Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рагон израилӕгтӕй уӕлдай мах хӕстыты цӕуылнӕ хӕцӕм?

Рагон израилӕгтӕй уӕлдай мах хӕстыты цӕуылнӕ хӕцӕм?

«ИУ ДӔР УӔ Францийы кӕнӕ Английы ныхмӕ хӕцынмӕ куы нӕ рацӕуа, уӕд уӕ удӕгасӕй ничи баззайдзӕн!» – ныцъцъӕхахст кодта нацистты офицер. Уыцы ныхӕстӕ загъта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн. Уый уыди Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг. Не ’фсымӕртӕй иу дӕр не сразы Йегъовӕйы закъӕттӕ фехалыныл, кӕд гӕрзифтонг салдӕттӕ сӕ разы лӕууыдысты, уӕддӕр. Диссаджы хъӕбатырдзинад равдыстой! Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕсты хӕцынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый – мах ацы дунейы хӕстыты нӕ хӕцӕм. Мӕлӕтӕй нын тӕссаг куы вӕййы, уӕд дӕр никӕй фарс вӕййӕм.

Фӕлӕ, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдон се ’ппӕт ахӕм хъуыдыимӕ разы не сты. Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ чырыстонӕн йӕ бон у йӕ бӕстӕйы сӕраппонд тох кӕнын ӕмӕ уый йӕ хӕс дӕр у. Гӕнӕн ис, зӕгъой: «Рагон израилӕгтӕ Хуыцауы адӕм уыдысты, ӕмӕ уыдон хӕстыты хӕцыдысты. Ӕмӕ уӕд чырыстӕттӕ абон цӕуылнӕ хъуамӕ хӕцой?» Исчи дын афтӕ куы зӕгъа, уӕд ын цавӕр дзуапп ратдзынӕ? Дӕ бон ын уаид зӕгъын, рагон израилӕгтӕн сӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон кӕй уыд. Ӕркӕсӕм фондз хицӕндзинадмӕ.

1. ХУЫЦАУЫ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔ ИУУЫЛДӔР ИУ АДӔМӔЙ УЫДЫСТЫ

Раджы заман Йегъовӕ равзӕрста иу адӕм, израилӕгты, цӕмӕй йын лӕггад кодтаиккой. Йегъовӕ сын загъта: «Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм» (Рац. 19:5). Стӕй Израилы адӕмӕн зӕххытӕ дӕр иу ран рахицӕн кодта. Ӕмӕ-иу сын куы загъта, цӕмӕй ӕндӕр адӕмтимӕ схӕцыдаиккой, уӕд-иу афтӕ нӕ рауад, ӕмӕ Йегъовӕйӕн кувӕг адӕмимӕ хӕцыдысты кӕнӕ сӕ мардтой a.

Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» (Рарг. 7:9). Ӕмӕ хӕстыты куы хӕциккой, уӕд сӕ бахъӕуид, сӕхи хуызӕн Йегъовӕйӕн чи кувы, уыдонимӕ хӕцын. Ӕмӕ ма дзы, чи зоны, искӕй маргӕ дӕр акӕниккой.

2. ИЗРАИЛӔГТӔН-ИУ ЙЕГЪОВӔ ЗАГЪТА, ЦӔМӔЙ СХӔЦОЙ

Раджы заман-иу Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, израилӕгты кӕимӕдӕр хӕцын кӕд хъуыд ӕмӕ цӕмӕн. Зӕгъӕм, хъуамӕ сӕххӕст кодтаиккой, ханаайнӕгтӕн цы тӕрхон рахаста, уый. Уыдон лӕггад кодтой хӕйрӕджытӕн, амӕй-ай хӕлддӕр хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ-иу сӕ сывӕллӕтты сӕ хуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхастой. Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста уыцы адӕмты Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй фесафын, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ахӕм ӕлгъаг хъуыддӕгтыл ма бафтыдаиккой (Лев. 18:24, 25). Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ’рцардысты, уӕд-иу сын хатт загъта, цӕмӕй-иу, чи сӕ ’фхӕрдта ӕмӕ сӕ чи ссӕста, уыцы адӕмтимӕ схӕцыдаиккой (2 Сам. 5:17–25). Фӕлӕ сын Йегъовӕ уый бар никуы лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕхи фӕндӕй схӕцыдаиккой искӕимӕ. Афтӕ-иу куы бакодтой, уӕд-иу сӕ сӕр бирӕ бӕллӕхтӕ баййӕфта (Ным. 14:41–45; 2 Аз. 35:20–24).

Абон Йегъовӕ хӕстмӕ никӕй ӕрвиты. Иу адӕмыхатт иннӕимӕ кӕнӕ иу бӕстӕ иннӕимӕ куы фӕхӕцы, уӕд Хуыцауы мӕт нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ сӕхи мӕт. Фӕхӕцынц зӕххыты тыххӕй кӕнӕ цӕмӕй хъӕздыгдӕр суой, уый тыххӕй. Хӕстытӕ ма баст вӕййынц политикӕимӕ дӕр. Ӕмӕ цы ис зӕгъӕн, афтӕ чи зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцауы номӕй нӕ дины сӕрыл хӕцӕм кӕнӕ Хуыцауы знӕгты марӕм, уыдонӕй та? Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йе знӕгты фесафдзӕн, фидӕны чи уыдзӕн, уыцы хӕсты – Армагеддоны (Рарг. 16:14, 16). Уыцы хӕсты хӕцдзысты ӕрмӕстдӕр Хуыцауы уӕларвон ӕфсӕдтӕ, йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕ нӕ, фӕлӕ (Рарг. 19:11–15).

3. ИЗРАИЛӔГТӔ-ИУ УДӔГАСӔЙ НЫУУАГЪТОЙ, УЫРНЫНДЗИНАД-ИУ ЧИ РАВДЫСТА, УЫДОНЫ

Йегъовӕйы хӕсты Иерихоны Раав ӕмӕ йӕ бинонтӕ куыд аирвӕзтысты, афтӕ абон дӕр хӕстыты, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдон иууылдӕр аирвӕзынц?

Раджы заман-иу израилаг хӕстонтӕ удӕгасӕй ныууагътой, Хуыцауыл-иу чи баууӕндыд, уыцы адӕмы. Йегъовӕ-иу мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахаста, ӕрмӕстдӕр-иу уыдоны амардтой. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ. Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй Иерихон сӕфты хай бакодтаиккой. Фӕлӕ уыдон Раавы ӕмӕ йӕ бинонты удӕгасӕй ныууагътой, Раав Йегъовӕйыл кӕй баууӕндыд, уый тыххӕй (Йес. Н. 2:9–16; 6:16, 17). Фӕстӕдӕр та ӕнӕхъӕн горӕтмӕ нӕ бавнӕлдтой, Гаваонмӕ, уымӕн ӕмӕ гаваойнӕгтӕ равдыстой, Йегъовӕйы кӕй нымадтой (Йес. Н. 9:3–9, 17–19).

Абон кӕцыдӕр бӕстӕтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы фӕхӕцынц, уӕд уырнӕг адӕмыл дӕр нӕ бацауӕрдынц. Ӕмӕ ахӕм хӕстыты арӕх ӕнӕуи адӕм дӕр фӕмард вӕййынц.

4. ИЗРАИЛАГ ХӔСТОНТЫ ХЪУЫДИ ХУЫЦАУЫ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ АРХАЙЫН

Раджы заман-иу Йегъовӕ израилаг хӕстонтӕн радта бӕлвырд амындтӕ, ӕмӕ-иу хъуамӕ уыдонмӕ гӕсгӕ хӕцыдаиккой. Зӕгъӕм, хатт-иу сӕ бон уыд, басӕттынмӕ цы горӕт хъавыдысты, уыцы горӕты адӕмӕн зӕгъын, сӕ бон кӕй у семӕ «фидыды бадзырд» скӕнын (Дык. з. 20:10). Йегъовӕ ма израилаг хӕстонтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй хӕрзӕгъдау цард кодтаиккой ӕмӕ-иу кӕм ӕрлӕууыдысты, уыцы бынат сыгъдӕгӕй дардтаиккой ӕмӕ йӕ мацӕмӕй фӕчъизи кодтаиккой (Дык. з. 23:9–14). Иннӕ адӕмтӕ-иу се знӕгты куы басастой, уӕд-иу сын арӕх сӕ сылгоймӕгтӕн тыхми бакодтой. Фӕлӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй афтӕ ма кӕной. Зӕгъӕм, сӕ бон уыд уацайраг сылгоймаджы ракурын. Фӕлӕ, горӕт куы бацахстой, уымӕй-иу хъуамӕ иу мӕй рацыдаид (Дык. з. 21:10–13).

Абон конд ӕрцӕуынц бадзырдтӕ, хӕсты рӕстӕг бар цӕмӕн ис ӕмӕ цӕмӕн нӕй, уый фӕдыл. Конд уый тыххӕй ӕрцӕуынц, цӕмӕй хӕсты рӕстӕг ӕнӕуи адӕмӕн мацы уа. Ӕмӕ бӕстӕтӕн сӕ фылдӕр уыцы бадзырдтыл сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрынц. Фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон арӕх ницӕмӕ ӕрдарынц.

5. ХУЫЦАУ ТОХ КОДТА ЙӔ АДӔМЫ СӔРЫЛ

Абон Хуыцау искӕцы адӕмы сӕрыл тох кӕны, Иерихоны раз израилӕгты сӕрыл куыд тох кодта, афтӕ?

Раджы заман-иу Йегъовӕ тох кодта израилӕгты сӕрыл. Арӕх-иу сын диссаджы хуызы баххуыс кодта, ӕмӕ-иу фӕуӕлахиз сты. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, куыд сын баххуыс кодта горӕт Иерихон басӕттынӕн. Загъта сын, цы сӕ хъӕуы саразын. Ӕмӕ куыддӕр «хъӕлӕсыдзагӕй тохы хъӕр ныккодтой, афтӕ горӕты къул йӕ бындуры онг ныккалд». Ӕмӕ афтӕмӕй горӕт ӕнцонтӕй бацахстой (Йес. Н. 6:20). Аморейтыл та куыд фӕуӕлахиз сты? Уыдон «израилӕгтӕй куы лыгъдысты, уӕд сыл Йегъовӕ... арвӕй калдта стыр дуртӕ... Ӕмӕ уыцы ихӕй чи фӕцагъды, уыдон уыдысты, Израилы фырттӕ карды комӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй фылдӕр» (Йес. Н. 10:6–11).

Абон Йегъовӕ иу адӕмы сӕрыл дӕр нӕ тох кӕны. Йӕ Паддзахад – Паддзах дзы у Йесо Чырысти – «ацы дунейӕ нӕу» (Иоан. 18:36). Зӕххон хицауӕдтӕ та иууылдӕр сты Хӕйрӕджы къухы. Ӕмӕ, цы тугкалӕн хӕстытӕ цыд ӕмӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, Хӕйрӕг куыд ӕгъатыр у, уый (Лук. 4:5, 6; 1 Иоан. 5:19).

ӔЦӔГ ЧЫРЫСТӔТТӔ ИННӔТИМӔ ХӔЛАРӔЙ ЦӔРЫНЦ

Куыд базыдтам, афтӕмӕй абон нӕ уавӕр рагон израилӕгты уавӕрӕй тынг хицӕн кӕны. Фӕлӕ, хӕстмӕ кӕй нӕ цӕуӕм, уымӕн ма ис ӕндӕр аххосӕгтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Хуыцау загъта, фӕстаг бонты, кӕй ахуыр кӕндзӕн, уыдон «хӕцын дӕр [кӕй] нал ахуыр кӕндзысты». Ӕмӕ дзы хӕстмӕ цӕуыны кой та уӕвгӕ дӕр нӕй (Ис. 2:2–4). Стӕй Чырысти дӕр загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ацы дунейӕ кӕй нӕ уыдзысты, ома хӕстыты дӕр никӕй фарс хӕцдзысты (Иоан. 15:19).

Фӕлӕ ма Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, фылдӕр цыдӕр аразын сӕ кӕй хъӕуы. Хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕвзӕр хъуыдытӕй, цӕмӕй нӕ уымӕ ма ’ркӕной, ӕмӕ кӕмӕдӕр нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын кӕнӕ йӕм знаджы цӕстӕй кӕсын райдайӕм (Матф. 5:21, 22). Уымӕй уӕлдай ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрой ӕмӕ се знӕгты уарзой (Матф. 5:9, 44).

Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕстыты хӕцын нӕ никӕй фӕнды. Фӕлӕ, мыййаг, ӕмбырды кӕмӕдӕр нӕ зӕрдӕйы маст нӕ хӕссӕм ӕмӕ йӕм знаджы цӕстӕй нӕ кӕсӕм? Кӕд о, уӕд хъуамӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ нӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй стонӕм (Иак. 4:1, 11).

Мах ацы дунейы хӕстыты нӕ хӕцӕм. Фӕлӕ архайӕм, цӕмӕй не ’хсӕн уа фарн ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (Иоан. 13:34, 35). Дарддӕр дӕр нӕ фидар фӕнд уӕд, ацы дунейы хъуыддӕгтимӕ нын иумӕйагӕй кӕй ницы уыдзӕн. Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ ӕппӕт хӕстытӕн дӕр ӕнустӕм кӕрон кӕд скӕндзӕн, уыцы бонмӕ (Пс. 46:9).

a Хатт-иу Израилы мыггӕгтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ хӕцыдысты, фӕлӕ-иу уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цыд (1 Пад. 12:24). Фӕлӕ-иу кӕцыдӕр хӕстытӕ растыл нымадта, уымӕн ӕмӕ-иу иуӕй-иу мыггӕгтӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты кӕнӕ та-иу ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзтой (Тӕрх. 20:3–35; 2 Аз. 13:3–18; 25:14–22; 28:1–8).