Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?
Ссар хӕзнатӕ: фылдӕр базон Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй
Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ бон вӕййы алыхуызон кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнын, цӕмӕй, цы кӕсӕм, уый хуыздӕр бамбарӕм. Фӕлӕ Библи ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма иртасӕм, цӕмӕй фылдӕр базонӕм. Мах фӕнды Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй фылдӕр базонын, цӕмӕй йӕ тынгдӕр бауарзӕм. Нӕ бон вӕййы ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Ацы скъуыддзагӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?»
Зӕгъӕм, ис фылдӕр базонӕн, Йегъовӕ куыд ӕвдисы йӕ уарзондзинад, йӕ зонд, йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ тых. Фӕлӕ ма йын ис ӕндӕр рӕсугъд миниуджытӕ дӕр. Кӕм ис йӕ миниуджыты тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн?
Байгом кӕн «Индекс публикаций Сторожевой башни», ссар сӕргонд «Иегова», дӕлсӕргонд «Качества по отдельности». Уым ис Хуыцауы миниуджытӕй 50-йӕ фылдӕр. Ахъуыды кӕн, Библийӕ цы скъуыддзаг кӕсыс, уым йӕ миниуджытӕй кӕцы равдыста, ӕмӕ уый раиртас. (Кӕд дӕм ӕрмӕстдӕр «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» ис, уӕд та кӕс сӕргонд «Йегъовӕ Хуыцау», дӕлсӕргонд «Йегъовӕйы миниуджытӕ».)