Кӕсджыты фарстатӕ
Зӕххыл чи райгас уыдзӕн ӕмӕ сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?
Фенӕм, Библи ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп дӕтты.
Хъуыддӕгты 24:15 стихы фыст ис, «кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр». «Рӕстгӕнджытӕ» сты, сӕ удӕгасӕй Хуыцауы коммӕ чи каст, уыцы адӕм. Уыдонӕн сӕ нӕмттӕ фыст сты царды чиныджы (Мал. 3:16). «Фыдгӕнджытӕ» та сты, сӕ удӕгасӕй Йегъовӕйы базонынӕн фаг фадӕттӕ кӕмӕн нӕ уыд, уыдон. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст не сты.
Иоанны 5:28, 29 стихты дӕр ис, Хъуыддӕгты 24:15 стихы кӕй кой ис, уыцы дыууӕ къорды кой. Йесо загъта, зӕгъгӕ, «хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон райгас уыдзысты цӕрынӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон та – тӕрхон баййафынӕн». Рӕстгӕнджытӕ сӕ удӕгасӕй кодтой хорз хъуыддӕгтӕ. Уыдон райгас уыдзысты цӕрынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕмттӕ уыдзысты царды чиныджы. Фыдгӕнджытӕ та сӕ удӕгасӕй кодтой фыдхъуыддӕгтӕ. Уыдон райгас уыдзысты тӕрхон баййафынӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст нӕма сты. Ӕмӕ сӕм Йесо ӕмӕ иннӕ тӕрхонгӕнджытӕ сӕ хъус дардзысты ӕмӕ кӕсдзысты, цы аразынц, уымӕ. Уыцы рӕстӕг сын фӕзындзӕн фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст ӕрцӕуой.
Раргомад 20:12, 13 стихтӕ ӕмбарын кӕнынц, чи райгас уыдзӕн, уыдоны се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕудзӕн ӕххӕст кӕнын, «тыхтӕтты» цы фыст ис, уыдӕттӕ, ома нын ног дунейы Хуыцау цы ног закъӕттӕ ратдзӕн, уыдон. Уыцы закъӕттӕ чи не ’ххӕст кӕна, уыдоны фесафдзӕн (Ис. 65:20).
Данелы 12:2 стихы фыст ис, чи амард, уыдонӕй бирӕтӕ кӕй «райхъал уыдзысты – иутӕ ӕнустӕм цӕрынӕн, иннӕтӕ та ӕгады ном хӕссынӕн, ӕмӕ уыдон ӕнустӕм уыдзысты ӕлгъаг». Ацы стихӕй базонӕн ис, чи райгас уыдзӕн, уыдонмӕ фӕстагмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. 1 000 азы куы фӕуой, уӕд иутӕ ӕнустӕм цӕрдзысты, иннӕтӕ та «ӕнустӕм уыдзысты ӕлгъаг», ома ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты (Рарг. 20:15; 21:3, 4).
Чи райгас уыдзӕн, уыцы дыууӕ къорды абарӕн ис, ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ’рцыд ӕмӕ уым баззайын кӕй фӕнды, уыцы фӕсарӕйнӕгтимӕ. Рӕстгӕнджыты абарӕн ис, визӕ куысты фӕдыл кӕнӕ бирӕ рӕстӕгмӕ кӕмӕн раттынц, ахӕм адӕймӕгтимӕ. Уыдонӕн вӕййы, уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕн цы бартӕ ис, уыцы бартӕй кӕцыдӕртӕ. Фыдгӕнджытӕ та сты, рӕстӕгмӕ визӕ кӕнӕ уазӕджы визӕ кӕмӕн раттынц, ахӕм адӕймӕгты хуызӕн. Цӕмӕй сын уыцы бӕстӕйы дарддӕр баззайыны бар раттой, уый тыххӕй хъуамӕ равдисой, уыцы бӕстӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрынмӕ цӕттӕ кӕй сты. Раст афтӕ, чи райгас уыдзӕн, уыцы фыдгӕнджыты дӕр хъӕудзӕн Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ равдисын, рӕстӕй цӕрын сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй дзӕнӕты баззайой. Адӕймагмӕ цавӕрфӕнды визӕ ма уа,– гӕнӕн ис, кӕнӕ йын гражданство раттой, кӕнӕ йӕ бӕстӕйӕ рарвитой. Уый кӕнгӕ уыдзӕн, уыцы бӕстӕйы йӕхи куыд дары ӕмӕ куыд цӕры, уымӕй. Афтӕ уыдзӕн, чи райгас уыдзӕн, уыдоны хабар дӕр. Ног дунейы баззайдзысты ӕви нӕ, уый кӕнгӕ уыдзӕн, уым сӕхи куыд дардзысты ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзысты ӕви нӕ, уымӕй.
Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, фӕлӕ ма уыимӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон дӕр (Дык. з. 32:4; Пс. 33:5). «Рӕстгӕнджыты» дӕр ӕмӕ «фыдгӕнджыты» дӕр кӕй райгас кӕндзӕн, уымӕй равдисдзӕн йӕ уарзондзинад. Фӕлӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕрой, уый дзы рох нӕ уыдзӕн. Чи йӕ бауарза ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ чи цӕра, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ратдзӕн бар, цӕмӕй ӕнустӕм ног дунейы баззайой.