Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

34 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Библийы пехуымпарӕдтӕ лӕмбынӕг иртас

Библийы пехуымпарӕдтӕ лӕмбынӕг иртас

«Ӕмбаргӕ чи уа, уыдон... сӕ бамбардзысты» (ДАН. 12:10).

98 ЗАРӔГ Сыгъдӕг Фыстад у Хуыцауӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ иртасын бауарзӕм?

 «ТЫНГ уарзын Библийы пехуымпарӕдтӕ иртасын»,– загъта Бен, айразмӕйы статьяйы кӕй кой уыд, уыцы ӕрыгон ӕфсымӕр. Дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Библийы пехуымпарӕдтӕ иртасын? Ӕви дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ дӕ бон нӕ бауыдзӕн бамбарын? Чи зоны сӕ тагъд афӕлмӕцыс. Фӕлӕ фылдӕр куы базонай, Йегъовӕ сӕ йӕ Ныхасы цӕмӕн ныффыссын кодта, уӕд, гӕнӕн ис, дӕ хъуыды фӕивай.

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ цӕмӕн хъуамӕ иртасӕм ӕмӕ сӕ куыд хъуамӕ иртасӕм, ууыл. Стӕй ӕркӕсдзыстӕм Данелы чиныгӕй дыууӕ пехуымпарадмӕ ӕмӕ фендзыстӕм, куы сӕ ӕмбарӕм, уӕд нын уый абон куыд баххуыс кӕндзӕн.

ЦӔМӔН ХЪӔУЫ БИБЛИЙЫ ПЕХУЫМПАРӔДТӔ ИРТАСЫН?

3. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарӕм?

3 Цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ӕнӕзонгӕ фӕндагыл фӕцӕуыс. Фӕлӕ демӕ ис де ’мбал ӕмӕ уый уыцы бынӕттӕ хорз зоны. Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕндид, цӕмӕй дын бамбарын кӕна, кӕм стут ӕмӕ уыцы фӕндаг кӕдӕм кӕны. Йегъовӕ дӕр у ахӕм ӕмбалы хуызӕн. Уый зоны, цы рӕстӕджы цӕрӕм ӕмӕ нӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ кӕд мах дӕр фӕнды уыдӕттӕ зонын ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарын, уӕд дзы хъуамӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуыс курӕм (Дан. 2:28; 2 Пет. 1:19, 20).

Библийы пехуымпарӕдтӕ куы иртасӕм, уӕд нӕхи бацӕттӕ кӕндзыстӕм фидӕны хабӕрттӕм (кӕс 4 абзац)

4. Йегъовӕ йӕ Ныхасы пехуымпарӕдтӕ цӕмӕн ныффыссын кодта? (Йереми 29:11). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Алы хорз ныййарӕг дӕр фӕхъуыды кӕны йӕ сывӕллӕтты фидӕныл ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй амондджын уой. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр ахӕм ныййарӕг у. (Бакӕс Йеремийы 29:11.) Фӕлӕ зӕххон ныййарджытӕй уӕлдай, Йегъовӕйӕн йӕ бон у зӕгъын, фидӕны цы уыдзӕн, уый, ӕмӕ никуы фӕрӕдийы. Уый йӕ Ныхасы ныффыссын кодта пехуымпарӕдтӕ, цӕмӕй рагацау зонӕм, цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый (Ис. 46:10). Библийы пехуымпарӕдтӕ сты нӕ уарзӕгой Фыды лӕвар. Фӕлӕ цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл?

5. Ӕрыгӕттӕ Максы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?

5 Бирӕ бӕстӕты ӕрыгон чырыстӕттӕн сӕ къласӕгтӕ, Библийы цы фыст ис, ууыл не ’ууӕндынц. Ӕмӕ, цы фӕдзурынц ӕмӕ цы фӕаразынц, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзына. Ӕркӕсӕм Максы хабармӕ. Уый загъта: «Ӕрыгон куы уыдтӕн, уӕд дызӕрдыг кӕнын райдыдтон, мӕ ныййарджытӕ раст диныл хӕст кӕй сты ӕмӕ Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, ууыл». Йӕ ныййарджытӕ йын куыд баххуыс кодтой? Макс загъта: «Зонын ӕй, тынг кӕй мӕт кодтой, фӕлӕ мемӕ ныхас кодтой сабырӕй». Стӕй йын йӕ фарстатӕн дзуаппытӕ лӕвӕрдтой Библийӕ. Фӕлӕ Макс йӕхӕдӕг дӕр ӕнцад нӕ бадт. Уый загъта: «Мӕхӕдӕг Библийы пехуымпарӕдтӕ иртӕстон. Ӕмӕ-иу, цы базыдтон, ууыл иннӕ ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ныхас кодтам». Цымӕ йын уый искуыд баххуыс кодта? Макс загъта: «Уый фӕстӕ ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодтон, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, ууыл».

6. Кӕд дӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзынд, уӕд дӕ цы хъӕуы саразын ӕмӕ цӕмӕн?

6 Кӕд ды дӕр Максау дызӕрдыг кӕнын райдыдтай, Библийы рӕстдзинад кӕй ис, ууыл, уӕд дӕ уый тыххӕй дӕ цӕсгом ма хӕрӕд. Фӕлӕ дӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ хъӕуы цыдӕр саразын, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕй фервӕзай. Дызӕрдыг хъуыдытӕ сты згӕйы хуызӕн. Исты зынаргъ дзаумайыл згӕ куы фӕзына ӕмӕ йӕ куы ницӕмӕ дарай, уӕд ӕй гыццылгай бахӕрдзӕн. Цӕмӕй, дӕ уырнындзинадыл чи фӕзынд, уыцы «згӕйӕ» фервӕзай, уый тыххӕй уал фыццаг ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый мӕ уырны?» Кӕд дӕ уый афтӕ фидарӕй нӕ уырны, уӕд дӕ хъӕуы, чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарӕдтӕ раиртасын. Уый дӕ бон куыд у саразын?

КУЫД ХЪӔУЫ БИБЛИЙЫ ПЕХУЫМПАРӔДТӔ ИРТАСЫН?

Цӕмӕй Данелау алы уавӕры дӕр Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, уый тыххӕй нӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ иртасгӕйӕ хъӕуы сӕрныллӕгдзинад, хъуамӕ сӕ лӕмбынӕг иртасӕм ӕмӕ нын хъуамӕ уа раст нысан (кӕс 7 абзац)

7. Пехуымпарӕдтӕ иртасын куыд хъӕуы, уымӕй нын Данел фӕзминаг куыд у? (Данел 12:10). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Данел нын у фӕзминаг, пехуымпарӕдтӕ иртасын куыд хъӕуы, уымӕй. Уыди йын раст нысан – фӕндыд ӕй рӕстдзинад базонын. Уымӕй уӕлдай, уыди сӕрныллӕг. Ӕмбӕрста, Йегъовӕ пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕмбарын кӕны, чи йӕ зоны ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн (Дан. 2:27, 28; бакӕс Данелы 12:10). Данел-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыди, сӕрныллӕг кӕй уыд (Дан. 2:18). Стӕй ма лӕмбынӕг иртӕста, уыцы рӕстӕг Фыстадӕй цы хӕйттӕ уыд, уыдон (Йер. 25:11, 12; Дан. 9:2). Дӕуӕн та дӕ бон куыд у Данелы бафӕзмын?

8. Иуӕй-иутӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ цӕмӕн фӕиртасынц, фӕлӕ мах цы хъӕуы аразын?

8 Ахъуыды кӕн, Библийы пехуымпарӕдтӕ иртасгӕйӕ дӕ нысан цы вӕййы. Рӕстдзинад зонын дӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕнды, уый тыххӕй фӕиртасыс пехуымпарӕдтӕ? Кӕд о, уӕд дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн (Иоан. 4:23, 24; 14:16, 17). Фӕлӕ сӕ иуӕй-иутӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй фӕиртасынц. Фӕфӕнды сӕ ссарын бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй нӕу, уымӕн. Уыдон афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ссарой, уӕд сӕхи бон уыдзӕн скъуыддзаг кӕнын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Фӕлӕ нын пехуымпарӕдтӕ иртасгӕйӕ хъуамӕ уа раст нысан. Уымӕй уӕлдай, цӕмӕй сӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй ма нӕ хъӕуы иу ахсджиаг миниуӕг.

9. Цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ цавӕр миниуӕг хъӕуы? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

9 Сӕрныллӕг у. Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, сӕрныллӕгтӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Иак. 4:6). Уымӕ гӕсгӕ йӕм хъуамӕ кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм, цӕмӕй нӕ бон уа пехуымпарӕдтӕ ӕмбарын. Стӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕй нӕ хъӕуы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары ӕххуыс. Уый уылты нын Йегъовӕ йӕ афоныл дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Лук. 12:42). Йегъовӕмӕ алцӕмӕн дӕр ис уаг ӕмӕ ӕгъдау. Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, йӕ Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый нын бирӕ кӕйдӕрты уылты ӕмбарын кӕндзӕн ӕви ӕрмӕстдӕр уыцы цагъары уылты? (1 Кор. 14:33; Еф. 4:4–6).

10. Эстеры хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

10 Пехуымпарӕдтӕ лӕмбынӕг иртас. Равзар, дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм пехуымпарад ӕмӕ уал фыццаг уый раиртас. Афтӕ бакодта Эстер, айразмӕйы статьяйы кӕй кой уыд, уыцы хо. Уый фӕндыд раиртасын пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй. Эстер зӕгъы: «15 азы мыл куы цыд, уӕд райдыдтон бӕлвырдгӕнӕнтӕ агурын, уыцы пехуымпарӕдтӕ Йесойы райгуырдӕй раздӕр фыст кӕй ӕрцыдысты, уымӕн». Ӕмӕ сӕ ссардта, Мард денджызы тыхтӕтты тыххӕй цы ӕрмӕг бакаст, уым. Уый загъта: «Уыцы тыхтӕттӕй иуӕй-иутӕ фыст ӕрцыдысты Чырыстийы райгуырдӕй раздӕр. Ӕмӕ ахъуыды кодтон, зӕгъын дзы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон уӕд хъуамӕ Хуыцауӕй уой». Эстер ма загъта: «Уыцы ӕрмӕг цалдӕр хатты бакастӕн, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаин». Ӕмӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Библийы пехуымпарӕдтӕй цалдӕр лӕмбынӕг куы раиртӕста, уый фӕстӕ загъта: «Ӕз ӕй бамбӕрстон, Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис».

11. Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый нӕхицӕн цӕмӕн хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм?

11 Хуыцауы Ныхасӕй кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уый куы фӕуынӕм, уӕд Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр фӕдарӕм ӕмӕ нын цы разамынд дӕтты, ууыл нӕ фӕдызӕрдыг кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсӕм, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ӕмбӕлӕм, уӕддӕр. Цыбыртӕй ӕркӕсӕм Данелы пехуымпарӕдтӕй дыууӕмӕ. Уыдон ныртӕккӕ ӕххӕст кӕнынц, ӕмӕ сӕ куы ӕмбарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын.

ӔФСӔЙНАГӔЙ ӔМӔ ӔЛЫГӔЙ ЧИ СТЫ, УЫЦЫ КЪӔХТӔ ДЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ?

12. Ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй чи сты, уыцы къӕхтӕ кӕмӕ амонынц? (Данел 2:41–43).

12 Бакӕс Данелы 2:41–43. Паддзах Навуходоносор фыны цы гуымиры федта, уымӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ уыдысты кӕм ӕфсӕйнагӕй, кӕм та – ӕлыгӕй. Ӕфсӕйнаг уыди уымӕл ӕлыгимӕ хӕццӕ. Ацы пехуымпарад Данелы ӕмӕ Раргомады чингуытӕй иннӕ пехуымпарӕдтимӕ куы абарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, гуымирыйы къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ кӕй амонынц Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕм. Уыцы дыууӕ бӕстӕйы архайынц, куыд иу дунеон паддзахад, афтӕ. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы сты ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахӕдтӕ. Данел загъта, зӕгъгӕ, «уыцы паддзахад уыдзӕн кӕм фидар, кӕм та – лӕмӕгъ». Кӕмдӕр лӕмӕгъ цӕмӕн уыдзӕн? Уымӕл ӕлыг амоны хуымӕтӕг адӕммӕ. Ӕмӕ уыдоны тыххӕй йӕ бон нӕу ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидарӕй архайын b.

13. Ацы пехуымпарадӕй нӕ бон цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ у базонын?

13 Данел гуымирыйы тыххӕй цы загъта, уымӕй нӕ бон у базонын ахсджиаг хабӕрттӕ. Уӕлдайдӕр бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис, йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ цӕмӕ амонынц, уымӕй. Фыццаг: Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ сты тынг тыхджын, ӕмӕ сӕ хъомыс иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыстой. Зӕгъӕм, уыцы бӕстӕтӕ уыдысты, Фыццаг ӕмӕ Дыккаг дунеон хӕстыты чи фӕуӕлахиз, уыцы бӕстӕтӕй сӕ иутӕ. Фӕлӕ уыцы дунеон паддзахад лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны, йӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ кӕй тох кӕнынц ӕмӕ хицауады ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ дарддӕр дӕр лӕмӕгъдӕр кӕндзӕн. Дыккаг: Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ куы сафа, уӕд Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ уыдзысты дунеон паддзахад. Ӕмӕ йын кӕд кӕцыдӕр бӕстӕты хицауӕдтӕ йӕ бынатмӕ бахъав-бахъав фӕкӕнынц, уӕддӕр йӕ бӕсты ӕндӕр паддзахад не суыдзӕн дунеон паддзахад. Уый кӕцӕй зонӕм? «Дур», ома Хуыцауы Паддзахад, ныппырх кӕндзӕн къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ, ома Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ (Дан. 2:34, 35, 44, 45).

14. Гуымирыйы къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ цӕмӕ амонынц, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

14 Ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый дӕ куы уырна, уӕд уый фӕзындзӕн дӕ цардыл дӕр. Бирӕ ӕхца ӕмӕ дӕм бирӕ мулк уа, уымӕ нӕ тырндзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зоныс, тагъд ацы фыддунейӕн йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (Лук. 12:16–21; 1 Иоан. 2:15–17). Стӕй ӕмбардзынӕ, куыд ахсджиаг у хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 6:33; 28:18–20). Ацы пехуымпарад куы раиртасай, уӕд-иу ахъуыды кӕн ацы фарстайыл: «Цы уынаффӕтӕ хӕссын, уыдонӕй бӕрӕг у, кӕй мӕ уырны, тагъд Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ дӕр кӕй фесафдзӕн?»

«ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ» ӔМӔ ДӔМ «ХУССАЙРАГ ПАДДЗАХ» ЦЫ БАР ДАРЫНЦ?

15. «Цӕгатаг паддзах» ӕмӕ «хуссайраг паддзах» абон кӕмӕ амонынц? (Данел 11:40).

15 Бакӕс Данелы 11:40. Данелы 11-ӕм сӕры дзырд цӕуы дыууӕ паддзахыл, ома дыууӕ хицауадыл. Уыдон кӕрӕдзиимӕ тох кӕнынц, уымӕн ӕмӕ иуы дӕр ӕмӕ иннӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй уый уа дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахад. Ацы пехуымпарад Библийы иннӕ пехуымпарӕдтимӕ куы абарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, «цӕгатаг паддзах» кӕй у Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ, «хуссайраг паддзах» та – Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ c.

«Цӕгатаг паддзах» ӕмӕ «хуссайраг паддзах» кӕрӕдзиимӕ кӕй тох кӕнынц, уымӕй ӕххӕст кӕнынц Библийы пехуымпарӕдтӕ. Уый куы ӕмбарӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ, цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй тынг нӕ мӕт кӕндзыстӕм (кӕс 16–18 абзацтӕ)

16. «Цӕгатаг паддзахы» территорийы Хуыцауы адӕмӕй чи цӕры, уыдон цавӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц?

16 «Цӕгатаг паддзахы» территорийы Хуыцауы адӕмӕй чи цӕры, уыдон уыцы паддзахы къухӕй ӕфхӕрд ӕййафынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕйдӕрты сӕ уырнындзинады тыххӕй нӕмгӕ дӕр фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты бакӕнынц. «Цӕгатаг паддзах» не ’фсымӕрты кӕй ӕфхӕры, уый тыххӕй сӕ тас нӕ бацӕуы. Уый нӕ, фӕлӕ ма сӕ уырнындзинад ноджы фидардӕр свӕййы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, Хуыцауы адӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уымӕй кӕй ӕххӕст кӕны Данелы пехуымпарад (Дан. 11:41) d. Уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ ныфс у фидар ӕмӕ Йегъовӕйыл стӕм иузӕрдион.

17. Хуыцауы адӕмӕй «хуссайраг паддзахы» территорийы чи цӕры, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ ӕмбӕлынц?

17 Раздӕр «хуссайраг паддзах» дӕр Йегъовӕйы адӕмы ӕфхӕрдта. Зӕгъӕм, 20 ӕнусы фыццаг ӕмбисы ӕфсымӕртӕй бирӕты ахӕстӕтты бакодтой, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайдтой ӕмӕ кӕй никӕй фарс хӕцыдысты, уый тыххӕй. Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй та кӕйдӕрты скъолайӕ ратардтой. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй «хуссайраг паддзахы» территорийы чи цӕры, уыдон фӕстаг азты ӕмбӕлынц ӕндӕр фӕлварӕнтыл. Зӕгъӕм, ӕвзӕрстыты рӕстӕг чырыстон, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, мӕнӕ ацы политикон парти кӕнӕ ацы хицау иннӕтӕй хуыздӕр у. Ӕмӕ кӕд хъӕлӕс кӕнынмӕ нӕ ацӕудзӕн, уӕддӕр йӕ хъуыдыты ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы кӕйдӕр фарс хӕцы. Ацы дунейӕ кӕй не стӕм, уый ӕрмӕст нӕ хъуыддӕгтӕй хъуамӕ ма уа бӕрӕг, фӕлӕ ма цы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй дӕр (Иоан. 15:18, 19; 18:36).

18. Дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ кӕй тох кӕнынц, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

18 Библийы пехуымпарӕдтыл чи не ’ууӕнды, уыдон, гӕнӕн ис, тынг мӕт кӕной, «цӕгатаг паддзах» «хуссайраг паддзахимӕ» куыд хӕцы, уый уынгӕйӕ (Дан. 11:40). Дыууӕ паддзахмӕ дӕр уыйбӕрц ядерон хӕцӕнгарз ис, ӕмӕ сӕ бон у зӕхх ӕдзӕрӕг фестын кӕнын, ӕмӕ йыл удӕгасӕй ницыуал баззайдзӕн. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм: Йегъовӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй ахӕм хабар ӕрцӕуа (Ис. 45:18). Уымӕ гӕсгӕ нӕ «цӕгатаг паддзахы» ӕмӕ «хуссайраг паддзахы» тох мӕты не ’фтауы, фӕлӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕны. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ацы дунейы кӕрон хӕстӕг у.

ДАРДДӔР ДӔР ПЕХУЫМПАРӔДТӔМ ДӔ ХЪУС ДАР

19. Библийы пехуымпарӕдтӕ иртасгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

19 Мах нӕ зонӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕй кӕцыдӕртӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый. Пехуымпар Данел дӕр, цы ныффыста, уыдӕттӕй алцы не ’мбӕрста (Дан. 12:8, 9). Фӕлӕ кӕд, цавӕрдӕр пехуымпарад куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый нӕ зонӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ сӕххӕст уыдзӕн. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм: зонын нӕ цы хъӕуы, уый нын Йегъовӕ йӕ афоныл раргом кӕндзӕн, раджы заман куыд кодта, афтӕ (Амос 3:7).

20. Тагъд цавӕр диссаджы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст уыдзысты ӕмӕ дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

20 Тагъд хицауӕдтӕ фехъусын кӕндзысты: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» (1 Фес. 5:3). Стӕй мӕнг динты ныхмӕ рацӕудзысты ӕмӕ сӕ фесафдзысты (Рарг. 17:16, 17). Уый фӕстӕ та рацӕудзысты Хуыцауы адӕмы ныхмӕ (Йез. 38:18, 19). Уыцы хабӕрттӕ ӕркӕндзысты фӕстаг хӕстмӕ – Армагеддонмӕ (Рарг. 16:14, 16). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы хабӕрттӕ тагъд кӕй ӕрцӕудзысты. Уӕдмӕ та уал дарддӕр дӕр Библийы пехуымпарӕдтӕм нӕ хъус дарӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ бамбарой. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕй бузныг кӕй стӕм.

95 ЗАРӔГ Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны

a Кӕд ацы дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны, уӕддӕр ӕй мах фидарӕй зонӕм, амондджын фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый нӕ уырны, Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй иртасӕм, уый фӕрцы. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ цӕмӕн хъуамӕ иртасӕм, ууыл. Стӕй ма цыбыртӕй аныхас кӕндзыстӕм, Данел кӕй ныффыста, уыцы пехуымпарӕдтӕй дыууӕйыл ӕмӕ фендзыстӕм, куы сӕ ӕмбарӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн.

b Кӕс статья «Йегъовӕ ӕргом кӕны, „тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ“», 2012 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 7–9 абзацтӕ.

c Кӕс статья «Ныртӕккӕ „цӕгатаг паддзах“ чи у?», 2020 азы майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 3, 4 абзацтӕ.

d Кӕс статья «Ныртӕккӕ „цӕгатаг паддзах“ чи у?», 2020 азы майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 7–9 абзацтӕ.