Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йесойы цӕссыгтӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

Йесойы цӕссыгтӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

«Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты» (ИОАН. 11:35).

17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1–3. Хатт цӕмӕн фӕкӕуӕм?

 ЦӔССЫГ кӕй русыл не ’руад, цымӕ ахӕм адӕймаг ис? Хатт уыдон вӕййынц цины цӕссыгтӕ. Фӕлӕ адӕймаг арӕхдӕр фӕкӕуы, йӕ зӕрдӕ цӕуылдӕр кӕй риссы, уый тыххӕй, зӕгъӕм, исчи йын куы фӕзиан вӕййы, уӕд. Йӕ чызг кӕмӕн амард, иу ахӕм хо Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, Лорӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Хатт-иу мын афтӕ зын уыд, ӕмӕ-иу хъуыды кодтон, зӕгъын ма уӕвгӕ удӕгас куыд дӕн» *.

2 Фӕлӕ ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй дӕр фӕкӕуӕм. Хироми цӕры Японийы ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Уыцы хо загъта: «Хатт мӕ ныфс асӕтты, адӕм хорз хабармӕ кӕй нӕ фӕхъусынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ фӕкувын, цӕмӕй мын баххуыс кӕна, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы ссарынӕн».

3 Хъӕбулы маст сфӕразын куыд зын у, стӕй адӕм хорз хабармӕ куы нӕ фӕхъусынц, уӕд дӕр куыд зын вӕййы, уый нӕ бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц (1 Пет. 5:9). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ йын фӕлӕггад кӕнӕм цӕссыгкалгӕйӕ, чидӕр нын кӕй амард, нӕ ныфс кӕй асаст кӕнӕ нӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд кӕй цӕуы, уый тыххӕй (Пс. 6:6; 100:2). Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн?

4. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Баххуыс нын кӕндзӕн Йесойы цӕвиттон. Уымӕн дӕр-иу хатт йӕ зӕрдӕ цӕуылдӕр афтӕ тынг фӕрыст кӕнӕ-иу цӕуылдӕр афтӕ мӕт кодта, ӕмӕ-иу «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты» (Иоан. 11:35; Лук. 19:41; 22:44; Дзут. 5:7). Ӕркӕсӕм, уыцы хабӕрттӕй Йесойы ӕмӕ йӕ Фыды тыххӕй цы ис базонӕн, уымӕ. Аныхас ма кӕндзыстӕм, зын уавӕрты нӕ бон цы вӕййы аразын, ууыл дӕр.

КУЫДТА, ЙЕ ’МБӔЛТТЫЛ ЙӔ ЗӔРДӔ КӔЙ ФӔРЫСТ, УЫЙ ТЫХХӔЙ

Йесо куыд кодта, афтӕ-иу ды дӕр зианджынты фарсмӕ балӕуу (кӕс 5–9 абзацтӕ) *

5. Иоанны 11:32–36 стихты цы хабары кой ис, уымӕй Йесойы тыххӕй нӕ бон цы у базонын?

5 Н. э. 32 азы зымӕджы Йесойы ӕмбал Лазӕр фӕрынчын ӕмӕ амард (Иоан. 11:3, 14). Лазӕрӕн уыди дыууӕ хойы: Марфӕ ӕмӕ Марийӕ. Йесо се ’ртӕйы дӕр тынг уарзта. Марфӕ ӕмӕ Марийӕйӕн сӕ уарзон ӕфсымӕр куы амард, уӕд сыл дуне баталынг. Уыдон цардысты Вифанийы, ӕмӕ Йесо Лазӕры хабар куы фехъуыста, уӕд уырдӕм ацыд. Кӕй ӕрбацӕуы, уый Марфӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ размӕ азгъордта. Ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид» (Иоан. 11:21). Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, йе ’фсымӕрыл куыд тынг маст кодта. Уый фӕстӕ Йесо Марийӕйы ӕмӕ иннӕты кӕугӕ куы федта, уӕд йӕхи зӕрдӕ дӕр суынгӕг, ӕмӕ «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты». (Бакӕс Иоанны 11:32–36.)

6. Лазӕр куы амард, уӕд Йесо цӕмӕн скуыдта?

6 Йесо цӕмӕн скуыдта? Уый фӕдыл чиныджы «Понимание Писания» фыст ис: «Йесо йе ’мбалы мӕлӕтыл тынг маст кодта. Стӕй уыдта, йӕ хотӕ йыл куыд хъыг кӕнынц, ӕмӕ йӕхи зӕрдӕ дӕр суынгӕг» *. Ӕвӕццӕгӕн, Йесо ахъуыды кодта, Лазӕр йӕ низы тыххӕй куыд тухӕнтӕ кодта, ууыл. Ахъуыды ма кодтаид, куыд зын ын уыдаид, бирӕ йын кӕй нал баззад, уый куы бамбӕрста, уӕд. Стӕй Марфӕ ӕмӕ Марийӕйыл дӕр йӕ зӕрдӕ фӕрыст. Кӕд дӕуӕн дӕр де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ бинонтӕй исчи амард, уӕд дӕуӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ зын уыд. Ӕркӕсӕм, ацы хабарӕй цавӕр ӕртӕ ахсджиаг хъуыдыйы ис базонӕн, уымӕ.

7. Йесо йе ’мбӕлтты тыххӕй кӕй куыдта, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

7 Йегъовӕ дын ӕмбары дӕ рыст. Йесо у, йӕ Фыд «цыхуызӕн у, раст ахӕм» (Дзут. 1:3). Ӕмӕ, кӕй куыдта, уымӕй базонӕн ис, Йегъовӕйӕн дӕр тынг зын кӕй вӕййы, исчи нын куы амӕлы, уӕд (Иоан. 14:9). Кӕд дын исчи амард, уӕд уый Йегъовӕ ӕрмӕст зонгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма дыл йӕ зӕрдӕ дӕр тынг риссы. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр кӕна (Пс. 34:18; 147:3).

8. Чи нын амард, уыдоны Йесо кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

8 Йесойы фӕнды, чи дын амард, уыдоны райгас кӕнын. Йесо Марфӕйӕн загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн». Марфӕ ӕууӕндыд Йесойы ныхӕстыл (Иоан. 11:23–27). Марфӕ уыди Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ зыдта, бирӕ ӕнусты размӕ пехуымпартӕ Илийа ӕмӕ Елисей кӕйдӕрты кӕй райгас кодтой (1 Пад. 17:17–24; 2 Пад. 4:32–37). Стӕй зыдта, Йесо дӕр кӕйдӕрты кӕй райгас кодта (Лук. 7:11–15; 8:41, 42, 49–56). Ды дӕр ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, чи дын амарди, уыдоны та ногӕй кӕй фендзынӕ. Йесо йе ’мбӕлттӕн ныфсытӕ ӕвӕргӕйӕ кӕй скуыдта, уымӕй бӕрӕг у, тынг ӕй кӕй фӕнды, чи амард, уыдоны цардмӕ раздахын!

9. Йесойау дӕ бон куыд у зианджынты фарсмӕ балӕууын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Дӕ бон у зианджынтӕн сӕ фарсмӕ балӕууын. Йесо Марфӕ ӕмӕ Марийӕимӕ ӕрмӕст кӕугӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма сӕм хъуыста ӕмӕ сын ныфсытӕ бавӕрдта. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йесойы бафӕзмын. Дэн у хистӕр нӕлгоймаг, цӕры Австралийы. Уый радзырдта: «Мӕ бинойнаг куы амард, уӕд мӕ ӕххуыс тынг хъуыди. Цалдӕр ӕфсымӕры сӕ бинойнӕгтимӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ фарсмӕ уыдысты ӕмӕ-иу мӕм лӕмбынӕг хъуыстой. Сӕ разы-иу не ’фсӕрмы кодтон, куыд зын мын у, уый равдисын. Ӕмӕ-иу кӕугӕ дӕр фӕкодтон. Мӕхи бон-иу куы нӕ уыди мӕ машинӕ ныхсын, дуканимӕ ацӕуын кӕнӕ хӕринаг скӕнын, уӕд-иу уыцы хъуыддӕгтӕ уыдон бакодтой. Стӕй-иу мемӕ арӕх куывтой. Уыдон мын уыдысты ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ӕмӕ, „зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры“, ахӕм ӕфсымӕртӕ» (Ӕмб. 17:17).

КУЫДТА АДӔМЫ ТЫХХӔЙ

10. Радзур, Лукайы 19:36–40 стихты цы хабары кой ис, уый.

10 Н. э. 33 азы 9 нисаны Йесо ӕрцыд Иерусалиммӕ. Горӕтмӕ куы баввахс, уӕд адӕм ӕмбырд кӕнын райдыдтой ӕмӕ йӕ разы се ’ддаг дарӕс фӕндагыл тыдтой. Афтӕмӕй сӕ фӕндыд равдисын, сӕ Паддзахыл ӕй кӕй нымайынц. Уый уыди стыр цины хабар. (Бакӕс Лукайы 19:36–40.) Ӕмӕ дарддӕр цы ’рцыд, уый Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕвӕццӕгӕн, диссаг фӕкаст. Йесо «горӕтмӕ куы баввахс ӕмӕ йӕм куы акаст, уӕд ыл ныккуыдта». Йесо хъарӕггӕнӕгау загъта, Иерусалимы цӕрджытыл саубон кӕй акӕндзӕн (Лук. 19:41–44).

11. Йесо Иерусалимы цӕрджытыл цӕмӕн куыдта?

11 Йесойӕн Иерусалимыл йӕ зӕрдӕ цӕмӕн фӕрыст? Кӕд ыл уыцы бон адӕм тынг цин кодтой, уӕддӕр зыдта, дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ айсдзысты. Уый тыххӕй Иерусалим пырхгонд ӕрцӕудзӕн, йӕ цӕрджытӕй удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны та уацары акӕндзысты (Лук. 21:20–24). Ӕмӕ йыл ӕцӕгдӕр дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты. Сымахмӕ та адӕм хорз хабармӕ куыд хъусынц? Кӕд бирӕтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ нӕ айсынц, уӕд нын ахӕм уавӕры та Йесойы цӕссыгтӕ цӕуыл дзурӕг сты? Ӕркӕсӕм ноджыдӕр ӕртӕ хъуыдымӕ.

12. Йесо адӕмыл кӕй куыдта, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

12 Йегъовӕ мӕт кӕны адӕмыл. Йесо адӕмыл кӕй куыдта, уымӕй базонӕн ис, Йегъовӕ адӕмыл тынг кӕй мӕт кӕны. Уый «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Адӕмы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕхиуыл куы нӕ ауӕрдӕм ӕмӕ сын рӕстдзинад базонынӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уымӕй (Матф. 22:39).

Йесойау хъусын кӕн алы афон (кӕс 13, 14 абзацтӕ) *

13, 14. Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

13 Йесо хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста. Йесо адӕмы тынг уарзта ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта. Ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кодта, цӕмӕй сӕ ахуыр кодтаид (Лук. 19:47, 48). Хатт-иу Йесойӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн «бахӕрыны фадат дӕр нал фӕци», уымӕн ӕмӕ-иу сыл тынг бирӕ адӕм ӕрӕмбырд (Мар. 3:20). Иухатт та йӕм иу адӕймаг ӕхсӕвыгон ӕрбацыд (Иоан. 3:1, 2). Кӕд фыццаг Йесомӕ бирӕтӕ хорз хъуыстой, уӕддӕр сӕ фылдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ систы. Фӕлӕ бӕстон кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы алкӕмӕн дӕр уыди хорз хабар фехъусыны фадат. Мах дӕр фӕнды алкӕмӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕнын (Хъуыд. 10:42). Уый тыххӕй та нӕ фӕхъӕуы нӕ лӕггады цыдӕртӕ фӕивын.

14 Цы хъӕуы, уый-иу фӕив. Ӕдзух уыцы иу рӕстӕг куы хъусын кӕнӕм, уӕд, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсдзӕн, уыцы адӕмыл никуы сӕмбӕлдзыстӕм. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Матильдӕ, загъта: «Мӕ сӕрыхицауимӕ алы афон фӕхъусын кӕнӕм. Райсомӕй фӕхъусын кӕнӕм, адӕм кӕм кусынц, ахӕм рӕтты. Боныгон бирӕтӕ ӕддейӕ вӕййынц, ӕмӕ уӕд фӕхъусын кӕнӕм стендтимӕ. Ӕмӕ куыд бамбӕрстам, афтӕмӕй изӕрӕй та хуыздӕр вӕййы хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын». Нӕхицӕн ӕнцондӕр кӕд у, уӕд куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын бирӕ нӕ бантысдзӕн. Алы афон куы хъусын кӕнӕм, уӕд та-иу фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕндзыстӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн.

ЦӔССЫГКАЛГӔЙӔ КУЫВТА, УЫМӔН ӔМӔ ЙӔ ФӔНДЫД ЙӔ ФЫДЫ НОМ СРУХС КӔНЫН

Зын уавӕры-иу Йесойау Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув (кӕс 15–17 абзацтӕ) *

15. Лукайы 22:39–44 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв цӕй тыххӕй куывта ӕмӕ йӕ Йегъовӕ куыд бафидар кодта?

15 Н. э. 33 азы 14 нисаны ӕхсӕвы Йесо ацыд Гефсиманийы дыргъдонмӕ. Уым Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кувын райдыдта. (Бакӕс Лукайы 22:39–44.) Уыцы зын сахат Йесо йӕ Фыдӕн «дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта» (Дзут. 5:7). Цымӕ йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв цӕй тыххӕй куывта? Уый Йегъовӕйӕ куырдта тыхтӕ, цӕмӕй йӕ бон уыдаид иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йын йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын. Йегъовӕ уыдта, йӕ Фыртӕн куыд зын у, уый, ӕмӕ йӕм зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид.

16. Йесо Гефсиманийы дыргъдоны куы куывта, уӕд цӕмӕн куыдта?

16 Йесо Гефсиманийы дыргъдоны куы уыд, уӕд цӕмӕн куыдта? Зын ын уыди, Хуыцауы фауӕг ӕй кӕй схондзысты, уый. Стӕй йыл уыд стыр хӕс – хъуамӕ йӕ Фыды ном срухс кодтаид. Кӕд ныртӕккӕ дӕуӕн дӕр дӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд цӕуы, уӕд дын Йесойы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм ма ноджыдӕр ӕртӕ хъуыдымӕ.

17. Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн, Йесойы лӕгъстӕтӕ кӕй фехъуыста, уымӕй?

17 Йегъовӕ дын дӕ лӕгъстӕтӕ фехъусы. Йегъовӕ Йесойы лӕгъстӕтӕ фехъуыста. Уымӕн йӕ сӕйраг мӕт уыди йӕ Фыдыл иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йын йӕ ном срухс кӕнын. Ӕмӕ махӕн дӕр уый сӕйраг куы уа, уӕд-иу нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн ӕмӕ-иу нын баххуыс кӕндзӕн (Пс. 145:18, 19).

18. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо у, хорз нӕ чи ’мбары, ахӕм ӕмбал?

18 Йесо дӕ хорз ӕмбары. Зын уавӕры нӕ фарсмӕ нӕ хорз ӕмбал куы ’рбалӕууы, уӕд нын фенцондӕр вӕййы. Уӕлдай хуыздӕр нӕ фембары, йӕхӕдӕг ахӕм уавӕры чи уыд, уый. Йесо у ахӕм ӕмбал. Йӕхи дӕр-иу хъуыд ӕххуыс, стӕй-иу ӕй хъуыди бафидар кӕнын. Уый нын зоны нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ, ӕмӕ бацархайдзӕн, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ «бахъуаджы сахат» баххуыс кӕна (Дзут. 4:15, 16). Зӕд Гефсиманийы дыргъдонмӕ Йесойы бафидар кӕнынмӕ куы ’рцыд, уӕд Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕххуыс мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Йегъовӕ цӕттӕ вӕййы махӕн дӕр баххуыс кӕнынмӕ. Уый фӕаразы цавӕрдӕр публикацийы, видеороликы, раныхасы фӕрцы кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаджы йе та фӕлтӕрдджын ӕмбалы уылты. Ӕмӕ-иу хъуамӕ бамбарӕм, уый нын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, мӕхӕдӕг истытӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.

19. Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

19 Йегъовӕ дын ратдзӕн фарн. Йегъовӕ нӕ куыд бафидар кӕны? Куы йӕм фӕкувӕм, уӕд нын ратты, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Фил. 4:6, 7). Уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр вӕййынц ӕмӕ нал фӕмӕт кӕнӕм. Иу хо радзырдта: «Арӕх мӕхимӕ иунӕг фӕкӕсын. Ӕмӕ хатт уый тыххӕй афтӕ фӕхъуыды кӕнын, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ нӕ уарзы. Фӕлӕ йӕм уӕд уайтагъд скувын ӕмӕ йын радзурын, мӕ зӕрдӕйы цытӕ цӕуы, уый. Куывды фӕрцы ахӕм хъуыдытӕй фервӕзын».

20. Йесо кӕцыдӕр уавӕрты кӕй куыдта, уымӕй цы базыдтам?

20 Йесо кӕцыдӕр уавӕрты кӕй куыдта, уымӕй цас цыдӕртӕ базыдтам! Мах базыдтам, зианджынты фарсмӕ-иу кӕй хъуамӕ балӕууӕм. Кӕд нын исчи амард, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо нӕ фарсмӕ кӕй сты. Хъуамӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесойау адӕмӕн тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ сын хорз хабар хъусын кӕнӕм. Йесойы цӕссыгтӕ ма нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо хорз ӕмбарынц, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын зонынц ӕмӕ сӕ фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, иу бон нын нӕ цӕссыгтӕ кӕй ныссӕрфдзӕн! (Рарг. 21:4). Уӕдмӕ та уал нӕ фӕнды, ацы статьяйӕ цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ архайын.

120 ЗАРӔГ Чырыстийау фӕлмӕн удыхъӕды хицау ут

^ Иуӕй-иу хатт-иу Йесойӕн йӕ зӕрдӕ цӕуылдӕр афтӕ тынг фӕрыст, ӕмӕ-иу кӕугӕ дӕр кодта. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ уавӕрыл ӕмӕ базондзыстӕм, Йесойы цӕссыгтӕ нын цӕуыл дзурӕг сты, уый.

^ Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ Кӕс чиныджы «Понимание Писания» статья «Иисус Христос», сӕргонд «Дела и качества», дӕлсӕргонд «Глубокие чувства и теплота».

^ НЫВ. Йесо Марфӕ ӕмӕ Марийӕйӕн ныфсытӕ бавӕрдта. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у зианджынты фарсмӕ балӕууын.

^ НЫВ. Йесо Никодимимӕ ӕхсӕвы ныхас кодта. Искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд хорз уаид, ахуыр-иу куы ауадзиккам, уымӕн ӕнцондӕр кӕд у, уӕд.

^ НЫВ. Йесо Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын тыхтӕ радтаид ӕмӕ йын баххуыс кодтаид иузӕрдионӕй баззайынӕн. Фӕлварӕнты мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм.