Сӕдӕ азы размӕ: 1922 аз
«ХУЫЦАУ... нын дӕтты уӕлахиз... Йесо Чырыстийы фӕрцы» (1 Кор. 15:57). Ацы ныхӕстӕ ӕвзӕрст уыдысты 1922 азӕн. Библииртасджытӕн ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕн раарфӕ кодта. Уыцы аз сӕхӕдӕг райдыдтой чингуытӕ мыхуыр кӕнын ӕмӕ хорз хабар радиойы фӕрцы хъусын кӕнын. Фӕстӕдӕр ма уыцы аз ноджыдӕр иу хабарӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кодта, уый. Библииртасджытӕ ӕрӕмбырд сты диссаджы конгрессы Сидар-Пойнты (штат Огайо, АИШ). Уыцы конгрессы фӕрцы Йегъовӕйы организаци бамбӕрста, дарддӕр сӕ куыд хъӕуы архайын, уый. Ӕмӕ суанг абонмӕ дӕр афтӕ кӕнӕм.
«УЫЦЫ ХЪУЫДЫЙӔ МӔ СУРХИД АКАЛД»
Хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кодтой, ӕмӕ уацамындӕн литературӕ дӕр фылдӕр хъуыди. Бруклины Вефилы ӕфсымӕртӕ мыхуыр кодтой журналтӕ. Фӕлӕ, цы хъӕбӕрцъар чингуытӕ уагътой, уыдон мыхуыр кӕнынӕн та фыстой ӕндӕр фирмӕтӕн ӕмӕ типографитӕн. Фӕлӕ иуафон цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы уыцы фирмӕтӕн сӕ бон нал уыд, цас нӕ хъуыд, уыйбӕрц чингуытӕ мыхуыр кӕнын. Ӕмӕ уый хъусын кӕныны хъуыддагыл дӕр фӕзынд. Уӕд ӕфсымӕр Рутерфорд Роберт Мартинӕн, нӕ типографийӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, уыцы ’фсымӕрӕн, афтӕ бакодта, уӕдта, дам, чингуытӕ мыхуыр кӕнын райдаиккам.
Ӕфсымӕр Мартин уый фӕстӕ ныффыста: «Уыцы хъуыдыйӕ мӕ сурхид акалд. Цас цыдӕртӕ хъуыд саразын, цӕмӕй, чингуытӕ кӕм мыхуыр кодтаиккам, ахӕм типографи бакодтаиккам!» Ӕфсымӕртӕ баххуырстой бынат Бруклины, Конкорд-стритыл, 18 ӕмӕ самал кодтой хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ станоктӕ.
Фӕлӕ уыцы хабар алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Раздӕр нын чингуытӕ чи мыхуыр кодта, уыцы типографитӕй иуы директор ӕрбацыди нӕ ног типографимӕ ӕмӕ загъта: «Сымахмӕ ис ӕппӕты хуыздӕр кусӕнгӕрзтӕ. Фӕлӕ уӕ иу дӕр нӕ зоны, семӕ куыд хъӕуы архайын, уый. Ӕмӕ афӕдзы ’рдӕгмӕ ницӕмӕнуал бӕздзысты».
Ӕфсымӕр Мартин ма ныффыста: «Исчи ахъуыды кодтаид, раст зӕгъы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы нӕлгоймаг нӕ зыдта, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, ӕмӕ та нын кӕй баххуыс кӕндзӕн». Хабар рауад, ӕфсымӕр Мартин куыд дзырдта, афтӕ. Бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ ног типографийы мыхуыр кодтой бонмӕ 2 000 чиныджы.
РАДИОЙЫ ФӔРЦЫ МИНГӔЙТТӔ ФЕХЪУЫСТОЙ ХОРЗ ХАБАР
Йегъовӕйы адӕм ма хорз хабар хъусын кӕнын райдыдтой ног мадзалы фӕрцы дӕр – радиойы фӕрцы. 1922 азы 26 февралы хуыцаубоны фӕссихор ӕфсымӕр Рутерфордӕн фыццаг хатт уыди раныхас радиойӕ. Йӕ раныхас хуынди «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты».
Дзырдта йӕ Лос-Анджелесы (штат Калифорни, АИШ) иу радиостанцӕйӕ.Раныхасмӕ байхъуыстой иу-25 000 адӕймаджы. Уый фӕстӕ дзы чидӕртӕ ӕрбарвыстой писмотӕ арфӕйы ныхӕстимӕ. Иу дзы уыд Уиллард Ашфорд, Санта-Анӕйы цӕрӕг (штат Калифорни). Ӕфсымӕр Рутерфордмӕ ныффыста, зӕгъгӕ, дам, дын бузныг дӕ цымыдисаг раныхасы тыххӕй. Ӕмӕ ма ноджыдӕр ныффыста: «Нӕ хӕдзары ис ӕртӕ рынчыны. Ӕмӕ, радио куы нӕ уыдаид, уӕд нӕ иуы бон дӕр нӕ бауыдаид дӕ раныхасмӕ байхъусын, нӕ тӕккӕ фарсмӕ хӕдзары йӕ куы дзырдтаис, уӕддӕр».
Уый фӕстӕ къуыриты ма ноджыдӕр рацыди радиопередачӕтӕ. Азы кӕрон «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, зӕгъгӕ, «хорз хабар радиойӕ фехъуыстой ӕппынкъаддӕр 300 000 адӕймаджы».
Уыцы передачӕтӕ адӕмы зӕрдӕмӕ кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ Библииртасджытӕ аскъуыддзаг кодтой, кӕй сараздзысты сӕхи радиостанцӕ сакъадах Статеныл (Бруклины Вефилӕй дард нӕ уыд). Уыцы радиостанцӕ схуыдтой WBBR. Ӕмӕ уый фӕстӕ бирӕ азты дӕргъы уыцы радиостанцӕйы фӕрцы хорз хабар хъусын кодтой, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй алы рӕтты бирӕ адӕм фехъуыстой.
ADV
1922 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди хъусинаг, 1922 азы 5 сентябрӕй 13 сентябрмӕ Сидар-Пойнты (штат Огайо) кӕй уыдзӕн конгресс. Конгресмӕ чи ’рцыд, уыдоны цинӕн кӕрон нӕ уыд!
Фыццаг раныхасы ӕфсымӕр Рутерфорд хъусджытӕн загъта: «Мӕн фидарӕй уырны, Хицау... ацы конгрессӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн зӕххыл ноджы фылдӕр адӕмӕн ӕмӕ ноджы фылдӕр рӕтты». Ӕмӕ иннӕ раныхӕсты дӕр ӕфсымӕртӕ арӕх кодтой, хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый кой.
Майрӕмбоны, 8 сентябры, конгресс кӕм уыд, уыцы залы ӕрӕмбырд 8 000 адӕймаджы бӕрц. Уыдон зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕфсымӕр Рутерфорды раныхасмӕ. Ныфс сӕ уыд, кӕй сын бамбарын кӕндзӕн, сӕ хуынды гӕххӕттытыл цы дамгъӕтӕ уыд – ADV – уыдоны нысаниуӕг. Сӕ бынӕттӕ куы бацахстой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, федтой, сценӕйы сӕрмӕ тыхтӕй цы хъуымац уыд ауыгъд, уый. Артур Клаус конгресмӕ ӕрцыд
Талсӕйӕ (штат Оклахомӕ). Уый ссардта, алцыдӕр ӕм хорз кӕцӕй хъуысти, ахӕм бынат. Уыцы рӕстӕг уый стыр хъуыддаг уыд, уымӕн ӕмӕ уӕд микрофонтӕ-йедтӕй нӕма пайда кодтам.«Йӕ алы ныхасмӕ дӕр ын лӕмбынӕг хъуыстам»
Цӕмӕй раныхасмӕ хъусын мачи макӕй бахъыгдардтаид, уый тыххӕй сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ӕфсымӕр Рутерфорды раныхасы рӕстӕг мидӕмӕ никӕйуал уадздзысты. Дӕсы ’рдӕгыл ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ раныхас райдыдта Йесо Чырыстийы ныхӕстӕй, Матфейы 4:17 стихы фыст чи ис, уыдонӕй: «Уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг». Адӕм уыцы Паддзахады тыххӕй куыд фехъусдзысты, уый кой кӕнгӕйӕ Рутерфорд загъта: «Йесо йӕхӕдӕг загъта, йе ’рцыды рӕстӕг кӕй райдайдзӕн хуымтӕ кӕрдын, ома йӕхимӕ кӕй ӕмбырд кӕндзӕн йӕ адӕмы, иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд чи у, уыдоны».
Артур Клаус бадти сӕйраг залы. Уый фӕстӕ афтӕ загъта: «Йӕ алы ныхасмӕ дӕр ын лӕмбынӕг хъуыстам». Фӕлӕ стӕй сонтӕй куыддӕр бавзӕр, ӕмӕ йӕ бахъуыди залӕй рацӕуын. Бӕргӕ йӕ нӕ фӕндыд, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, фӕстӕмӕ йӕ кӕй нӕ бауадздзысты. Фӕлӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд.
Цалдӕр минуты фӕстӕ йӕхимӕ ’рцыд. Куыд радзырдта, афтӕмӕй, фӕстӕмӕ залмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд фехъуыста тыхджын къухӕмдзӕгъд, ӕмӕ тынг сцымыдис. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ мӕ цармӕ схизын куы хъӕуа, уӕддӕр хъуамӕ ацы раныхасмӕ кӕронмӕ байхъусон. Артур уӕд уыди ӕрыгон, цыди йыл 23 азы. Ӕмӕ йын бантыст кӕуылдӕрты цармӕ схизын. Цар авгӕй ӕмбӕрзт кӕм уыд, уым рудзгуытӕ уыдысты гом. Ӕмӕ уырдӕм куы бахӕццӕ, уӕд бамбӕрста, уырдыгӕй алцыдӕр тынг хорз кӕй хъуысы.
Фӕлӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй цармӕ ӕрмӕст Артур не схызт. Йе ’мбӕлттӕй дӕр чидӕртӕ уым уыдысты. Сӕ иу, Фрэнк Джонсон, Артурмӕ базгъордта ӕмӕ йӕ афарста:
– Мыййаг дӕм цыргъ хӕрынкъа нӕй?
– Бӕгуыдӕр ис,– загъта Артур.
a лӕмбынӕг хъус. Ӕмӕ куыддӕр зӕгъа «хъусын кӕнут, хъусын кӕнут», афтӕ-иу ацы цыппар бӕттӕны фӕлыг кӕн.
– Йегъовӕ нын дӕу уылты дзуапп радта,– цингӕнгӕ загъта Фрэнк.– Сценӕйы сӕрмӕ дӕлӕ уыцы хъуымац уыныс? Уый у плакат. ТӕрхонгӕнӕгмӕГъемӕ Артур, йӕ хӕрынкъа йӕ къухы, афтӕмӕй, иннӕтимӕ ӕнхъӕлмӕ каст, бӕттӕнтӕ фӕлыг кӕнын кӕд хъӕудзӕн, уымӕ. Уӕдмӕ ӕфсымӕр Рутерфорд бахӕццӕ йӕ раныхасы сӕйраг хаймӕ. Йӕхи зӕрдӕйы зынг дӕр афтӕ ссыгъд, ӕмӕ йӕ хъӕлӕс ныннӕрыд: «Нӕ Хицауӕн ут ӕнувыд ӕмӕ иузӕрдион ӕвдисӕнтӕ. Тох кӕнут, размӕ бырсут, цалынмӕ Вавилон иууылдӕр нӕ ныппырх уа, уӕдмӕ. Ацы хабар хъусын кӕнут алы рӕтты дӕр. Ӕнӕхъӕн дуне дӕр хъуамӕ базона, Йегъовӕ кӕй у Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти кӕй у паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау. Ай у бонтӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр! Паддзах паддзахиуӕг кӕны! Сымах стут йӕ минӕвӕрттӕ. Уӕдӕ хъусын кӕнут, хъусын кӕнут, хъусын кӕнут Паддзахы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй!»
Артур ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ бӕттӕнтӕ фӕлыг кодтой, ӕмӕ плакат сабыргай уыцы рӕсугъд райхӕлд. Уӕд иууылдӕр бамбӕрстой, дамгъӕтӕ ADV цы нысан кӕнынц, уый. Плакатыл фыст уыд: «Хъусын кӕнут Паддзахы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй» (ацы ныхӕстӕ англисагау сты: Advertise the King and Kingdom, ӕмӕ дамгъӕтӕ ADV сты ацы ныхӕстӕн сӕ фыццаг ӕртӕ дамгъӕйы).
ТЫНГ АХСДЖИАГ КУЫСТ
Сидар-Пойнты цы конгресс уыд, уый хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ хъарутӕ сарӕзтаиккой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайдтой. Штат Оклахомӕйӕ иу чиныгхӕссӕг (ныртӕккӕ хуыйнынц пионертӕ) ныффыста: «Кӕм хъусын кодтам, уый у, ӕвзалыйы шахтӕтӕ кӕм ис, ахӕм бынат. Ӕмӕ дзы адӕм ахӕм мӕгуыр цард кӕнынц, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй». Стӕй ма ныффыста, зӕгъгӕ, дам, адӕм куы фехъусынц, журнал «Сызгъӕрин ӕнус»-ы цы фыст ис, уый, уӕд сӕ цӕссыгтӕ нал бауромынц. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ афтӕ балхынцъ кодта: «Нӕ бон кӕй у ахӕм адӕмы ныфс уадзын, уый нын хӕссы стыр циндзинад».
Йесо загъта: «Кӕрдинаг... бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл» (Лук. 10:2). Ӕмӕ уыцы Библииртасджытӕ ӕмбӕрстой, ӕвӕстиатӕй кӕй хъӕуы архайын. Ӕмӕ 1922 азы кӕрон сӕ фӕнд цы уыд? Уыдоны ноджы зӕрдиагдӕрӕй фӕндыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй алы рӕтты дӕр хъусын кӕнын.
a Ӕфсымӕр Рутерфорды иуӕй-иу хатт хуыдтой «тӕрхонгӕнӕг» дӕр, уымӕн ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ кодта тӕрхонгӕнӕджы куыст штат Миссурийы.