Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны хорз хабар хъусын кӕнынӕн

Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны хорз хабар хъусын кӕнынӕн

«Уыдон... зондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд» (ЙЕЗ. 2:5).

67 ЗАРӔГ «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Диссаг нӕм цы нӕ кӕсы ӕмӕ фидарӕй цы зонӕм?

 МАХМӔ диссаг нӕ фӕкӕсы, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд чидӕртӕ нӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, уый. Фидӕны та, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ ноджы тынгдӕр цӕудзысты (Дан. 11:44; 2 Тим. 3:12; Рарг. 16:21). Фӕлӕ йӕ мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр ӕххуыс кодта, цы-иу сын бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнынӕн, цыфӕнды зын хӕслӕвӕрд ма уыдаид, уӕддӕр. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм пехуымпар Йезекилы царды хабӕрттӕй иуӕй-иутыл. Уый хъусын кодта, Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн.

2. Йезекил кӕмӕн хъусын кодта, уыцы адӕмы Йегъовӕ куыд схуыдта ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм? (Йезекил 2:3–6).

2 Йезекил цавӕр адӕмӕн хъусын кодта? Йегъовӕ сӕ схуыдта «ӕдзӕсгом», «хивӕнд» ӕмӕ «змӕнтӕг» адӕм. Уыдон уыдысты сындзыты ӕмӕ скорпионты хуызӕн тӕссаг. Уӕдӕ Йегъовӕ Йезекилӕн цалдӕр хатты дзӕгъӕлы нӕ загъта, «ма тӕрс», зӕгъгӕ. (Бакӕс Йезекилы 2:3–6.) Йезекилӕн йӕ бон цӕй фӕрцы уыд ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын? 1) Уый зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй арвыста, 2) Хуыцауы сыгъдӕг тых ын хъарутӕ лӕвӕрдта ӕмӕ 3) Хуыцауы ныхӕстӕ йын йӕ уырнындзинад фидар кодтой. Уыцы ӕртӕ хъуыддаджы йын куыд ӕххуыс кодтой ӕмӕ махӕн дӕр куыд ӕххуыс кӕнынц?

ЙЕЗЕКИЛЫ АРВЫСТА ЙЕГЪОВӔ

3. Йезекилы цавӕр ныхӕстӕ бафидар кодтой ӕмӕ йын Йегъовӕ куыд бамбарын кодта, кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн, уый?

3 Йегъовӕ Йезекилӕн загъта: «Ӕз дӕ ӕрвитын» (Йез. 2:3, 4). Ацы ныхӕстӕ Йезекилы бафидар кодтаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кодта, Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Исайӕн дӕр ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта, пехуымпартӕй сӕ куы равзӕрста, уӕд (Рац. 3:10; Ис. 6:8). Стӕй зыдта, Йегъовӕ сын куыд баххуыс кодта, сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уыдоны сӕрты ахизынӕн. Уӕдӕ Йегъовӕ Йезекилӕн дыууӕ хатты куы загъта, «ӕз дӕ ӕрвитын», зӕгъгӕ, уӕд Йезекил нӕ дызӕрдыг кодта, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн. Стӕй ма Йезекилы чиныджы бирӕ хӕттыты ӕмбӕлы ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ [мын] загъта» (Йез. 3:16). Бӕрӕг у, Йезекилы фидарӕй кӕй уырныдта, Йегъовӕ йӕ кӕй арвыста, уый. Уымӕй уӕлдай, йӕ фыд уыд сауджын. Ӕмӕ йын-иу, ӕвӕццӕгӕн, радзырдта, Йегъовӕ йӕ пехуымпарты кӕй никуы ныууагъта ӕмӕ-иу сын йе ’ххуыс кӕй никуы бавгъау кодта. Зӕгъӕм, Исахъ, Иаков ӕмӕ Йеремийӕн Йегъовӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз демӕ дӕн» (Райд. 26:24; 28:15; Йер. 1:8).

4. Йезекилы цавӕр ныхӕстӕ бауагътой тыхтӕ?

4 Йезекил кӕй хъусын кӕндзӕн, уымӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр цы цӕстӕй ракӕсдзысты? Йегъовӕ йын загъта: «Израилы адӕм та дӕм нӕ байхъусдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды мӕнмӕ хъусын» (Йез. 3:7). Адӕм Йезекилмӕ кӕй нӕ хъуыстой, уымӕй ӕвдыстой, Йегъовӕйы кӕй ницӕмӕ дарынц. Йегъовӕйы ныхӕстӕ Йезекилы ныфс бауагътой. Уый бамбӕрста, ӕмӕ йӕм кӕд израилӕгтӕ нӕ хъуыстой, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ ницӕйаг пехуымпар у. Йегъовӕ ма йын загъта, зӕгъгӕ, дам, цы тӕрхӕттӕ хъусын кӕныс, уыдон куы сӕххӕст уой, уӕд ӕй адӕм базондзысты, «се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд» (Йез. 2:5; 33:33). Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы ныхӕстӕ Йезекилы тыхтӕ бауагътой, цӕмӕй Йегъовӕйы номӕй дзырдтаид.

МАХ ДӔР АРВЫСТА ЙЕГЪОВӔ

Йезекилы хабар куыд уыд, афтӕ мах дӕр хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд чидӕртӕ нӕ ныхмӕ рацӕуынц кӕнӕ нӕм нӕ байхъусынц. Фӕлӕ мах зонӕм, Йегъовӕ немӕ кӕй ис (кӕс 5, 6 абзацтӕ)

5. Исай 44:8 стихмӕ гӕсгӕ, ныфсджынӕй цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

5 Мах дӕр хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй арвыста хъусын кӕнынмӕ. Уый нӕ хоны йе ’вдисӕнтӕ (Ис. 43:10). Ӕмӕ уый махӕн стыр кад у! Йегъовӕ Йезекилӕн загъта, «ма тӕрс», зӕгъгӕ. Ӕмӕ махӕн дӕр дзуры: «Ма тӕрсут». Нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? Уымӕн ӕмӕ Йезекилау мах дӕр хъусын кӕнынмӕ арвыста Йегъовӕ, ӕмӕ вӕййы нӕ фарсмӕ. (Бакӕс Исайы 44:8.)

6. а) Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый кӕцӕй зонӕм? б) Цӕмӕн нӕ фӕнды дарддӕр дӕр хъусын кӕнын?

6 Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн. Зӕгъӕм, афтӕ куы загъта, «сымах стут ме ’вдисӕнтӕ», зӕгъгӕ, уый размӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Дӕттыл куы цӕуай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ. Цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизай, уӕд дӕ дон нӕ аласдзӕн. Арты астӕуты куы цӕуай, уӕд нӕ басудздзынӕ, арты ӕвзӕгтӕ дыл ӕндзӕвгӕ дӕр нӕ акӕндзысты» (Ис. 43:2). Хъусын кӕнгӕйӕ хатт сӕмбӕлӕм цӕугӕдӕтты хуызӕн къуылымпыдзинӕдтыл ӕмӕ арты хуызӕн фӕлварӕнтыл. Фӕлӕ нын Йегъовӕ ахӕм уавӕрты дӕр баххуыс кӕны, цӕмӕй дарддӕр хъусын кӕнӕм (Ис. 41:13). Йезекилы рӕстӕг куыд уыд, афтӕ абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ нӕ хъусынц. Ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ мах ӕвзӕр хъусынгӕнджытӕ стӕм. Мах зонӕм, хорз хабар дарддӕр дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ уыцы хъуыды тыхтӕ бауадзы. Апостол Павел загъта: «Алчидӕр райсдзӕн йӕхи хӕрзиуӕг, куыд бафыдӕбон кӕна, уымӕ гӕсгӕ» (1 Кор. 3:8; 4:1, 2). Бирӕ азты дӕргъы пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо загъта: «Йегъовӕ нӕ схорзӕхджын кӕны нӕ фыдӕбоны тыххӕй, ӕмӕ мын уый у стыр цины хос».

ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХ ЙЕЗЕКИЛӔН ЛӔВӔРДТА ХЪАРУТӔ

Йезекил цӕстылуайӕны федта Йегъовӕйы уӕларвон уӕрдон. Уый фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр бауырныдта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цы хъуыддаг ын бахӕс кодта, уый аразынӕн (кӕс 7 абзац)

7. Йезекил цы цӕстылуайӕн федта, ууыл-иу куы хъуыды кодта, уӕд-иу ын уый куыд баххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

7 Йезекил цӕстылуайӕны федта, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд хъомысджын у, уый. Уый федта, хъомысджын уӕларвон удгоймӕгтӕ ӕмӕ уӕларвон уӕрдоны стыр цӕлхытӕ кӕй цыдысты, Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕ кӕцырдӕм кодта, уыцырдӕм (Йез. 1:20, 21). Уыцы цӕстылуайӕн Йезекилыл куыд бандӕвта? Уый ныффыста: «Уый фенгӕйӕ дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн» (Йез. 1:28). Йезекил ноджы ирддӕрӕй федта, Йегъовӕ куыд кадджын Хуыцау у, уый. Фӕстӕдӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъуыды кодтаид уыцы диссаджы цӕстылуайӕныл. Ӕмӕ-иу ӕй ноджы тынгдӕр бауырныдта, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон кӕй уыдзӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнын.

8, 9. а) Йегъовӕ Йезекилӕн куы загъта, «уӕлӕмӕ сыст», зӕгъгӕ, уӕд уый фӕстӕ цы ’рцыд? б) Йегъовӕ Йезекилы куыд фидар кодта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид ӕнӕсӕттон адӕмӕн хъусын кӕнын?

8 Йегъовӕ Йезекилӕн загъта: «Адӕймаджы фырт, уӕлӕмӕ сыст, уымӕн ӕмӕ ӕз ныхас кӕндзынӕн демӕ». Ацы ныхӕстӕ, стӕй Хуыцауы сыгъдӕг тых Йезекилы тыхтӕ бауагътой, ӕмӕ сыстад. Йезекил ныффыста: «Хуыцауы тыхӕй схайджын дӕн ӕмӕ мӕ уый мӕ къӕхтыл слӕууын кодта» (Йез. 2:1, 2). Йезекилӕн алкӕддӕр разамынд лӕвӕрдта Хуыцауы «къух», ома йӕ сыгъдӕг тых (Йез. 3:22; 8:1; 33:22; 37:1; 40:1). Сыгъдӕг тых дзы хъарутӕ бауагъта, ӕмӕ йӕ бон уыд, Хуыцау ын цы бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнын – «ӕнӕсӕттон ӕмӕ хъӕбӕрзӕрдӕ» адӕмӕн хъусын кӕнын (Йез. 3:7). Йегъовӕ йын загъта: «Ӕз дын дӕ цӕсгом скодтон сӕ цӕсгӕмттау хъӕбӕр, ӕмӕ дӕ ных – сӕ ныхтӕ куыд хъӕбӕр сты, афтӕ. Дӕ ных дын скодтон алмасийы хуызӕн, ӕхсондурӕй хъӕбӕрдӕр. Ма сӕ тӕрс, сӕ цӕсгӕмттӕ дӕ тас ма уадзӕнт» (Йез. 3:8, 9). Цыма йын Йегъовӕ афтӕ загъта: «Ацы адӕм ӕнӕсӕттон кӕй сты, уый тыххӕй дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕз дын тыхтӕ ратдзынӕн».

9 Уый фӕстӕ сыгъдӕг тых Йезекилы цӕстылуайӕны ахаста, кӕм хъуамӕ хъусын кодтаид, уыцы бынатмӕ. Йезекил ныффыста: «Уыди [мыл] Йегъовӕйы фидар къух». Бахъуыди йӕ иу къуыри, цӕмӕй, цы хабар хъуамӕ хъусын кодтаид, уый хорз бамбӕрстаид ӕмӕ йӕ йӕ бон уыдаид ныфсджынӕй хъусын кӕнын (Йез. 3:14, 15). Стӕй йын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй дӕлвӕзмӕ ацыдаид. Ӕмӕ уым «схайджын... Хуыцауы тыхӕй» (Йез. 3:23, 24). Ныр Йезекил цӕттӕ уыд, Хуыцау ын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг аразынмӕ.

ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХ МАХӔН ДӔР ДӔТТЫ ХЪАРУТӔ

Йезекилӕн цы ӕххуыс кодта ӕмӕ махӕн дӕр цы ӕххуыс кӕны ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн? (кӕс 10 абзац)

10. Абон мах дӕр сыгъдӕг тыхы ӕххуыс цӕмӕн хъӕуы, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм?

10 Абон махӕн дӕр сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм. Ногӕй та Йезекилыл ахъуыды кӕнӕм. Цалынмӕ хъусын кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ дзы Хуыцауы сыгъдӕг тых хъарутӕ бауагъта. Ӕмӕ абон мах дӕр хъусын кӕнӕм ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Йе ’ххуыс нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг немӕ тох кӕны. Фӕнды йӕ, цӕмӕй мауал хъусын кӕнӕм (Рарг. 12:17). Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ афтӕ зыны, цыма нӕ бон Хӕйрӕджы ныхмӕ ницы у. Фӕлӕ хъусын кӕй кӕнӕм, уымӕй йыл уӕлахиз кӕнӕм! (Рарг. 12:9–11). Ома куыд? Куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, Хӕйрӕг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр дзы кӕй нӕ тӕрсӕм. Рӕстдзинады тыххӕй цал хатты фӕдзурӕм, уал хатты Хӕйрӕг састы бынаты баззайы. Кӕд нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъарутӕ кӕй дӕтты ӕмӕ нӕ райгонд кӕй у (Матф. 5:10–12; 1 Пет. 4:14).

11. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон цы уыдзӕн ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ Хуыцау дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕна?

11 Йегъовӕ Йезекилӕн ахӕсгӕ хуызы йӕ цӕсгом ӕмӕ йӕ ных кӕй «схъӕбӕр кодта», уый ма нын цӕуыл дзурӕг у? Хъусын кӕнгӕйӕ цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ӕмбӕлӕм, уӕддӕр сӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн сфӕразын (2 Кор. 4:7–9). Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ Хуыцау дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕна? Хъуамӕ дзы ӕдзух йӕ сыгъдӕг тых курӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕ нын кӕй хъусы. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Курут... агурут... хойут». Мах дӕр афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых ратдзӕн (Лук. 11:9, 13; Хъуыд. 1:14; 2:4).

ХУЫЦАУЫ НЫХӔСТӔ ФИДАР КОДТОЙ ЙЕЗЕКИЛЫ УЫРНЫНДЗИНАД

12. Йезекил 2:9–3:3 стихтӕм гӕсгӕ, тыхтон кӕцӕй фӕзынд ӕмӕ дзы цы уыд фыст?

12 Йезекил Хуыцауы ныхӕстӕй йӕ уырнындзинад кӕй фидар кодта, уый фӕрцы дӕр йӕ бон уыд хъусын кӕнын. Цӕстылуайӕны федта къух, къухы та – тыхтон. (Бакӕс Йезекилы 2:9–3:3.) Уыцы тыхтон кӕцӕй фӕзынд? Цы дзы уыди фыст? Ӕмӕ Йезекилы уырнындзинад куыд бафидар кодта? Уыцы тыхтон фӕзынд Хуыцауы паддзахбадӕнӕй. Ӕвӕццӕгӕн ӕй Йегъовӕ Йезекилӕн радта, Йезекил уый размӕ кӕй федта, уыцы цыппар зӕдӕй иуы уылты (Йез. 1:8; 10:7, 20). Тыхтоны фыст уыдысты Хуыцауы ныхӕстӕ – Йезекил змӕнтӕг адӕмӕн кӕй хъуамӕ фехъусын кодтаид, уыцы тӕрхоны ныхӕстӕ (Йез. 2:7). Уыцы ныхӕстӕ тыхтоныл фыст уыдысты дыууӕрдыгӕй дӕр.

13. Йегъовӕ Йезекилӕн тыхтон куы радта, уӕд ын цы загъта ӕмӕ, тыхтон адджын кӕй уыд, уый цӕуыл дзурӕг у?

13 Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн загъта, цӕмӕй тыхтон бахордтаид ӕмӕ дзы йӕ «хуылф» байдзаг кодтаид. Ӕмӕ Йезекил дӕр тыхтон ӕнӕхъӕнӕй бахордта. Цӕстылуайӕнӕн ацы хай цы нысан кӕны? Йезекилы хъуыди хорз бамбарын, цы хабар хъуамӕ хъусын кодтаид, уый. Хъуамӕ уыцы хабар йӕ зӕрдӕмӕ бахъардтаид ӕмӕ йӕ хъуамӕ бауырныдтаид. Ӕмӕ йӕ уӕд бафӕндыдаид иннӕтӕн дӕр ӕй радзурын. Уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый диссаг у. Тыхтон разынд «мыдау адджын» (Йез. 3:3). Уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйы номӕй дзурын Йезекилӕн уыди стыр кад. Уый йын уыд ӕхсызгон, «мыдау адджын» (Пс. 19:8–11). Йезекил Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыд, йӕ пехуымпарӕй йӕ кӕй равзӕрста, уый тыххӕй.

14. Йезекилӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йын Хуыцау цы хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕ бавнӕлдтаид?

14 Стӕй Йегъовӕ Йезекилӕн загъта: «Кӕй дын зӕгъон, уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр дӕ зӕрдӕмӕ арф айс, лӕмбынӕг сӕм байхъус» (Йез. 3:10). Тыхтоны цы ныхӕстӕ уыд, уыдон Йезекил хъуамӕ йӕ зӕрдыл бадардтаид ӕмӕ сыл хъуыды кодтаид. Афтӕ куы бакодта, уӕд йӕ уырнындзинад ноджы фидардӕр сси. Стӕй зыдта, адӕмӕн цавӕр хабар хъуамӕ хъусын кӕна, уый. Уый уыд тынг ахсджиаг хабар (Йез. 3:11). Хуыцауы ныхӕстӕ уыдысты Йезекилӕн йӕ зӕрдӕйы ӕмӕ йе ’взагыл. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ уыд, Хуыцау ын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддагмӕ бавналынмӕ ӕмӕ йӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынмӕ. (Абар Псалом 19:14.)

ХУЫЦАУЫ НЫХӔСТӔ НЫН ФИДАР КӔНЫНЦ НӔ УЫРНЫНДЗИНАД

15. Нӕ зӕрдӕмӕ-иу арф цы хъуамӕ айсӕм, цӕмӕй нӕм хъусын кӕнынӕн тыхтӕ уа?

15 Цӕмӕй нӕм хъусын кӕнынӕн тыхтӕ уа, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕхи фидар кӕнӕм Хуыцауы ныхӕстӕй. Хъуамӕ-иу нӕ «зӕрдӕмӕ арф айсӕм», Йегъовӕ нын цы дзуры, уый. Абон немӕ ныхас кӕны Библийы уылты. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ӕндава нӕ хъуыдытыл ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ нӕ фӕнда хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнын?

16. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хуыздӕр ӕмбарӕм?

16 Хӕринаг куы бахӕрӕм ӕмӕ нын куы батайы, уӕд не уӕнгты хъарутӕ бацӕуы. Раст афтӕ, Хуыцауы Ныхас куы фӕиртасӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд сфидар вӕййы нӕ уырнындзинад. Хъуыды йӕ кӕнӕм, Йезекил тыхтон кӕй бахордта. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу мах дӕр йӕ Ныхасӕй нӕ «хуылф байдзаг кӕнӕм», ома йӕ хъуамӕ хорз ӕмбарӕм. Хъуамӕ нӕ мидӕг ахъара. Уый тыххӕй та хъӕуы Хуыцаумӕ кувын, Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Фыццаг уал скувӕм, цӕмӕй Библи кӕсынмӕ нӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнӕм. Стӕй, цы бакӕсинаг стӕм, уый бакӕсӕм. Уый фӕстӕ ӕрлӕууӕм, цӕмӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, цы бакастыстӕм, ууыл. Хуыцауы Ныхасыл цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас ӕй хуыздӕр ӕмбардзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн.

17. Библийы цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

17 Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Уый фӕрцы-иу нӕ тыхтӕ бацӕудзӕн, ӕмӕ хорз хабар дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕндзыстӕм. Стӕй ма нӕ бахъӕудзӕн хъарутӕ, тагъд карз тӕрхоны хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд дӕр. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Уый фӕрцы нӕ зӕрдӕты уыдзӕн фарн ӕмӕ нӕ цардӕй уыдзыстӕм райгонд – уый та у ӕхсызгон, мыдау адджын (Пс. 119:103).

НӔ ФИДАР ФӔНД У ДАРДДӔР ДӔР ХЪУСЫН КӔНЫН

18. Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕм цы бамбардзысты?

18 Мах Йезекилау пехуымпартӕ не стӕм. Фӕлӕ мах дӕр фӕнды, Хуыцауы Ныхасы цы хорз хабар ис, уый адӕмӕн хъусын кӕнын, цалынмӕ Йегъовӕ, фаг у, зӕгъгӕ, нӕ зӕгъа, уӕдмӕ. Ӕмӕ тӕрхоны рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕмӕй никӕй бон уыдзӕн афтӕ зӕгъын, зӕгъгӕ, «ничи мын ницы загъта» кӕнӕ «Хуыцауы мӕ мӕт нӕ уыд» (Йез. 3:19; 18:23). Уыдон ӕй бамбардзысты, цы хабар хъусын кодтам, уый Хуыцауӕй кӕй уыд.

19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм?

19 Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм? Йезекилӕн цы ӕртӕ хъуыддаджы баххуыс кодтой, уыдон. Мах зонӕм, хъусын кӕнынмӕ нӕ Йегъовӕ кӕй арвыста, стӕй нын йӕ сыгъдӕг тых дӕтты хъарутӕ ӕмӕ йӕ Ныхасы фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ «кӕронмӕ» фидар фӕлӕудзыстӕм! (Матф. 24:13).

65 ЗАРӔГ Размӕ цу!

a Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, пехуымпар Йезекилӕн хъусын кӕнынӕн цы ӕртӕ хъуыддаджы ӕххуыс кодтой, уыдонмӕ. Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн куыд ӕххуыс кодта, ууыл куы аныхас кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр уырндзӕн, Йегъовӕ махӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм.