Кӕсджыты фарстатӕ
Апостол Павел йӕхицӕй афтӕ куы загъта, «афонӕй раздӕр райгуырдтӕн», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? (1 Коринфӕгтӕм 15:8).
1 Коринфӕгтӕм 15:8 стихы кӕсӕм Павелы ныхӕстӕ: «Ӕппӕты фӕстаг та фӕзынд мӕнмӕ, цыма афонӕй раздӕр райгуырдтӕн, афтӕ». Раздӕр ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын кодтам, зӕгъгӕ, Павел, ӕвӕццӕгӕн, кодта, цӕстылуайӕны Йесойы йӕ уӕларвон кады кӕй федта, уый кой. Уый, дам, афтӕ уыд, цыма йӕм ахӕм кад ӕрхауд, цӕмӕй райгуыра, кӕнӕ райгас уа, уӕларвон цардмӕ афонӕй раздӕр – сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон цардмӕ ӕгас кӕнын куы райдыдтой, уымӕй бирӕ ӕнустӕ раздӕр. Фӕлӕ ацы стих лӕмбынӕгдӕр куы раиртӕстам, уӕд бамбӕрстам, ӕндӕрхуызон ӕй кӕй хъӕуы ӕмбарын.
Ам Павел ӕцӕгдӕр кӕны, Йесо йӕм цӕстылуайӕны куы фӕзынд ӕмӕ Павел чырыстон куы сси, уый кой. Фӕлӕ куыд ӕмбаргӕ сты йӕ ныхӕстӕ, «афонӕй раздӕр райгуырдтӕн», зӕгъгӕ? Ис сӕ цалдӕр хуызы бамбарӕн.
Чырыстон сси ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ уыцы хабарӕй арвы цӕфау фӕци. Сывӕллон афонӕй раздӕр куы райгуыры, уӕд уый ныййарджытӕн ӕнӕнхъӕлӕджы вӕййы. Павел (уӕд хуынди Савл) Дамаскмӕ чырыстӕтты бафхӕрынмӕ куы ацыд, уӕд уый ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ цӕстылуайӕны фендзӕн, чи райгас, уыцы Йесойы. Чырыстон кӕй сси, уый ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрмӕст йӕхицӕн нӕ уыд, фӕлӕ уыцы горӕты цӕрӕг чырыстӕттӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай, уыцы хабарӕй арвы цӕфау фӕци. Иуцасдӕр цӕстӕй дӕр нал уыдта (Хъуыд. 9:1–9, 17–19).
Чырыстон йӕ афоныл не сси. Дзырдбастӕй «афонӕй раздӕр райгуырдтӕн» цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр – «йӕ афоныл нӕ райгуырдтӕн». Зӕгъӕм, «Иерусалимаг Библийы» ацы ныхӕстӕ афтӕ тӕлмац сты: «Цыма райгуырдтӕн, уый ӕнхъӕл куы ничи уыд, уӕд» (The Jerusalem Bible). Павел чырыстон сси, Йесо уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уый фӕстӕ. 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕры гыццыл раздӕр кӕй кой кӕны, уыдон Йесойы федтой, уӕлӕрвтӕм куы нӕма аздӕхт, уӕд. Фӕлӕ йӕ Павел уӕд нӕ федта (1 Кор. 15:4–8). Ӕмӕ йӕм Йесо ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕзынд, уӕд ын уыцы фадат фӕзынд, кӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ уый йӕ афоныл нӕ уыд, уӕддӕр.
Уымӕй равдыста, бонзонгӕ кӕй уыд. Иуӕй-иу библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павел цы ныхас загъта, уый у ӕфхӕрӕн ныхасы хуызӕн. Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд уымӕй Павелы зӕгъын фӕндыд, ахӕм стыр кады аккаг кӕй нӕ уыд. Зӕгъӕм, уый фӕстӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрдтон Хуыцауы ӕмбырд. Фӕлӕ мыл ацы хӕс ис Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы» (1 Кор. 15:9, 10).
Уӕдӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Павелы ныхӕстӕ амонынц, Йесо йӕм ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй фӕзынд, уымӕ кӕнӕ, чырыстон йӕ афоныл кӕй не сси, уымӕ, йе та уый аккаг кӕй нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм диссаджы цӕстылуайӕн фена. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ цӕмӕфӕнды ма амоной,– бӕрӕг у, Йесо йӕм кӕй фӕзынд, уымӕн тынг кӕй аргъ кодта. Уый фӕрцы фидарӕй баууӕндыд, Йесо кӕй райгас, ууыл. Ӕмӕ йыл цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ радзырдта, иннӕтӕн-иу, Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй куы хъусын кодта, уӕд (Хъуыд. 22:6–11; 26:13–18).