Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ ныфс фидар уӕд

Дӕ ныфс фидар уӕд

«Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл» (ПС. 27:14).

144 ЗАРӔГ Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

 ЙЕГЪОВӔ нын зӕрдӕ бавӕрдта ӕнусон цардӕй. Кӕмӕндӕрты ис ныфс, ӕнустӕм уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты ӕмӕ кӕй уыдзысты ӕнӕмӕлгӕ (1 Кор. 15:50, 53). Нӕ фылдӕрӕн та ис ныфс, ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ иууылдӕр кӕй уыдзыстӕм ӕнӕниз ӕмӕ амондджын (Рарг. 21:3, 4). Уыцы ныфс у диссаг, уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс.

2. Нӕ ныфсӕн фидар бындур цӕмӕн ис?

2 Библийы дзырд «ныфс» кӕмдӕрты фӕнысан кӕны «хорз цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын». Библийы фидӕны царды тыххӕй цы фыст ис, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уымӕй Йегъовӕ бавӕрдта зӕрдӕ (Ром. 15:13). Ӕмӕ уый та йӕ ныхас никуы фӕсайы (Ным. 23:19). Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕйы фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны, цыдӕриддӕр загъта, уыдон сӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕм ахӕм тых дӕр кӕй ис. Уымӕ гӕсгӕ нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ фынтӕй хъал стӕм. Нӕ ныфсӕн ис фидар бындур.

3. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн? (Псалом 27:14).

3 Нӕ уӕларвон Фыд нӕ тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йыл нӕ ныфс дарӕм. (Бакӕс Псалом 27:14.) Алы хъуыддаджы дӕр ыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн ныртӕккӕ дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр зындзинӕдтӕ сфӕразын, ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсдзыстӕм. Ӕмӕ йын дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм. Ӕркӕсӕм, нӕ ныфс нӕ куыд хъахъхъӕны, уымӕ. Фыццаг аныхас кӕнӕм, ныфс науӕнгуыры ӕмӕ згъӕрхуды хуызӕн цӕмӕй у, ууыл. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ ныфс алкӕддӕр фидар уа.

НӔ НЫФС У НАУӔНГУЫРЫ ХУЫЗӔН

4. Нӕ ныфс науӕнгуыры хуызӕн цӕмӕй у? (Дзуттӕгтӕм 6:19).

4 Цы ныфс нын ис, уый апостол Павел йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм абарста науӕнгуыримӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:19.) Арӕх-иу ӕй бахъуыди науыл цӕуын. Ӕмӕ йӕ зыдта, науӕнгуыртӕ кӕй хъӕуынц, цӕмӕй нау иу ран лӕууа ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ денджызмӕ ма ахӕссой. Иухатт науыл куы фӕцӕйцыд, уӕд денджызы тыхдымгӕ сыстад. Ӕмӕ Павел федта, наудзаутӕ науӕнгуыртӕ донмӕ кӕй ӕрӕппӕрстой, цӕмӕй нау къӕдзӕхтӕм ма бахастаид ӕмӕ ма ныппырх уыдаид (Хъуыд. 27:29, 39–41). Науӕнгуыр науыл фидар куыд фӕхӕцы, афтӕ ныл нӕ ныфс дӕр фидар хӕцы. Ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу нӕ зындзинӕдты абухгӕ уылӕнтӕ Йегъовӕйӕ ма ахӕссой. Мах ӕй зонӕм, тагъд зӕххыл сабыр цард кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Йесо нӕ бафӕдзӕхста, нӕ фӕдыл кӕй зилдзысты ӕмӕ ’фхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм (Иоан. 15:20). Ӕмӕ нӕм цы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл фидар лӕууӕм.

5. Йесойӕн цы ныфс уыд, уый йын куыд баххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн?

5 Йесо зыдта, хъизӕмайраг мардӕй кӕй амӕлдзӕн. Фӕлӕ йын цы ныфс уыд, уый йын ӕххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны апостол Петр Псаломты чиныгӕй ӕрхаста рӕсугъд ныхӕстӕ. Уыдон сты пехуымпарад ӕмӕ ӕвдисынц, Йесойы фидарӕй цы уырныдта, уый: «Ӕз цӕрдзынӕн ныфсимӕ, уымӕн ӕмӕ мын ды мӕ уд ингӕны нӕ ныууадздзынӕ, иузӕрдион дыл чи у, уый ӕмбийын нӕ бауадздзынӕ. [...] Ды мын дӕ хорзӕхӕй бахай кӕндзынӕ ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ цинӕй бафсаддзынӕ» (Хъуыд. 2:25–28; Пс. 16:8–11). Кӕд Йесо зыдта, кӕй амӕлдзӕн, уый, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ уыд сабыр. Уыди йӕ фидар ныфс, Хуыцау ӕй кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ та йӕ Фыдимӕ уӕлӕрвты кӕй баиу уыдзысты. Ӕмӕ уымӕ цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ каст (Дзут. 12:2, 3).

6. Цы ныфс нын ис, уый тыххӕй иу ӕфсымӕр цы загъта?

6 Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, уый бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн. Ахъуыды-ма кӕнӕм Ленард Чинны хабарыл. Ацы иузӕрдион ӕфсымӕр царди Английы. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг ӕй ӕрцахстой, ӕфсадмӕ ацӕуын кӕй нӕ бакуымдта, уый тыххӕй. Дыууӕ мӕйы камерӕйы иунӕгӕй фӕбадт. Уый фӕстӕ та йын тыхкуыст кӕнын кодтой. Фӕстӕдӕр ныффыста: «Ӕз бамбӕрстон, адӕймагӕн ныфс куы уа, уӕд йӕ бон кӕй бауыдзӕн зындзинӕдтӕ сфӕразын. Уый бӕрӕг у мӕхи цардӕй дӕр, стӕй Йесойы, апостолты ӕмӕ пехуымпарты хабӕрттӕй. Стӕй ма Библийӕ зонӕм, цы диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕппӕт уыдӕттӕ нын дӕттынц тыхтӕ, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм». Цы ныфс нын ис, уый Ленардӕн науӕнгуыры хуызӕн куыд уыд, афтӕ уыдзӕн махӕн дӕр.

7. Фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ ныфс куыд сфидар вӕййы? (Ромӕгтӕм 5:3–5; Иаковы 1:12).

7 Фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, уый куы фенӕм, уӕд бамбарӕм, йӕ хорзӕх ын кӕй ссардтам. Уый фӕрцы та нӕ ноджы тынгдӕр ныфс бацӕуы, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:3–5; Иаковы 1:12.) Ӕмӕ ныр нӕ ныфс фидардӕр у, рӕстдзинад нӕ зӕрдӕмӕ куы айстам ӕмӕ нын ныфс куы фӕзынд, уыимӕ абаргӕйӕ. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нын зындзинӕдтӕ нӕ тых асӕттой. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон у алцыдӕр сфӕразын.

НӔ НЫФС У ЗГЪӔРХУДЫ ХУЫЗӔН

8. Цы ныфс нын ис, уый згъӕрхудимӕ цӕмӕн ис абарӕн? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8).

8 Цы ныфс нын ис, уый ма Библи бары згъӕрхудимӕ дӕр. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:8.) Ӕфсӕддон-иу згъӕрхуд скодта, цӕмӕй-иу йӕ сӕр ма фӕцӕф уыдаид. Мах дӕр хӕцӕм Хӕйрӕгимӕ. Ӕмӕ нын нӕ зондмӕ кӕй хъавы, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы нӕ зонд хъахъхъӕнын. Уый алыхуызон мадзӕлттӕй архайы, цӕмӕй нын нӕ сӕрызонд сзыгъуыммӕ кӕна ӕмӕ нӕ фӕрӕдийын кӕна. Ӕмӕ, згъӕрхуд ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ нын нӕ ныфс дӕр хъахъхъӕндзӕн нӕ зонд, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм.

9. Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл чи не ’ууӕнды, уыдонӕн сӕ хабар куыд рауайы?

9 Ӕнустӕм цӕрыны ныфс нын кӕй ис, уый нын ӕххуыс кӕны зондӕй архайынӕн ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Фӕлӕ уымӕ зӕрдиагӕй куы нал ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ ӕрмӕст нӕхи зӕрдӕйы фӕндтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, бынтондӕр ферох уа, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Афтӕ рауад сӕ хабар рагон Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты. Уыдон нал ӕууӕндыдысты Хуыцауы ахсджиагдӕр зӕрдӕвӕрдтӕй сӕ иуыл – мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл (1 Кор. 15:12). Фӕлӕ Павел ныффыста, ахӕм адӕм, ныртӕккӕ сӕ уды дзӕбӕхӕн куыд ацӕрой, ууыл кӕй вӕййынц (1 Кор. 15:32). Абон дӕр бирӕтӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл не ’ууӕндынц ӕмӕ цардмӕ кӕсынц иу боны цӕстӕй. Сӕйраг сын вӕййы, сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй кӕм арвитой, кӕм ахӕрой, кӕм ануазой. Фӕлӕ мах та ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы фидӕнмӕ. Уыцы ныфс нын нӕ зонд згъӕрхудау хъахъхъӕны, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕдыл нӕ цӕуӕм. Афтӕ куы кӕниккам, уӕд Йегъовӕйӕ адард уаиккам (1 Кор. 15:33, 34).

10. Цы ныфс нын ис, уый нӕ рӕдыд хъуыдытӕй куыд хъахъхъӕны?

10 Цы ныфс нын ис, уый ма нӕ хъахъхъӕны ахӕм хъуыдыйӕ дӕр, зӕгъгӕ мӕ Хуыцау райгонд никуы уыдзӕн. Чи зоны, исчи фӕхъуыды кӕны: «Ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдоны ’хсӕн нӕ уыдзынӕн. Ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ цӕрын мӕ бон никуы бауыдзӕн». Елифаз дӕр Иовӕн ахӕм ныхӕстӕ кодта. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йын ныфсытӕ ӕвӕры. Елифаз ын загъта: «Цы у зӕххон адӕймаг, куыд хъуамӕ уа сыгъдӕг?» Уый фӕстӕ та Хуыцауӕй загъта: «Уый йӕ зӕдтыл дӕр куы не ’ууӕнды ӕмӕ уӕлӕрвтӕ дӕр йӕ цӕсты сыгъдӕг куы не сты» (Иов 15:14, 15). Ахӕм мӕнг ныхас ӕрхъуыды кӕнын дӕр нӕ хъуыд! Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, ахӕм хъуыдытыл нӕ Хӕйрӕг кӕй ӕфтауы. Уый зоны, ӕдзух афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс дӕр ницӕмӕйуал уыдзӕн. Фӕлӕ йын сайын ма баком. Ӕдзухдӕр хъуыды кӕн Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл. Уый тынг фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай, ӕмӕ дын ӕххуыс дӕр кӕндзӕн, цӕмӕй уый дӕ къухы бафта. Ууыл макуы фӕдызӕрдыг у (1 Тим. 2:3, 4).

ДӔ НЫФС ФИДАР УӔД

11. Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ фӕразонӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

11 Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын иуӕй-иу хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ ӕнусон Хуыцау кӕй у ӕмӕ уый рӕстӕгмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕй кӕсы (2 Пет. 3:8, 9). Цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст кӕндзӕн, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ. Фӕлӕ йӕ, гӕнӕн ис, мах кӕд ӕнхъӕл стӕм, уӕд ма сӕххӕст кӕна. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ ныфс фидар уа? (Иак. 5:7, 8).

12. Дзуттӕгтӕм 11:1, 6 стихтӕм гӕсгӕ, ныфс уырнындзинадимӕ куыд баст у?

12 Цӕмӕй нӕ ныфс фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахс уӕм. Уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн, ныфс нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ. Библимӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, ныфс уырнындзинадимӕ кӕй у баст. Ома нӕ хъуамӕ уырна, Йегъовӕ кӕй ис «ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:1, 6.) Фидарӕй нӕ куы уырна, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уӕд никуы дызӕрдыг кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр загъта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕркӕсӕм, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ нӕ ныфс фидар уа.

Йегъовӕмӕ куы кувӕм ӕмӕ, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс уыдзӕн фидар (кӕс 13–15 абзацтӕ) b

13. Нӕ бон куыд у Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын?

13 Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йын йӕ Ныхас кӕс. Кӕд нӕ бон Йегъовӕйы уынын нӕу, уӕддӕр ӕм нӕ бон у ӕввахсдӕр кӕнын. Нӕ бон ӕм у кувын ӕмӕ йемӕ афтӕмӕй ныхас кӕнын. Ӕмӕ йӕ зонӕм, кӕй нӕ фӕхъусы (Йер. 29:11, 12). Цы нын дзуры, уымӕ хъусын та нӕ бон у Библи кӕсгӕйӕ ӕмӕ йыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Раджы заманты Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ сыл куыд тыхсти, уый тыххӕй кӕсгӕйӕ нӕ ныфс ноджы тынгдӕр сфидар вӕййы. Хуыцауы Ныхасы цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, «уый... фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4).

14. Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу куыд сӕххӕст кодта, ууыл хъуыды кӕнын хорз цӕмӕн у?

14 Хъуыды кӕн, Йегъовӕ раздӕр йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд ӕххӕст кодта, ууыл. Ахъуыды-ма кӕнӕм Авраам ӕмӕ Саррӕйы хабарыл. Кӕд уыцы кары нал уыдысты, цӕмӕй сын сывӕллон рацӕуа, уӕддӕр сын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, лӕппу сын кӕй райгуырдзӕн (Райд. 18:10). Цымӕ йын Авраам йӕ ныхӕстыл баууӕндыд? Библийы фыст ис: «Авраамы... уырныдта, бирӕ адӕмты фыд кӕй суыдзӕн» (Ром. 4:18). Кӕд адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ афтӕ зынд, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уӕддӕр Авраамы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ уыцы иузӕрдион адӕймаг нӕ фӕфыдӕнхъӕл (Ром. 4:19–21). Ахӕм хабӕрттӕй бӕрӕг у, нӕ бон кӕй у Йегъовӕйыл алкӕддӕр нӕ ныфс дарын. Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл, кӕд нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ цӕмӕндӕр гӕнӕн нӕй, уӕддӕр.

15. Хуыцау нын хорзӕй цы сарӕзта, ууыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

15 Хъуыды кӕн, Йегъовӕ дӕуӕн хорзӕй цы сарӕзта, ууыл. Ахъуыды-иу кӕн, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд ӕххӕст кӕны, уый дӕхиуыл куыд бавзӕрстай. Зӕгъӕм, Йесо загъта, дӕ уӕларвон Фыд дын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:32, 33). Стӕй ма загъта, Йегъовӕ дын йӕ сыгъдӕг тых кӕй ратдзӕн, куы дзы курай, уӕд (Лук. 11:13). Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхасӕн у хицау. Дӕ бон ма у, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кӕнын, ӕндӕр зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр кӕй ӕххӕст кӕны. Зӕгъӕм, загъта, кӕй дын хатыр кӕндзӕн, удӕнцой дын кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ дын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй дӕтдзӕн (Матф. 6:14; 24:45; 2 Кор. 1:3). Йегъовӕ дын ныр дӕр хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр уырндзӕн, фидӕны тыххӕй цы загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.

ЦЫ НЫФС ДЫН ИС, УЫЙ ДЫН УӔД ЦИНЫ ХОС

16. Цы ныфс нын ис, уый зынаргъ лӕвар цӕмӕн у?

16 Ӕнустӕм цӕрыны ныфс дын кӕй ис, уый у Хуыцауы зынаргъ лӕвар. Цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Мах зонӕм, ахӕм цард ӕнӕмӕнг кӕй уыдзӕн. Цы ныфс нын ис, уый ныл науӕнгуыры хуызӕн фидар фӕхӕцы. Ӕмӕ нӕ бон вӕййы фӕлварӕнтӕ сфӕразын ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар фӕлӕууын, мӕлӕтӕй нын тӕссаг куы вӕййы, уӕд дӕр. Стӕй нын у згъӕрхуды хуызӕн дӕр. Хъахъхъӕны нын нӕ зонд, цӕмӕй, ӕвзӕр цы у, уымӕй не сӕфт уынӕм, хорз ӕмӕ раст цы у, ууыл та фидар хӕцӕм. Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, уый фӕрцы йӕм баввахс вӕййӕм. Стӕй уымӕй бӕрӕг у, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Нӕ ныфс фидар куы уа, уӕд нын тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн.

17. Цы ныфс нын ис, уый нын цины хос цӕмӕн у?

17 Апостол Павел йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм ныффыста: «Цы ныфс уын ис, уый уын уӕд цины хос» (Ром. 12:12). Павел йӕхӕдӕг дӕр цин кодта, цы ныфс ын уыд, ууыл. Уый зыдта, иузӕрдионӕй куы баззайа, уӕд ӕнустӕм уӕлӕрвты кӕй цӕрдзӕн. Цы ныфс нын ис, уый махӕн дӕр у цины хос, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Мах дӕр разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Амондджын у уыцы адӕймаг... йӕ ныфс йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл чи дары. [...] Уый иузӕрдион у ӕнустӕм» (Пс. 146:5, 6).

139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!

a Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта диссаджы фидӕнӕй. Ӕмӕ нын ахӕм ныфс кӕй ис, уый нын хӕссы циндзинад. Мах зонӕм, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕн тагъд кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Уый ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ уый хъахъхъӕны, цӕмӕй нӕ зонд рӕдыд хъуыдытӕй ма фӕхъӕстӕ уа. Ӕмӕ ацы статьяйӕ базондзыстӕм, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ ныфс фидар уа.

b НЫВТӔ. Згъӕрхуд ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр куыд фӕхъахъхъӕны ӕмӕ науӕнгуыр науыл фидар куыд фӕхӕцы, афтӕ нын нӕ ныфс хъахъхъӕны нӕ зонд ӕмӕ ныл фидар фӕхӕцы, цӕмӕй нӕ зындзинӕдты уылӕнтӕ ма ахӕссой. Хо Йегъовӕмӕ кувы ӕмӕ зоны, кӕй йӕм хъусы, уый. Ӕфсымӕр хъуыды кӕны, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ куыд сӕххӕст кодта, ууыл. Ӕндӕр ӕфсымӕр та хъуыды кӕны, Йегъовӕ йӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, уыдоныл.