Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕм?

Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕм?

«Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (ЛУК. 22:19).

20 ЗАРӔГ Ды радтай дӕ уарзон Фырты

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Зынаргъ нын чи у, ахӕм адӕймаг куы амӕлы, уӕд ыл уӕлдайдӕр кӕд фӕхъуыды кӕнӕм? б) Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр цы сарӕзта?

 ЗЫНАРГЪ нын чи у, уыцы адӕймаджы мӕлӕтӕй цасфӕнды ма рацӕуа, уӕддӕр нӕ рох нӕ вӕййы. Ӕмӕ йыл уӕлдайдӕр фӕхъуыды кӕнӕм, йӕ мӕлӕты бон куы ’рхӕццӕ вӕййы, уӕд.

2 Алы аз дӕр ӕгас зӕххыл милуангай адӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй ахъуыды кӕной Йесо Чырыстийы мӕлӕтыл. Уый йӕ цард радта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид (Матф. 20:28). Ӕмӕ йӕ мах бирӕ уарзӕм (1 Пет. 1:8). Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уый сӕ зӕрдыл дардтаиккой. Йӕ мӕлӕты размӕ изӕр скодта сӕрмагонд ӕхсӕвӕр ӕмӕ загъта: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лук. 22:19).

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕй кӕмӕндӕрты ис уӕлӕрвты цӕрыны ныфс, фӕлӕ сӕ фылдӕрӕн ис зӕххыл цӕрыны ныфс. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр цӕмӕн ӕрбацӕуынц ӕмӕ, кӕй ӕрбацӕуынц, уый сыл куыд фӕзыны, уый. Фыццаг уал аныхас кӕндзыстӕм сӕрст чырыстӕттыл.

СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔ ЦӔМӔН ӔРБАЦӔУЫНЦ?

4. Ӕрымысӕн изӕры сӕрст чырыстӕттӕ дзул ӕмӕ сӕнӕй цӕмӕн саходынц?

4 Алы аз дӕр сӕрст чырыстӕттӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд дзул ӕмӕ сӕнӕй саходынц. Цӕмӕн? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр цы сарӕзта, уый. Йӕ апостолтимӕ Куадзӕн куы сбӕрӕг кодта, уӕд уый фӕстӕ йӕ 11 иузӕрдион апостолмӕ дзул ӕмӕ сӕн алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй дзы сахуыстаиккой. Уыцы ӕхсӕвӕр уый фӕстӕ хонын райдыдтой Хицауы ӕхсӕвӕр. Йесо сын ракодта дыууӕ бадзырды кой – иу уыди ног бадзырд, иннӕ та бадзырд Паддзахады тыххӕй (Лук. 22:19, 20, 28–30) *. Уыцы дыууӕ бадзырды фӕрцы апостолтӕн ӕмӕ ма чырыстӕттӕй ноджыдӕр кӕмӕндӕрты фӕзынд фадат, цӕмӕй уӕлӕрвты суыдаиккой паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 5:10; 14:1). Ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй саходыны бар ис ӕрмӕстдӕр, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы бадзырдтӕ уыдонимӕ ӕрцыдысты арӕзт.

5. Сӕрст чырыстӕттӕ фидарӕй цы зонынц?

5 Сӕрст чырыстӕттӕн ма Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын ноджыдӕр ӕхсызгон цӕмӕн вӕййы? Уый фӕрцы сын вӕййы фадат, цы ныфс сын ис, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Йегъовӕ сын радта диссаджы ныфс – уӕлӕрвты сын уыдзӕн ӕнӕмӕлгӕ цард, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм буӕрттӕ, уыдзысты Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ, 144 минӕй чи райгас, уыдонимӕ. Ӕппӕты диссагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы фендзысты! (1 Кор. 15:51–53; 1 Иоан. 3:2). Уыдон фидарӕй зонынц, ахӕм хорздзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззайой (2 Тим. 4:7, 8). Сӕ ныфсыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы (Тит. 2:13). Ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» та цӕмӕн ӕрбацӕуынц Ӕрымысӕн изӕрмӕ? (Иоан. 10:16).

ӔНДӔР ФЫСТӔ ЦӔМӔН ӔРБАЦӔУЫНЦ?

6. Ӕндӕр фыстӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуынц?

6 Ӕндӕр фыстӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын, кӕд сӕхӕдӕг дзул ӕмӕ сӕнӕй нӕ саходынц, уӕддӕр. Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны фыццаг хатт Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхуыдтой 1938 азы. 1938 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Ӕндӕр фыстӕн дӕр ӕмбӕлы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын... Уыдонӕн дӕр уый стыр цины хабар у». Чындзӕхсӕвмӕ чи ’рбацӕуы, уыцы уазджытӕ усгур ӕмӕ чындзы циныл куыд фӕцин кӕнынц, афтӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр Ӕрымысӕн изӕры фӕцин кӕнынц сӕрст чырыстӕтты циныл.

7. Ӕндӕр фыстӕ Ӕрымысӕн изӕры раныхасмӕ цӕмӕн фенхъӕлмӕ кӕсынц?

7 Ӕрымысӕн изӕры ӕндӕр фыстӕ дӕр фӕхъуыды кӕнынц, цы ныфс сын ис, ууыл. Раныхасы дзырд фӕцӕуы, мин азы дӕргъы Йесо Чырысти ӕмӕ 144 мины цы араздзысты, ууыл. Йесо сын разамынд дӕтдзӕн, ӕмӕ коммӕгӕс адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй зӕххӕй дзӕнӕт саразой ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст суой. Ӕндӕр фыстӕ куы фехъусынц, Библийы пехуымпарӕдтӕ, зӕгъӕм, Исай 35:5, 6; 65:21–23 стихтӕ ӕмӕ Раргомад 21:3, 4 стихтӕ, кӕй сӕххӕст уыдзысты, уӕд сӕ зӕрдӕтӕм рухс бакӕлы. Сӕ цӕстытыл ауайы, сӕ бинонтимӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ ног дунейы куыд цӕрдзысты, уый. Ӕмӕ сӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды уыцы цард сӕхи цӕстӕй фенын ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын (Матф. 24:13; Гал. 6:9).

8. Ӕндӕр фыстӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ноджыдӕр цӕмӕн ӕрбацӕуынц?

8 Ӕндӕр фыстӕ ма Ӕрымысӕн изӕрмӕ ноджыдӕр цӕмӕн ӕрбацӕуынц? Афтӕмӕй равдисынц, сӕрст чырыстӕтты кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Хуыцауы Ныхасы раджы фыст ӕрцыд, сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны ’хсӕн иудзинад кӕй уыдзӕн. Ӕркӕсӕм цалдӕр пехуымпарадмӕ.

9. Захарийы 8:23 стихы цы пехуымпарад ис, уый куыд ӕвдисы, ӕндӕр фыстӕ сӕрст чырыстӕттӕм цы зӕрдӕ дарынц, уый?

9 Бакӕс Захарийы 8:23. Ацы пехуымпарад хорз ӕвдисы, ӕндӕр фыстӕ сӕрст хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм цы зӕрдӕ дарынц, уый. «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы» амонынц ӕндӕр фыстӕм. «Дзуттаг лӕг» амоны, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонмӕ (Ром. 2:28, 29). Ӕмӕ сын ӕндӕр фыстӕ дзурынц, «мах дӕр уемӕ цӕуӕм», зӕгъгӕ. Пехуымпарады афтӕ загъд кӕй уыд, уыдон «ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыл ӕнувыд сты ӕмӕ семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ уый равдисынц, Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕуынц ӕмӕ семӕ кӕй вӕййынц, уымӕй дӕр.

10. Йегъовӕ куыд сӕххӕст кодта, Йезекилы 37:15–19, 24, 25 стихты цы пехуымпарад ис, уый?

10 Бакӕс Йезекилы 37:15–19, 24, 25. Ацы пехуымпарады ис дыууӕ лӕдзӕджы кой. «Иудӕйы лӕдзӕг» амоны, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ (Израилы паддзӕхтӕ-иу Иудӕйы мыггагӕй ӕрцыдысты ӕвзӕрст). «Ефремы лӕдзӕг» та амоны, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ *. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ хъуамӕ уыцы дыууӕ къорды баиу кодтаид ӕмӕ суыдаиккой «иу лӕдзӕг». Йегъовӕ ацы пехуымпарад сӕххӕст кодта. Сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ ӕндӕр фысты баиу кодта, ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст сты фидар тӕгтӕй. Ис сын иу Паддзах – Йесо Чырысти, ӕмӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр хицӕнтӕй нӕ фӕбӕрӕг кӕнынц, фӕлӕ иумӕ, уымӕн ӕмӕ сты «иу дзуг» ӕмӕ сын ис иу фыййау (Иоан. 10:16).

11. Матфейы 25:31–36, 40 стихты цы «фысты» кой ис, уыдон Чырыстийы ӕфсымӕртӕн сӕйраджыдӕр куыд ӕххуыс кӕнынц?

11 Бакӕс Матфейы 25:31–36, 40. «Фыстӕ» амонынц, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис ӕмӕ кӕроны рӕстӕджы чи цӕры, уыцы рӕстгӕнджытӕм. «Фыстӕ» ӕххуыс кӕнынц, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн. Цавӕр хъуыддаджы? Сӕйраджыдӕр, цы стыр хӕс сыл ис, уый ӕххӕст кӕнынӕн – ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн (Матф. 24:14; 28:19, 20).

12, 13. Ӕндӕр фыстӕ ма Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ноджыдӕр куыд ӕххуыс кӕнынц?

12 Ӕндӕр фыстӕ ма Чырыстийы ӕфсымӕртӕн феххуыс кӕнынц Ӕрымысӕн изӕры размӕ дӕр. Цалдӕр къуырийы дӕргъы фӕархайынц зиуы – адӕмы фӕхонынц уыцы ахсджиаг хабармӕ. (Кӕс рамкӕ  «Дӕхи Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕттӕ кӕныс?».) Стӕй ма алцыдӕр бацӕттӕ кӕнынц, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр алы ӕмбырды дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ацӕуа, кӕд ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕры сӕрст чырыстӕттӕ нӕй, уӕддӕр. Ӕндӕр фыстӕн тынг ӕхсызгон у, сӕ бон кӕй у Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕмӕ йӕ зонынц, цы аразынц, уый Йесо афтӕ кӕй нымайы, цыма йын ӕй йӕхицӕн аразынц (Матф. 25:37–40).

13 Фӕлӕ ма не ’ппӕт дӕр ноджыдӕр цӕйдӕр тыххӕй ӕрбацӕуӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ.

НОДЖЫДӔР МА ЦӔМӔН ӔРБАЦӔУӔМ?

14. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо куыд равдыстой, тынг нӕ кӕй уарзынц, уый?

14 Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг стӕм, цы уарзондзинад равдыстой, уый тыххӕй. Йегъовӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы, уый алыхуызӕтты равдыста. Фӕлӕ иу хъуыддаг ницӕимӕ ис абарӕн. Йӕ зынаргъ Фырты рарвыста, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ мах тыххӕй амардаид (Иоан. 3:16). Йесо йӕхӕдӕг дӕр мах тыххӕй йӕ цард нӕ бавгъау кодта, ӕмӕ уымӕй равдыста стыр уарзондзинад (Иоан. 15:13). Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо цы хорздзинад сарӕзтой, уый сын никуы бафиддзыстӕм. Фӕлӕ сӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон у равдисын, алы бон дӕр куыд цӕрӕм, уымӕй (Кол. 3:15). Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд нӕ бон вӕййы уыцы стыр уарзондзинад нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын. Стӕй равдисӕм, мах дӕр сӕ кӕй уарзӕм.

15. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ Чырыстийы нывондӕн тынг цӕмӕн аргъ кӕнынц?

15 Чырыстийы нывондӕн тынг аргъ кӕнӕм (Матф. 20:28). Сӕрст чырыстӕттӕ Йесойы нывондӕн уымӕн аргъ кӕнынц, ӕмӕ сын уый фӕрцы фӕзынд диссаджы ныфс. Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыдысты, уый фӕрцы сӕ Йегъовӕ банымадта рӕстгӕнджытыл ӕмӕ йӕ фырттыл (Ром. 5:1; 8:15–17, 23). Ӕндӕр фыстӕ дӕр аргъ кӕнынц, Йесо цы сарӕзта, уымӕн. Уыдон дӕр ӕууӕндынц Чырыстийы нывондыл. Ӕмӕ сын уый фӕрцы Хуыцауы раз ис сыгъдӕг цӕсгом, лӕггад ын кӕнынц ӕмӕ сӕ ныфс ис, «стыр бӕллӕхы сӕрты» кӕй ахиздзысты (Рарг. 7:13–15). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ равдисынц, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй сты, алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕуынц, уымӕй дӕр.

16. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма ноджыдӕр цӕмӕн ӕрбацӕуӕм?

16 Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма уый тыххӕй ӕрбацӕуӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Чырыстийы коммӕ кӕсын. Йесо загъта: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (1 Кор. 11:23, 24). Ӕмӕ махӕй алкӕй дӕр фӕнды уыцы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын, уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс.

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРМӔ КӔЙ ӔРБАЦӔУӔМ, УЫЙ НЫЛ КУЫД ФӔЗЫНЫ?

17. Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕуӕм, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр цӕмӕн баввахс вӕййӕм?

17 Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс вӕййӕм (Иак. 4:8). Куыд загътам, афтӕмӕй нын Ӕрымысӕн изӕры вӕййы фадат нӕ ныфсыл ӕмӕ Йегъовӕйы стыр уарзондзинадыл ахъуыды кӕнынӕн (Йер. 29:11; 1 Иоан. 4:8–10). Уый фӕрцы Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр бауарзӕм ӕмӕ йӕм тынгдӕр баввахс вӕййӕм (Ром. 8:38, 39).

18. Йесойы цӕвиттоныл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ цы бафӕнды аразын?

18 Тынгдӕр нӕ бафӕнды Йесойы фӕзмын (1 Пет. 2:21). Ӕрымысӕн изӕры размӕ цалдӕр боны фӕкӕсӕм Библийӕ скъуыддзӕгтӕ, Йесо йӕ царды фӕстаг бонтӕ куыд арвыста, куыд амард ӕмӕ куыд райгас, уый тыххӕй. Ӕрымысӕн изӕры цы раныхас вӕййы, уый та нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Йесо нӕ куыд тынг уарзы, уый (Еф. 5:2; 1 Иоан. 3:16). Йесойы удуӕлдай уарзондзинадыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды, уый куыд цард, афтӕ цӕрын (1 Иоан. 2:6).

19. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй хайджын уӕм?

19 Тынгдӕр нӕ бафӕнды афтӕ цӕрын, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй хайджын уӕм (Иуд. 20, 21). Уый тыххӕй хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм, йӕ ном ын рухс кӕнӕм ӕмӕ йын ӕхсызгон цы у, уый аразӕм (Ӕмб. 27:11; Матф. 6:9; 1 Иоан. 5:3). Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕуӕм, уый фӕрцы нӕ тынгдӕр бафӕнды нӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, цӕмӕй-иу алы бон дӕр нӕ бон уа зӕгъын: «Йегъовӕ, мӕн фӕнды, цӕмӕй дӕ уарзтӕй ӕнустӕм хайджын уон!»

20. Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕм?

20 Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс,– не ’ппӕт дӕр тынг ахсджиагыл нымайӕм Ӕрымысӕн изӕр. Алы аз дӕр ӕрӕмбырд вӕййӕм Йесо Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысыны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нын тынг зынаргъ у. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕ цы стыр уарзондзинад равдыста – йӕ Фырты мах тыххӕй кӕй радта – уый нӕ рох кӕй нӕу. 2022 азы Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 15 апрелы, майрӕмбоны. Уӕдӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ныууадздзыстӕм ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕудзыстӕм.

16 ЗАРӔГ Йегъовӕйӕн скад кӕн йе ’вӕрд Паддзахы тыххӕй

^ Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр алы аз фенхъӕлмӕ кӕсынц Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Ӕрымысӕн изӕрмӕ-иу цӕмӕн хъуамӕ ӕрбацӕуӕм, уый тыххӕй Библийӕ цы ис базонӕн ӕмӕ, кӕй ӕрбацӕуӕм, уый ныл куыд фӕзыны.

^ Ацы дыууӕ бадзырды тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Сымах суыдзыстут „сауджынты паддзахад“». Кӕс 2014 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15–17 фӕрстӕ.

^ Дыууӕ лӕдзӕджы тыххӕй пехуымпарад куыд сӕххӕст, уый тыххӕй фылдӕр кӕс «Кӕсджыты фарстаты» 2016 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».