Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты»

«Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты»

2022 АЗЫ СТИХ: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты» (ПС. 34:10).

4 ЗАРӔГ «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

Давид ӕмбӕрста, уӕззау рӕстӕджыты дӕр хорздзинӕдтӕй цух кӕй нӕ уыд (кӕс 1–3 абзацтӕ) *

1. Давид цавӕр уӕззау уавӕры бахауд?

 ДАВИДЫ бахъуыд лидзын, уымӕн ӕмӕ йӕ Израилы паддзах Саул марынмӕ хъавыд. Иуафон Давидмӕ хӕринаг куы нал уыд, уӕд ӕрцыд горӕт Номвӕмӕ ӕмӕ уым сауджынӕй ракуырдта фондз дзулы, ӕндӕр ницы (1 Сам. 21:1, 3). Фӕстӕдӕр, йемӕ чи уыд, уыцы адӕмимӕ ӕмбӕхст лӕгӕты (1 Сам. 22:1). Цымӕ Давид ахӕм уавӕры куыд бахауд?

2. Саул йӕхи тӕссаг уавӕры куыд ӕппӕрста? (1 Самуилы 23:16, 17).

2 Адӕм Давиды тынг бауарзтой, стӕй бирӕ хӕстыты фӕуӕлахиз. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй Саул хӕлӕгӕй мард. Саул ма зыдта, йӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй йыл Йегъовӕ йӕ къух кӕй систа ӕмӕ паддзахӕй Давиды кӕй равзӕрста. (Бакӕс 1 Самуилы 23:16, 17.) Фӕлӕ Саул нырма Израилы паддзах уыд. Ӕмӕ йӕм уыди стыр ӕфсад, стӕй йӕ фарс дӕр бирӕтӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Давид бахауд тӕссаг уавӕры ӕмӕ йӕ бахъуыд лидзын. Цымӕ Саулмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ каст, ӕмӕ йӕ бон уыдзӕн Хуыцауы бахъыгдарын, ӕмӕ Давид паддзах не суыдзӕн? (Ис. 55:11). Библийы уый кой нӕй. Фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Саул йӕхи тынг тӕссаг уавӕры кӕй ӕппӕрста. Хуыцауы ныхмӕ чи рацӕуы, уыдонӕн никуы ницы рауайы!

3. Кӕд Давид зын уавӕры уыд, уӕддӕр йӕ зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй каст?

3 Давид кадмондаг адӕймаг нӕ уыд. Ӕмӕ, Израилы паддзах суыдаид, уымӕ дӕр нӕ бӕллыд. Паддзахӕй йӕ Йегъовӕ равзӕрста (1 Сам. 16:1, 12, 13). Уый тыххӕй дзы Саул йӕ удхӕссӕг федта, йе знаг фестад. Фӕлӕ Давид Йегъовӕйы аххос нӕ кодта, ахӕм уавӕры кӕй бахауд, уый. Стӕй, хӕринагхъуаг кӕй ӕййӕфта ӕмӕ йӕ лӕгӕты ӕмбӕхсын кӕй хъуыд, уымӕй дӕр нӕ хъаст кодта. Давид Йегъовӕйӕ бузныг уыд, кӕй йын ӕххуыс кодта, уый тыххӕй. Ацы статьяйы сӕйраг стихы цы рӕсугъд ныхӕстӕ ис, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыцы лӕгӕты ӕмбӕхсгӕйӕ ныффыста. Уый Йегъовӕйы кадӕн зарыд: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты» (Пс. 34:10).

4. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ ахсджиаг цӕмӕн сты?

4 Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ хатт хӕринагхъуаг феййафынц ӕмӕ сын алы хатт, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ нӕ вӕййы *. Кӕцыдӕр рӕтты хабар афтӕ рауад коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй. Ӕмӕ «стыр бӕллӕх» куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ цард ноджы уӕззаудӕр кӕндзӕн (Матф. 24:21). Уымӕ гӕсгӕ аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Давид хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыд? Цы нын ис, уый фагыл цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм ӕмӕ уымӕй райгонд цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсдзӕн? Ӕмӕ ныртӕккӕ нӕ бон куыд у нӕхи фидӕнмӕ бацӕттӕ кӕнын?

«ӔЗ НИЦЫ ЦУХ УЫДЗЫНӔН»

5, 6. Псалом 23:1–6 стихтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц ацы ныхӕстӕ бамбарынӕн: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты»?

5 Давид афтӕ кӕй загъта, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ «хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты», зӕгъгӕ, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Уый хуыздӕр бамбардзыстӕм 23-ӕм псаломы фӕрцы. Уым дӕр ахӕм хъуыды ис. (Бакӕс Псалом 23:1–6.) Уыцы псалом Давид райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн». Дарддӕр уыцы псаломы Давид дзуры, ӕцӕг ахсджиаг цы у, уыдӕтты тыххӕй. Уыдон сты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ. Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын, Йегъовӕйы йӕ Фыййауыл кӕй банымадта, уый фӕрцы. Йегъовӕ йӕ кодта «рӕстдзинады фӕндӕгтыл» ӕмӕ йӕ фарсмӕ уыд хорз рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ зын рӕстӕджыты дӕр. Кодта йӕ «кӕрдӕгджын хизӕнтӕм», фӕлӕ Давид ӕмбӕрста, йӕ цард ӕнӕмӕт кӕй нӕ уыдзӕн. Хатт-иу «саудалынг комы дӕр» ацӕудзӕн, ома-иу йӕ ныфс дӕр асӕтдзӕн. Стӕй йын уыдзӕн знӕгтӕ. Фӕлӕ Давид загъта, кӕй ницӕмӕй фӕтӕрсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыд йӕ Фыййау.

6 Уӕдӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Давид хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыд? Алцыдӕр ын уыд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс уыдаид ӕмӕ йӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уыдаид. Кӕд цӕмӕйдӕрты хъуаг ӕййӕфта, уӕддӕр уыд амондджын. Йегъовӕ йын цы лӕвӕрдта, уымӕй райгонд уыд. Давидӕн сӕйраг уыди, йӕ Хуыцау ын кӕй арфӕ кодта ӕмӕ йӕ кӕй хъахъхъӕдта, уый.

7. Лукайы 21:20–24 стихтӕм гӕсгӕ, 1 ӕнусы Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?

7 Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсӕм. Цыдӕр куы балхӕнӕм кӕнӕ куы самал кӕнӕм, уӕд нын уый циндзинад куыннӕ ӕрхӕссы. Фӕлӕ нын уыдӕттӕ царды сӕйраг хъуамӕ ма уой. 1 ӕнусы Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр уый бамбӕрстой. (Бакӕс Лукайы 21:20–24.) Йесо сӕ бафӕдзӕхста, Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхсдзысты. Ӕмӕ чырыстӕттӕ уый куы федтаиккой, уӕд хъуамӕ хӕхтӕм алыгъдаиккой. Уый фӕрцы аирвӕзтаиккой. Фӕлӕ сӕ хъуыди алцыдӕр ныууадзын. Иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уый тыххӕй фыст уыд: «Уыдон ныууагътой сӕ зӕххытӕ ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ. Сӕ хӕдзӕрттӕй сӕ дзауматӕ дӕр нӕ рахастой. Фидарӕй сӕ уырныдта, Йегъовӕ сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ, ахсджиагыл нымад цы уыд, уыдӕттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтой, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтой, уый».

8. 1 ӕнусы Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ куыд бакодтой, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

8 Уыцы чырыстӕттӕ куыд бакодтой, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ма фыст уыд: «Гӕнӕн ис, фидӕны ахӕм фӕлварӕнтыл сӕмбӕлӕм, ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн, ӕхца ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый. Сӕйраг нын уыдӕттӕ сты, ӕви нӕ Хуыцау нӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уый? Лидзын нӕ куы бахъӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм зындзинӕдтыл ӕмӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух уӕм. Ӕмӕ, 1 ӕнусы Иудейӕйӕ чи алыгъд, уыцы чырыстӕттау хъуамӕ цӕттӕ уӕм, куыд хъӕуы, афтӕ бакӕнынмӕ» *.

9. Апостол Павел дзуттӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уый дын ныфсы хос куыд у?

9 Ахъуыды-ма кӕн, уыцы чырыстӕттӕн куыд зын уыдаид сӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын ӕмӕ та фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй ног бынаты сӕ къахыл слӕууыдаиккой. Хъуамӕ сӕ фидарӕй уырныдтаид, Йегъовӕ сын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Баххуыс сын кодтаид Павелы уынаффӕ дӕр. Ромӕгтӕ Иерусалимыл куы ’ртыхстысты, уымӕй 5 азы раздӕр дзуттӕгтӕм ныффыста: «Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут, цы уын ис, уый фагыл нымайут, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ загъта: „Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн“. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: „Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?“» (Дзут. 13:5, 6). Павелы уынаффӕ уайтагъд йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдон ӕнцондӕрӕй сахуыр сты хуымӕтӕг цардыл ног бынаты. Уыдон зыдтой, Йегъовӕ сӕ ӕнӕ къӕбӕр кӕй нӕ ныууадздзӕн. Ӕмӕ Павелы ныхӕстӕ махӕн дӕр сты ныфсы хос.

ЦЫ НЫН ИС, УЫДӔТТӔ «ФАГЫЛ НЫМАЙӔМ»

10. Павел нын цавӕр «сусӕгдзинад» раргом кодта?

10 Павел дзуттӕгтӕн цы уынаффӕ радта, ахӕм уынаффӕ радта Тимофейӕн дӕр. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махмӕ дӕр хауынц. Уый ныффыста: «Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм» (1 Тим. 6:8). Павелы афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ чырыстӕттӕн сӕ бон нӕу хӕрзад хӕринӕгтӕ хӕрын, хорз хӕдзары цӕрын ӕмӕ ног дзаумӕттӕ ӕлхӕнын. Уый зӕгъын ӕй фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ уӕм райгонд, цы нын ис, уыдӕттӕй (Фил. 4:12). Павел базыдта уыцы «сусӕгдзинад». Не стырдӕр хъӕздыгдзинад у, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый, ӕхцатӕ ӕмӕ дзауматӕ нӕ, фӕлӕ (Ав. 3:17, 18).

Израилӕгтӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куы рацу-бацу кодтой, уӕд ӕппындӕр ницы хъуаг ӕййӕфтой. Мах та, цы нын ис, уыдӕттӕ фагыл нымайӕм? (кӕс 11 абзац) *

11. Моисейы ныхӕстӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй, цы нын ис, уый фагыл нымайӕм?

11 Ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый тыххӕй мах цы хъуыды кӕнӕм, уый, гӕнӕн ис, хицӕн кӕна, Йегъовӕ уый тыххӕй цы хъуыды кӕны, уымӕй. Израилӕгтӕ 40 азы ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕрацу-бацу кодтой, уӕд сын уый фӕстӕ Моисей ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сымахӕн алы хъуыддаджы дӕр раарфӕ кодта. Уый хорз зоны, ацы стыр ӕдзӕрӕг быдыры куыд рацу-бацу кодтат, уый. Цыппор азы дӕргъы Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уыди уемӕ. Ӕмӕ ӕппындӕр ницы хъуаг ӕййӕфтат» (Дык. з. 2:7). 40 азы дӕргъы сын Йегъовӕ лӕвӕрдта маннӕ. Стӕй, Египетӕй цы дзаумӕтты рацыдысты, уыдон сын нӕ ихсыдысты (Дык. з. 8:3, 4). Кӕмӕдӕрты уыдӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, фаг нӕ кастысты. Фӕлӕ сын Моисей сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ сын кӕй уыд. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдзӕн, цы нын ис, уыдӕттӕй-иу райгонд куы уӕм, уӕд. Уый фӕнды, цӕмӕй-иу дзы бузныг уӕм, гыццыл исты дӕр нын куы ратты, уӕддӕр, ӕмӕ йын йӕ лӕвӕрттыл цин кӕнӕм.

ФИДАРӔЙ ДӔ УЫРНӔД, ЙЕГЪОВӔ ДЫЛ КӔЙ ТЫХСДЗӔН

12. Давид йӕхицӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕ кӕй уыд ныфсджын, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

12 Давид зыдта, Йегъовӕ иузӕрдион Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдоны кӕй нӕ ныууадзы. 34-ӕм псалом куы фыста, уӕд йӕ цард тӕссаг уавӕры уыд. Фӕлӕ йӕ уырнындзинад тынг фидар уыд, ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕйы зӕд ӕй кӕй хъахъхъӕны. Уый ныффыста: «Йегъовӕйы зӕд ӕрӕвӕры цатыртӕ, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны алыварс» (Пс. 34:7, фип.). Ӕвӕццӕгӕн, Давид зӕды абарста, йӕ цатыр быдыры чи ӕрӕвӕрдта ӕмӕ знаджы ӕрбабырстмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм ӕфсӕддонимӕ. Давид йӕхӕдӕг дӕр уыди дӕсны хӕстон. Уый арӕхст дур ӕхсынмӕ дӕр ӕмӕ хъамайӕ хӕцынмӕ дӕр. Стӕй уыди Йегъовӕйы ӕвзӕрст паддзах. Фӕлӕ знӕгтимӕ тох кӕнгӕйӕ йӕхицӕй ныфсджын нӕ уыд (1 Сам. 16:13; 24:12). Уый йӕ ныфс дардта Хуыцауыл, ӕмӕ фидарӕй зыдта, Йегъовӕйы зӕд кӕй ирвӕзын кӕны, «Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны». Абон Йегъовӕ диссӕгтӕ нӕ аразы, цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕна. Фӕлӕ йӕ зонӕм, йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдонӕй исчи мӕлгӕ дӕр куы акӕна, уӕддӕр уый фӕстӕ ӕнусон цардӕй кӕй схайджын уыдзӕн.

Стыр бӕллӕхы рӕстӕг, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гогы ӕфсӕдтӕ нӕм, гӕнӕн ис, хӕдзӕрттӕм дӕр ӕрбабырсой. Фӕлӕ мах зонӕм, Йесо ӕмӕ йӕ зӕдтӕ кӕй уындзысты, цы цӕуы, уыдӕттӕ ӕмӕ нӕ кӕй бахъахъхъӕндзысты (кӕс 13 абзац)

13. Магогы зӕххӕй Гог нӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм афтӕ цӕмӕн кӕсдзӕн, ӕмӕ нӕ сӕрыл рахӕцӕг нӕй, фӕлӕ-иу цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

13 Фидарӕй нӕ уырны, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у мах бахъахъхъӕнын? Уый тагъд рӕстӕджы фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн. Магогы зӕххӕй Гог, ома ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис, Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ бабын стӕм. Фӕлӕ нӕ хъӕудзӕн фидар уырнындзинад, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у йӕ лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕнын ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Не знӕгтӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ, нӕ сӕрыл чи рахӕца, уый нӕй (Йез. 38:10–12). Хӕцӕнгарз нӕм нӕ уыдзӕн, хӕцын нӕ зонӕм. Ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ нӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ ӕрбайсафдзысты. Зӕххон хицауӕдты Хуыцау нӕ уырны, ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон нӕ уыдзӕн фенын, уырнындзинады цӕстӕй мах цы уынӕм, уый. Хуыцауы адӕм зондзысты, зӕдты ӕфсӕдтӕ сӕ алыварс кӕй лӕууынц. Ӕмӕ уӕларвон зӕдтӕ нӕ сӕрыл куы схӕцой, уӕд ма уыцы хицауӕдтӕ «ай циу, ай циу?!» кӕндзысты (Рарг. 19:11, 14, 15).

НЫРТӔККӔ ДӔХИ ФИДӔНМӔ БАЦӔТТӔ КӔН!

14. Дӕ бон куыд у дӕхи фидӕнмӕ бацӕттӕ кӕнын?

14 Ныртӕккӕ нӕ бон куыд у нӕхи фидӕнмӕ бацӕттӕ кӕнын? Хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕхцамӕ ӕмӕ дзауматӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ иу бон уыдӕттӕн бахъӕудзӕн «хӕрзбон» зӕгъын. Хъуамӕ райгонд уӕм, цы нын ис, уыдӕттӕй. Ӕмӕ нын ӕппӕты стырдӕр циндзинад хъуамӕ хӕсса, Йегъовӕ нӕ Хӕлар кӕй у, уый. Хуыцауы хорз куы зонӕм, уӕд нӕ фидарӕй уырндзӕн, кӕй нӕ бахъахъхъӕндзӕн, Гог нӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд.

15. Давиды ма ноджыдӕр цӕмӕн уырныдта, Йегъовӕ йӕ кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн, уый?

15 Давидӕн ма ноджыдӕр иу цыдӕр баххуыс кодта, цӕмӕй фӕлварӕнтӕм цӕттӕ уыдаид. Ӕмӕ махӕн дӕр уый баххуыс кӕндзӕн. Давид загъта: «Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕхи йе уазӕг чи бакодта» (Пс. 34:8). Давид уый размӕ дӕр йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта, ӕмӕ йӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кодта. Ӕрыгонӕй уӕйыджы йас Голиафы ныхмӕ куы рацыд, уӕд ын афтӕ загъта: «Абон дӕ Йегъовӕ ратдзӕн мӕ къухмӕ» (1 Сам. 17:46). Уый фӕстӕ та ӕндӕр зын уавӕры бахауд. Паддзах Саулӕн куы лӕггад кодта, уӕд ӕй Саул цалдӕр хатты марынмӕ хъавыд. Фӕлӕ «Йегъовӕ уыд йемӕ» (1 Сам. 18:12). Йегъовӕ йын раздӕр дӕр кӕй ӕххуыс кодта, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зыдта, ныр дӕр та йын кӕй баххуыс кӕндзӕн.

16. Нӕ бон куыд у бафӕлварын, Йегъовӕ куыд хорз у, уый?

16 Ныртӕккӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын куы сахуыр уӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, фидӕны нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, хъӕуы нӕ куыстӕй нӕхи ракурын, цӕмӕй конгресмӕ ацӕуӕм, кӕнӕ хицауӕн зӕгъын, цӕмӕй къаддӕр кусӕм, ӕмӕ нӕ бон уа алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын, стӕй нын фылдӕр рӕстӕг уа хъусын кӕнынӕн. Уӕд нӕм уый фаг уырнындзинад разындзӕн, цӕмӕй алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакӕнӕм? Ӕмӕ хицау куы не сразы уа ӕмӕ ӕнӕ куыстӕй куы баззайӕм, уӕд та нӕ уырндзӕн, Йегъовӕ нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ нын алкӕддӕр кӕй дӕтдзӕн? (Дзут. 13:5). Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕн сӕ бон у радзурын, Йегъовӕ-иу сын куыд баххуыс кодта, уый. Йегъовӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы.

17. 2022 азӕн цавӕр стих ӕрцыд ӕвзӕрст ӕмӕ цӕмӕн?

17 Йегъовӕ у нӕ фарс, ӕмӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уымӕй хъуамӕ ма тӕрсӕм. Йӕ Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нӕ никуы ныууадздзӕн. Разамонӕг совет 2022 азӕн равзӕрста Псалом 34:10 стих: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты». Ацы стих нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи фидӕны зындзинӕдтӕм бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл дарӕм.

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

^ 2022 азы стихы ныхӕстӕ ист сты Псалом 34:10 стихӕй: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты». Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ хъӕздыг не сты, бирӕ сӕм ницы ис. Фӕлӕ уӕд цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ хорздзинӕдтӕй цух не сты? Ӕмӕ ацы стихы хъуыды раст куы ’мбарӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн фидӕны зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн?

^ Кӕс «Кӕсджыты фарстатӕ» 2014 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

^ НЫВ. Давид паддзах Саулӕй куы алыгъд ӕмӕ лӕгӕты куы ’мбӕхст, уӕд дӕр Йегъовӕйӕ бузныг уыд, цы йын лӕвӕрдта, уыдӕтты тыххӕй.

^ НЫВ. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сын Йегъовӕ лӕвӕрдта маннӕ, стӕй сӕ дзаумӕттӕ нӕ ихсыдысты.