38 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ӕууӕнкджын у
«Фыдкой кӕнын чи уарзы, уый иннӕты сусӕг ныхас радзуры, иузӕрдион [кӕнӕ ӕууӕнкджын] чи у, уый та йӕ нӕ рахъӕр кӕны» (ӔМБ. 11:13).
101 ЗАРӔГ Иумӕ лӕггад кӕнӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Куыд ис базонӕн, адӕймаг ӕууӕнкджын у ӕви нӕ?
ӔУУӔНКДЖЫН адӕймаг йӕ ныхасӕн вӕййы хицау ӕмӕ сайгӕ нӕ фӕкӕны (Пс. 15:4). Иннӕтӕ фӕзонынц, сӕ бон ыл кӕй у сӕ зӕрдӕ дарын. Мах фӕнды, цӕмӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты цӕсты, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймӕгтӕ уӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?
2. Цы хъӕуы, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой?
2 Нӕ бон нӕу иннӕтӕй домын, цӕмӕй ныл ӕууӕндой. Хъуамӕ хъуыддагӕй равдисӕм, ӕууӕндӕн ныл кӕй ис. Ӕууӕнк, дам, у ӕхцайы хуызӕн: йӕ бакусын зын у, йӕ фесафын та – ӕнцон. Йегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис, уый. Уымӕн «йӕ алы хъуыддагыл дӕр ис ӕууӕндӕн», ӕмӕ нын не ’ууӕнк никуы фӕсайдзӕн (Пс. 33:4). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм (Еф. 5:1). Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты цӕвиттонтӕм. Уыдон дӕр сӕ уӕларвон Фыды хуызӕн уыдысты ӕууӕнкджын. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, цавӕр фондз миниуӕджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ныл ӕууӕндӕн уа.
АХУЫР КӔН ӔУУӔНКДЖЫН ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔЙ
3, 4. Пехуымпар Данел куыд равдыста, ӕууӕнкджын кӕй у, ӕмӕ мах дӕр цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?
3 Пехуымпар Данел алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕууӕнкджын. Вавилойнӕгтӕ йӕ уацары куы акодтой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ равдыста, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис. Ноджы тынгдӕр ыл ӕууӕндын райдыдтой, Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы Вавилоны паддзах Навуходоносоры фынтӕ куы райхӕлдта, уӕд. Иухатт та йӕ паддзахӕн зӕгъын хъуыди, Йегъовӕ йӕм кӕй смӕсты. Ӕмӕ паддзахӕн уый фехъусын ӕхсызгон кӕцӕй уыдаид. Данелы хъуыди хъӕбатырдзинад, уымӕн ӕмӕ Навуходоносор уыд мӕстыгӕр адӕймаг (Дан. 2:12; 4:20–22, 25). Бирӕ азты фӕстӕ та Данел ногӕй равдыста, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис. Вавилоны паддзахы галуаны къулыл ӕнахуыр фыстытӕ куы фӕзынд, уӕд Данел раст бамбарын кодта, цы нысан кӕнынц, уый (Дан. 5:5, 25–29). Уый фӕстӕ та мидиаг Дари ӕмӕ, йӕ паддзахады хицӕуттӕй ӕвӕрд чи уыд, уыдон дӕр бафиппайдтой, Данелмӕ кӕй уыд «диссаджы ӕмбарындзинад». Уыдон уыдтой, кӕй уыд «ӕууӕнкджын, иу хъуыддагмӕ дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй [кӕй] нӕ каст ӕмӕ ӕвзӕрӕй [кӕй] ницы арӕзта» (Дан. 6:3, 4). Уӕдӕ суанг, Йегъовӕйӕн чи нӕ куывта, уыцы хицӕуттӕ дӕр зыдтой, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Данелыл кӕй ис ӕууӕндӕн!
4 Махӕн дӕр нӕ бон у Данелы бафӕзмын. Ис ахъуыды кӕнӕн ахӕм фарстатыл: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдоны ’хсӕн мын цавӕр ном ис? Йӕ хӕстӕ хорз чи ’ххӕст кӕны ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕмӕй мӕ зонынц?» Цӕмӕн хъӕуы ацы фарстатӕн дзуапп зонын? Уымӕн, ӕмӕ, ӕууӕнкджын куы уӕм, уӕд Йегъовӕйы номӕн кад хӕсдзыстӕм.
5. Ананийӕйы ӕууӕнкджын адӕймагыл цӕмӕн нымадтой?
5 Н. э. размӕ 455 азы хицау Нееми Иерусалимы къул арӕзт куы фӕци, уӕд агурын райдыдта, горӕтмӕ йӕ хъус чи дардтаид, ахӕм ӕууӕнкджын адӕймӕгты. Кӕй равзӕрста, уыдоны ’хсӕн уыди галуаны хицау Ананийӕ дӕр. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Ананийӕ тынг ӕууӕнкджын адӕймаг уыд ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕй бирӕтӕй тынгдӕр тарст» (Неем. ). Уый Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ тарсти йӕ зӕрдӕ йын фӕриссын кӕнын. Ӕмӕ йын цыфӕнды ма бахӕс кодтаиккой,– уӕлӕнгай цӕстӕй йӕм нӕ каст. Мах дӕр Йегъовӕйы куы уарзӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнын куы тӕрсӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕууӕнкджын лӕггадгӕнджытӕ. 7:2
6. Апостол Павелы ӕмбал Тихикы ӕууӕнкджын адӕймаг схонӕн цӕмӕн уыд?
6 Апостол Павелы ӕмбал Тихик дӕр уыд ӕууӕнкджын адӕймаг. Павел ахст куы уыд, уӕд зыдта, йӕ бон кӕй у йӕ зӕрдӕ Тихикыл дарын. Схуыдта йӕ «Хицауы хъуыддаджы ӕнувыд кусӕг» (Еф. 6:21, 22). Павел ын бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ фыстӕджытӕ Ефесы ӕмӕ Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕм фӕхӕццӕ кодтаид, стӕй ма сӕ цӕмӕй бафидар кодтаид. Абон нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы ӕнувыд ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕфсымӕртӕ дӕр сты Тихикы хуызӕн (Кол. 4:7–9).
7. Де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕууӕнкджын кӕй сты, уый цӕмӕй у бӕрӕг ӕмӕ сӕ дӕ бон куыд у бафӕзмын?
7 Мах тынг аргъ кӕнӕм нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн, уымӕн ӕмӕ сты ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕ. Уыдон дӕр Данелы, Ананийӕйы ӕмӕ Тихикы хуызӕн сӕ хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнынц. Зӕгъӕм, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлдмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнӕм, цымӕ программӕйы хӕйттӕ иууылдӕр уыдзысты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕ зӕрдӕ фӕдарынц, хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн вӕййы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл, нӕ фӕдызӕрдыг кӕнынц, кӕй сӕ бацӕттӕ кӕндзысты. Мах не ’фсӕрмы кӕнӕм, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдоны дӕр ӕмбырдтӕм хонын. Сабаты кӕнӕ нын хуыцаубоны цы фембӕлд вӕййы, уымӕ сӕ куы фӕхонӕм, уӕд нӕ фӕтӕрсӕм, ӕфсымӕры ӕргом раныхас бацӕттӕ кӕнын кӕй ферох уыдзӕн, уымӕй. Фӕзонӕм ма, алкӕддӕр нын кӕй уыдзӕн литературӕ уацамындӕн. Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ахӕм иузӕрдион ӕфсымӕртӕ нын кӕй ис, уый тыххӕй. Уыдон ныл тынг тыхсынц! Махӕн та нӕ бон куыд у равдисын, ӕууӕндӕн ныл кӕй ис, уый?
ДЗУРӔН ЦЫ НӔЙ, УЫЙ МА ДЗУР
8. Иннӕтӕ куыд сты, уый базонын нӕ куы фӕнда, уӕд ӕмбаргӕдзинад куыд равдисдзыстӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 11:13).
8 Мах нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм. Ӕмӕ нӕ фӕфӕнды зонын, куыд сты, уый. Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ сӕ, махмӕ цы нӕ хауы, уыдӕттӕй ма фӕрсӕм. 1 ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ иннӕты кой кодтой, сӕхи иннӕты хъуыддӕгты тъыстой ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ дзырдтой (1 Тим. 5:13). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕмтӕ уӕм. Фӕлӕ дын, зӕгъӕм, чидӕр йӕхи тыххӕй цыдӕр радзырдта ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ искӕмӕн радзурай. Гӕнӕн ис, хо дын загъта, цавӕрдӕр низ ӕм кӕй ис кӕнӕ ӕндӕр цавӕрдӕр зындзинадыл кӕй ӕмбӕлы. Ӕмӕ дӕ бафӕдзӕхста, ӕрмӕст ӕй макӕмӕн радзур, зӕгъгӕ. Уӕд-иу хъуамӕ, уый куыд фӕнды, афтӕ бакӕнай. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 11:13.) * Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, цавӕр уавӕрты ма фӕхъӕуы, дзурӕн цы ис ӕмӕ цы нӕй, ууыл хъуыды кӕнын.
9. Бинонтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у равдисын, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис?
9 Бинонтимӕ. Бинонтӕй алкӕуыл дӕр ис хӕс, цӕмӕй, ӕрмӕст сӕ бинонтӕм чи хауы, уыцы хабӕрттӕ макӕмӕн дзура. Гӕнӕн ис, лӕгмӕ йӕ усы митӕй кӕцыдӕр худӕг кӕса. Фӕлӕ уый тыххӕй иннӕтӕн нӕ дзурдзӕн, цӕмӕй йӕ бинойнаг ма ныфсӕрмытӕ уа. Уый йӕ бинойнаджы уарзы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ йын истӕмӕй фӕриссын кӕнын (Еф. 5:33). Рӕзгӕ кары чи ис, уыцы сывӕллӕтты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ нымайой ӕмӕ сын аргъ кӕной. Ӕмӕ ныййарджытӕ хъуамӕ уый ӕмбарой. Хъуамӕ сын сӕ рӕдыдтыты кой иннӕтӕн ма кӕной, цӕмӕй сӕхимӕ ӕгад ма ’ркӕсой (Кол. 3:21). Сывӕллӕтты дӕр хъӕуы ахуыр кӕнын, цӕмӕй ӕмбарой, бинонты тыххӕй алцы ӕддагӕттӕн дзурӕн кӕй нӕй, кӕннод сӕ бинонты адӕмы цӕсты ’фтаудзысты (Дык. з. 5:16). Бинонтӕй алчидӕр, дзурӕн цы нӕй, уый иннӕтӕн куы нӕ дзура, уӕд ӕнгомдӕр кӕндзысты.
10. Ӕцӕг ӕмбал цавӕр вӕййы? (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
10 Ӕмбӕлттимӕ. Хаттӕй-хатт нӕ фӕфӕнды, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый не ’ввахс ӕмбӕлттӕй искӕмӕн радзурын. Фӕлӕ кӕмӕндӕрты уый ӕнцон нӕ вӕййы. Чи зоны, ахуыр не стӕм, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый искӕмӕн дзурын. Фӕлӕ, зӕгъӕм, уӕддӕр не ’мбалӕн цыдӕр радзырдтам, ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр базыдтам, кӕмӕндӕр ӕй кӕй радзырдта. Уӕд нын, ӕвӕццӕгӕн, зын уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алчидӕр нӕ тынг аргъ кӕны, нӕ сусӕг ныхас нын иннӕтӕн чи нӕ рахъӕр кӕны, ахӕм ӕмбалӕн. Уый у «ӕцӕг ӕмбал». (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 17:17.)
11. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕ куыд равдисынц, ӕууӕндӕн сыл кӕй ис? б) Ӕркӕс нывмӕ. Ацы хистӕр нӕлгоймаг йӕ бинонтӕн нӕ радзырдта, ӕмбырды тыххӕй дзурӕн цы нӕй, уый. Цӕуыл дзы ахуыр кӕнӕм?
11 Ӕмбырдимӕ. Дзурӕн цы нӕй, уый иннӕтӕн чи нӕ радзуры, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сты, «дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай... ахӕм бынаты хуызӕн» (Ис. 32:2). Мах ӕй зонӕм, цыфӕнды сын ма радзурӕм, уӕддӕр ӕй ӕндӕр кӕй ничи базондзӕн. Хъуамӕ-иу сӕ ма рафӕрс-бафӕрс кӕнӕм, дзурӕн цы нӕй, уыдӕттӕй. Стӕй сын сӕ бинойнӕгтӕн дӕр тынг аргъ кӕнӕм. Уыдон сӕ лӕгты нӕ фӕкъахынц ӕмӕ сын иннӕты тыххӕй цыдӕртӕ нӕ фӕдзурын кӕнынц. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы радзурынц, уый сӕ бинойнӕгтӕ кӕй нӕ фӕзонынц, уый тынг хорз у. Иу хистӕр нӕлгоймаджы бинойнаг загъта: «Мӕ лӕг мын ницы фӕдзуры, ӕххуыс кӕй хъӕуы ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй бабӕрӕг кӕнынц, уыдоны тыххӕй, суанг сӕ нӕмттӕ дӕр. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг дӕн. Мӕ бон саразын кӕм ницы у, уыцы хъуыддӕгты уаргъ мыл не ’вӕры. Сӕ хабӕрттӕ сын кӕй нӕ фӕзонын, уый фӕрцы мын ӕнцон вӕййы ӕмбырды алкӕимӕ дӕр ныхас кӕнын. Стӕй йӕ зонын, цӕуыл тыхсын кӕнӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлын, уый тыххӕй йын куы радзурон, уӕд ӕй ӕндӕр кӕй ничи базондзӕн». Мах фӕнды, цӕмӕй иннӕты цӕсты ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕ уӕм. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, уымӕн нын цавӕр фондз миниуӕджы баххуыс кӕндзысты, ууыл.
ЦАВӔР МИНИУДЖЫТӔ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ, ЦӔМӔЙ ӔУУӔНКДЖЫН УАЙ?
12. Бамбарын кӕн, ахсджиаг цӕмӕн у иннӕты уарзын, цӕмӕй ныл ӕууӕндой.
12 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой, уӕд сӕ хъуамӕ уарзӕм. Йесо загъта, дыууӕ сӕйрагдӕр фӕдзӕхсты кӕй сты Йегъовӕйы уарзын ӕмӕ иннӕты уарзын (Матф. 22:37–39). Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм ӕмӕ махыл дӕр ӕууӕндӕн уа. Хоты ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ уыдоны тыххӕй иннӕтӕн нӕ дзурдзыстӕм, дзурӕн цы нӕй, уыдӕттӕ. Ахӕмӕй никуы ницы зӕгъдзыстӕм, зиан сын цы ’рхӕсса, цӕй тыххӕй фефсӕрмы уой кӕнӕ сын сӕ зӕрдӕ цы фӕриссын кӕна (Иоан. 15:12).
13. Сӕрныллӕгдзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕууӕнкджын уӕм?
13 Сӕрныллӕгдзинад дӕр нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕууӕнкджын уӕм. Сӕрныллӕг чырыстон нӕ фӕархайы, цӕмӕй иннӕтӕн цавӕрдӕр ног хабар радзурынмӕ фӕраздӕр уа (Фил. 2:3). Кӕнӕ кӕд, дзурӕн цы нӕй, ахӕм цыдӕр фӕзоны, уӕд йӕхицӕй цыдӕр нӕ фӕаразы ӕмӕ дӕлгоммӕ ныхӕстӕй нӕ фембарын кӕны, ӕз ахӕм ахсджиаг хабар зонын, зӕгъгӕ. Стӕй, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты кӕй кой нӕй, уыцы фарстаты фӕдыл йӕхи хъуыдытӕ нӕ фӕпарахат кӕны.
14. Ӕмбаргӕдзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой?
14 Ӕмбаргӕдзинад цы чырыстонмӕ ис, уый фӕзоны, кӕй «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:7). Иуӕй-иу адӕмтӕм фӕзӕгъынц: «Дзурын у ӕвзист, хъусӕй лӕууын та – сызгъӕрин». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хатт дзурынӕй нӕдзурын хуыздӕр вӕййы. Ӕмбисӕндты 11:12 стихы ахӕм ныхӕстӕ ис: «Арфуынӕг адӕймаг... никӕмӕн ницы радзуры». Иу фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймагӕн ӕндӕр ӕмбырдтӕй ӕфсымӕртӕ арӕх фӕзӕгъынц, цӕмӕй сын баххуыс кӕна зын фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн. Уыцы ’фсымӕры тыххӕй иу хистӕр нӕлгоймаг загъта: «Иннӕ ӕмбырдты хабӕртты тыххӕй, дзурӕн цы нӕй, уый никуы радзуры». Дзурӕн цы ис ӕмӕ цы нӕй, уый кӕй ӕмбары, уый тыххӕй йын йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ тынг аргъ кӕнынц. Уыдон ыл ӕууӕндынц, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, хибарӕй цӕуыл фӕныхас кӕнынц, уыдӕттӕ кӕй нӕ рахъӕр кӕндзӕн.
15. Ӕцӕг цы у, уый куы дзурай, уӕд дыл иннӕтӕ цӕмӕн ӕууӕнддзысты? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
15 Алкӕддӕр, ӕцӕг цы у, уый куы дзурӕм, уӕд нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой (Еф. 4:25; Дзут. 13:18). Зӕгъӕм дын радтой хӕслӕвӕрд. Ӕмӕ дӕ фӕнды искӕмӕн зӕгъын, цӕмӕй дӕм байхъуса ӕмӕ дын зӕгъа, фӕхуыздӕр кӕнын дӕ цы хъӕуы, уый. Уый тыххӕй кӕмӕн зӕгъдзынӕ? Ӕрмӕст дӕ ӕппӕлгӕ чи ракӕндзӕн, уымӕн? Ӕви дын фӕлмӕнӕй, фӕлӕ ӕргом чи зӕгъдзӕн, фӕхуыздӕр кӕнын дӕ цы хъӕуы, уый? Дзуапп бӕлвырд у. Библийы фыст ис: «Сусӕг уарзтӕй ӕргом уайдзӕф хуыздӕр у. Чи дӕ уарзы, уымӕн йӕ цӕфтӕ сты йе ’нувыд зӕрдӕйӕ» (Ӕмб. 27:5, 6). Де ’мбалы ӕргом ныхас дӕм фыццаг, чи зоны, хъыг фӕкӕса, фӕлӕ дын уый фӕстӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.
16. Ӕмбисӕндтӕ 10:19 стихӕй куыд у бӕрӕг, хиуылхӕцындзинад нӕ кӕй хъӕуы, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой?
16 Цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой, уый тыххӕй ма нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы хиуылхӕцындзинад дӕр. Уыцы миниуӕг нын баххуыс кӕндзӕн не ’взаджы рохтыл хӕцынӕн, дзурӕн цы нӕй, уый радзурын нӕ тынг куы фӕнда, уӕд. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 10:19.) Хиуыл хӕцын зын вӕййы социалон сетьтӕй ӕмӕ мессенджертӕй пайда кӕнгӕйӕ. Гӕнӕн ис, нӕхи дӕр ма фӕнда, афтӕмӕй бирӕ адӕмӕн раргом кӕнӕм, дзурӕн цы нӕй, уый. Интернетмӕ цы бахауы, ууыл та нӕ бар нал фӕцӕуы, ӕмӕ, гӕнӕн ис, кӕмӕндӕрты стыр зиан ӕрхӕсса. Хиуылхӕцындзинад ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу хъусӕй лӕууӕм, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон нӕ куы къахой, уӕд ӕмӕ, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, ахӕмӕй мацы зӕгъӕм. Афтӕ кӕнын хъӕуы, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы нӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ куы рафӕрс-бафӕрс кӕной, уӕд. Ахӕм ӕмӕ ӕндӕр уавӕртӕн Библийы ис хорз уагӕвӕрд: «Мӕ дзыхыл рохтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй йӕ уромон» (Пс. 39:1). Нӕ бинонтӕ, не ’мбӕлттӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ иннӕ адӕм дӕр хъуамӕ уыной, ӕууӕндӕн ныл кӕй ис.
17. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды иууылдӕр кӕрӕдзийыл ӕууӕндой?
17 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, йӕ адӕмы ’хсӕнмӕ нӕ кӕй ӕрбакодта, уый тыххӕй! Йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийы уарзынц ӕмӕ сты ӕууӕнкджын. Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы ӕдзухдӕр архайын, цӕмӕй ныл нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕууӕндой. Алчидӕр нӕ иннӕты куы уарза, сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уа, ӕцӕг цы у, уый куы дзура ӕмӕ хиуыл хӕцын куы зона, уӕд ӕмбырды иууылдӕр кӕрӕдзийыл ӕууӕнддзысты. Цӕй уӕдӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕзмӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд, ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕ кӕй стӕм!
123 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм
^ Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой, уӕд хъуамӕ равдисӕм, ӕууӕндӕн ныл кӕй ис. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй чырыстӕттӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндой ӕмӕ нын цавӕр миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймӕгтӕ уӕм.
^ Ӕмбырдӕй чидӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый куы базонӕм, уӕд-иу ын хъуамӕ зӕгъӕм, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракура. Афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд хъуамӕ нӕхӕдӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуӕм ӕмӕ сын хабар радзурӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ ’мбырдыл дӕр иузӕрдион кӕй стӕм.
^ НЫВ. Хистӕр нӕлгоймаг кӕйдӕр тыххӕй цы базыдта, уый йӕ бинонтӕн нӕ рахъӕр кодта.