39 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Дӕ ном «царды чиныджы» ис?
«Йегъовӕйӕ чи тӕрсы... уыдоны тыххӕй йӕ разы фыст цыд зӕрдылдарӕн чиныг» (МАЛ. 3:16).
61 ЗАРӔГ Размӕ, Ӕвдисӕнтӕ!
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Малахи 3:16 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цавӕр чиныг фыссы ӕмӕ дзы цы фыссы?
МИНГАЙ азты дӕргъы Йегъовӕ фыссы иу диссаджы чиныг. Уыцы чиныджы фыст цӕуынц адӕмы нӕмттӕ. Ӕппӕты фыццаг дзы фыст ӕрцыд фыццаг иузӕрдион ӕвдисӕны ном, Авелы ном (Лук. 11:50, 51) *. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дзы Йегъовӕ ныффыста бирӕ кӕйдӕрты нӕмттӕ, ӕмӕ дзы абон ис милуангай нӕмттӕ. Библи ацы чиныг хоны «зӕрдылдарӕн чиныг», «царды чиныг» ӕмӕ «царды тыхтон». Ацы статьяйы йӕ хондзыстӕм «царды чиныг». (Бакӕс Малахийы 3:16; Рарг. 3:5; 17:8.)
2. Царды чиныджы кӕй нӕмттӕ сты фыст ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй дзы махӕн дӕр нӕ ном фыст ӕрцӕуа?
2 Уыцы диссаджы чиныджы фыст сты, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, ома йӕ чи нымайы, стӕй йын йӕ номӕн чи аргъ кӕны, уыцы адӕмы нӕмттӕ. Уыдонӕн ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Цӕмӕй махӕн дӕр нӕ ном уыцы чиныджы фыст ӕрцӕуа, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? Хъуамӕ Йегъовӕмӕ баввахс уӕм йӕ Фырт Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы ӕмӕ нӕ Хӕлар суа (Иоан. 3:16, 36). Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ уыцы чиныджы фыст ӕрцӕуой, уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс.
3, 4. а) Кӕд нӕ нӕмттӕ ныртӕккӕ царды чиныджы фыст сты, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнӕмӕнг схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн. б) Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
3 Кӕд нӕ нӕмттӕ ныртӕккӕ царды чиныджы фыст сты, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнӕмӕнг схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй? Дзуапп ис Рацыды 32:33 стихы. Уым фыст сты, Йегъовӕ Моисейӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Ӕз мӕ чиныгӕй сыхалдзынӕн, мӕ разы тӕригъӕд чи ракодта, уый ном». Уӕдӕ ныртӕккӕ уыцы чиныджы цы нӕмттӕ ис фыст, уыдон ис сыхалӕн, цыма кърандасӕй фыст сты, афтӕ (Рарг. 3:5). Мах хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ уыцы чиныджы баззайой, цалынмӕ сӕ Йегъовӕ «ручкӕйӕ» нӕ ныффысса, уӕдмӕ.
4 Адӕймагмӕ, гӕнӕн ис, фӕзына ахӕм фарстатӕ: «Библийы цы фыст ис, царды чиныджы кӕй нӕмттӕ ис ӕмӕ дзы кӕй нӕмттӕ нӕй, уыдоны тыххӕй? Уыцы чиныджы кӕй нӕмттӕ баззайой, уыдон ӕнусон цардӕй кӕд схайджын уыдзысты? Йегъовӕйы базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд ӕмӕ афтӕмӕй чи амард, уыдонӕн та сӕ хабар куыд уыдзӕн? Уый гӕнӕн уыдзӕн, цӕмӕй уыдонӕн дӕр сӕ нӕмттӕ уыцы чиныджы фыст ӕрцӕуой?» Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ ссардзыстӕм ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяйы.
ЦАРДЫ ЧИНЫДЖЫ КӔЙ НӔМТТӔ СТЫ ФЫСТ?
5, 6. а) Филиппӕгтӕм 4:3 стихмӕ гӕсгӕ, царды чиныджы кӕй нӕмттӕ ис? б) Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы ӕнустӕм фыст кӕд ӕрцӕудзысты?
5 Царды чиныджы кӕй нӕмттӕ ис? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй аныхас кӕндзыстӕм фондз алыхуызон къордыл. Уыдонӕй иуты нӕмттӕ сты царды чиныджы, иннӕты нӕмттӕ та – нӕ.
6 Фыццаг къордмӕ хауынц, Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон. Цымӕ ныртӕккӕ сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст сты? Апостол Павел Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕм цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ гӕсгӕ, сӕрст чырыстӕтты нӕмттӕ ныртӕккӕ фыст сты царды чиныджы. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:3.) Фӕлӕ сын цӕмӕй Йегъовӕ сӕ нӕмттӕ уыцы чиныгӕй ма сыхала, уый тыххӕй хъуамӕ иузӕрдионӕй баззайой. Сӕ мӕлӕты размӕ кӕнӕ стыр бӕллӕхы размӕ сыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уӕд сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕудзысты ӕнустӕм (Рарг. 7:3).
7. Ӕндӕр фыстӕй чи сты, уыцы тынг бирӕ адӕмы нӕмттӕ царды чиныджы ӕнустӕм фыст кӕд ӕрцӕудзысты, уый бамбарынӕн нын Раргомад 7:16, 17 стихтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?
7 Дыккаг къордмӕ хауынц, ӕндӕр фыстӕй чи сты, уыцы тынг бирӕ адӕм. Сӕ нӕмттӕ ныртӕккӕ царды чиныджы фыст сты? Сты. Ӕмӕ Армагеддоны сӕрты куы ахизой, уӕд дӕр дзы сӕ нӕмттӕ уыдзысты? Уыдзысты (Рарг. 7:14). Йесо загъта, уыцы адӕм «ӕнустӕм [кӕй] цӕрдзысты» (Матф. 25:46). Фӕлӕ, Армагеддоны сӕрты чи ахиздзӕн, уыдон ӕнусон цардӕй уайтагъд не схайджын уыдзысты. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы нырма фыст уыдзысты «кърандасӕй». Миназон хицаудзинады рӕстӕг сӕ Йесо «хиздзӕн ӕмӕ сӕ кӕндзӕн царды суадӕттӕм». Чырыстийы разамындмӕ чи хъуса ӕмӕ фӕстаг фӕлварӕны Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдоны нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕудзысты ӕнустӕм. (Бакӕс Раргомад 7:16, 17.)
8. Царды чиныджы кӕй нӕмттӕ нӕй ӕмӕ сӕ хабар куыд уыдзӕн?
8 Ӕртыккаг къордмӕ хауынц сӕгътӕ – Армагеддоны сӕфт чи ’рцӕудзӕн, уыцы адӕм. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы не сты. Йесо загъта, уыдон «ӕнустӕм [кӕй] фесӕфдзысты» (Матф. 25:46). Апостол Павел дӕр загъта: «Уыцы адӕмӕн хаст ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм фесафыны тӕрхон» (2 Фес. 1:9; 2 Пет. 2:9). Афтӕ уыдзӕн сӕ хабар, адӕм кӕдӕй сты, уӕдӕй зонгӕ-зонын сыгъдӕг тыхы ныхмӕ тӕригъӕд чи арӕзта, уыцы адӕмӕн дӕр. Уыдон нӕ райгас уыдзысты ӕмӕ ӕнусон цардӕй не схайджын уыдзысты (Матф. 12:32; Мар. 3:28, 29; Дзут. 6:4–6). Ныр та аныхас кӕндзыстӕм, зӕххыл чи райгас уыдзӕн, уыцы дыууӕ къордыл.
ЧИ РАЙГАС УЫДЗӔН?
9. Хъуыддӕгтӕ 24:15 стихмӕ гӕсгӕ, зӕххыл цавӕр дыууӕ къорды райгас уыдзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
9 Библийы фыст ис, кӕй райгас уыдзысты «рӕстгӕнджытӕ» ӕмӕ «фыдгӕнджытӕ». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 24:15.) Уыцы дыууӕ къордӕн уыдзӕн ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс. «Рӕстгӕнджытӕ» сты, йӕ удӕгасӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдон. «Фыдгӕнджытӕ» та сты, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыдон. «Фыдгӕнджытӕ» уымӕн хуыйнынц, ӕмӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цардысты. «Рӕстгӕнджытӕ» дӕр ӕмӕ «фыдгӕнджытӕ» дӕр кӕй райгас уыдзысты, уый, мыййаг, афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст сты? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй дыууӕ къордыл дӕр хицӕнӕй аныхас кӕнӕм.
10. Йегъовӕ «рӕстгӕнджыты» цӕмӕн райгас кӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕмӕдӕрты цавӕр кад ӕрхаудзӕн? (Зӕххыл чи райгас уыдзӕн, уый тыххӕй ноджыдӕр кӕс ацы номыры «Кӕсджыты фарстаты».)
10 Цыппӕрӕм къорд сты «рӕстгӕнджытӕ». Нырма ӕгас куы уыдысты, уӕд сӕ нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты царды чиныджы. Фӕлӕ куы амардысты, уӕд сын цымӕ Йегъовӕ сӕ нӕмттӕ уыцы чиныгӕй сыхӕлдта? Нӕ сыхӕлдта. Йегъовӕ сӕ хъуыды кӕны. Уый «мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ уымӕн иууылдӕр удӕгас сты» (Лук. 20:38). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, рӕстгӕнджытӕ зӕххыл куы райгас уой, уӕд сӕ нӕмттӕ уыдзысты царды чиныджы, кӕд нырма «кърандасӕй» фыст уыдзысты, уӕддӕр (Лук. 14:14). Уыдонӕй кӕмӕдӕрты ахӕм кад ӕрхаудзӕн, ӕмӕ уыдзысты «кънйӕзтӕ ӕгас зӕххыл» (Пс. 45:16).
11. «Фыдгӕнджыты» цӕуыл хъӕудзӕн сахуыр кӕнын, цӕмӕй сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой?
11 Фӕндзӕм къорд та сты «фыдгӕнджытӕ». Уыдон, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы закъӕттӕ нӕ зыдтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ рӕстӕй нӕ цардысты. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст не ’рцыдысты. Фӕлӕ сӕ Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн, уый фӕрцы сын уыдзӕн фадат, цӕмӕй ӕппынфӕстаг сӕ нӕмттӕ уыцы чиныджы фыст ӕрцӕуой. Уыцы «фыдгӕнджытӕн» хъӕудзӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты баххуыс кӕнын. Зӕронд дунейы цӕргӕйӕ сӕ чидӕртӕ кодтой амӕй-ай ӕвзӕрдӕр хъуыддӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын хъӕудзӕн амонын, Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куыд хъӕуы, уый. Хуыцауы Паддзахады разамындӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы ахуыр кӕндзыстӕм. Уӕд цы стыр ӕмӕ цы диссаджы куыст кӕндзыстӕм, ахӕм куыст уый размӕ никуыма кодтам!
12. а) «Фыдгӕнджыты» чи ахуыр кӕндзӕн? б) Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ бафӕнда, уыдонӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн?
12 «Фыдгӕнджыты» чи ахуыр кӕндзӕн? Тынг бирӕ адӕм ӕмӕ, чи райгас уыдзӕн, уыцы рӕстгӕнджытӕ. Цӕмӕй, «фыдгӕнджытӕм» чи хауы, уыдоны нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой, уый тыххӕй сӕ хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ йын сӕхи снывонд кӕной. Йесо Чырысти ӕмӕ иннӕ тӕрхонгӕнджытӕ уӕлӕрвтӕй лӕмбынӕг кӕсдзысты, уыцы «фыдгӕнджытӕ», цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ цӕрынц ӕви нӕ (Рарг. 20:4). Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ бафӕнда, уый сӕфт ӕрцӕудзӕн, суанг ыл 100 азы куы цӕуа, уӕд дӕр (Ис. 65:20). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уынынц зӕрдӕтӕ, ӕмӕ никӕй бауадздзысты, цӕмӕй ног дунейы зиан хӕссой (Ис. 11:9; 60:18; 65:25; Иоан. 2:25).
РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ ЦӔРЫНӔН ӔМӔ ТӔРХОН БАЙЙАФЫНӔН
13, 14. а) Иоанны 5:29 стихы ныхӕстӕ раздӕр куыд ӕмбӕрстам? б) Цӕмӕй ацы ныхӕстӕ раст ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ нӕ хъус цӕмӕ хъӕуы ӕрдарын?
13 Йесо дӕр дзырдта, зӕххыл чи райгас уыдзӕн, уыдоны тыххӕй. Уый загъта: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты: хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон райгас уыдзысты цӕрынӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон та – тӕрхон баййафынӕн» (Иоан. 5:28, 29). Йесойы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?
14 Раздӕр афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕ хауынц, чи райгас уыдзӕн, уыдон уый фӕстӕ цы араздзысты, уымӕ. Ома, дам, иутӕ, куы райгас уой, уӕд хорз хъуыддӕгтӕ кӕндзысты, иннӕтӕ та фыдхъуыддӕгтӕ кӕндзысты. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар: Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдон кӕндзысты хорз хъуыддӕгтӕ кӕнӕ кӕндзысты фыдхъуыддӕгтӕ. Уый мивдисджытӕ загъта ивгъуыд афоны: «хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта» ӕмӕ «фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта». Уыцы хъуыддӕгтӕ кодтой, цалынмӕ нӕ амардысты, уӕдмӕ. Ӕмӕ ацы хъуыды растдӕр у, уымӕн ӕмӕ ног дунейы уый бар никӕмӕн уыдзӕн, цӕмӕй фыдхъуыддӕгтӕ кӕна. Уӕд ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, иутӕ «райгас уыдзысты цӕрынӕн», иннӕтӕ та – «тӕрхон баййафынӕн», куыд ӕмбаргӕ сты?
15. «Цӕрынӕн» чи райгас уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕн?
15 Хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон, ома рӕстгӕнджытӕ, куы райгас уой, уӕд сӕ нӕмттӕ уыдзысты царды чиныджы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдон «райгас уыдзысты цӕрынӕн». Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ, «хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдоны» райгасдзинад ӕмӕ, Хъуыддӕгты 24:15 стихы кӕй кой ис, уыцы «рӕстгӕнджыты» райгасдзинад иу цӕмӕдӕр амонынц. Ромӕгтӕм 6:7 стихы фыст ис: «Чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар». Чи амард, уыцы рӕстгӕнджытӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, куы амардысты, уӕд, фӕлӕ сын сӕ иузӕрдиондзинад та Йегъовӕ нӕ ферох кодта. Уымӕ гӕсгӕ сӕ нӕмттӕ уӕддӕр уыдзысты царды чиныджы (Дзут. 6:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, куы райгас уой, уӕд сӕ дарддӕр дӕр хъӕудзӕн архайын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уой. Ӕмӕ уӕд сӕ нӕмттӕ царды чиныджы баззайдзысты.
16. Фыдгӕнджытӕ «тӕрхон баййафынӕн» кӕй райгас уыдзысты, уый куыд ӕмбаргӕ у?
16 Фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Кӕд сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, куы амардысты, уӕд, уӕддӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ нӕ уыдысты. Ӕмӕ сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст не сты. Уӕдӕ, «фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдоны» райгасдзинад ӕмӕ, Хъуыддӕгты 24:15 стихы кӕй кой ис, уыцы «фыдгӕнджыты» райгасдзинад иу цӕмӕдӕр амонынц. Уыдон райгас уыдзысты «тӕрхон баййафынӕн», ома сӕм Йесо йӕ хъус дардзӕн ӕмӕ кӕсдзӕн, цы араздзысты, уымӕ (Лук. 22:30) *. Бахъӕудзӕн рӕстӕг, цӕмӕй Йесо уынаффӕ рахӕсса, уый аккаг сты ӕви нӕ, цӕмӕй сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн уыдзӕн, сӕ раздӕры ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзой ӕмӕ сӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕной, ӕрмӕстдӕр уӕд.
17, 18. Зӕххыл чи райгас уыдзӕн, уыдоны се ’ппӕты дӕр цы хъӕудзӕн аразын ӕмӕ, Раргомады 20:12, 13 стихты цы «хъуыддӕгты» кой ис, уыдон цӕмӕ амонынц?
17 Уӕлдай нӕу, чи райгас уыдзӕн, уый раздӕр рӕстгӕнӕг уыд ӕви фыдгӕнӕг. Се ’ппӕты дӕр хъӕудзӕн, ног тыхтӕтты чи уыдзӕн, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. Уыцы тыхтӕттӕ байгом уыдзысты Миназон хицаудзинады рӕстӕг. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны цы федта, уый тыххӕй ныффыста: «Федтон мӕрдты дӕр, номдзыдты ӕмӕ хуымӕтӕгты, паддзахбадӕны раз лӕугӕ, ӕмӕ тыхтӕттӕ байгом сты. Байгом ма ӕндӕр тыхтон дӕр – царды тыхтон. Ӕмӕ мӕрдтӕ тӕрхонгонд цыдысты, тыхтӕтты сӕ кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ уыд фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ» (Рарг. 20:12, 13).
18 Чи райгас уыдзӕн, уыдон цавӕр «хъуыддӕгтӕм» гӕсгӕ цӕудзысты тӕрхонгонд? Раздӕр, зӕронд дунейы цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдонмӕ гӕсгӕ? Нӕ. Куыд загътам, афтӕмӕй сӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, куы амардысты, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ацы ран сӕ «хъуыддӕгтӕ» сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм нӕ амонынц, фӕлӕ амонынц, ног дунейы цӕуыл сахуыр уой, уымӕ гӕсгӕ архайдзысты ӕви нӕ, уымӕ. Суанг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дӕр, зӕгъӕм, Нойы, Самуилы, Давиды ӕмӕ Данелы, хъӕудзӕн Йесо Чырыстийы тыххӕй базонын ӕмӕ, йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл баууӕндын. Уӕдӕ фыдгӕнджыты та ноджы фылдӕр цыдӕртӕ хъӕудзӕн базонын!
19. Кӕй нӕ бафӕнда, цӕмӕй сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой, уыдонӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн?
19 Фӕлӕ кӕй нӕ бафӕнда, цӕмӕй сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой, уыдонӕн та сӕ хабар куыд уыдзӕн? Раргомады 20:15 стихы фыст ис: «Царды чиныджы фыст чи нӕ уыд, уыдон... ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады». Уыдон ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты. Уӕдӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой ӕмӕ уым баззайой!
20. Миназон хицаудзинады рӕстӕг цавӕр диссаджы куыст кӕндзыстӕм? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)
20 Миназон хицаудзинады рӕстӕг цас диссаджы хабӕрттӕ цӕудзӕн! Уыйбӕрц адӕмы хъӕудзӕн ахуыр кӕнын, ӕмӕ диссаг! Стӕй уыцы рӕстӕг Йесо ӕмӕ иннӕ тӕрхонгӕнджытӕ уӕлӕрвтӕй лӕмбынӕг кӕсдзысты, «рӕстгӕнджытӕ» дӕр ӕмӕ «фыдгӕнджытӕ» дӕр цы хъуыддӕгтӕ араздзысты, уымӕ (Ис. 26:9; Хъуыд. 17:31). Фӕлӕ цымӕ адӕмы куыд ахуыр кӕндзыстӕм? Иннӕ статьяйы фӕрцы ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм. Стӕй ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, цы диссаджы куыст нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.
147 ЗАРӔГ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд – ӕнусон цард
^ Иоанны 5:28, 29 стихты Йесо загъта, чидӕртӕ кӕй «райгас уыдзысты цӕрынӕн», чидӕртӕ та – «тӕрхон баййафынӕн». Ацы ныхӕстӕ ныр ӕндӕрхуызон ӕмбарӕм. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, «цӕрынӕн» чи райгас уыдзӕн ӕмӕ «тӕрхон баййафынӕн» чи райгас уыдзӕн, уый тыххӕй.
^ Уыцы чиныг фыст цӕуы «дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ», ома, Чырыстийы нывонды фӕрцы тӕригъӕдӕй балхӕнӕн кӕй ис, уыцы адӕмы дунейы фӕзындӕй (Матф. 25:34; Рарг. 17:8). Куыд зыны, афтӕмӕй царды чиныджы фыццаг фыст ӕрцыд рӕстгӕнӕг Авелы ном.
^ Раздӕр ӕй афтӕ ӕмбарын кодтам, зӕгъгӕ, ацы ран дзырд «тӕрхон» амоны «стӕрхон кӕнын», «аххосджыныл банымайын» кӕнӕ «фыдгӕнӕгыл банымайын». Ӕмӕ йын ахӕм нысаниуӕг дӕр вӕййы. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй ацы ран Йесо тӕрхон рахӕссыны кой нӕ кодта. Йӕ ныхӕстӕ амонынц «цавӕрдӕр хъуыддаг ӕвзарын». Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ та амонынц «чидӕр йӕхи куыд дары, уымӕ лӕмбынӕг кӕсын».