Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

«Мӕн фӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын»

«Мӕн фӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын»

МАХ бӕрӕг кодтам иу гыццыл къорд хъӕу Гранбуримӕ хӕстӕг. Уыцы хъӕу ис Суринамы тропикон хъӕды астӕу. Фӕстӕмӕ нӕ здӕхын куы хъуыд, уӕд сын хӕрзбон загътам, нӕ къухтӕ сӕм фӕтылдтам, стӕй хъӕдын лодкӕйы сбадтыстӕм ӕмӕ аленк кодтам цӕугӕдон Тапанахонийыл. Фӕстӕдӕр цӕугӕдоны гуылфӕнты куы цыдыстӕм, уӕд, лодкӕйӕн ӕддӕрдыгӕй цы мотор уыд, уымӕн йӕ винт дурыл сӕмбӕлд. Цӕстыфӕныкъуылдмӕ лодкӕйы раззаг хай доны аивгъуыдта, ӕмӕ мах дӕр доны бын фестӕм. Мӕ зӕрдӕ фыртӕссӕй йӕ гуыпп-гуыппӕй нал лӕууыд. Районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнгӕйӕ кӕд лодкӕйыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ цыдтӕн, уӕддӕр ленк кӕнын нӕ зыдтон.

Ацы хабар цӕмӕй фӕци, уый уын фӕстӕдӕр радзурдзынӕн. Ныр та уал уын радзурон, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын куыд райдыдтон, уый.

Ӕз райгуырдтӕн 1942 азы рӕсугъд сакъадах Кюрасаойыл, ис Карибы денджызы. Мӕ фыд уыд Суринамӕй, фӕлӕ ацы сакъадахмӕ ӕрцыд кусынмӕ. Мӕ райгуырдӕй иу-2 азы раздӕр мӕ фыд донаргъуыд райста ӕмӕ уыди, Кюрасаойы фыццаг донаргъуыд чи райста, уыдонӕй сӕ иу a. Уыдыстӕм фондз сывӕллоны, ӕмӕ-иу алы къуыри дӕр немӕ Библи ахуыр кодта, кӕд-иу нӕ алы хатт нӕ фӕндыд, уӕддӕр. 14 азы мыл куы цыд, уӕд ӕнӕхъӕн бинонтӕй фӕстӕмӕ Суринаммӕ ӕрцыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдымад ацӕргӕ уыд ӕмӕ кӕсинаг уыд.

ХОРЗ ӔМБӔЛТТӔ МЫН БАХХУЫС КОДТОЙ

Суринамы мын фӕзынд, Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, ахӕм ӕрыгон ӕмбӕлттӕ. Уыдон мӕ цалдӕр азы хистӕр уыдысты ӕмӕ лӕггад кодтой пионертӕй. Уацамынды сыл цы цаутӕ ’рцыд, уыдон-иу куы дзырдтой, уӕд-иу сӕ цӕсгӕмттӕ фырцинӕй ныррухс сты. Ӕмбырды фӕстӕ дӕр-иу ныхас кодтам Библийӕ цавӕрдӕр темӕтыл. Хатт-иу ныхӕстӕ кодтам ӕддейӕ, стъалытӕм кӕсгӕйӕ. Уыцы ’мбӕлтты фӕрцы бамбӕрстон, дарддӕр дӕр мӕ цы фӕнды аразын, уый. Мӕн фӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Гъемӕ мыл 16 азы куы цыд, уӕд донаргъуыд райстон. 18 азы мыл куы цыд, уӕд та райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын.

АХСДЖИАГ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР ДӔН

Парамарибойы пионерӕй лӕггад кӕнын

Пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ цӕуыл сахуыр дӕн ӕмӕ цы бамбӕрстон, уый мын тынг баххуыс кодта уый фӕстӕ дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнгӕйӕ. Зӕгъӕм, бамбӕрстон ӕй, ахсджиаг кӕй у хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ахуыр кӕнын. Пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд мын иу миссионер, Виллем ван Сейел, ӕххуыс кодта b. Амыдта мын, ӕмбырды хъуыддӕгтӕ куыд аразын хъӕуы, уый. Уыцы рӕстӕг ӕй нӕ зыдтон, цӕуыл сахуыр дӕн, уый мӕ куыд тынг бахъӕудзӕн, уый. Иннӕ аз мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй, ӕмӕ ӕххуыс кӕнын райдыдтон гыццыл къордтӕн. Уыцы къордты чи уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цардысты Суринамы тропикон хъӕды ӕмӕ иннӕ ӕмбырдтӕй дард уыдысты. Ӕфсымӕртӕй тынг бузныг дӕн, кӕй мӕ ахуыр кодтой, уый тыххӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕз дӕр архайдтон, цӕмӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ахуыр кодтаин.

Ноджыдӕр ма сахуыр дӕн хуымӕтӕг цард кӕнын ӕмӕ алцыдӕр хорз пълан кӕнын. Ӕз бамбӕрстон, уый куыд ахсджиаг у. Иумӕ сӕрмагонд пионертӕй кӕимӕ лӕггад кодтам, уыцы ’фсымӕримӕ-иу алы мӕйы райдиан дӕр банымадтам, уыцы мӕйы дӕргъы нӕ цас хӕрдзтӕ скӕнын хъӕудзӕн, уый. Стӕй-иу нӕ дыууӕйӕ исчи нӕ бӕстӕйы сӕйраг горӕтмӕ ацыд (хӕстӕг нӕ уыд) ӕмӕ-иу нӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ-иу балхӕдта. Иу мӕйӕн нӕм цы ӕхца уыд, уый-иу нӕ хъуыди фӕстауӕрц кӕнын. Стӕй-иу цы балхӕдтам, уыдӕттӕ дӕр-иу хъуамӕ афтӕ хардз кодтаиккам, цӕмӕй нын мӕйы фаг суыдаиккой. Ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уыдӕттӕй нӕм исты куы нал уыдаид, уӕд ӕй хъӕды астӕу цӕргӕйӕ зынтӕй ссардтаиккам. Ӕрыгонӕй хуымӕтӕг цард кӕнын ӕмӕ алцыдӕр хорз пълан кӕнын кӕй сахуыр дӕн, уый мын цӕрӕнбонты ӕххуыс кодта, цӕмӕй мӕ хъуыдытӕ фыццаджыдӕр уыдаиккой Йегъовӕйы хъуыддагыл.

Бамбӕрстон ма, хуыздӕр кӕй у адӕмӕн сӕхи ӕвзагыл хъусын кӕнын. Гыццылӕй фӕстӕмӕ дзырдтон нидерландаг ӕмӕ англисаг ӕвзӕгтыл, стӕй папьяменто ӕмӕ сранан-тонгойыл (Суринамы бирӕтӕ ацы ӕвзагыл дзурынц). Фӕлӕ-иу тропикон хъӕды цы территорийы хъусын кодтам, уым-иу адӕм хуыздӕр байхъуыстой, хорз хабар-иу сӕхи ӕвзагыл куы фехъуыстой, уӕд. Кӕцыдӕр ӕвзӕгтыл дзурын мын ӕнцон нӕ уыд, зӕгъӕм, сарамаккайнаг ӕвзагыл. Ацы ӕвзаджы цӕмӕй алы ныхас дӕр раст дзурай, уый тыххӕй алы уӕнг дӕр хъӕуы раст хъӕлӕсы уагӕй дзурын: кӕм бӕрзонд хъӕлӕсы уагӕй, кӕм та – ныллӕг. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ уыд. Адӕмӕн сӕхи ӕвзагыл кӕй хъусын кодтон, уый фӕрцы мӕ бон баци бирӕтӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнын.

Ӕндӕр ӕвзӕгтыл-иу куы дзырдтон, уӕд-иу афтӕ дӕр уыд, ӕмӕ-иу мӕ зӕгъын иу цыдӕр фӕндыд, уайгӕ та мын-иу ӕндӕр цыдӕр ракодта. Иу хабар радзурдзынӕн. Сарамаккайнаг ӕвзагыл чи дзырдта, иу ахӕм сылгоймаг Библи ахуыр кодта. Ӕз базыдтон, йӕ гуыбын-иу кӕй рыст. Ӕмӕ йӕ, зӕгъын, афӕрсон, куыд дӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мын рауад: «Дӕхи бар нӕ дӕ?» Уӕхӕдӕг ӕй ӕмбарут, куыд фефсӕрмы уыдаид. Кӕд-иу ахӕм уавӕрты дӕр бахаудтӕн, уӕддӕр-иу алкӕддӕр архайдтон, цӕмӕй-иу, кӕмфӕнды ма лӕггад кодтаин, уым адӕмимӕ сӕхи ӕвзагыл дзырдтаин.

МӔ БАР МЫН ФЫЛДӔР ХӔСТӔ БАКОДТОЙ

1970 азы мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Уыцы аз, ӕмбырдтӕй дард чи уыд, бирӕ ахӕм къордтӕ бабӕрӕг кодтон. Ӕмӕ сын ӕвдыстон слайдтӕ ахӕм темӕйыл «Балц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадмӕ». Уыцы бынӕттӕм-иу цыдыстӕм цалдӕр ӕфсымӕрӕй даргъ хъӕдын лодкӕтыл. Немӕ-иу райстам генератор, бензины канистрӕ, фӕтӕген цырӕгътӕ ӕмӕ, слайдтӕ ӕвдисынӕн цыдӕриддӕр хъуыд, уыдӕттӕ. Бынатмӕ-иу куы бахӕццӕ стӕм, уӕд-иу, немӕ цы раластам, уыдӕттӕ иууылдӕр ахастам, слайдтӕ кӕм хъуамӕ ӕвдыстаиккам, уыцы ранмӕ. Фӕлӕ ӕппӕты арӕхдӕр мӕ зӕрдыл цы ’рбалӕууы, уый зонут? Уыцы рӕтты адӕмӕн уыцы слайдтӕ сӕ зӕрдӕмӕ куыд тынг цыдысты, уый. Адӕмӕн Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ организацийы зӕххон хайы тыххӕй фылдӕр базонынӕн кӕй ӕххуыс кодтон, уый мын стыр циндзинад хаста. Кӕд ахӕм рӕтты лӕггад кӕнын афтӕ ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр-иу мӕм уый ницы каст Йегъовӕйы арфӕдзинӕдты раз.

ӔРТӔ ТАГӔЙ БЫД БӔНДӔН

Этелимӕ нӕ цард баиу кодтам 1971 азы сентябры

Ӕмбӕрстон ӕй, бинойнаг мын кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй мын ӕнцондӕр кӕй уыд мӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй мын цардӕмбал уыдаид. Тропикон хъӕдтӕ кӕм ис, ахӕм территорийы лӕггад кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Гъемӕ кувын райдыдтон, цӕмӕй ссардтаин, ахӕм зын уавӕрты зӕрдӕрайгӕйӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын йӕ бон кӕмӕн уыдаид, ахӕм бинойнаг. Ӕмӕ афӕдзы фӕстӕ ӕмбӕлын райдыдтон иу замманай хоимӕ, Этелимӕ. Уый лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй ӕмӕ уыд тынг удуӕлдай. Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цыд апостол Павел, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уый хуызӕн уыдаид. 1971 азы сентябры нӕ цард баиу кодтам. Ӕмӕ уый фӕстӕ иумӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтам.

Этел хъӕздыг бинонты ’хсӕн не схъомыл. Уымӕ гӕсгӕ тагъд сахуыр, цы уавӕрты лӕггад кодтам, уыдоныл. Зӕгъӕм, тропикон хъӕдмӕ-иу цавӕрдӕр ӕмбырд бабӕрӕг кӕнынмӕ куы цыдыстӕм, уӕд-иу немӕ бирӕ дзаумӕттӕ нӕ рахастам. Нӕ дзаумӕттӕ-иу ӕхсадтам ӕмӕ-иу нӕхи надтам цӕугӕдӕтты. Нӕ фысымтӕ-иу нын нӕ разы цы ӕрӕвӕрдтой, уый-иу бахордтам: игуанӕтӕ, пираньӕтӕ, стӕй ма ноджыдӕр, хъӕды цӕуыл цуан кодтой ӕмӕ-иу цӕугӕдоны цы ӕрцахстой, уыдӕттӕ. Тӕбӕгътӕ нӕм куы нӕ уыд, уӕд-иу хордтам бананы сыфтӕй. Уидгуытӕ ӕмӕ нӕм вилкӕтӕ куы нӕ уыд, уӕд та-иу хордтам къухӕй. Этелимӕ йӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕйӕн иумӕ ахӕм зын уавӕрты кӕй лӕггад кодтам, уый фӕрцы систӕм ӕртӕ тагӕй быд фидар бӕндӕн (Еккл. 4:12). Ахӕм цард ницӕуыл баивиккам!

Ныр та уын радзурдзынӕн, райдианы кӕй кой кодтон, уыцы хабар цӕмӕй фӕци, уый. Нӕ лодкӕ цӕугӕдоны гуылфӕнтӕм куы бахӕццӕ, уӕд доны бын фӕци. Фӕлӕ уайтагъд хӕрдмӕ сгӕпп кодта. Хорз ӕмӕ ныл жилеттӕ уыди, стӕй лодкӕйӕ дӕр нӕ рахаудыстӕм. Фӕлӕ лодкӕ донӕй байдзаг. Гъемӕ, нӕ ӕгты цы хӕринаг уыди, уый доны ныккалдтам ӕмӕ уыдонӕй дон ӕвгӕнын райдыдтам.

Ӕнӕ хӕринагӕй кӕй баззадыстӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуыд исты самал кӕнын. Ӕмӕ дарддӕр кӕсаг ахсгӕ цыдыстӕм. Фӕлӕ ницы ӕрцахстам. Гъемӕ Йегъовӕмӕ скуывтам, цӕмӕй нын уыцы боны фаг хӕринаг радтаид. Куыддӕр куывд фестӕм, афтӕ иу ӕфсымӕр ӕнгуыр донмӕ баппӕрста ӕмӕ иу стыр кӕсаг ӕрцахста. Не ’ппӕты фаг дӕр сси. Фондз адӕймаджы бафсӕста.

СӔРЫХИЦАУ ДӔР, ФЫД ДӔР ӔМӔ РАЙОНОН ЦӔСТДАРӔГ ДӔР

Фондз азы районон цӕстдарӕгӕй куы фӕлӕггад кодтон, уӕд ныл иу ӕхсызгон хабар ӕрцыд. Базыдтам, сывӕллон нын кӕй райгуырдзӕн. Кӕд, дарддӕр нӕ цард куыд уыдзӕн, уый нӕ зыдтон, уӕддӕр тынг цин кодтон. Этелимӕ нӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтаиккам. 1976 азы райгуырд нӕ хистӕр лӕппу, Этниел, дыууӕ азы ӕмӕ ’рдӕджы фӕстӕ та – нӕ кӕстӕр, Гиованни.

Годо Холомӕ хӕстӕг (Суринамы скӕсӕнырдыгӕй) цӕугӕдон Тапанахонийы донаргъуыд куыд исынц, уымӕ кӕсын, 1983 аз

Уыцы рӕстӕг Суринамы районон цӕстдарджытӕ нӕ фаг кодта. Уымӕ гӕсгӕ филиал аскъуыддзаг кодта, дарддӕр дӕр районон цӕстдарӕгӕй кӕй лӕггад кӕндзынӕн. Ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты дӕр хъомыл кодтам. Нӕ лӕппутӕ гыццыл куы уыдысты, уӕд мын мӕ бар бакодтой, бирӕ ӕмбырдтӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм районтӕ. Уый фӕрцы алы мӕй дӕр дыууӕ къуырийы лӕггад кодтон районон цӕстдарӕгӕй, иннӕ рӕстӕг та – пионерӕй, кӕм уыдыстӕм, уыцы ӕмбырды. Кӕм цардыстӕм, уырдӕм ӕввахс ӕмбырдтӕ-иу куы бӕрӕг кодтон, уӕд-иу Этел ӕмӕ нӕ лӕппутӕ мемӕ уыдысты. Фӕлӕ-иу мӕ тропикон хъӕдмӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнынмӕ кӕнӕ конгресстӕм ацӕуын куы хъуыд, уӕд-иу иунӕгӕй ацыдтӕн.

Районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнгӕйӕ арӕх цыдтӕн лодкӕйыл, цӕмӕй, дард рӕтты чи уыд, уыцы ӕмбырдтӕ бабӕрӕг кодтаин

Хъуыди мӕ алцыдӕр хорз пълан кӕнын, цӕмӕй мыл цы хӕстӕ уыд, уыдоныл ӕххӕссыдаин. Алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уагътон. Дард чи уыд, уыцы ӕмбырдтӕ-иу куы бӕрӕг кодтон, уӕд та-иу бинонты ахуыр ауагъта Этел. Фӕлӕ архайдтам, цӕмӕй-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алцыдӕр ӕнӕхъӕн бинонтӕй иумӕ арӕзтаиккам. Стӕй-иу Этелимӕ нӕ лӕппутимӕ нӕ рӕстӕг ӕнӕуи дӕр ӕрвыстам. Хъазыдыстӕм-иу цавӕрдӕр хъӕзтытӕй кӕнӕ-иу рӕсугъд бынӕтты тезгъо кодтам. Ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кодтон, уӕд-иу арӕх ӕмбисӕхсӕвтӕм фӕбадтӕн. Хъуыди-иу мӕ раныхӕстӕ бацӕттӕ кӕнын. Ӕмӕ-иу Этел, Ӕмбисӕндты 31:15 стихы кӕй кой ис, уыцы хорз усы хуызӕн, нырма талынг уыд, афтӕ сыстад, цӕмӕй-иу боны стих нӕ лӕппутимӕ иумӕ бакастаиккам ӕмӕ иумӕ бахордтаиккам, цалынмӕ-иу скъоламӕ нӕ ацыдысты, уӕдмӕ. Ӕз Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн ахӕм удуӕлдай бинойнаджы тыххӕй. Уый мын алкӕддӕр ӕххуыс кодта мӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн.

Мах, нӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтам, цӕмӕй нӕ лӕппутӕ Йегъовӕйы ӕмӕ хъусын кӕнын бауарзтаиккой. Фӕндыди нӕ, цӕмӕй уыдон дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтаиккой, ӕрмӕст, мах кӕй фӕндыд, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, сӕхи кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Алкӕддӕр сын дзырдтам, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад сын циндзинад кӕй хӕсдзӕн. Зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты, уый дӕр сӕ нӕ сусӕг кодтам. Фӕлӕ-иу сын се ’ргом здӕхтам, Йегъовӕ нӕ бинонтӕн куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ куыд арфӕ кодта, уымӕ. Стӕй-иу архайдтам, цӕмӕй сын уыдаид, Йегъовӕйы фыццаг бынаты чи ӕвӕрдта, ахӕм ӕмбӕлттӕ.

Йегъовӕ нын лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ. Ӕз дӕр, мӕ бон цы уыд, уый арӕзтон, цӕмӕй мӕ бинонты фӕдардтаин. Тропикон хъӕды чи уыд, уыцы территорийы сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ сахуыр дӕн ӕхца фӕстауӕрц кӕнын. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы нӕ бон уыд, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ балхӕнын. Фӕлӕ-иу кӕд тынг архайдтам, уӕддӕр-иу хатт нӕ бон нӕ уыд алцӕуыл аххӕссын. Ӕмӕ-иу нын уыцы уавӕрты Йегъовӕ кӕй баххуыс кодта, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын. Зӕгъӕм, 1986 азӕй 1992 азмӕ Суринамы цыди хӕст. Уыцы азты, цӕрынӕн ӕнӕмӕнг цы хъуыд, суанг уыдӕттӕ самал кӕнын дӕр зын уыд. Фӕлӕ-иу нын Йегъовӕ баххуыс кодта (Матф. 6:32).

НИЦӔУЫЛ ФӔСМОН КӔНЫН

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: мӕ бинойнаг Этелимӕ

Нӕ хистӕр фырт Этниел йӕ бинойнаг Наталиимӕ

Нӕ кӕстӕр фырт Гиованни йӕ бинойнаг Кристалимӕ

Йегъовӕ нӕ царды алы минут дӕр уыди нӕ фарсмӕ. Уый фӕрцы стӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд. Нӕ сывӕллӕттӕ сты Йегъовӕйы лӕвар, ӕмӕ сӕ йӕ фӕндагыл кӕй слӕууын кодтам, уый стыр хорзӕх у. Мах тынг цин кӕнӕм, нӕ лӕппутӕ дӕр ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнынц, ууыл. Этниел ӕмӕ Гиованни фесты нӕ организацийы скъолатӕ. Ӕмӕ ныр сӕ бинойнӕгтимӕ лӕггад кӕнынц Суринамы филиалы.

Этелимӕ зноны лӕппу ӕмӕ чызг нал стӕм. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн ӕвӕллайгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, стӕм сӕрмагонд пионертӕ. Ӕмӕ афтӕ ӕнӕвдӕлон стӕм, ӕмӕ нырмӕ дӕр мӕ бон не сси рӕстӕг ссарын, цӕмӕй ленк кӕнын сахуыр уыдаин. Фӕлӕ ӕз ницӕуыл фӕсмон кӕнын. Мӕ царды бирӕ раст уынаффӕтӕ рахастон. Ӕмӕ ӕрыгонӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕй сфӕнд кодтон, уый дӕр уыд тынг раст.

b Виллем ван Сейелы биографи ссарӕн ис 1999 азы 8 октябры «Пробудитесь!»-ы. Статья хуыйны «Превзойдённые ожидания».