33 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Данелы хуызӕн у
«Ды Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ» (ДАН. 9:23).
73 ЗАРӔГ Баххуыс нын кӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Данел вавилойнӕгты зӕрдӕмӕ цӕмӕй фӕцыд?
ДАНЕЛЫ вавилойнӕгтӕ уацары куы акодтой, уӕд ӕрыгон уыд. Йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ тынг дард уыди. Уым ыл паддзахы фӕсдзӕуинтӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой. Уыдон кастысты, «цӕст цы уыны, уымӕ» – «иунӕг хъӕндзинад дӕр» ӕм кӕй нӕ уыд, «бакастӕй рӕсугъд» кӕй уыд ӕмӕ кадджын мыггагӕй кӕй уыд, уымӕ (1 Сам. 16:7). Ӕмӕ йӕ вавилойнӕгтӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодтой, цӕмӕй йӕ бон уыдаид паддзахы галуаны лӕггад кӕнын (Дан. 1:3, 4, 6).
2. Йегъовӕ Данелмӕ цы зӕрдӕ дардта? (Йезекил 14:14).
2 Йегъовӕ та Данелы цӕмӕн уарзта? Рӕсугъд кӕй уыд кӕнӕ паддзахы галуаны кадджын бынат кӕй ахста, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йыл уыцы ӕрыгон лӕппу иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй. Иухатт Йегъовӕ Ной ӕмӕ Иовы кой кӕнгӕйӕ ракодта Данелы кой дӕр. Уӕд Данелыл 20 азы бӕрц йеддӕмӕ нӕ цыдаид. Уыдон та Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы фӕлӕггад кодтой. Ӕмӕ уый дӕр уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хуызӕн нымадта рӕстгӕнӕгыл (Райд. 5:32; 6:9, 10; Иов 42:16, 17; бакӕс Йезекилы 14:14). Йегъовӕ йӕ алкӕддӕр уарзта (Дан. 10:11, 19). Данел бирӕ фӕцард, стӕй йӕ царды бирӕ диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд.
3. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
3 Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн Данелы миниуджытӕй дыууӕйыл. Хуыцауӕн афтӕ зынаргъ уӕлдайдӕр уыдоны тыххӕй уыди. Аныхас кӕндзыстӕм алы миниуӕгыл дӕр хицӕнӕй ӕмӕ-иу сӕ Данел цы уавӕрты равдыста, ууыл. Стӕй ӕркӕсдзыстӕм, цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕм уыцы миниуджытӕ фӕзындаиккой ӕмӕ йӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у, уымӕ. Кӕд ацы статья фыццаджыдӕр ӕрыгӕттӕн фыст у, уӕддӕр Данелы цӕвиттон махӕй алкӕмӕн дӕр стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.
ДАНЕЛЫ ХУЫЗӔН ХЪӔБАТЫР У
4. Данел хъӕбатырдзинад куыд равдыста? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
4 Хъӕбатыр адӕймаг дӕр цӕмӕйдӕрты фӕтӕрсы, фӕлӕ уӕддӕр, раст цы у, уый фӕаразы. Данел уыд тынг хъӕбатыр лӕппу. Ӕркӕсӕм дыууӕ хабармӕ. Фыццаг хабар, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыд, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй иу-2 азы фӕстӕ. Паддзах Навуходоносор федта ӕнахуыр фын. Федта тынг стыр гуымиры, ӕмӕ старст. Гъемӕ йӕ зондджын лӕгтӕн, уыимӕ Данелӕн дӕр, бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фын радзурой ӕмӕ йын ӕй райхалой. Афтӕ, дам, куы нӕ бакӕнат, уӕд, дам, уе ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн (Дан. 2:3–5). Данелы хъуыди ӕвӕстиатӕй архайын, кӕннод бирӕ адӕм бабын уыдаиккой. Уый «паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ фын райхалынӕн рӕстӕг радтаид» (Дан. 2:16). Уый тыххӕй йӕ хъуыди уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ уый размӕ Данел фынтӕ хӕлдта. Йе ’мбӕлттӕн – Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойӕн – загъта, «цӕмӕй уӕларвон Хуыцауӕй йӕ хорзӕх куырдтаиккой, ӕмӕ сын уыцы сусӕгдзинад раргом кодтаид» (Дан. 2:18) b. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ куывдтытӕн дзуапп радта. Йегъовӕйы фӕрцы Данел Навуходоносоры фын райхӕлдта, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр аирвӕзтысты.
5. Данелы ма ноджыдӕр цы уавӕры бахъуыд хъӕбатырдзинад равдисын?
5 Данел стыр гуымирыйы тыххӕй фын куы райхӕлдта, уӕд та йӕ цасдӕры фӕстӕ ногӕй бахъуыд хъӕбатырдзинад равдисын. Навуходоносор федта ӕндӕр ӕнахуыр фын. Фыны федта тынг стыр бӕлас. Данел паддзахӕн йӕ фын райхӕлдта. Нӕ дзы басусӕг кодта, йӕ сӕрызонд кӕй фӕцӕудзӕн ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг паддзах кӕй нал уыдзӕн, уый (Дан. 4:25). Гӕнӕн уыд, ӕмӕ йӕ ахӕм ныхӕсты тыххӕй паддзах змӕнтӕгыл банымадтаид ӕмӕ йӕ амарын кодтаид. Фӕлӕ Данел равдыста хъӕбатырдзинад ӕмӕ Навуходоносорӕн радзырдта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый.
6. Данелӕн цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаид?
6 Цымӕ Данелӕн цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй суанг йӕ зӕронды бонтӕм дӕр хъӕбатыр уыдаид? Гыццыл ма куы уыд, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныййарджытӕ фӕзминаг уыдысты. Уыдон бӕгуыдӕр ӕххӕст кодтаиккой, Йегъовӕ израилаг ныййарджытӕн цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ сывӕллонӕн Хуыцауы закъон амыдтаиккой (Дык. з. 6:6–9). Данел ӕрмӕст Дӕс фӕдзӕхсты нӕ зыдта, фӕлӕ Закъоны лыстӕг хабӕрттӕ дӕр, зӕгъӕм, израилӕгтӕн хӕрӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд (Лев. 11:4–8; Дан. 1:8, 11–13) c. Данел ма зыдта Хуыцауы адӕмы истори дӕр, зӕгъӕм, Йегъовӕмӕ-иу куы нӕ хъуыстой, уӕд-иу сыл цы ’рцыд, уый (Дан. 9:10, 11). Йӕ царды цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны фӕрцы йӕ фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ ӕмӕ йын йӕ хъомысджын зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц (Дан. 2:19–24; 10:12, 18, 19).
7. Данелӕн ма ноджыдӕр цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаид? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
7 Данел иртӕста пехуымпарӕдтӕ, зӕгъӕм, Йеремийы пехуымпарад. Уый фӕрцы базыдта, тагъд дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты (Дан. 9:2). Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый уынгӕйӕ Данел Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дардта. Хуыцауыл фидарӕй чи ’ууӕнды ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та вӕййы тынг хъӕбатыр. (Абар Ромӕгтӕм 8:31, 32, 37–39.) Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ Данел тынг арӕх куывта йӕ уӕларвон Фыдмӕ (Дан. 6:10). Ӕргом-иу дзырдта Йегъовӕйӕн йӕ рӕдыдтыты тыххӕй ӕмӕ-иу ын раргом кодта, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый. Стӕй дзы ӕххуыс куырдта (Дан. 9:4, 5, 19). Уый дӕр мах хуызӕн адӕймаг уыди, ӕмӕ хъӕбатырдзинад йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахаста. Уый Хуыцауы Ныхас иртӕста, куывта йӕм ӕмӕ йыл фидарӕй ӕууӕндыд, ӕмӕ афтӕмӕй хъӕбатырдзинад йӕ удыхъӕды фидар кодта.
8. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм?
8 Гӕнӕн ис, дӕ ныййарджытӕ дын дзурой, хъӕбатыр хъуамӕ уай, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дын сӕ бон нӕу уыцы миниуӕг бынӕн ныууадзын. Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы цыдӕр аразын. Уый абарӕн ис, ног цӕуылдӕр куыд ахуыр кӕнай, уыимӕ. Уыцы хъуыддаг дын хуыздӕр уайдзӕн, дӕ ахуыргӕнӕгмӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ, уый куыд кӕны, афтӕ куы кӕнай, уӕд. Афтӕ у хъӕбатырдзинады хабар дӕр. Иннӕтӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисынц, уымӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ сӕ куы фӕзмай, уӕд суыдзынӕ хъӕбатыр. Уӕдӕ Данелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мах дӕр хъуамӕ Хуыцауы Ныхас хорз зонӕм, Йегъовӕмӕ арӕх кувӕм, йемӕ ӕргом ныхас кӕнӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Стӕй йыл хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй вӕййы, ууыл. Ӕмӕ-иу уӕд фӕлварӕнты рӕстӕг разындзыстӕм хъӕбатыр.
9. Хъӕбатырдзинад ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у?
9 Хъӕбатырдзинад тынг ахсджиаг миниуӕг у. Ӕркӕсӕм Бены хабармӕ. Уый цӕры Германийы. Йе скъолайы иууылдӕр ӕууӕндыдысты эволюцийыл. Ӕппӕт дӕр куыд фӕзынд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый та аргъауыл нымадтой. Иухатт Бенӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй хъӕбатырдзинад равдыстаид ӕмӕ ӕнӕхъӕн къласы раз радзырдтаид, цӕмӕн ӕй уырны, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый. Ӕмӕ йын цы бантыст? Бен радзырдта: «Нӕ ахуыргӕнӕг мӕм лӕмбынӕг хъуыста. Уый фӕстӕ, цы ӕрмӕгӕй спайда кодтон, уымӕй къопитӕ скодта ӕмӕ къласӕгтӕй алкӕмӕн дӕр фӕйнӕ иу радта». Ӕмӕ уыдон та цымӕ цы загътой? Бен зӕгъы: «Бирӕтӕ мӕм дзы лӕмбынӕг байхъуыстой, стӕй мын загътой, сӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй фӕцыд, куыд дзырдтон ӕмӕ цы дзырдтон, уый». Бены хабарӕй зыны, хъӕбатыр адӕм иннӕты цӕсты арӕх кадджын кӕй вӕййынц. Стӕй уыдоны фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнды Йегъовӕйы хуыздӕр базонын.
ДАНЕЛЫ ХУЫЗӔН ИУЗӔРДИОН У
10. Цы у иузӕрдиондзинад?
10 Библийы «иузӕрдиондзинад»-ӕй кӕнӕ «ӕнувыд уарзт»-ӕй тӕлмац дзуттаг дзырд амоны, чидӕр кӕйдӕр фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ йыл ӕнувыд кӕй у, уымӕ. Ацы ныхас арӕх фембӕлы, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы, уый кой кӕм вӕййы, уым. Ацы дзырд ма фӕамоны, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уымӕ дӕр (2 Сам. 9:6, 7). Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ, гӕнӕн ис, Хуыцауыл ноджы иузӕрдиондӕр суӕм. Фенӕм, уый Данелы хабарӕй куыд зыны.
11. Данел зӕрондӕй куыд равдыста, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд, уый? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)
11 Данелы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъуыди равдисын, Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзӕн ӕви нӕ. Фӕлӕ ӕппӕты стырдӕр фӕлварӕнтӕй иуыл сӕмбӕлд, 90 азӕй йыл фылдӕр куы цыд, уӕд. Уӕдмӕ Вавилон бацахстой мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ, ӕмӕ дзы паддзах уыд Дари. Паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыцы хицӕуттӕ Данелы нӕ уарзтой ӕмӕ, кӕмӕн куывта, уыцы Хуыцауы ницӕмӕ дардтой. Уымӕ гӕсгӕ фыдвӕнд скодтой, цӕмӕй Данелы амарын кодтаиккой. Уыдон паддзахӕн раттын кодтой бардзырд, ӕмӕ уый тыххӕй Данелы хъуыди равзарын, иузӕрдион кӕуыл уыдзӕн, йӕ Хуыцауыл ӕви паддзахыл. Хъуыди йӕ ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаг саразын: 30 боны хъуамӕ Йегъовӕмӕ ма куывтаид. Афтӕмӕй равдыстаид, паддзахыл иузӕрдион кӕй у, ӕмӕ ӕфхӕрд нӕ баййӕфтаид. Фӕлӕ Данел уыцы бардзырдмӕ нӕ байхъуыста. Уый тыххӕй йӕ ныппӕрстой домбӕйтты дзыхъхъы. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ домбӕйттӕй фервӕзын кодта (Дан. 6:12–15, 20–22). Мах та цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Данелы хуызӕн цыфӕнды уавӕры дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм?
12. Данелӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдаид?
12 Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ тынг уарзӕм. Ӕмӕ Данел дӕр йӕ уӕларвон Фыдыл афтӕ иузӕрдион уымӕн уыд. Цымӕ йӕ афтӕ тынг куыд бауарзта? Ӕвӕццӕгӕн-иу хъуыды кодта Йегъовӕйы миниуджытыл ӕмӕ, Йегъовӕ уыцы миниуджытӕ куыд ӕвдыста, ууыл (Дан. 9:4). Стӕй ма-иу хъуыды кодта, Йегъовӕ йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ адӕмӕн дӕр цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, ууыл. Ӕмӕ дзы тынг бузныг уыд (Дан. 2:20–23; 9:15, 16).
13. а) Ӕрыгон чырыстӕтты цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы равдисын, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывмӕ дӕр.) б) Бакӕс видеороликмӕ. Исчи дӕ куы бафӕрса, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гомосексуалисттӕм цы цӕстӕй кӕсынц, зӕгъгӕ, уӕд ын дӕ бон цавӕр дзуапп уаид раттын?
13 Данелы хабар куыд уыд, афтӕ абон дӕр ӕрыгон чырыстӕттӕ ӕдзух ӕмбӕлынц, Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, ахӕм адӕмыл. Уыдонӕй бирӕтӕ нӕ фӕуарзынц, Хуыцауы чи уарзы, уыдоны. Иуӕй-иутӕ ӕрыгон чырыстӕтты фӕхъыгдарынц кӕнӕ сӕ фӕхынджылӕг кӕнынц, ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй Хуыцауы закъӕтты сӕрты ахизой. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Австралийы иу ӕрыгон лӕппу, Грейм, хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд сӕмбӕлд фӕлварӕныл. Иухатт сӕ ахуыргӕнӕг бафарста, куыд, дам, бакӕниккат, уе ’мбал уын куы зӕгъид, гомосексуалист кӕй у, уый. Ӕмӕ загъта, афтӕ йын чи зӕгъид, ницы кӕны, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, зӕгъгӕ, уый иуырдыгӕй слӕууӕд, ӕндӕрхуызон чи хъуыды кӕны, уый та – иннӕрдыгӕй. Грейм загъта: «Мӕ къласы ма ахуыр кодта иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ нӕ дыууӕйы йеддӕмӕ иннӕтӕ иууылдӕр уыдысты гомосексуалистты фарс». Фӕлӕ йӕ фӕлварӕн ууыл нӕ фӕци. Ӕмӕ Греймы хъуыди равдисын, ӕцӕгдӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у. Уый радзырдта: «Цалынмӕ урок нӕ фӕци, уӕдмӕ нӕ нӕ къласӕгтӕ ӕмӕ суанг ахуыргӕнӕг дӕр хынджылӕг кодтой ӕмӕ нын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой. Ӕз архайдтон, цӕмӕй сын мӕ хъуыды сабырӕй бамбарын кодтаин, фӕлӕ иу ныхасмӕ дӕр нӕ байхъуыстой». Уыцы хабары фӕстӕ Грейм загъта: «Мӕ къласӕгтӕ мын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй кодтой, уый мын зын уыд, фӕлӕ тынг цин кодтон, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадтӕн ӕмӕ мӕ уырнындзинады сӕрыл рахӕцыдтӕн» d.
14. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу цыфӕнды уавӕры дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм?
14 Цӕмӕй-иу цыфӕнды уавӕры дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ тынг уарзӕм, Данел ӕй куыд уарзта, афтӕ. Ахӕм уарзондзинад та нӕм фӕзындзӕн, Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд. Зӕгъӕм, нӕ бон у, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсын ӕмӕ сыл хъуыды кӕнын (Ром. 1:20). Уый фӕрцы йӕ тынгдӕр бауарздзыстӕм ӕмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Уыцы хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты статьятӕ ӕмӕ видеороликтӕ рубрикӕйӕ «Случайность или замысел?», стӕй брошюрӕтӕ «Была ли жизнь создана?» ӕмӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа». Данийӕ иу ӕрыгон хо, Эстер, зӕгъгӕ, уыцы брошюрӕты тыххӕй афтӕ загъта: «Диссаджы брошюрӕтӕ сты! Афтӕ фыст дзы нӕй, мӕнӕ ай дӕ хъуамӕ уырна, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дзы ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕнддзынӕ, уый та дӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕныс». Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы ӕфсымӕр, Бен, загъта: «Уыцы брошюрӕтӕ мын мӕ уырнындзинад тынг бафидар кодтой. Куы сӕ бакастӕн, уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодтон, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста». Ацы ӕрмӕг куы раиртасай, уӕд ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ Раргомады 4:11 стихы фыст ныхӕстимӕ: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай» e.
15. Ноджыдӕр ма нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар суа?
15 Цӕмӕй Йегъовӕйы тынг бауарзӕм, уый тыххӕй ма нӕ хъӕуы йӕ Фырты царды тыххӕй фылдӕр базонын. Афтӕ бакодта Германийӕ иу ӕрыгон хо, Самирӕ. Уый загъта: «Йесойы тыххӕй фылдӕр кӕй базыдтон, уый фӕрцы Йегъовӕйы дӕр хуыздӕр базыдтон». Сывӕллон ма куы уыд, уӕд ын зын уыд бамбарын, Йегъовӕйӕн дӕр ӕнкъарӕнтӕ кӕй ис. Фӕлӕ, Йесо цы ӕнкъардта, уый бамбарын ын ӕнцондӕр уыд. Самирӕ ма загъта: «Йесо мӕ зӕрдӕмӕ уымӕй цыди, ӕмӕ уыд хӕларзӕрдӕ, стӕй сывӕллӕтты уарзта». Йесойы тыххӕй-иу цас фылдӕр базыдта, уыйас-иу Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс. Афтӕ цӕмӕн уыд, уый бамбарын кодта: «Гыццылгай бамбӕрстон, Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды кӕй фӕзмы. Тынг ӕмхуызон сты. Бамбӕрстон, Йегъовӕ йӕ зӕхмӕ уый тыххӕй дӕр кӕй рарвыста, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйы хуыздӕр базоной» (Иоан. 14:9). Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ де ’ввахс Хӕлар уа, уӕд Йесойы тыххӕй фылдӕр базон. Уӕд Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзынӕ ӕмӕ йыл алы уавӕры дӕр иузӕрдион уыдзынӕ.
16. Иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм? (Псалом 18:25; 37:28).
16 Иннӕтыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн арӕх вӕййы ӕнувыд ӕмбӕлттӕ (Руф 1:14–17). Ӕмӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи вӕййы, уыдонӕн та сӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн дӕр, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, иузӕрдион ыл чи у, уыдоныл уый дӕр иузӕрдион кӕй уыдзӕн. (Бакӕс Псалом 18:25; 37:28.) Ахъуыды-ма кӕн: ӕппӕтхъомысджын Дунесфӕлдисӕг Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм, ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, алкӕддӕр нӕ кӕй уарздзӕн! Ӕмӕ нӕ уӕд нӕдӕр фӕлварӕн, нӕдӕр знӕгтӕ, нӕдӕр мӕлӕт Хуыцауӕй нӕ фӕхицӕн кӕндзысты (Дан. 12:13; Лук. 20:37, 38; Ром. 8:38, 39). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Данелы фӕзмӕм ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм!
ДАНЕЛ ДЫН АЛКӔДДӔР ФӔЗМИНАГ УӔД
17, 18. Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?
17 Ацы статьяйы дзырд цыди Данелы миниуджытӕй дыууӕйыл. Фӕлӕ ма йӕ хабӕрттӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у нӕхицӕн зондӕн райсын. Йегъовӕ йын равдыста цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ фынтӕ ӕмӕ йын радта пехуымпарӕдтӕ ӕмбарын кӕныны курдиат. Уыцы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ сӕххӕст сты. Иннӕты та дзырд цӕуы, фидӕны ӕгас зӕххыл дӕр чи ’рцӕудзӕн, уыцы хабӕрттыл.
18 Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Данелы пехуымпарӕдтӕй дыууӕмӕ. Уыцы пехуымпарӕдтӕ куы ӕмбарӕм, уӕд уый не ’ппӕтӕн дӕр, ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр, баххуыс кӕндзӕн абон раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Уыдон ма нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй алкӕддӕр хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион уӕм. Ӕмӕ уӕд цӕттӕ уыдзыстӕм, тагъд цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уыдонмӕ.
119 ЗАРӔГ Хъуамӕ нӕм уа уырнындзинад
a Абон ӕрыгон чырыстӕттӕ арӕх сӕмбӕлынц фӕлварӕнтыл, ӕмӕ сӕ фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад равдисын, стӕй равдисын, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уый. Гӕнӕн ис, сӕ къласӕгтӕ сыл худой кӕнӕ сӕ хынджылӕг кӕной, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ууыл кӕй ӕууӕндынц, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ ацы статьяйы фендзыстӕм, пехуымпар Данелы чи фӕзмы ӕмӕ Йегъовӕйӕн хъӕбатырӕй ӕмӕ иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон ӕцӕг зондджын кӕй сты.
b Уыцы нӕмттӕ сыл вавилойнӕгтӕ сӕвӕрдтой.
c Данел вавилойнӕгты хӕринӕгтӕ сыгъдӕгыл цӕуылнӕ нымадта, уымӕн уыдаид ӕртӕ аххосаджы: 1) цы дзидза хордтой, уый уыдаид, Закъонмӕ гӕсгӕ хӕрӕн кӕй нӕ уыд, уыцы цӕрӕгойты фыд (Дык. з. 14:7, 8); 2) туг-иу дзӕбӕх нӕ рауагътой (Лев. 17:10–12); 3) уыцы хӕринӕгтӕй куы хордтаид, уӕд уый, гӕнӕн ис, афтӕ нымад уыдаид, цыма мӕнг хуыцауӕн кувы. (Абар Левит 7:15 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 10:18, 21, 22.)
d Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Ӕцӕг рӕстдзинадӕн йӕ фыдӕбон уыдзӕн фарн».
e Дӕ бон ма у бакӕсын чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ». Ацы чиныгӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй фылдӕр базондзынӕ ӕмӕ йӕ тынгдӕр бауарздзынӕ.