Куыд кӕнгӕ у, дӕ лӕг порнографимӕ куы кӕса?
-
«Афтӕ мӕм каст, цыма мыл мӕ лӕг гадзрахатӕй рацыд, ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ, фӕлӕ бирӕ хӕттыты».
-
«Мӕхимӕ-иу тынг ницӕйаг ӕмӕ ӕгад ӕркастӕн ӕмӕ-иу мӕм афтӕ каст, цыма йын ӕнад дӕн».
-
«Мӕ бон никӕимӕ уыд аныхас кӕнын. Мӕ зӕрдӕйы цы маст уыд, уый ничи зыдта».
-
«Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ Йегъовӕ нӕ уарзы».
Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, ус куыд фӕмаст кӕны, йӕ лӕг порнографимӕ куы фӕкӕсы, уӕд. Ӕмӕ йӕ кӕд сусӕг кӕны, чи зоны, бирӕ мӕйты кӕнӕ бирӕ азты дӕргъы, уӕд та йыл йӕ ус ӕууӕндгӕ дӕр нал фӕкӕны. Иу сылгоймаг загъта: «Хъуыды-иу кодтон: „Кӕимӕ цӕрын, уый уӕвгӕ зонын? Кӕд ма мӕ ноджыдӕр истытӕ сусӕг кӕны?“»
Ацы статья фыст ӕрцыд, сӕ лӕгтӕ порнографимӕ кӕсыныл кӕмӕн бафтыдысты, уыцы сылгоймӕгтӕн a. Дзырд дзы цӕуы Библийы уагӕвӕрдтыл. Уыцы хъуыдытӕ усӕн ӕрхӕсдзысты удӕнцой. Баххуыс ын кӕндзысты, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕна, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ фарсмӕ кӕй ис, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас уой ӕмӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр йе ’ввахс Хӕлар уа b.
УСӔН ЦЫ БАХХУЫС КӔНДЗӔН?
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ лӕджы алы къахдзӕфыл дӕ бар нӕ цӕуы. Фӕлӕ дӕ бон у цыдӕр саразын, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы рыст фӕкъаддӕр уа ӕмӕ къаддӕр мӕт кӕнай. Мӕнӕ цалдӕр уынаффӕйы.
Дӕхи аххосджыныл ма нымай. Гӕнӕн ис, ус хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, мӕ лӕг порнографимӕ кӕй кӕсы, уый мӕн аххос дӕр у. Алисӕмӕ c афтӕ каст, ӕмӕ, куыд сылгоймаг, афтӕ цыдӕр цух у ӕмӕ йӕ лӕджы зӕрдӕмӕ нал цӕуы. Хъуыды-иу кодта: «Мӕ лӕг мӕнмӕ нӕ, фӕлӕ иннӕ сылгоймӕгтӕм цӕмӕн кӕсы?» Иуӕй-иу сылгоймӕгтӕн та сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл фӕхуды, кӕй смӕсты вӕййынц, уый тыххӕй. Афтӕ сӕм фӕкӕсы, ӕмӕ уымӕй уавӕр фӕфыддӕр кӕнынц. Даниеллӕ загъта: «Мӕхимӕ-иу ус-бирӕгъ ӕркастӕн. Хъуыды-иу кодтон, зӕгъын, мӕ масты тыххӕй нӕ бинонты цард хӕлы».
Кӕд ды дӕр дӕхи тыххӕй афтӕ фӕхъуыды кӕныс, уӕд ӕй зон: Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ, дӕ лӕг цы аразы, уый дӕу аххос у. Иаковы 1:14 стихы фыст ис: «Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый» (Ром. 14:12; Фил. 2:12). Йегъовӕ дӕу нӕ аххосджын кӕны. Уый тынг аргъ кӕны, иузӕрдион ыл кӕй дӕ, уымӕн (2 Аз. 16:9).
Стӕй хъуамӕ ӕмбарай, дӕ лӕг порнографимӕ кӕй кӕсы, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ ды, куыд сылгоймаг, афтӕ цыдӕр цух дӕ. Ацы фарста чи иртасы, уыдон куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, порнографи нӕлгоймагӕн йӕ буары монцтӕ афтӕ сцырен кӕны, ӕмӕ иу сылгоймагӕй дӕр райгонд нӕ уыдзӕн.
Ӕгӕр ма мӕт кӕн. Кэтрин загъта, йӕ лӕг порнографимӕ кӕй каст, уый тыххӕй тынг кӕй маст кодта. Йӕ бон ӕндӕр ницӕуыл уыд хъуыды кӕнын. Фрэнсис та загъта: «Мӕ лӕг кӕм ис, уый куы нӕ фӕзонын, уӕд мӕхицӕн бынат нал фӕарын. Сӕрра кӕнынмӕ мӕ бирӕ нал фӕхъӕуы». Иуӕй-иу хотӕ та загътой, сӕ лӕджы хабар сын чи зоны, уыцы чырыстӕттимӕ куы вӕййынц, уӕд сӕ кӕй фефсӕрмы кӕнынц. Кӕмӕдӕрты та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын сӕ уавӕр ничи бамбардзӕн. Ӕмӕ сӕхимӕ тынг иунӕг фӕкӕсынц.
Кӕй мӕт кӕныс, уый ис бамбарӕн. Фӕлӕ ӕдзух куы мӕт кӕнай, уӕд уымӕй ницы пайда уыдзӕн, мӕтӕй дӕхи бахӕрдзынӕ. Хуыздӕр уыдзӕн, фылдӕр куы хъуыды кӕнай, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, ууыл. Уӕд-иу дӕ тыхтӕ бацӕудзӕн (Пс. 62:2; Еф. 6:10).
Библийы дӕр ис, зын уавӕры чи уыд, ахӕм сылгоймӕгты кой. Ӕмӕ-иу сын сӕ хабӕрттӕ куы бакӕсай ӕмӕ сыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд дын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн. Уыдон-иу Йегъовӕмӕ куывтой ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдтой, ӕмӕ-иу сын удӕнцой радта. Алкӕд-иу сӕ сӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ-иу сын радта фарн. Зӕгъӕм, Аннӕйӕн афтӕ зын уыд, ӕмӕ йын «йӕ зӕрдӕ маст сыгъта». Фӕлӕ «бирӕ рӕстӕг Йегъовӕмӕ куывта», ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр, кӕд, йӕ хабар цӕмӕй ахицӕн уыдзӕн, уый нӕ зыдта, уӕддӕр (1 Сам. 1:10, 12, 18; 2 Кор. 1:3, 4).
Де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕной. Уыдон сты, «дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай, тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынаты хуызӕн» (Ис. 32:2). Чи зоны дын зӕгъой, дӕ бон кӕцы хоимӕ уаид аныхас кӕнын ӕмӕ йын дӕ зын уавӕры тыххӕй радзурын. Гӕнӕн ис, уыцы хо дын удӕнцойы хос суа (Ӕмб. 17:17).
ДӔ БОН У ДӔ ЛӔГӔН БАХХУЫС КӔНЫН?
Цымӕ дӕ бон у дӕ лӕгӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй порнографимӕ мауал кӕса? Гӕнӕн ис. Библийы фыст ис: «Дыууӕ адӕймагӕн, иунӕгӕй чи у, уымӕй хуыздӕр у» (Еккл. 4:9–12). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, дыууӕйӕн ӕнцондӕр у зындзинӕдтимӕ кӕнӕ тыхджын знагимӕ тох кӕнын. Куыд раиртӕстой, афтӕмӕй, лӕг ӕмӕ ус иумӕ куы фӕархайынц, уӕд арӕх лӕгӕн йӕ бон бавӕййы порнографийы къӕппӕгӕй фервӕзын ӕмӕ йыл йӕ бинойнаг дӕр ногӕй ӕууӕндын райдайы.
2 Кор. 4:7; Иак. 5:14, 15). Дзӕбӕх ахъуыды кодта, йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, цӕй тыххӕй фӕрӕдидзӕн, уыдӕттӕй йӕхи хиза? Зӕгъӕм, аскъуыддзаг кодта, телефоны кӕнӕ компьютеры цӕмӕдӕрты цас кӕсдзӕн, уый ӕмӕ йӕхи тӕссаг уавӕртӕй фӕхизы? (Ӕмб. 27:12). Фӕнды йӕ, цӕмӕй йын ды дӕр баххуыс кӕнай ӕмӕ бӕрӕг у, кӕй дӕ ницы сусӕг кӕны? Кӕд о, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ кӕнгӕ уыдзӕн лӕгӕн йӕхицӕй. Ӕцӕгдӕр ӕй фӕнды уыцы ӕвзӕр ахуыр ныууадзын ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, порнографимӕ кӕй нал кӕсдзӕн? Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕ фидар фӕлӕууынӕн тых фӕкуры ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта, цӕмӕй йын баххуыс кӕной? (Дӕ бон цы у аразын? Ӕркӕсӕм Фелисийӕ ӕмӕ Итаны хабармӕ. Итан гыццылӕй фӕцахуыр порнографимӕ кӕсыныл. Ӕмӕ йӕ ныр дӕр хъӕуы йӕхиимӕ тох кӕнын, цӕмӕй та порнографимӕ ма бакӕса. Фӕлӕ Фелисийӕ у фӕразон. Ӕмӕ та Итаны порнографимӕ бакӕсын куы фӕфӕнды, уӕд нӕ фӕтӕрсы уый тыххӕй Фелисийӕйӕн зӕгъын. Итан загъта: «Мӕ бон вӕййы мӕ бинойнагимӕ ӕргом аныхас кӕнын, ӕмӕ дзы ницы фӕсусӕг кӕнын. Уый мын ӕххуыс кӕны, цӕй тыххӕй фӕрӕдидзынӕн, уыдӕттӕй мӕхи хизынӕн ӕмӕ мӕ арӕх афӕрсы, уыцы хъуыддаджы мын цы бантыст, уымӕй. Стӕй йӕ хъус фӕдары, интернеты цас бадын, уымӕ». Фелисийӕйӕн зын куыннӕ у, Итанӕн порнографимӕ йӕ зӕрдӕ кӕй ӕхсайы, уый. Фӕлӕ афтӕ загъта: «Мӕ маст ыл куы калон ӕмӕ йын ӕдзух куы дзурон, мӕ зӕрдӕ мын куыд риссын кӕны, уый, уӕд ын афтӕмӕй нӕ баххуыс кӕндзынӕн. Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, Итанӕн цы уайы ӕмӕ цы нӕ уайы, уыдӕттыл. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ ӕнцондӕр вӕййы мӕнмӕ байхъусын. Гъемӕ йын фӕзӕгъын, порнографимӕ бакӕсын ӕй кӕй фӕфӕнды, уымӕй мын мӕ зӕрдӕ куыд риссын кӕны. Ӕмӕ йӕ уӕд ноджы тынгдӕр бафӕнды порнографийӕ йӕхи хизын».
Лӕг ӕмӕ ус афтӕ куы ныхас кӕной, уӕд уый лӕгӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕхиуыл хӕца ӕмӕ порнографимӕ мауал кӕса. Усӕн та уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл ногӕй баууӕнда. Йӕ лӕг дзы куы ницы фӕсусӕг кӕны ӕмӕ йын ӕргом куы фӕдзуры, йӕ буары монцтӕ та йыл кӕй тых кӕнынц, кӕдӕм цӕуы ӕмӕ цы аразы, уыдӕттӕ, уӕд ӕм йӕ зӕрдӕ нал фехсайы.
Дӕу дӕр фӕндид дӕ лӕгӕн афтӕ баххуыс кӕнын? Кӕд о, уӕд уӕ бон у ацы статья иумӕ бакӕсын ӕмӕ йыл аныхас кӕнын. Дӕ лӕгӕн йӕ нысан хъуамӕ уа, уыцы ӕвзӕр ахуыр кӕй ныууадздзӕн ӕмӕ кӕй архайдзӕн, цӕмӕй та йыл баууӕндай. Хъуамӕ ма мӕсты кӕна, йемӕ дӕ аныхас кӕнын кӕй фӕфӕнды, уый тыххӕй. Фӕлӕ дын хъуамӕ де ’нкъарӕнтӕ бамбара. Дӕ нысан та у, цӕмӕй йын уыцы тохы ӕххуыс кӕнай ӕмӕ йыл ногӕй баууӕндынмӕ цӕттӕ уай. Уӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ базонат, адӕймаг порнографимӕ кӕсыныл цӕмӕн фӕцахуыр вӕййы ӕмӕ куыд ис уыцы ахуыр ныууадзӕн d.
Кӕд тӕрсыс, уӕ бон сабырӕй аныхас кӕнын кӕй нӕ бауыдзӕн, уымӕй, уӕд та куыд ис бакӕнӕн? Еккл. 7:8; 1 Кор. 13:4).
Уӕ дыууӕ дӕр кӕуыл ӕууӕндут, ахӕм хистӕр нӕлгоймагӕн ис зӕгъӕн, цӕмӕй, аныхас кӕнынмӕ куы хъават, уӕд уӕм ӕрбацӕуа ӕмӕ иумӕ аныхас кӕнат. Дӕ зӕрдыл дар: кӕд дӕ цардӕмбал уыцы ӕвзӕр ахуыр ныууагъта, уӕддӕр, чи зоны, дзӕвгар рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй та йыл ногӕй ӕууӕндын райдайай. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ уын ницы рауайдзӕн. Кӕд гыццыл дӕр исты фӕхуыздӕр, уӕд-иу уый бафиппай. Хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй та уӕ бинонты цард банывыл уа. Ӕмӕ уӕ дыууӕ дӕр фӕразон куы уат, уӕд та ӕнгом бинонтӕ суыдзыстут. Уый уӕ фидарӕй уырнӕд! (УӔДДӔР ПОРНОГРАФИМӔ КУЫ КӔСА
Кӕд дӕ лӕг цасдӕр рӕстӕг порнографимӕ нӕ каст, фӕлӕ та стӕй фӕрӕдыд, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдыл нӕ фӕсмон кӕны ӕмӕ йын нӕ рауайдзӕн уыцы ахуыр ныууадзын? Ӕнӕмӕнг афтӕ нӕу. Уӕлдайдӕр кӕд порнографимӕ рагӕй кӕсы ӕмӕ ууыл тынг фӕцахуыр, уӕд ӕй, чи зоны, цӕрӕнбонтӕм бахъӕуа йӕхиимӕ тох кӕнын, цӕмӕй та порнографимӕ кӕсын ма райдайа. Гӕнӕн ис, ӕмӕ та цалдӕр азы фӕстӕ дӕр фӕрӕдийа. Ӕмӕ та цӕмӕй уый фӕстӕ ногӕй ма фӕрӕдийа, уый тыххӕй йӕ хъӕудзӕн йӕхицӕн ноджы фидардӕр арӕнтӕ сӕвӕрын. Зӕгъӕм, афтӕ йӕм куы кӕса, ӕмӕ уыцы ахуырыл фӕтых, уӕддӕр ӕй хъӕудзӕн, тӕссаг ын цӕмӕй у, уыдӕттӕй йӕхи хизын (Ӕмб. 28:14; Матф. 5:29; 1 Кор. 10:12). Хъӕудзӕн ӕй йӕ зонд «ног кӕнын», стӕй хъуамӕ сахуыр уа «ӕвзӕрдзинадӕй» йе сӕфт уынын (Еф. 4:23; Пс. 97:10; Ром. 12:9). Ӕвзӕрдзинадмӕ та хауынц порнографи ӕмӕ ма ӕндӕр чъизи хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, мастурбаци. Кӕд дӕ лӕг алцыдӕр аразы, цӕмӕй уыцы ахуыр ныууадза, уӕд ын хъуамӕ рауайа e.
Дӕ лӕджы уыцы ахуыр ныууадзын куы нӕ фӕнда, уӕд та? Гӕнӕн ис, ӕмӕ-иу дӕ ныфс асӕтта, мӕсты йӕм кӕнай ӕмӕ та-иу дӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ дыл гадзрахатӕй рацыд. Фӕлӕ-иу алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ-иу уый фӕрцы дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уыдзӕн (1 Пет. 5:7). Библи иртас ӕмӕ йыл хъуыды кӕн, стӕй Йегъовӕмӕ кув, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕн. Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, уый дӕр дӕм кӕй ӕввахсдӕр кӕндзӕн, ууыл. Исайы 57:15 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ цӕры, «ныфссаст... чи у, уыдонимӕ» ӕмӕ сӕ ныфс бауадзы. Дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй дӕхӕдӕг фӕзминаг чырыстон уай, ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс кур. Ӕмӕ дӕ ныфс уӕд, иу бон дӕ лӕг кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн ӕмӕ йӕ аивын кӕй бафӕнддзӕн (Ром. 2:4; 2 Пет. 3:9).
a Ацы статьяйы ис, порнографимӕ лӕг куы фӕкӕсы, уый кой. Фӕлӕ дзы цы хъуыдытӕ ис, уыдон баххуыс кӕндзысты, йӕ ус порнографимӕ кӕмӕн кӕсы, ахӕм лӕгӕн дӕр.
b Дӕ цардӕмбал порнографимӕ куы кӕса, уӕд дын Библимӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, цӕмӕй дзы ахицӕн уай (Матф. 19:9).
c Нӕмттӕ ивд сты.
d Хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис сайты jw.org ӕмӕ нӕ публикациты. Зӕгъӕм, кӕс ахӕм статьятӕ: «Порнография – угроза браку» сайты jw.org; «Дӕ бон у цыбӕлдзинӕдты ныхмӕ фӕлӕууын!» 2014 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 10–12 фӕрстӕ ӕмӕ «Порнографи. Ницы зиан хӕссы ӕви зонд хъӕстӕ кӕны?» 2013 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 3–7 фӕрстӕ.
e Иуӕй-иутӕ порнографимӕ кӕсыныл афтӕ фӕцахуыр вӕййынц, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй сӕ бон нал вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу къайтӕ хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуысӕй уӕлдай бацагуырдтой дохтырты ӕххуыс дӕр.