8 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Цы уынаффӕ раттыс, уый зӕрдӕйӕн ӕхсызгон вӕййы?
«Сой ӕмӕ буд зӕрдӕйӕн куыд ӕхсызгон сты, раст афтӕ адджын у, зӕрдӕбын уынаффӕ чи ратты, уыцы ӕмбал дӕр» (ӔМБ. 27:9).
102 ЗАРӔГ Ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1, 2. Иу хистӕр нӕлгоймаг иу хойӕн уынаффӕ куы радта, уӕд уый фӕстӕ цы бамбӕрста?
АЦЫ хабар раджы ӕрцыд. Иу хо цасдӕр рӕстӕг ӕмбырдтӕм нӕ цыд, ӕмӕ йӕ дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы абӕрӕг кодтой. Ӕфсымӕртӕй йын иу бакасти, ӕмбырдтӕм цӕуын ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй стихтӕ. Ӕмӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ хойӕн хорз уынаффӕ радтой ӕмӕ йын баххуыс кодтой. Фӕлӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сын хо афтӕ бакодта: «Сымах нӕ зонут, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлын, уый, ӕмӕ мӕ не ’мбарут». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, ӕфсымӕртӕ йӕ нӕ афарстой, куыд у, уымӕй, фӕлӕ йын уынаффӕ дӕттынмӕ фесты. Ӕмӕ йын уый тыххӕй сӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕ нӕ бацагайдтой.
2 Хойӕн стихтӕ чи бакаст, уыцы хистӕр нӕлгоймаг уый фӕстӕ радзырдта: «Уӕд мӕм афтӕ каст, ацы хо уынаффӕ кӕй ницӕмӕ дары. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстон, цы стихтӕ йын бакӕсон, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты мӕ кӕй хъуыди ахъуыды кӕнын, цӕмӕй йӕ ис бафӕрсӕн, ууыл. Хъуамӕ уал базыдтаин, куыд у ӕмӕ йын мӕ бон баххуыс кӕнын цӕмӕй у, уый». Уыцы хабар ын зондзонӕн фӕци. Ныртӕккӕ уый у тынг фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы баххуыс кӕнынмӕ.
3. Ӕмбырды уынаффӕтӕ дӕттын йӕ бон кӕмӕн у?
3 Ӕмбырды искӕмӕн уынаффӕ раттын куы фӕхъӕуы, уӕд уый хистӕр нӕлгоймӕгты хӕс вӕййы, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауы дзуг» сӕ бар ис. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт иннӕтӕ дӕр кӕмӕндӕр раттынц уынаффӕ. Зӕгъӕм, нӕ бон вӕййы не ’мбалӕн Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕ раттын (Пс. 141:5; Ӕмб. 25:12). Кӕнӕ, хистӕр кары чи ис, уыцы хойӕн йӕ бон у ӕрыгон хойӕн уынаффӕ раттын, Титмӕ 2:3–5 стихты цы хъуыддӕгты кой ис, уыдоны фӕдыл. Ныййарджыты та арӕх фӕхъӕуы сӕ сывӕллӕттӕн зонд амонын ӕмӕ сын уынаффӕтӕ дӕттын. Уӕдӕ кӕд ацы статья фыццаджыдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн у, уӕддӕр дзы алчидӕр цӕуылдӕр сахуыр уыдзӕн. Ӕмӕ-иу нӕ уынаффӕтӕ иннӕтӕн уыдзысты ӕхсызгон (Ӕмб. 27:9).
4. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
4 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм цыппар фарстайыл: 1) Уынаффӕ дӕтгӕйӕ уарзондзинад ахсджиаг цӕмӕн у? 2) Уынаффӕ раттын ӕнӕмӕнг хъӕуы? 3) Уынаффӕ чи хъуамӕ ратта? 4) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу хорз уынаффӕ раттӕм?
УЫНАФФӔ ДӔТГӔЙӔ УАРЗОНДЗИНАД АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?
5. Хистӕр нӕлгоймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕймагӕн уынаффӕ афтӕ ратта, ӕмӕ йӕм байхъуса? (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 7).
5 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уарзынц хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты. Ӕмӕ сӕ искӕмӕн рӕдыд къахдзӕф саразынӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд ын уынаффӕ раттынц (Гал. 6:1). Фӕлӕ цалынмӕ хистӕр нӕлгоймаг йемӕ аныхас кӕна, уӕдмӕ хорз уаид, апостол Павел уарзондзинады тыххӕй цы загъта, ууыл куы ахъуыды кӕнид: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. [...] Алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:4, 7.) Ацы стихтӕ хистӕр нӕлгоймагӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбара, цӕмӕн ӕй фӕнды хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн уынаффӕ раттын: уарзгӕ йӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй ӕви ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй. Ӕмӕ адӕймаг куы ӕмбара, хистӕр нӕлгоймаджы баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ айсын (Ром. 12:10).
6. Павел нын фӕзминаг цӕмӕй у?
6 Апостол Павел хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕзминаг у. Зӕгъӕм, Фессалоникӕйы ӕмбырдӕн уынаффӕ раттын куы хъуыд, уӕд хъусӕй нӕ лӕууыд. Фӕлӕ уал сӕ фыццаг раппӕлыд сӕ уырнындзинады, сӕ фыдӕбоны ӕмӕ сӕ уарзондзинады тыххӕй ӕмӕ, фидар кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Павел ма зыдта, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц (1 Фес. 1:3; 2 Фес. 1:4). Ӕмӕ сын загъта, иннӕ чырыстӕттӕн фӕзминаг кӕй сты (1 Фес. 1:8, 9). Павелы ныхӕстӕ сын ӕхсызгон куыннӕ уыдаиккой. Уый йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты тынг уарзта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыд хорз уынаффӕтӕ дӕттын. Фессалоникӕгтӕм цы дыууӕ фыстӕджы ныффыста, уыдоны ис, зӕрдӕйыл чи ’мбӕлы, ахӕм уынаффӕтӕ (1 Фес. 4:1, 3–5, 11; 2 Фес. 3:11, 12).
7. Иуӕй-иутӕн уынаффӕмӕ байхъусын зын цӕмӕн вӕййы?
7 Адӕймагӕн уынаффӕ фӕлмӕнӕй куы нӕ раттынц, уӕд иуӕй-иу хатт хабар куыд рауайы? Иу фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаг загъта: «Иуӕй-иутӕн уынаффӕмӕ байхъусын зын уый тыххӕй нӕ вӕййы, ӕмӕ уынаффӕ нӕ фӕбӕззы. Уынаффӕ йӕхӕдӕг хорз вӕййы, фӕлӕ сын ӕй фӕлмӕнӕй нӕ раттынц». Уый нын цӕуыл дзурӕг у? Адӕймагӕн уынаффӕмӕ байхъусын ӕнцондӕр уыдзӕн, кӕй йӕ уарзыс, уый тыххӕй йын ӕй куы раттай, мӕсты йӕм кӕй дӕ, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ.
УЫНАФФӔ РАТТЫН ӔНӔМӔНГ ХЪӔУЫ?
8. Уынаффӕ раттыны размӕ хистӕр нӕлгоймаг цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?
8 Хистӕр нӕлгоймаг-иу хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн уайтагъд уынаффӕ дӕттынмӕ хъуамӕ ма фӕуа. Фыццаг уал хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Ӕнӕмӕнг у, ӕмӕ йын исты зӕгъон? Ӕцӕгдӕр рӕдийы? Библийы фӕдзӕхстытӕй искӕцы фехӕлдта? Ӕви мӕнмӕ кӕсы афтӕ, ӕмӕ раст нӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ ӕз афтӕ нӕ бакодтаин?» Хистӕр нӕлгоймаджы нӕ фӕнды, цӕмӕй уа, «йӕ ныхӕстыл чи нӕ ахъуыды кӕны, ахӕм адӕймаг» (Ӕмб. 29:20). Кӕд дызӕрдыг кӕны, уынаффӕ раттын хъӕуы ӕви нӕ, ууыл, уӕд йӕ бон у ӕндӕр хистӕр нӕлгоймагимӕ аныхас кӕнын. Уӕдта ма уымӕ афтӕ нӕ кӕсы, ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ адӕймаг рӕдийы (2 Тим. 3:16, 17).
9. Павел конд ӕмӕ уынды тыххӕй уынаффӕтӕ куыд радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (1 Тимофеймӕ 2:9, 10).
9 Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, хо кӕнӕ ’фсымӕр куыд конд вӕййы, уый. Уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Библийы фӕдзӕхстытӕй искӕцы фехӕлдта ӕмӕ йын ӕцӕгдӕр хъӕуы уынаффӕ раттын?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый нӕ фӕнды, цӕмӕй хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн, йӕхимӕ раст цы кӕсы, уый дзура. Ӕмӕ уӕд йӕ бон у ӕндӕр хистӕр нӕлгоймагимӕ кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрдджын чырыстонимӕ аныхас кӕнын. Сӕ бон у иумӕ ӕркӕсын, Павел конд ӕмӕ уынды тыххӕй цы уынаффӕтӕ радта, уыдонмӕ. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:9, 10.) Павел загъта, нӕ дарӕсӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй стӕм. Фӕлӕ, цы ис дарӕн ӕмӕ цы нӕй дарӕн, уыдӕттӕ нӕ ранымадта. Ӕмбӕрста йӕ, алы чырыстонӕн дӕр уый бар кӕй ис, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый дара, кӕд Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ халы, уӕд. Уӕдӕ, кӕмӕндӕр уынаффӕ раттын хъӕуы ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ ахъуыды кӕна, Павел цы уагӕвӕрдты кой ракодта, уыдоныл.
10. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
10 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕцыдӕр уавӕры иу чырыстон куыд бакӕндзӕн, иннӕ чырыстон уыцы уавӕры, чи зоны, афтӕ ма бакӕна. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ чидӕр рӕдигӕ кӕны. Уӕдӕ иннӕтӕй нӕ домдзыстӕм, цӕмӕй, мах куыд хъуыды кӕнӕм, уыдон дӕр афтӕ хъуыды кӕной (Ром. 14:10).
УЫНАФФӔ ЧИ ХЪУАМӔ РАТТА?
11, 12. Искӕмӕн уынаффӕ раттын куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймаг цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕна ӕмӕ цӕмӕн?
11 Хистӕр нӕлгоймаг куы бамбара, кӕмӕндӕр уынаффӕ раттын кӕй хъӕуы, уӕд уый фӕстӕ та хъуамӕ ахъуыды кӕна, уынаффӕ йын чи хъуамӕ ратта, ууыл. Моймӕдзыд хойӕн кӕнӕ кӕйдӕр сывӕллонӕн уынаффӕ раттыны размӕ хорз уаид, фыццаг уал бинонты хистӕримӕ куы аныхас кӕнид, уӕд. Чи зоны, уый йӕхи бафӕнда йӕ бинойнагимӕ кӕнӕ йӕ сывӕллонимӕ аныхас кӕнын *. Кӕнӕ йӕ, чи зоны, бафӕнда, хистӕр нӕлгоймаг ын йӕ бинонтӕй искӕмӕн уынаффӕ куы дӕтта, уӕд цӕмӕй уый дӕр уым уа. Ӕмӕ, 3-аг абзацы куыд загътам, афтӕмӕй, иуӕй-иу хатт хуыздӕр вӕййы, цӕмӕй ӕрыгон хойӕн уынаффӕ ратта, хистӕр дзы чи у, ахӕм хо.
12 Хистӕр нӕлгоймаг ма хъуамӕ ахъуыды кӕна ахӕм фарстайыл дӕр: «Хуыздӕр куыд уыдзӕн: уынаффӕ ӕз раттон ӕви ӕндӕр исчи?» Зӕгъӕм, хъӕуы аныхас кӕнын, йӕхимӕ ницӕйаг чи кӕсы, ахӕм ӕфсымӕримӕ. Уӕд хуыздӕр уаид, цӕмӕй йемӕ аныхас кӕна, йӕхӕдӕг дӕр ахӕм хъуыдытимӕ чи тох кодта, ахӕм хистӕр нӕлгоймаг. Уый йӕ хуыздӕр бамбардзӕн, ӕмӕ ’фсымӕрӕн ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ уынаффӕмӕ байхъусын. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр у сӕ хӕс, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауой ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной, фӕивын сӕ цы хъӕуы, уый фӕивынӕн. Ӕмӕ искӕмӕн уынаффӕ раттын куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ хъусӕй ма лӕууа, кӕд йӕхӕдӕг ахӕм уавӕры никуы уыд, уӕддӕр.
ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ-ИУ ХОРЗ УЫНАФФӔ РАТТӔМ?
13, 14. Хистӕр нӕлгоймаг-иу лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ байхъуса, уынаффӕ кӕмӕн дӕтты, уымӕ?
13 Адӕймагмӕ лӕмбынӕг байхъус. Хистӕр нӕлгоймаг искӕмӕн уынаффӕ раттын куы фӕнд кӕна, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕна ахӕм фарстатыл: «Цы зонын ацы адӕймаджы тыххӕй? Куыд цӕры? Цӕмӕй тыхсы? Чи зоны, цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, ӕмӕ йӕ ӕз та нӕ зонын. Ныртӕккӕ йӕ тынгдӕр цавӕр ӕххуыс хъӕуы?»
14 Уынаффӕ чи дӕтты, уый хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, Иаковы 1:19 стихы цы уагӕвӕрд ис, уый: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна». Чи зоны, хистӕр нӕлгоймагмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаджы тыххӕй алцыдӕр зоны. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Ӕмбисӕндты 18:13 стихы фыст ис: «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг». Хуыздӕр уыдзӕн, адӕймаджы-иу йӕхи куы бафӕрсӕм, куыд у, уымӕй. Уый фӕстӕ йӕм хъӕудзӕн байхъусын. Стӕй йын нӕ бон уыдзӕн исты зӕгъын. Статьяйы райдианы кӕй кой ис, уыцы хистӕр нӕлгоймаг бамбӕрста, раст цы нӕ сарӕзта, уый. Фыццаг уал хъуамӕ хойы бафарстаид, зӕгъгӕ, куыд дӕ, мӕ бон дын баххуыс кӕнын цӕмӕй у. Фӕлӕ йын уый уайтагъд райдыдта, цы стихтӕ бацӕттӕ кодта, уыдон кӕсын. Хистӕр нӕлгоймаг-иу хойы кӕнӕ ’фсымӕры тыххӕй фылдӕр куы базона, уӕд ын йӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ дзы ныфс бауадзын.
15. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, Ӕмбисӕндты 27:23 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ архайын?
15 Дӕ дзуг хорз базон. Статьяйы райдианы цы хабары кой ис, уымӕй бӕрӕг у, цы хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ айса. Цалдӕр стихы бакӕсын кӕнӕ цалдӕр хорз хъуыдыйы зӕгъын фаг нӕу. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хъуамӕ уыной, кӕй сыл тыхсӕм, кӕй сӕ ӕмбарӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:23.) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ хорз ӕмбӕлттӕ суой.
16. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕнцондӕр уа сӕ уынаффӕтӕм байхъусын?
16 Хистӕр нӕлгоймӕгты нӕ фӕнды, цӕмӕй искӕмӕ афтӕ кӕса, ӕмӕ сӕ адӕймагмӕ равдӕлы, уынаффӕ раттын ын куы фӕхъӕуы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уыдон сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ ӕнӕуи дӕр арӕх аныхӕстӕ кӕнынц ӕмӕ зын рӕстӕг сӕ фарсмӕ балӕууынц. Иу фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаг загъта: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ балымӕн вӕййынц. Ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ искӕмӕн уынаффӕ раттын куы фӕхъӕуы, уӕд сын уый ӕнцондӕр вӕййы саразын». Ӕмӕ, уынаффӕ кӕмӕн раттынц, уымӕн дӕр ӕнцондӕр вӕййы уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ айсын.
17. Хистӕр нӕлгоймаг фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕлдайдӕр кӕд хъуамӕ уа?
17 Фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у. Ацы миниуджытӕ нӕ уӕлдайдӕр бахъӕудзысты, Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕ кӕмӕн раттӕм, уыцы адӕймаг уынаффӕимӕ фыццаг разы куы нӕ уа кӕнӕ уайтагъд афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд. Хистӕр нӕлгоймаг-иу хъуамӕ ма рамӕсты уа. Библийы Йесойы тыххӕй фыст ис: «Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн» (Матф. 12:20). Хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр фӕнды, цӕмӕй Йесойы хуызӕн уой. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕна, уынаффӕ йын цӕмӕн радтой, уый бамбарынӕн ӕмӕ уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайынӕн. Адӕймаджы фӕхъӕуы рӕстӕг, цы йын загътой, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Хистӕр нӕлгоймаг фӕразон куы уа ӕмӕ, уынаффӕ кӕмӕн дӕтты, уыимӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕна, уӕд уымӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн уынаффӕмӕ байхъусын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уынаффӕйӕн йӕ бындур алкӕддӕр хъуамӕ уа Хуыцауы Ныхас.
18. а) Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? б) Рамкӕмӕ цы ныв ис, уым ныййарджытӕ цӕуыл ныхас кӕнынц?
18 Дӕ рӕдыдтытӕй ахуыр кӕн. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын-иу алы хатт нӕ рауайдзӕн, ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын (Иак. 3:2). Уынаффӕ дӕтгӕйӕ-иу рӕдигӕ дӕр фӕкӕндзыстӕм. Ӕмӕ хъуамӕ нӕ рӕдыдтытӕй ахуыр кӕнӕм. Гӕнӕн ис, уынаффӕ кӕмӕн радтам, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕры истӕмӕй фӕхъыг кӕнӕм. Фӕлӕ йӕ куы уына, кӕй йӕ уарзӕм, уӕд нын ныххатыр кӕндзӕн. (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Ныййарджытӕн».)
ЦЫ БАЗЫДТАМ?
19. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдӕтӕ барухс уой?
19 Адӕймаг йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзӕн, ахӕм уынаффӕ раттын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Нӕхӕдӕг дӕр стӕм ӕнӕххӕст, уынаффӕ кӕмӕн раттӕм, уыдон дӕр сты ӕнӕххӕст. Искӕмӕн дӕ уынаффӕ раттын куы фӕнда, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн. Адӕймагӕн уынаффӕ хъуамӕ раттай, кӕй йӕ уарзыс, уый тыххӕй, мӕсты йӕм кӕй дӕ, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Стӕй ахъуыды кӕн, уынаффӕ раттын ын ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕви нӕ ӕмӕ йын уынаффӕ чи хъуамӕ ратта, ууыл. Фыццаг уал ӕй йӕ цардӕй бафӕрс ӕмӕ йӕм стӕй лӕмбынӕг байхъус. Дӕхи йӕ бынаты сӕвӕр. У фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ хорз ӕмбал су. Рох дӕ ма уӕд: нӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй адӕймагӕн хорз уынаффӕ раттӕм, фӕлӕ ма цӕмӕй нӕ уынаффӕ йӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон дӕр уа (Ӕмб. 27:9).
103 ЗАРӔГ Фыййӕуттӕ – Хуыцауы лӕвӕрттӕ
^ Уынаффӕ раттын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр куы бахъӕуа искӕмӕн уынаффӕ раттын, уӕд уый куыд ис афтӕ бакӕнӕн, цӕмӕй йын фӕпайда уа ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс бафтауа? Уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгты фӕхъӕуы иннӕтӕн уынаффӕтӕ дӕттын. Ӕмӕ сын ацы статья баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу адӕймагӕн раттой, йӕ зӕрдӕ йын чи бацагайдзӕн, ахӕм уынаффӕ.
^ Кӕс статья «Ӕмбырды кӕмӕн цавӕр бартӕ ис?» 2021 азы февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».