары уагътаид. Фыццаг уый Брижитмӕ тынг зын фӕкаст. Фӕлӕ районон цӕстдарӕджы уынаффӕмӕ байхъуыста. Иннӕтӕн хорз хабар хъусын кодта, ӕмбырдтӕ йӕ хӕдзары уагъта ӕмӕ-иу йӕ чызджытимӕ бинонты ахуыр уагъта. Ӕмӕ йын цы бантыст? Фӕзынд ын бирӕ Библийы ахуыртӕ. Ӕмӕ, кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕй бирӕтӕ донаргъуыд райстой. 2005 азы Брижит райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ йын йӕ организацийыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Йӕ чызджытӕ дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Ныр уыцы ран ис дыууӕ ӕмбырды. Брижит ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕны, уый йын Йегъовӕ кӕй лӕвӕрдта тыхтӕ ӕмӕ уый фӕрцы кӕй сфӕрӕзта ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕ.

ДАРДДӔР ДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ӔМӔ ЙӔ ОРГАНИЗАЦИЙЫЛ ИУЗӔРДИОН У

17. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

17 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг Йегъовӕ не ’ххуыс кӕндзӕн ӕмӕ, йӕ организацийы кӕй стӕм, уый нын нӕ цард зындӕр цы кӕны, ӕндӕр ницы. Фӕнды ма йӕ, цӕмӕй-иу нӕ тас бацӕуа, бӕрнон ӕфсымӕртыл цъыф куы фӕкалынц кӕнӕ сӕ куы ’рцахсынц, уӕд. Иннӕтӕ ныл кӕй худынц, уымӕй та фӕпайда кӕны, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнын райдайӕм, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын раст кӕй у, ууыл, стӕй цӕмӕй йӕ организацийыл мауал ӕууӕндӕм. Фӕлӕ мах хорз зонӕм, куыд архайы, уый, ӕмӕ ныл сайдӕй нӕ рацӕудзӕн (2 Кор. 2:11). Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл макуы баууӕнд ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдион у. Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ дӕ никуы ныууадздзӕн (Пс. 28:7). Уӕдӕ мацӕмӕн ратт уый бар, цӕмӕй дӕ Йегъовӕйӕ фӕхицӕн кӕна! (Ром. 8:35–39).

18. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Ацы статьяйы аныхас кодтам, ӕмбырды ӕдде чи фӕзыны, ахӕм зындзинӕдтыл. Фӕлӕ ӕмбырды мидӕг дӕр фӕзыны зындзинӕдтӕ. Ӕмӕ уыдоны тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, фӕлвӕрд цӕуа, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ӕууӕнддзыстӕм ӕви нӕ. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уыцы уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн, ууыл.

118 ЗАРӔГ «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»

a Цӕмӕй ацы фӕстаг бонты фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ӕууӕндӕм. Фӕлӕ фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд Хӕйрӕг уыцы уавӕртӕй спайда кӕны, цӕмӕй нӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзына. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Хӕйрӕг цы ӕртӕ мадзалӕй пайда кӕны, уыдоныл ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдионӕй баззайӕм.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.