Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ӕцӕг зонд хъӕр кӕны уынджы»

«Ӕцӕг зонд хъӕр кӕны уынджы»

«Ӕцӕг зонд хъӕр кӕны уынджы, горӕты фӕзтӕй хъуысы йӕ хъӕлӕс» (ӔМБ. 1:20).

88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Библийы зондджын уынаффӕтӕм бирӕтӕ цы цӕстӕй ракӕсынц? (Ӕмбисӕндтӕ 1:20, 21).

 БИРӔ бӕстӕты фенӕн вӕййы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сӕ мидбылты худгӕ, бирӕ адӕм кӕм ис, ахӕм рӕтты нӕ литературӕимӕ кӕй лӕууынц. Ӕмӕ, сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуы, уыдонӕн сӕ бон вӕййы публикацитӕ райсын. Ды дӕр искуы афтӕ хъусын кодтай? Кӕд о, уӕд, чи зоны, дӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, Ӕмбисӕндты чиныджы цы абарст ис, уый. Зонд уынджы хъӕр кӕны, цӕмӕй йын адӕм йӕ уынаффӕтӕ фехъусой. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 1:20, 21.) Библийы ӕмӕ нӕ публикациты ис «ӕцӕг зонд» – Йегъовӕйы зонд. Ӕмӕ уыцы зонд адӕмы тынг хъӕуы, цӕмӕй царды фӕндагыл цӕуын райдайой. Мах тынг фӕцин кӕнӕм, исчи нын нӕ публикацитӕй искӕцы куы райсы, уӕд. Фӕлӕ кӕйдӕрты нӕ бафӕнды, Библийы цы фыст ис, уый базонын. Иннӕтӕ та ныл фӕхудынц. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Библи зӕронд чиныг у ӕмӕ нӕ рӕстӕджы ницы пайда у. Чидӕртӕ та фӕфауынц, Библийы уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон. Ӕмӕ, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕй фӕзӕгъынц, фанатиктӕ, дам, сты ӕмӕ, дам, сӕхицӕй растдӕр никӕй хонынц. Фӕлӕ Йегъовӕ адӕмы уарзы, ӕмӕ цӕттӕ у йӕ зондӕй алкӕмӕн дӕр фӕхай кӕнынмӕ. Уый тыххӕй цы аразы?

2. Ӕцӕг зонд кӕм ис ссарӕн, фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд бакӕнынц?

2 Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон у йӕ Ныхас Библи кӕсын. Ӕмӕ цы ис зӕгъӕн Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕй та? Йегъовӕ йӕ организацийӕн кӕй арфӕ кӕны, уый фӕрцы нӕ публикацитӕ уагъд цӕуынц 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Ӕцӕг зондмӕ чи хъусы, ома, Библи чи кӕсы ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон сты амондджын. Фӕлӕ бирӕты нӕ бафӕнды ӕцӕг зонды хъӕлӕсмӕ хъусын. Уынаффӕ рахӕссын сӕ куы фӕхъӕуы, уӕд фӕархайынц сӕхи зондӕй кӕнӕ та фӕхъусынц иннӕ адӕммӕ. Иуӕй-иутӕ нӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй дӕр фӕкӕсынц, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, адӕмы цӕуылнӕ фӕнды ӕцӕг зондмӕ хъусын. Фӕлӕ уал фыццаг базонӕм, Йегъовӕйы зондӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм.

ХЪӔУЫ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗОНЫН, ЦӔМӔЙ ЗОНДДЖЫН УӔМ

3. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕцӕг зондӕй хайджын уӕм?

3 Зондджын, кӕнӕ куырыхон, адӕймаг, цы фӕзоны, уый фӕрцы рахӕссы раст уынаффӕтӕ. Фӕлӕ ӕцӕг зонд фылдӕр цыдӕр у. Ӕцӕг зонд цы у, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн, ӕмӕ Сыгъдӕг Хуыцауы зонын – ӕцӕг ӕмбарындзинад» (Ӕмб. 9:10). Уӕдӕ-иу нӕ ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд-иу нын баххуыс кӕндзӕн, «Сыгъдӕг Хуыцауы [кӕй] зонӕм», уый, ома-иу хъуамӕ бамбарӕм, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны. Уый тыххӕй та нӕ хъӕудзӕн Библимӕ ӕмӕ нӕ публикацитӕм ӕркӕсын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, ӕцӕг зондӕй хайджын кӕй стӕм (Ӕмб. 2:5–7).

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕцӕг зонд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ дӕтты?

4 Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ дӕтты ӕцӕг зонд (Ром. 16:27). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Фыццаг: Йегъовӕ у Сфӕлдисӕг, ӕмӕ, кӕй сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй алцыдӕр зоны (Пс. 104:24). Дыккаг: Йегъовӕйӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр зыны йӕ зонд (Ром. 11:33). Ӕртыккаг: Йегъовӕйы зондджын уынаффӕтӕ алкӕддӕр баххуыс кӕнынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн (Ӕмб. 2:10–12). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕцӕг зондӕй хайджын уӕм, уӕд хъуамӕ ацы ӕртӕ хъуыддаджы зонӕм ӕмӕ сӕ нӕ зӕрдыл дарӕм уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты дӕр.

5. Ӕцӕг зонд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы, уый бирӕты кӕй нӕ уырны, уый цӕмӕ ӕркодта?

5 Уацамынды кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕй бирӕтӕ разы вӕййынц, ӕрдзы алцыдӕр диссаджы конд кӕй у. Фӕлӕ, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый та сӕ нӕ фӕуырны. Уыдон феууӕндынц эволюцийыл. Чидӕртӕ та фӕзӕгъынц, Хуыцау сӕ кӕй уырны. Фӕлӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ рӕстӕджы ницы пайда сты, ӕмӕ, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрынц. Уый цӕмӕ ӕркодта? Хуыцауы зондӕй нӕ, фӕлӕ сӕхи зондӕй кӕй архайынц, уый фӕрцы зӕххыл цард фӕхуыздӕр? Ӕцӕг амондджын схонӕн сӕ ис? Ӕмӕ сӕ фидарӕй уырны, тагъд цард бынтондӕр кӕй аивдзӕн? Нӕ алыварс цы уынӕм, уымӕй бӕрӕг у, мӕнӕ ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Зонд, арфуынындзинад ӕмӕ уынаффӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы уой, уӕд ницы сты» (Ӕмб. 21:30). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕ ӕцӕг зонд курын. Фӕлӕ, хъыгагӕн, бирӕтӕ афтӕ нӕ кӕнынц. Цымӕ цӕуылнӕ?

АДӔМЫ ӔЦӔГ ЗОНДМӔ ХЪУСЫН ЦӔУЫЛНӔ ФӔНДЫ?

6. Ӕмбисӕндтӕ 1:22–25 стихтӕм гӕсгӕ, ӕцӕг зондмӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды?

6 Ӕцӕг зонд «уынджы» куы фӕхъӕр кӕны, уӕд бирӕтӕ сӕхи ницыхъусӕг скӕнынц. Библимӕ гӕсгӕ, уыцы адӕмы ис ӕртӕ къордыл адих кӕнӕн: «ӕнӕмбаргӕтӕ», кӕнӕ ӕвӕлтӕрдтӕ, «иннӕтыл худын чи уарзы, уыдон» ӕмӕ «ӕнӕзӕндтӕ». (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 1:22–25.) Уӕдӕ бӕстондӕр аныхас кӕнӕм, уыцы адӕмы цӕуылнӕ бафӕнды Хуыцауы зондмӕ хъусын ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уыдоны хуызӕн ма суӕм.

7. Иуӕй-иуты цӕмӕн фӕнды ӕвӕлтӕрдтӕй баззайын?

7 «Ӕнӕмбаргӕтӕ», кӕнӕ «ӕвӕлтӕрд» чи у, уыдон, алы ныхасыл дӕр феууӕндынц ӕмӕ сты ӕнцонсайӕн (Ӕмб. 14:15). Уацамынды ахӕм адӕмыл арӕх фембӕлӕм. Милуангай адӕмы сайынц дины разамонджытӕ кӕнӕ политиктӕ. Ӕмӕ уыцы адӕмӕй чидӕртӕ куы базонынц, сайгӕ сӕ кӕй кодтой, уый, уӕд арвы цӕфау фӕвӕййынц. Фӕлӕ, Ӕмбисӕндты 1:22 стихы кӕй кой ис, уыдоны сӕхи фӕнды ӕвӕлтӕрдтӕй баззайын, уымӕн ӕмӕ уый сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы (Йер. 5:31). Уыдонӕн ӕхсызгон у сӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕуын ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, Библийы цы фыст ис, уый базонын ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ архайын. Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц Канадӕйӕ иу уырнӕг сылгоймаджы хуызӕн. Уый иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн загъта: «Кӕд нӕ нӕ сауджын сайгӕ кӕны, уӕд дзуапп уый дӕтдзӕн. Мах та цы аххосджын стӕм?» Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕм адӕмау нӕхи ницымбарӕг ӕмӕ ницыуынӕг скӕнӕм (Ӕмб. 1:32; 27:12).

8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджын адӕймӕгтӕ суӕм?

8 Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕвӕлтӕрдтӕй ма баззайӕм, фӕлӕ зондӕй суӕм «стыр адӕймӕгты хуызӕн» (1 Кор. 14:20). Фӕлтӕрдджын адӕймӕгтӕ та суыдзыстӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд. Афтӕмӕй гыццылгай бамбардзыстӕм, уыцы уагӕвӕрдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй цавӕрдӕр зындзинӕдтӕй нӕхи бахизӕм ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссӕм. Хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу куы ахъуыды кӕнис, цавӕр уынаффӕтӕ хӕссыс, ууыл. Зӕгъӕм, кӕд цасдӕр рӕстӕг Библи ахуыр кӕныс ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуыс, уӕд дӕ бон у ахъуыды кӕнын, нырмӕ дӕхи Йегъовӕйӕн цӕуылнӕ снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд цӕуылнӕ райстай. Кӕд донаргъуыд райстай, уӕд та ахъуыды кӕн, цы аразыс, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай. Цы уынаффӕтӕ рахӕссыс, уыдонӕй бӕрӕг у, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй архайыс? Йесо адӕмӕн куыд уыд ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй каст, ды дӕр сын афтӕ дӕ ӕмӕ сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыс? Кӕд нӕ цыдӕр фӕивын хъӕуы, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм Йегъовӕйы амындтыл, уымӕн ӕмӕ уыдон «зондджын кӕнынц ӕвӕлтӕрды» (Пс. 19:7).

9. Цӕмӕй у бӕрӕг, «иннӕтыл худын чи уарзы, уыдоны» Йегъовӕйы зондмӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уый?

9 Дыккаг къорд сты «иннӕтыл худын чи уарзы, уыдон». Хатт ахӕм адӕмыл фембӕлӕм уацамынды. Уыдон уарзынц иннӕтӕй хынджылӕг кӕнын (Пс. 123:4). Библийы раджы ӕрцыд фыст, фӕстаг бонты ахӕм адӕм фагӕй фылдӕр кӕй уыдзысты (2 Пет. 3:3, 4). Абон дӕр чидӕртӕ Лоты сиӕхстау ницӕмӕ дарынц, Йегъовӕ сӕ кӕй фӕдзӕхсы, уый (Райд. 19:14). Бирӕтӕ фӕхудынц, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоныл. Афтӕ уымӕн кӕнынц, ӕмӕ сӕхӕдӕг цӕуынц «сӕ зӕрдӕйы фӕдыл» ӕмӕ аразынц «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ» (Иуд. 7, 17, 18). Раст ахӕмтӕ сты, раст дины ныхмӕ чи сси ӕмӕ йӕ чи ныууагъта, уыдон ӕмӕ ма ноджыдӕр Йегъовӕмӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уыцы адӕм.

10. Псалом 1:1 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, иннӕтыл чи худы, уыдоны хуызӕн ма суӕм?

10 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, иннӕтыл чи худы, уыдоны хуызӕн ма суӕм? Зӕгъӕм, хъуамӕ нӕхи дард ласӕм, ӕдзух хъуыр-хъуыр чи кӕны ӕмӕ алцӕуыл дӕр фаутӕ чи ӕвӕры, ахӕм адӕмӕй. (Бакӕс Псалом 1:1.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ма хъусӕм, раст дин чи ныууагъта, уыдонмӕ, стӕй, цытӕ фӕфыссынц, уыдӕттӕ дӕр хъуамӕ ма кӕсӕм. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд уыцы «низ» махыл дӕр бахӕцдзӕн, ӕмӕ, Йегъовӕ раст кӕй архайы ӕмӕ йӕ организацийы уылты разамынд кӕй дӕтты, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдайдзыстӕм. Цӕмӕй ныл ахӕм хабар ма ’рцӕуа, уый тыххӕй нӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстатыл: «Ног разамынд куы райсӕм кӕнӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар Библийы стихтӕ ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны, уӕд фӕхъуыр-хъуыр кӕнын? Разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕртӕм фаутӕ фӕхӕссын?» Уайтагъд куы бацархайӕм, цӕмӕй-иу афтӕ мауал кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн (Ӕмб. 3:34, 35).

11. «Ӕнӕзӕндтӕ» цы цӕстӕй кӕсынц, Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ?

11 Ӕртыккаг къорд сты «ӕнӕзӕндтӕ». Ӕнӕзонд уымӕн сты, ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын. Уыдон аразынц, сӕхи цӕсты раст цы у, уыдӕттӕ (Ӕмб. 12:15). Ӕцӕг зонд кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцау Йегъовӕмӕ хъусын та сӕ нӕ фӕнды (Пс. 53:1). Ахӕм адӕмыл уацамынды куы фембӕлӕм, уӕд нӕм арӕх фӕмӕсты кӕнынц ӕмӕ ныл фаутӕ февӕрынц, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ нын хуыздӕр исты дӕр нӕу сӕ бон бацамонын. Библийы фыст ис: «Ӕнӕзондӕн ӕцӕг зонд ӕгӕр бӕрзонд у, ӕмӕ горӕты кулдуары раз йӕ дзых дӕр нӕ бакӕндзӕн» (Ӕмб. 24:7). Ӕнӕзондӕй ӕцӕг зондджын ныхас ӕмӕ раст уынаффӕ никуы фехъусдзынӕ. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ дӕр уый тыххӕй фӕдзӕхсы, «ӕнӕзонд адӕймагӕй дӕхи иуварс айс», зӕгъгӕ (Ӕмб. 14:7).

12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕзӕндты фӕндагыл ма ацӕуӕм?

12 Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Хуыцауы уынаффӕтӕй йе сӕфт чи уыны, уыдоны хуызӕн уӕм. Мах ын уарзӕм йӕ амындтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ иууылдӕр. Коммӕгӕсдзинад цӕмӕ ӕркӕны ӕмӕ ӕгоммӕгӕсдзинад цӕмӕ ӕркӕны, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ амындтӕ ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Йегъовӕйы зондджын уынаффӕтӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон сӕхи цас мӕстыты хай бакӕнынц! Махӕн та нӕ цард у фӕрнӕйдзаг, уымӕн ӕмӕ хъусӕм Хуыцаумӕ (Пс. 32:8, 10).

13. Йегъовӕ адӕмы йӕ уынаффӕтӕм тыххӕй хъусын кӕны?

13 Йегъовӕ йӕ зондӕй алкӕмӕн дӕр дӕтты. Тыххӕй йӕ никӕмӕн исын кӕны, фӕлӕ дзуры, ӕцӕг зонд чи ницӕмӕ дары, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый (Ӕмб. 1:29–32). Йегъовӕмӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уыдон, «цы аккаг сты, уый райсдзысты». Чи зоны, уайтагъд нӕ, фӕлӕ фӕстӕдӕр сӕ цардыуаджы тыххӕй бавзардзысты маст ӕмӕ рыст. Ӕппынфӕстаг та сӕ Йегъовӕ фесафдзӕн. Йегъовӕйы зондджын уынаффӕтӕм чи хъусы, уыдоныл та сӕххӕст уыдзысты ацы ныхӕстӕ: «Мӕнмӕ чи хъусы, уый... цӕрдзӕн ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн» (Ӕмб. 1:33).

ӔЦӔГ ЗОНД СТЫР ӔХХУЫС У ЦАРДЫ

Ӕмбырды дзуапп куы фӕдӕттӕм, уӕд Йегъовӕмӕ баввахсдӕр вӕййӕм (кӕс 15 абзац)

14, 15. Ӕмбисӕндтӕ 4:23 стихӕй цы ис базонӕн?

14 Хуыцауы зондмӕ куы фӕхъусӕм, уӕд нын уый алкӕддӕр стыр ӕххуыс фӕвӕййы. Куыд загътам, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ уынаффӕтӕ никӕмӕн ӕвгъау кӕны. Ӕмӕ сты ӕнцон ссарӕн. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты чиныджы ссарӕн ис, чи нын баххуыс кӕндзӕн, бирӕ ахӕм уынаффӕтӕ. Уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ цард хуыздӕрырдӕм аивдзӕн. Цыппар уынаффӕмӕ дзы ӕркӕсӕм.

15 Дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕн. Библи зӕгъы: «Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ уым гуырынц царды суадӕттӕ» (Ӕмб. 4:23). Ахъуыды-ма кӕн, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хорз куса. Хъуамӕ хӕрӕм пайда хӕринӕгтӕ, кӕнӕм упражненитӕ, не уӕнгтӕ-иу айвазӕм ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйӕн зиан чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм. Афтӕ хъахъхъӕнӕм нӕ зӕрдӕ ахӕсгӕ хуызы дӕр. Алы бон дӕр нӕхи ӕфсадӕм Хуыцауы Ныхасӕй. Стӕй ӕмбырдтӕм цӕуӕм, нӕхи сӕм цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ дзы дзуапп дӕттӕм. Ӕдзух ма хъусын дӕр кӕнӕм – уый нын у упражнениты хуызӕн. Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй ма фӕцахуыр уӕм, нӕ зӕрдӕйӕн зиан чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл. Уый тыххӕй нӕ фӕхъӕуы, нӕ зонд цӕмӕй фӕчъизи уыдзӕн, ахӕм цӕмӕйдӕрты нӕхи хизын, зӕгъӕм, ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй.

Ӕхцатӕм раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд, цы нӕм ис, уымӕй райгонд уыдзыстӕм (кӕс 16 абзац)

16. Ӕмбисӕндты 23:4, 5 стихты цы уынаффӕ ис, уый нын абон стыр ӕххуыс цӕмӕн у?

16 Цы дӕм ис, уымӕй райгонд у. Библийы ис хорз уынаффӕ: «Хъӕздыгдзинад скӕныны тыххӕй ма фыдӕбон кӕн. [...] Хъӕздыгдзинад куы ницы у, уӕд ӕм цы кӕсыс? Уый йӕхицӕн цӕргӕсы базыртӕ акӕндзӕн ӕмӕ арвы бӕрзӕндмӕ атӕхдзӕн» (Ӕмб. 23:4, 5). Гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йӕ хъӕздыгдзинад ӕмӕ йе ’хцатӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фесафа. Фӕлӕ абон иууылдӕр – хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй – ӕхцайыл систы. Уый тыххӕй арӕх ахӕм цыдӕртӕ саразынц, ӕмӕ сӕ ном фӕчъизи вӕййы, иннӕтимӕ хӕларӕй нал фӕцӕрынц ӕмӕ суанг се ’нӕниздзинад дӕр фӕцуды (Ӕмб. 28:20; 1 Тим. 6:9, 10). Ӕцӕг зонд та нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕхцатӕм раст цӕстӕй кӕсӕм. Уый фӕрцы зыд нӕ кӕндзыстӕм, цы нӕм ис, уый фагыл нымайдзыстӕм ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (Еккл. 7:12).

Исты зӕгъыны размӕ-иу куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ ныхӕстӕй никӕй зӕрдӕ фӕриссын кӕндзыстӕм (кӕс 17 абзац)

17. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын «зондджыны ӕвзаг» уа? (Ӕмбисӕндтӕ 12:18).

17 Исты зӕгъыны размӕ-иу ахъуыды кӕн. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ныхӕстӕй искӕй зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм. Библийы фыст ис: «Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау, зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос» (Ӕмб. 12:18). Кӕйдӕр хъӕндзинӕдты кой иннӕтӕн куы нӕ кӕнӕм, уӕд, не ’хсӕн цы фарн ис, уый бахъахъхъӕндзыстӕм (Ӕмб. 20:19). Цӕмӕй-иу нӕ ныхӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ма скъахӕм, фӕлӕ-иу ын ӕвдадзы хос фӕуой, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдӕ йедзаг кӕнӕм, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕй (Лук. 6:45). Библийыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ныхӕстӕ уыдзысты «зонды суадоны» хуызӕн, ӕмӕ-иу иннӕты тыхтӕ бауадздзысты (Ӕмб. 18:4).

Нӕ организацийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзыстӕм (кӕс 18 абзац)

18. Ӕмбисӕндты 24:6 стихы цы уынаффӕ ис, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм?

18 Разамындмӕ хъус. Библийы ис ахӕм уынаффӕ: «Искӕимӕ куы хӕцай, уӕд агур хорз разамынд. Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ куы уа, уӕд уый у ирвӕзындзинад» (Ӕмб. 24:6). Ацы уынаффӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм? Иннӕтӕн хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд фӕархайӕм, цы амындтӕ нын раттынц, уыдонмӕ гӕсгӕ, нӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ нӕ, фӕлӕ. Хорз амындтӕ нын дӕттынц ӕмбырдты. Уым нын вӕййы бирӕ фӕлтӕрдджын «уынаффӕгӕнджытӕ». Кӕмӕндӕрты сӕ вӕййы раныхӕстӕ, кӕмӕндӕрты – равдыстытӕ. Ӕмӕ се ’ппӕтӕй дӕр нӕ бон у ахуыр кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы организаци уадзы алыхуызон публикацитӕ ӕмӕ видеороликтӕ. Уыдон адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Библи ӕмбарой. Ды та архайыс, цӕмӕй уыцы кусӕнгӕрзтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнай?

19. Йегъовӕ цы зонд дӕтты, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? (Ӕмбисӕндтӕ 3:13–18).

19 Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:13–18. Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, йӕ Ныхасы нын бирӕ хорз уынаффӕтӕ кӕй радта, уый тыххӕй! Ӕнӕ уыдонӕй куыд кӕниккам. Ацы статьяйы ӕркастыстӕм цалдӕр хорз уынаффӕмӕ Ӕмбисӕндты чиныгӕй. Фӕлӕ ӕнӕхъӕн Библийы дӕр ахӕм уынаффӕтӕ тынг бирӕ ис. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр архайӕм, Йегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы зондмӕ гӕсгӕ! Адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы зондӕн нӕ аргъ кӕнынц. Фӕлӕ мах уыдонмӕ нӕ кӕсӕм. Мах фидарӕй зонӕм: зондыл «фидар чи хӕцы, уыдоны схондзысты амондджын».

36 ЗАРӔГ Нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм

a Йегъовӕ цы зонд дӕтты, уый бирӕ хуыздӕр у ацы дунейы цыфӕнды куырыхон зондӕй дӕр. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Ӕмбисӕндты чиныгӕй иу цымыдисаг абарстмӕ – зонд горӕты фӕзты хъӕр кӕны. Аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зондджын уӕм, иуӕй-иутӕ Хуыцауы зондмӕ цӕуылнӕ байхъусынц ӕмӕ, йӕ зондмӕ куы хъусӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн.