Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕн

Дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕн

«Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ, ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут» (ЕФ. 5:15, 16).

8 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ мӕсыг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Нӕ бон куыд у Йегъовӕимӕ рӕстӕг ӕрвитын?

 КӔЙ фӕуарзӕм, уыцы адӕмимӕ нын ӕхсызгон вӕййы рӕстӕг ӕрвитын. Зӕгъӕм, лӕг ӕмӕ усӕн ӕхсызгон вӕййы, изӕрӕй иумӕ куы ’рбадынц ӕмӕ куы фӕныхӕстӕ кӕнынц. Ӕрыгӕттӕ фӕуарзынц се ’мбӕлттимӕ абадын кӕнӕ искуыдӕм ацӕуын. Ӕмӕ нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕхсызгон вӕййы нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг ӕрвитын. Фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр уарзӕм нӕ Хуыцауимӕ нӕ рӕстӕг ӕрвитын. Уый фӕаразӕм, куы йӕм фӕкувӕм, йӕ Ныхас ын куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндтыл ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджытыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд. Йегъовӕимӕ рӕстӕг ӕрвитынӕй хуыздӕр нӕм ницы кӕсы! (Пс. 139:17).

2. Хатт нын ӕнцон цы нӕ вӕййы?

2 Кӕд Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ Библи иртасын уарзӕм, уӕддӕр нын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы уымӕн рӕстӕг ссарын. Кусын дӕр нӕ хъӕуы, бинонты раз дӕр ныл цавӕрдӕр хӕстӕ ис, стӕй фӕхъӕуы ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ хъуыддӕгтӕ дӕр аразын. Ӕмӕ нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нын Хуыцауы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг ӕппындӕр нал баззайы.

3. Нӕ рӕстӕг ма ноджыдӕр цӕуыл ацӕуы?

3 Иуӕй-иу хатт ма нӕ рӕстӕг ацӕуы ӕндӕр хъуыддӕгтыл дӕр. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ вӕййынц. Райсӕм ирхӕфсӕнтӕ. Алкӕй дӕр фӕхъӕуы йӕ фӕллад суадзын, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хи аирхӕфсын. Фӕлӕ нын уыдӕттыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы ацӕуы, уӕд нын Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг нал баззайы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, алцӕмӕн дӕр йӕхи афон кӕй ис (Ӕмб. 25:27; 1 Тим. 4:8).

4. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

4 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ахсджиагдӕр цы у, уый-иу фыццаг бынаты цӕмӕн хъуамӕ сӕвӕрӕм. Стӕй ма дзы дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕимӕ цы рӕстӕг фервитӕм, уымӕй нӕ бон хуыздӕр куыд у пайда кӕнын ӕмӕ уый нӕ цардыл куыд фӕзындзӕн, ууыл.

РАСТ УЫНАФФӔТӔ ХӔСС ӔМӔ, АХСДЖИАГДӔР ЦЫ У, УЫЙ ФЫЦЦАГ БЫНАТЫ ӔВӔР

5. Ефесӕгтӕм 5:15–17 стихты цы уынаффӕ ис, уый ӕрыгӕттӕн куыд баххуыс кӕндзӕн царды хуыздӕр фӕндаг равзарынӕн?

5 Царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг равзар. Ӕрыгӕттӕ арӕх мӕты бафтынц, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕзонынц, скъолайы фӕстӕ дарддӕр цы араздзысты, уый. Ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ сын ӕнӕуырнӕг хиуӕттӕ, гӕнӕн ис, дзурой, зӕгъгӕ дӕ хъӕуы уӕлдӕр ахуыр райсын, цӕмӕй стӕй хорз куыст ссарай. Ӕмӕ ахӕм уынаффӕ куы рахӕссой, уӕд сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахуырыл тынг бирӕ рӕстӕг цӕудзӕн. Сӕ ныййарджыты ӕмӕ сын ӕмбырды цы ӕмбӕлттӕ вӕййы, уыдоны та фӕфӕнды, цӕмӕй сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фыццаг бынаты уа. Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн хуыздӕр уынаффӕ рахӕссынӕн? Сӕ бон у Ефесӕгтӕм 5:15–17 стихтӕ бакӕсын ӕмӕ сыл ахъуыды кӕнын. (Бакӕс сӕ.) Ацы стихтӕм гӕсгӕ ахъуыды кӕнут ахӕм фарстатыл: «„Йегъовӕйы фӕндон“ цӕй мидӕг ис? Йӕ зӕрдӕмӕ цавӕр уынаффӕ фӕцӕудзӕн? Растдӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, цӕмӕй мӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнон?» Рох уӕ ма уӕд, «ӕвзӕр рӕстӕджы [кӕй] цӕрӕм» ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейӕн тагъд кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна.

6. Марийӕ цы равзӕрста ӕмӕ уый хуыздӕр цӕмӕн уыд?

6 Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу фыццаг бынаты сӕвӕр. Цӕмӕй нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнӕм, уый тыххӕй иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы дыууӕ хорз хъуыддагӕй иу равзарын. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, иухатт Йесо Марийӕ ӕмӕ Марфӕмӕ уазӕгуаты куы уыд, уыцы хабар. Марфӕ уыди кӕрдзындӕттон ӕфсин, ӕмӕ йӕ фӕндыд ахӕм уазӕджы дзӕбӕх истӕмӕйты фенын. Гъемӕ хӕринӕгтӕ кӕныныл балӕууыд. Марийӕйы та фӕндыд Йесомӕ байхъусын, ӕмӕ йӕ разы ӕрбадт. Марфӕ цы арӕзта, уый дӕр хорз уыд. Фӕлӕ Марийӕ «хуыздӕр хай равзӕрста» (Лук. 10:38–42). Марийӕ уый фӕстӕ, сӕ фынгыл цы хӕринӕгтӕ уыд, уыдон хъуыды дӕр нал ӕркодтаид. Фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох кодта. Йесоимӕ рӕстӕг арвитыны фадат ын кӕй фӕци, уымӕн тынг аргъ кодта. Ӕмӕ мах дӕр тынг аргъ кӕнӕм, Йегъовӕимӕ рӕстӕг арвитыны фадат нын кӕй вӕййы, уымӕн. Фӕлӕ нӕ бон куыд у уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын?

ЙЕГЪОВӔИМӔ ЦЫ РӔСТӔГ ӔРВИТЫС, УЫМӔЙ ПАЙДА КӔН, ХУЫЗДӔР КУЫД У, АФТӔ

7. Цӕмӕн-иу хъуамӕ рахицӕн кӕнӕм рӕстӕг кувынӕн, Библи иртасынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн?

7 Дӕ зӕрдыл дар, тынг ахсджиаг кӕй у кувын, Библи иртасын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Уыцы хъуыддӕгтӕ хауынц нӕ лӕггадмӕ. Йегъовӕ у нӕ уӕларвон Фыд, уый нӕ тынг уарзы. Ӕмӕ йӕм куы фӕкувӕм, уӕд нӕ бон вӕййы йемӕ аныхас кӕнын (Пс. 5:7). Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базонӕм, ӕппӕт зонд кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауӕй (Ӕмб. 2:1–5). Цы бакастыстӕм, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд та ноджы хуыздӕр бамбарӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у ӕмӕ йӕм цы диссаджы миниуджытӕ ис. Стӕй нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, цы фидӕн нын ӕрцӕттӕ кодта, уый. Ахӕм хъуыддӕгтӕн йӕ рӕстӕг чи бавгъау кӕндзӕн? Фӕлӕ алы хатт нӕ бон нӕ вӕййы уыцы хъуыддӕгтӕн бирӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Ӕмӕ уӕд цы ис саразӕн, цӕмӕй-иу уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ спайда кӕнӕм?

Дӕ бон у Библи иртасынӕн сабыр бынат ссарын? (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

8. Йесо ӕдзӕрӕг быдыры куы уыд, уӕд цы арӕзта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Кӕд гӕнӕн ис, уӕд ссар сабыр бынат. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо-иу куыд бакодта, ууыл. Цалынмӕ лӕггад кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ 40 боны дӕргъы уыди ӕдзӕрӕг быдыры (Лук. 4:1, 2). Уым ӕй ничи хъыгдардта, ӕмӕ йӕ бон уыд Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, ууыл ахъуыды кӕнын. Уый фӕрцы йӕхи бацӕттӕ кодта, цы фӕлварӕнтӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ. Нӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын? Кӕд стыр бинонтӕ стут, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцон нӕ вӕййы хӕдзары сабыр бынат ссарын. Уӕд ис ӕддӕмӕ рахизӕн. Жюли йӕ лӕгимӕ цӕры Францийы, иу гыццыл квартирӕйы. Ӕмӕ йӕ фӕфӕнды иунӕгӕй аззайын ӕмӕ Йегъовӕмӕ скувын. Уӕд куыд бакӕны? Жюли зӕгъы: «Алы бон дӕр паркмӕ ацӕуын. Уым мӕ ницы фӕхъыгдары, ӕмӕ Йегъовӕимӕ фӕныхӕстӕ кӕнын».

9. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Йесо кӕй аргъ кодта, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уымӕн?

9 Йесойӕн ӕнцад бадынӕн рӕстӕг никуы уыд. Кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид – адӕм-иу йӕ фӕдыл ныййарц сты, ӕмӕ йӕм алчидӕр цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ каст. Иухатт та ӕнӕхъӕн горӕт ӕрӕмбырд, кӕм уыд, уыцы хӕдзары дуармӕ. Фӕлӕ уӕддӕр рӕстӕг ссардта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ скуывтаид. Иннӕ бон райсомӕй, хур нӕма ссыд, афтӕ, «ацыд хибар ранмӕ» ӕмӕ уым йӕ Фыдимӕ фӕныхӕстӕ кодта (Мар. 1:32–35).

10, 11. Матфейы 26:40, 41 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Гефсиманийы дыргъдоны цавӕр ахсджиаг уынаффӕ радта, фӕлӕ хабар куыд рауад?

10 Йесойӕн йӕ зӕххон лӕггад кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд дӕр та йӕ бафӕндыд хибарӕй баззайын. Уый уыд йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв. Йесо Гефсиманийы дыргъдонмӕ ацыд, цӕмӕй, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыдӕттыл ахъуыды кодтаид ӕмӕ йӕ Фыдмӕ скуывтаид (Матф. 26:36). Ӕмӕ ма уыцы ӕхсӕв йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радта тынг ахсджиаг уынаффӕ.

11 Гефсиманийы дыргъдонмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыди фӕсӕмбисӕхсӕв. Йесо йӕ апостолтӕн загъта, зӕгъгӕ, «ма бафынӕй ут», йӕхӕдӕг та ацыд кувынмӕ (Матф. 26:37–39). Фӕлӕ цалынмӕ куывта, уӕдмӕ бафынӕй сты. Йесо сӕ афтӕмӕй куы ’рбаййӕфта, уӕд та сын ногӕй загъта: «Ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут». (Бакӕс Матфейы 26:40, 41.) Йесо ӕмбӕрста, цӕуылдӕрты кӕй мӕт кӕнынц, стӕй фӕллад дӕр кӕй сты. Ӕмбӕрста, ӕнцон сын кӕй нӕ уыд, ӕмӕ уый тыххӕй загъта, «буар... лӕмӕгъ у», зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ ма дыууӕ хатты ацыд кувынмӕ. Ӕмӕ сӕ дыууӕ хатты дӕр кувгӕйӕ нӕ, фӕлӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта (Матф. 26:42–45).

Дӕ бон у Хуыцаумӕ скувынӕн хуыздӕр афон ссарын? (кӕс 12 абзац)

12. Тыхст кӕнӕ фӕллад куы уай ӕмӕ дӕм кувынӕн тыхтӕ куы нӕ уа, уӕд цы ис саразӕн?

12 Цафон фӕкувыс, ууыл ахъуыды кӕн. Чи зоны, хатт афтӕ тыхст кӕнӕ афтӕ фӕллад вӕййыс, ӕмӕ дӕм кувынӕн тыхтӕ дӕр нал баззайы. Бирӕтӕн вӕййы афтӕ. Уӕд цы ис саразӕн? Иуӕй-иутӕ Йегъовӕмӕ арӕхдӕр изӕрӕй фӕкувынц. Ӕмӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, хуыздӕр вӕййы кувынӕн рӕстӕг фынӕйы размӕ нӕ, фӕлӕ гыццыл раздӕр рахицӕн кӕнын. Иуӕй-иутӕ та загътой, хуыздӕр сӕм кӕй кӕсы бадгӕйӕ кӕнӕ сӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ кувын, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕ хъуыдытӕ нӕ адзӕгъӕл вӕййынц. Ныфссаст кӕй дӕ кӕнӕ цӕуылдӕр кӕй тыхсыс, уый тыххӕй дӕ бон кувын дӕр куы нӕ уа, уӕд та цы ис саразӕн? Уый тыххӕй Йегъовӕйӕн ӕргом зӕгъ. Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд дӕ ӕнӕмӕнг бамбардзӕн (Пс. 139:4).

Ӕмбырды рӕстӕг дӕм исчи куы фысса, уӕд растдӕр куыд уыдзӕн бакӕнын? (кӕс 13, 14 абзацтӕ)

13. Телефонтӕ ӕмӕ нӕ планшеттӕ куыд фӕхъыгдарынц, Библи куы фӕиртасӕм, уӕд?

13 Библи куы иртасай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй дӕ мацы хъыгдара. Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, ӕрмӕст уый фӕрцы йӕм не ’ввахсдӕр кӕнӕм. Баввахс ма йӕм вӕййӕм, йӕ Ныхас ын кӕй фӕиртасӕм ӕмӕ ӕмбырдты кӕй вӕййӕм, уый фӕрцы дӕр. Цы ис саразӕн, цӕмӕй-иу уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ спайда кӕнӕм? Ис ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнӕн: «Ӕмбырды куы вӕййын кӕнӕ мӕхӕдӕг Библи куы фӕиртасын, уӕд мӕ ницы фӕхъыгдары?» Чи зоны нӕм исчи телефонӕй ӕрбадзуры кӕнӕ нӕм исты ныффыссы. Ныртӕккӕ телефон кӕнӕ планшет кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕм, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ нӕй. Ӕмӕ уыдон хъӕугӕ дзауматӕ сты. Фӕлӕ иуӕй-иу иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, адӕймаг исты куы фӕаразы ӕмӕ йӕ телефон ӕнӕуи йӕ разы дӕр куы вӕййы, уӕддӕр ӕй уый фӕхъыгдары. Психологийы профессор загъта: «Адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл вӕййынц. Ӕмӕ, цы аразы, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын йӕ бон нал вӕййы». Конгрессы программӕйы размӕ нын арӕх фӕзӕгъынц, цӕмӕй-иу нӕ телефонтӕ ахӕм уавӕры сӕвӕрӕм, ӕмӕ иннӕты ма хъыгдарой. Ӕмӕ нӕ бон нӕ уаид афтӕ бакӕнын, нӕхӕдӕг Библи куы фӕиртасӕм, уӕд дӕр, цӕмӕй нын нӕхи ма хъыгдарой?

14. Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ хъуыдытӕ ма адзӕгъӕл уой?

14 Йегъовӕйӕ-иу ӕххуыс ракур. Адӕймаг истӕуыл куы фӕмӕт кӕны, уӕд ын ӕнцон нӕ вӕййы Библи иртасгӕйӕ кӕнӕ ӕмбырды рӕстӕг Библийыл хъуыды кӕнын. Фӕлӕ тынг ахсджиаг у бацархайын, цӕмӕй-иу нӕ хъуыдытӕ ма адзӕгъӕл уой. Йегъовӕйӕ-иу ӕххуыс ракур. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын ратта фарн. Уыцы фарн дын ӕрмӕст дӕ зӕрдӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн, фӕлӕ дӕ зонд дӕр. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7.)

ЙЕГЪОВӔИМӔ РӔСТӔГ ӔРВИТЫН У АРФӔЙАГ ХЪУЫДДАГ

15. Нӕ рӕстӕг Йегъовӕимӕ кӕй фервитӕм, уый хорз цӕмӕн у?

15 Йегъовӕимӕ куы ныхас кӕнай, цы дын дзуры, уымӕ куы хъусай ӕмӕ йын йӕ миниуджытыл куы хъуыды кӕнай, уӕд уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн? Фыццаг: раст уынаффӕтӕ хӕсдзынӕ. Библи зӕгъы: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын» (Ӕмб. 13:20). Ӕмӕ, ӕппӕт зонд кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауимӕ рӕстӕг ӕрвитгӕйӕ кӕндзынӕ зондджынӕй-зондджындӕр. Ӕмӕ уӕд хуыздӕр ӕмбардзынӕ, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай, ӕмӕ дӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизай, цӕмӕй-иу ын йӕ зӕрдӕ ма фӕриссын кӕнай.

16. Нӕ рӕстӕг Йегъовӕимӕ куы ’рвитӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ суӕм?

16 Дыккаг: хуыздӕр ахуыргӕнӕг суыдзынӕ. Искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ нысӕнттӕй иу вӕййы адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ Хӕлар суа. Нӕ рӕстӕг Йегъовӕимӕ цас арӕхдӕр ӕрвитӕм, уыйас ӕй тынгдӕр уарздзыстӕм. Ӕмӕ уӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнын. Йесо дӕр-иу йӕ фӕдылдзӕуджытӕн йӕ Фыды кой куы кодта, уӕд-иу бӕрӕг уыд, тынг ӕй кӕй уарзы. Ӕмӕ уый фӕрцы уыдон дӕр Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзтой (Иоан. 17:25, 26).

17. Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас кӕй фӕиртасӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад куыд бафидар вӕййы?

17 Ӕртыккаг: дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Йегъовӕйӕ разамынд, удӕнцой кӕнӕ ӕххуыс куы фӕкурӕм ӕмӕ нын дзуапп куы ратты, уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндын райдайӕм (1 Иоан. 5:15). Уымӕй уӕлдай ма нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы, Библи кӕй фӕиртасӕм, уый фӕрцы дӕр. Библийы дӕр афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, адӕймагмӕ уырнындзинад фӕзыны, Хуыцауы Ныхасы цы хабар ис, уый куы фехъусы, уӕд (Ром. 10:17). Фӕлӕ, цыдӕртӕ кӕй базонӕм, уый фаг нӕу, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа. Цы ма хъӕуы ноджыдӕр?

18. Цы базонӕм, ууыл хъуыды кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

18 Фӕхъӕуы ма ахъуыды кӕнын, цы базонӕм, ууыл. 77-ӕм псалом чи ныффыста, уый дӕр-иу афтӕ кодта. Иуафон ӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ дӕр Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты. Ӕмӕ-иу фырмӕтӕй ӕгъуыссӕг фӕци (2–8 стихтӕ). Уӕд куыд бакодта? Йегъовӕйӕн загъта: «Ӕз хъуыды кӕндзынӕн де ’ппӕт хъуыддӕгтыл, мӕ хъуыдытӕ уыдзысты, цы аразыс, ууыл» (12 стих). Йегъовӕ раджы заманты йӕ адӕмы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй куыннӕ зыдта. Фӕлӕ уӕддӕр сагъӕс кодта: «Ау, Хуыцауӕй йӕ хорзӕх рох фӕци? Кӕнӕ мӕстыйӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нал ӕвдисы?» (9 стих). Фӕлӕ уый фӕстӕ ахъуыды кодта Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл ӕмӕ-иу раджы заманты фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста, ууыл (11 стих). Ӕмӕ уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, ууыл (15 стих). Ды дӕр-иу куы ахъуыды кӕнай, Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ дӕ царды дӕр куыд архайы, ууыл, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн.

19. Йегъовӕимӕ рӕстӕг кӕй фервитӕм, уый ма ныл ноджыдӕр куыд фӕзыны?

19 Цыппӕрӕм: Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр бауарздзынӕ. Ӕмӕ уый у ӕппӕты ахсджиагдӕр. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, фыццаджыдӕр нӕ уый тыххӕй фӕфӕнды йӕ коммӕ кӕсын, нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕны дӕр иузӕрдионӕй баззайын (Матф. 22:37–39; 1 Кор. 13:4, 7; 1 Иоан. 5:3). Йегъовӕ дӕ Хӕлар уа, уымӕй хуыздӕр зӕххы цъарыл ницы ис! (Пс. 63:1–8).

20. Цы араздзынӕ, цӕмӕй Йегъовӕимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитай?

20 Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, Библи кӕй фӕиртасӕм ӕмӕ йыл кӕй фӕхъуыды кӕнӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ хауынц нӕ лӕггадмӕ. Йесо куыд кодта, ды дӕр-иу афтӕ сабыр бынат ссар, цӕмӕй Йегъовӕимӕ рӕстӕг арвитай. Бацархай-иу, цӕмӕй дӕ мацы хъыгдара. Дӕхӕдӕг Библи куы иртасай кӕнӕ ӕмбырды куы уай, уӕд-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракур, цӕмӕй-иу дӕ хъуыдытӕ ма адзӕгъӕл уой. Ныртӕккӕ дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ куы пайда кӕнай, уӕд дын Йегъовӕ балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард ног дунейы! (Мар. 4:24).

28 ЗАРӔГ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм

^ Йегъовӕ у нӕ хуыздӕр Хӕлар. Уыцы хӕлардзинадӕн тынг аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ноджы хуыздӕр базонӕм. Ӕмӕ цӕмӕй искӕй хорз базонай, уымӕн та фӕхъӕуы рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Фӕлӕ цард ныртӕккӕ афтӕ у, ӕмӕ адӕймаджы ӕппындӕр ницӕмӕуал февдӕлы. Уӕд куыд у нӕ бон рӕстӕг ссарын, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм? Ӕмӕ уый нӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?