42 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Амондджын сты, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдон
«Иузӕрдион [дыл] чи у, уыдон фырцинӕй зарӕнт» (ПС. 132:9).
124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1, 2. а) Иуӕй-иу бӕстӕты хицауӕдтӕ Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ куыд цӕуынц, фӕлӕ уыдон куыд бакӕнынц? б) Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд дӕр амондджын цӕмӕн вӕййӕм? (Ноджыдӕр радзур, ӕддаг цъарыл цы ныв ис, ууыл цы ис ӕвдыст.)
НЫРТӔККӔ ӕгас зӕххыл дӕр 30 бӕстӕйӕ фылдӕры нӕ бон нӕу бынтон сӕрибарӕй архайын кӕнӕ та дзы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд у. Уыцы бӕстӕтӕй кӕцыдӕрты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сты ахст. Цымӕ ’взӕрӕй цы сарӕзтой? Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ ӕппындӕр ницы! Ахст сты, Библи кӕй кастысты ӕмӕ йӕ кӕй иртӕстой, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй иннӕтӕн кӕй дзырдтой ӕмӕ се ’мчырыстӕттимӕ ӕмбырдтӕм кӕй цыдысты, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Стӕй уыдон политикӕимӕ баст фарстаты никӕй фарс хӕцынц. Кӕд сӕ ныхмӕ карзӕй цӕуынц, уӕддӕр Йегъовӕйыл сты иузӕрдион, ӕмӕ сты амондджын!
2 Ацы журналы ӕддаг цъарыл цы къамтӕ ис, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уый размӕ дӕр федтай. Ӕмӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдаис, уыцы хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн цы худӕндзаст цӕсгӕмттӕ ис, уый. Уыдон цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уый тыххӕй сӕ райгонд кӕй у (2 Аз. 16:9). Йесо загъта: «Амондджын сты, рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон. [...] Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм... ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг» (Матф. 5:10–12).
АПОСТОЛТЫ ЦӔВИТТОН
3. Хъуыддӕгтӕ 4:19, 20 стихтӕм гӕсгӕ, апостолтӕ ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ куыд бакодтой ӕмӕ цӕмӕн?
3 Абон нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты куыд ӕфхӕрынц, афтӕ ӕфхӕрдтой 1 ӕнусы апостолты дӕр, Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй. Цалдӕр хатты сын дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ «карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой» (Хъуыд. 4:18; 5:27, 28, 40). Цымӕ апостолтӕ куыд бакодтой? (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 4:19, 20.) Уыдон зыдтой, уыцы тӕрхонгӕнджытӕй уӕлдӕр чи у, уый сын кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕной Чырыстийы тыххӕй (Хъуыд. 10:42). Гъемӕ Петр ӕмӕ Иоанн апостолты номӕй ныфсджынӕй загътой, тӕрхонгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцаумӕ кӕй хъусдзысты ӕмӕ дарддӕр дӕр адӕмӕн Чырыстийы тыххӕй кӕй дзурдзысты. Уый афтӕ уыд, цыма сӕ бафарстой: «Афтӕ уӕм кӕсы, ӕмӕ Хуыцауы разӕй адӕм сымахмӕ хъуамӕ хъусой?»
4. Хъуыддӕгтӕ 5:27–29 стихтӕм гӕсгӕ, апостолтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй сты?
4 Уӕдӕй нырмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр фӕзмынц апостолты ӕмӕ фыццаджыдӕр хъусынц Хуыцаумӕ, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 5:27–29.) Апостолты фӕнадтой, сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй нӕ сивтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыдон Сӕйраг тӕрхондонӕй куы рацыдысты, уӕд, «Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл цин кодтой». Ӕмӕ дарддӕр дӕр хъусын кодтой (Хъуыд. 5:40–42).
5. Цавӕр фарстатӕн хъӕуы дзуапп базонын?
5 Апостолтӕ куыд бакодтой, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, исчи ахъуыды кӕна: «Уыдон загътой, зӕгъгӕ, фыццаджыдӕр хъуамӕ Хуыцаумӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ уӕд ацы ныхӕстӕ та куыд ис ӕххӕст кӕнӕн, „алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд“, зӕгъгӕ? (Ром. 13:1). Нӕ бон куыд у, апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй „хицауӕдтӕм ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонмӕ хъусын“ ӕмӕ уыимӕ ӕппӕты уӕлдӕр Хицауыл, Хуыцауыл, иузӕрдионӕй баззайын? (Тит. 3:1)».
«ХИЦӔУТТӔ»
6. а) Ромӕгтӕм 13:1 стихмӕ гӕсгӕ ныл хицӕутты раз цавӕр хӕс ис? б) Зӕххон хицӕуттӕн се ’ппӕтӕн дӕр цас бартӕ ис?
6 Бакӕс Ромӕгтӕм 13:1. Ацы стихмӕ гӕсгӕ, чырыстӕттӕ хъуамӕ хицӕутты коммӕ кӕсой. Хицӕуттӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы уаг уа, адӕм сабырӕй цӕрой, стӕй цӕмӕй закъӕттӕ ӕххӕст кӕной. Ӕмӕ ма хатт Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл дӕр рахӕцынц (Рарг. 12:16). Уымӕ гӕсгӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй, цы сын ӕмбӕлы, уый сын дӕттӕм, зӕгъӕм, хъалонтӕ, фиддонтӕ, стӕй сын кад кӕнӕм (Ром. 13:7). Фӕлӕ зӕххон хицӕуттӕн бартӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй ис, ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй сӕ къухы бартӕ уа. Афтӕ кӕй у, уый Йесо бамбарын кодта, ромаг хицау Понтий Пилаты раз куы лӕууыд, уӕд. Пилат ын куы загъта, мӕ бар дыл цӕуы, ӕмӕ мӕ бон у, цӕмӕй дӕ ауадзын кӕнон кӕнӕ дӕ амарын кӕнон, зӕгъгӕ, уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Дӕ бар мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уӕлейӕ дын лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд» (Иоан. 19:11). Пилатӕн йӕ бартӕ ӕгӕрон нӕ уыдысты. Ӕмӕ абон дӕр зӕххон хицӕуттӕн ӕмӕ политиктӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у.
7. Зӕххон хицӕутты коммӕ хъуамӕ цавӕр уавӕрты ма кӕсӕм? Хицӕуттӕ сӕ бартӕй раст куы нӕ пайда кӕной, уӕд дзуапп кӕй раз дӕтдзысты?
7 Чырыстӕттӕ зӕххон хицауӕдты коммӕ фӕкӕсынц, сӕ закъӕттӕ Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ куы нӕ вӕййынц, уӕд. Фӕлӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый нын куы фӕаразын кӕнынц кӕнӕ та нӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын куы нӕ фӕуадзынц, уӕд сӕм нӕ байхъусӕм. Зӕгъӕм, бирӕ бӕстӕты закъонмӕ гӕсгӕ ӕрыгон лӕппутӕ хъуамӕ ’фсадмӕ цӕуой ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд сӕ бӕстӕйы сӕраппонд тох кӕной b. Кӕмдӕрты та хицауад уынаффӕ рахӕссы, уый бар нын кӕй нӕй, цӕмӕй нӕм уа «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕмӕ нӕ публикацитӕ, стӕй цӕмӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм. Йӕ бартӕй раст чи нӕ пайда кӕны, зӕгъӕм, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты чи ’фхӕры, уыцы хицӕуттӕй Хуыцау дзуапп ӕрдомдзӕн. Йегъовӕ алцыдӕр уыны! (Еккл. 5:8).
8. Зӕххон хицӕуттӕ Йегъовӕйӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц ӕмӕ уый зонын ахсджиаг цӕмӕн у?
8 Хицӕуттӕн, кӕнӕ зӕххон хицауӕдтӕн, бирӕ бартӕ ис. Фӕлӕ сӕ бартӕ ӕгӕрон не сты. Сӕ сӕрмӕ чидӕр ис. Уый у Йегъовӕ! Библи цалдӕр хатты Йегъовӕйы хоны «Стыр Хуыцау» кӕнӕ «Иунӕг Стыр Хуыцау», ома уымӕй уӕлдӕр хицау нӕй (Дан. 7:18, 22, 25, 27).
«СТЫР ХУЫЦАУ»
9. Пехуымпар Данел цӕстылуайӕнты цы федта?
9 Пехуымпар Данел цы цӕстылуайӕнтӕ федта, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ хицӕуттӕй се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр кӕй у. Фыццаг уал Данел федта цыппар стыр сырды. Уыдон амонынц, раздӕр чи уыд, уыцы дунеон паддзахӕдтӕм – Вавилон, Мидо-Перси, Греци ӕмӕ Роммӕ, стӕй, Ромӕй чи равзӕрд ӕмӕ абон чи ис, уыцы дунеон паддзахадмӕ. Уый у Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ иумӕ (Дан. 7:1–3, 17). Уый фӕстӕ Данел федта, Йегъовӕ уӕлӕрвты тӕрхоны бадӕныл кӕй ӕрбадт (Дан. 7:9, 10). Уыцы иузӕрдион пехуымпар ма ноджыдӕр цы федта, уый зӕххон хицӕуттӕн ахъуыдыйаг у.
10. Данел 7:13, 14, 27 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ кӕмӕн радта бартӕ, цӕмӕй зӕххӕн хицӕуттӕ уой, ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?
10 Бакӕс Данелы 7:13, 14, 27. Хуыцау зӕххон хицауӕдтӕн сӕ бартӕ байста ӕмӕ сӕ радта, аккагдӕр ӕмӕ хъомысджындӕр чи у, уыдонӕн. Радта сӕ «адӕймаджы фырты хуызӕн» кӕмӕндӕр, ома Йесо Чырыстийӕн, ӕмӕ «Стыр Хуыцауы сыгъдӕг адӕмӕн», ома 144 минӕн. Уыдон паддзӕхтӕ уыдзысты «ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Дан. 7:18). Йегъовӕ у Иунӕг Стыр Хуыцау. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн ис афтӕ бакӕныны бар.
11. Йегъовӕ зӕххон паддзӕхтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый тыххӕй ма Данел цы ныффыста?
11 Ӕппӕт бартӕ дӕр Йегъовӕйы къухы кӕй сты, уый кой ма Данел уый размӕ дӕр кодта. Уый загъта, зӕгъгӕ, дам, уӕларвон Хуыцау «паддзӕхты раппары ӕмӕ ӕндӕр паддзӕхты сӕвӕры». Ноджыдӕр ма ныффыста, «Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у адӕмы паддзахӕдты Хицау ӕмӕ йӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ кӕй дӕтты» (Дан. 2:19–21; 4:17). Цымӕ ӕцӕгдӕр искуы афтӕ уыд, ӕмӕ-иу Йегъовӕ хицӕутты сӕвӕрдта кӕнӕ сӕ раппӕрста? Бӕгуыдӕр уыд!
12. Раджы заманты-иу Йегъовӕ паддзӕхты сӕ паддзахбадӕнтӕй куыд раппӕрста, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс. (Кӕс нывмӕ.)
12 Йегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, зӕххон хицӕуттӕй уӕлдӕр кӕй у. Ӕркӕсӕм ӕртӕ хабармӕ. Фараон, Египеты паддзах, Йегъовӕйы адӕмӕй цагъартӕ скодта. Ӕмӕ цалдӕр хатты не сразы, цӕмӕй сӕ рауагътаид. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы ссӕрибар кодта, фараоны та Сырх денджызы дӕтты бын фӕкодта (Рац. 14:26–28; Пс. 136:15). Вавилоны паддзах Валтасар стыр куывд скодта. Уый «уӕлӕрвты Хицауы ныхмӕ» рацыд ӕмӕ кадджын кодта «ӕвзистӕй, сызгъӕринӕй... конд хуыцӕутты», Йегъовӕйы нӕ, фӕлӕ (Дан. 5:22, 23). Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы сӕрбӕрзонд паддзахӕн йӕ бон базонын кодта. «Раст уыцы ӕхсӕв» Валтасары амардтой, йӕ паддзахад та лӕвӕрд ӕрцыд мидиӕгтӕн ӕмӕ персайнӕгтӕн (Дан. 5:28, 30, 31). Палестинӕйы паддзах Ирод Агриппӕ Фыццаг апостол Иаковы амарын кодта. Уый фӕстӕ та апостол Петры ахӕстоны бакодта ӕмӕ уый дӕр марынвӕнд кодта. Фӕлӕ йӕ Хуыцау нӕ бауагъта йӕ фыдвӕнд сӕххӕст кӕнын. «Йегъовӕйы зӕд [ӕй] ӕрцавта», ӕмӕ Ирод амард (Хъуыд. 12:1–5, 21–23).
13. Йегъовӕйы ныхмӕ бирӕ паддзӕхтӕ куы рацӕуынц, уӕддӕр сыл йӕ бар кӕй фӕцӕуы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
13 Йегъовӕйы ныхмӕ бирӕ паддзӕхтӕ куы рацӕуынц, уӕддӕр сыл йӕ бар фӕцӕуы. Израилӕгты ныхмӕ 31 ханаайнаг паддзахы се ’фсӕдтимӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕрыл тох кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ ныццагътаиккой ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы стыр хӕйттӕ бацахстаиккой (Йес. Н. 11:4–6, 20; 12:1, 7, 24). Стӕй та израилӕгты ныхмӕ паддзах Венадад ӕмӕ ма ноджыдӕр 32 сириаг паддзахы се ’фсӕдтимӕ куы рацыдысты, уӕд уыдоны дӕр ныддӕрӕн кодта (1 Пад. 20:1, 26–29).
14, 15. а) Паддзах Навуходоносор ӕмӕ паддзах Дари Йегъовӕйы хицаудзинады тыххӕй цы загътой? б) Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы загъта?
14 Йегъовӕ бирӕ хӕттыты равдыста, Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у. Иухатт Вавилоны паддзах Навуходоносор йӕ хъомысӕй ӕмӕ, йӕ кад кӕй айхъуыст, уымӕй ӕппӕлыд. Афтӕмӕй та хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдыстаид ӕмӕ Йегъовӕйы скадджын кодтаид. Уый тыххӕй Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ сӕрызонд фӕцыд. Фӕстӕдӕр йӕ зонд йӕхимӕ куы ’рцыд, уӕд Иунӕг Стыр Хуыцауы скадджын кодта ӕмӕ загъта, Йегъовӕ «хицау [кӕй] уыдзӕн ӕнустӕм». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, «ахӕм ничи ис, йӕ къух ын чи аиуварс кӕна», ома йӕ чи бахъыгдара (Дан. 4:30, 33–35). Данелы иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы ’рцыд ӕмӕ йӕ Йегъовӕ домбӕйттӕй куы фервӕзын кодта, уӕд паддзах Дари загъта: «Ӕз бардзырд дӕттын, цӕмӕй... адӕм Данелы Хуыцауӕй ӕмризӕджы ризой ӕмӕ дзы тӕрсой, уымӕн ӕмӕ уый у удӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау. Уымӕн йӕ паддзахад никуы фехӕлдзӕн. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм» (Дан. 6:7–10, 19–22, 26, 27).
15 Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Йегъовӕ адӕмтӕн сӕ уынаффӕ фехалы, адӕмыхӕттытӕн сӕ фӕндтӕ ныссуйтӕ кӕны». Стӕй ма загъта: «Амондджын сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм, йӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрста, уыцы адӕм» (Пс. 33:10, 12). Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ уӕм Йегъовӕйыл иузӕрдион!
ФӔСТАГ ТОХ
16. Фидарӕй нӕ цы уырны ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс нывмӕ.)
16 Мах бакастыстӕм, Йегъовӕ раджы заманты цы сарӕзта, уый тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ фидӕны та цы уыдзӕн? Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты «стыр бӕллӕхы» кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Матф. 24:21; Дан. 12:1). Ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис, Магогы зӕххӕй Гог, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдоны ныхмӕ ӕгас зӕххыл дӕр рацӕудзӕн ӕмӕ сыл йӕхи ныццӕвдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ уымӕ ӕнцад нӕ кӕсдзӕн. Иугонд Нациты Организацийы цы 193 бӕстӕйы ис, уыдон иууылдӕр куы уой уыцы цӕдисы, уӕддӕр Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдты ныхмӕ сӕ бон ницы уыдзӕн! Йегъовӕ загъта: «Бирӕ адӕмты цӕстыты раз мӕхи сбӕрзонд кӕндзынӕн, мӕ ном срухс кӕндзынӕн ӕмӕ мӕхи раргом кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ» (Йез. 38:14–16, 23; Пс. 46:10).
17. Ӕгас дунейы паддзӕхтӕм ӕмӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Библийы цы ис фыст?
17 Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд уый ӕркӕндзӕн фӕстаг тохмӕ – Армагеддонмӕ. Уӕд Йегъовӕ фесафдзӕн «ӕгас дунейы паддзӕхты» (Рарг. 16:14, 16; 19:19–21). Иузӕрдион ыл чи у, уыдоны та бахъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон цӕрдзысты зӕххыл (Пс. 97:10; Ӕмб. 2:21).
АЛКӔДДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ИУЗӔРДИОН У
18. Ӕцӕг чырыстӕттӕй бирӕтӕ цӕмӕ уыдысты цӕттӕ ӕмӕ цӕмӕн? (Данел 3:28).
18 Ӕнусты дӕргъы ӕцӕг чырыстӕттӕй бирӕтӕн тӕссаг уыд, кӕй сӕ ’рцахсдзысты ӕмӕ сӕ суанг маргӕ дӕр кӕй акӕндзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдон уыцы фӕлварӕнтӕй нӕ фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы тынг уарзтой. Уыдон сты, судзгӕ пецӕй чи нӕ фӕтарст, уыцы ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы хуызӕн. Уыцы лӕппутӕ Иунӕг Стыр Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадысты, ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта. (Бакӕс Данелы 3:28.)
19. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цӕмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕндзӕн?
19 Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Уый сиды уӕлӕрвтӕм ӕмӕ зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ адӕмӕн стӕрхон кӕна: „Ӕрӕмбырд мӕм кӕнут мӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты“» (Пс. 50:4, 5). Ӕндӕр псаломы та Давид ныффыста: «Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн. Ӕнустӕм сӕ хъахъхъӕндзӕн» (Пс. 37:28). Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм ӕмӕ ныл царды цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ыл нӕ зӕрдӕ куы нӕ сивӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын. Ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Иузӕрдион [дыл] чи у, уыдон фырцинӕй зарӕнт» (Пс. 132:9).
122 ЗАРӔГ Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!
a Библи чырыстӕттӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй хицӕутты, ома ацы дунейы хицауӕдты, коммӕ кӕсой. Фӕлӕ иуӕй-иу хицауӕдтӕ ӕргом цӕуынц Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныхмӕ. Уӕдӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ хицӕутты коммӕ дӕр кӕсӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл дӕр уӕм иузӕрдион?
b Кӕс ацы номыры статья «Рагон израилӕгтӕй уӕлдай мах хӕстыты цӕуылнӕ хӕцӕм?».